Технологон картæ ирон æвзаджы урокмæ 4-æм къласы. Урочы темӕ: Нæртон дзырдтæн сæ фæлмæндæр у МАД.
методическая разработка

Темӕ:   Нæртон дзырдтæн сæ фæлмæндæр у МАД.

Грамматикон темӕ:

Кæронбæттæн урок номдар

 æмæ миногонæй.

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл u4.docx27.75 КБ

Предварительный просмотр:

Технологон картæ ирон æвзаджы урокмæ 4-æм къласы.

Темӕ:   Нæртон дзырдтæн сæ фæлмæндæр у МАД.

Грамматикон темӕ: Кæронбæттæн урок номдар æмæ миногонæй.

                    Ахуыргӕнӕг: Беккуызарты Фатимæ

Урочы нысантӕ

  Зæрдыл æрлæууын кæнын, номдар æмæ миногонæй цы рацыдыстæм,уый. Æххæст æмæ мидисджын дзуæппытыл фæлтæрын, аив дзурын æмæ касыныл ахуыр кæнын. Ныййарæгæн кад кæнын,йæ фыдæбонæн аргъ кæнын

Урочы хуыз

Рацыл æрмæг фæлхат кæнын æмæ ног зонындзинæдтæ гом кæныны урок.

Урочы ахуырадон фæстиуджытæ

Предметон:  предметӕй ног зонындзинӕдтӕ райсын, урокæй хъæугæ информаци райсын

Метапредметон: урочы ахуырадон хæс æмбарын æмæ йæ зæрдыл дарын, хатдзæгтæ кæнын, архайды пълан аразын, фæстиуджытæн рагацау прогноз кæнынмæ арæхсын ,хи хъуыдыты бындурыл иумæйаг хатдзæгтæ кæнын, иннæты хатдзæгтимæ сæ барын.

Удгоймагон: æнæкæрон уарзондзинад ныййарæг мадмæ,æнæуынондзинад мады æфхæрджытæм, ныхасы аивдзинадыл кусын.

Ахуыры методтӕ ӕмӕ формӕтӕ

Индивидуалон, фронталон, къордгай куыст

Метапредметон бастдзинӕдтӕ

Литературӕ, ӕхсӕнадон царды зонындзинӕдтӕ

Техникон фӕрӕзтӕ

  Компьютер, мультимедийон  проектор

Цӕстуынгӕ ӕрмӕг

 Презентаци урокмӕ ,текст, карточката, фӕззӕджы ныв, ӕмбисӕндтӕ,газетты равдыст

Урочы эпиграф:

Ныййарæг мад, ныййарæг мад,дæ номыл

Æз уарзты гимн,æз царды гимн цæгъдын.(2 слай)

Урочы организацион структурӕ

Урочы сӕйраг этаптӕ ӕмӕ нысантӕ

Ахуыргæнæджы архайды мидис        

Скъоладзауы архайды мидис

Универсалон

ахуырадон архайд

Организацион

хай

Зонындзинæдтæ райсыныл архайды мотиваци

Зонындзинӕдты актуализаци

Къуылымпытӕ кӕм ӕмӕ цӕмӕн ӕййафдзысты ,уый сбӕрӕг кӕнын.

Æрмæгыл куыст

Текстыл куыст

Къордты куыст

Æрмæг бафидар кæныныл куыст

Рефлекси

Хæдзармæ куыст

- Уæ бонтæ хорз, сывæллæттæ.

- Уæ бонтæ хорз, нæ зынаргъ уазджытæ .

--- Мæ хæлæрттæ, цæттæ стут урокмæ?

Хъуысы зарæг « Мады зæрдæ»

Презентаци сывæллæттæн сахи æмæ сæ мадæлты къамтимæ.

-Кæй тыххæй у ацы зарæг? Слайдты кæй къамтæ федтам?

-Уæ зæрдæмæ фæцыдис равдыст. Куыд уæм кæсы кæй кой кæндзыстæм нæ урочы?

-Раст.На урочы темæ у « Нæртон дзырдтæн сæ фæлмæндæр у МАД»

Зæххыл ис иунæг хæзна царды

Æмæ уый МАД у, мæ хур мад.

Йæ рæвдыд сау дуртæм дæр хъары,

Фæсуры зæрдæйы фæллад.

О мад, сыгъзæрин мад,дæ хæрзтæй,

Ды кæныс кæстæрты æнгом.

Тæхуды зарæджы ныхæстæй

Æнусон чи скæны дæ ном.

                              Чеджемты Æхсар

-Бакæсæм – ма нæ урочы эпиграф.

Ныййарæг мад, ныййарæг мад,дæ номыл

Æз уарзты гимн,æз царды гимн цæгъдын

Куыд æмбарут ацы ныхæстæ?

Карточкӕтимӕ куыст.      

    Карточкӕ №1(слайд 5)

1 къорд –баххæст кæнын (номдар)

2 къорд – (миногон)

-Хорз.Нæ зæрдыл æрлæууын кодтам номдар æмæ миногон.

   

Чиныгимæ куыст                            

Хæс. Æмбисæндтæ баххæст кæнын  (Чи рæвдздр

 

 ?

 Мады мах зӕххон стъалы хонӕм,
 Мадыл мах нӕ хуыздӕр зарӕг зарӕм
  Мадӕн мах сырх дидинджытӕ тонӕм,

   Мады мах сӕуӕхсидимӕ барӕм
   Мады хуызӕн ничи зоны уарзын,
   Бауарзта – мыггагмӕ уӕд,ӕнусмӕ,
   Хъӕбатыр мад,барджын  мад,сӕрыстыр,
    Уый кӕсы,цӕуы ӕрмӕстдӕр рухсмӕ

Дзырдуатон куыст

Сæуæхсид – зар,зарево

Æнусмæ – вечно, навеки

1 къорд (8 слайд)

1.Раттын сӕргонд  ӕмдзӕвгӕйӕн.

2. Ссарын ӕмӕ бахахх кӕнын номдартӕ.  

3.Ныффыссын, кӕцы хауӕны ӕмӕ нымӕцы ӕвӕрд сты.

4.Атасындзӕг кӕнын иу миногон.                              

2 къорд

1.Раттын сӕргонд  ӕмдзӕвгӕйӕн.

2.Бахахх кӕнын миногонтӕ номдартимӕ бастӕй.

3.Дзырдбӕстытӕй иу атасындзӕг кӕнын.

4.Ссарын орфограммӕтӕ

1 къорд

1.Дзырды хӕйттӕм гӕсгӕ

равзарын: куыстуарзаг,

хатыргӕнаг

2.Дзырдтӕ ныффыссын

бирӕон  нымӕцы:

ӕмгар,ком,куырой,рон.

 2 къорд

1.Дзырды хӕйттӕм гӕсгӕ

равзарын:

хӕларзӕрдӕ, дзырдарӕхст.

2.Дзырдтӕ ныффыссын бирӕон нымӕцы: ӕмбал, дон, ӕгъдау, хӕлар.

Тынг хорз бакуыстат къордты мидæг. Ныртæккæ та бакусдзыстæм нывыл. Уæ хорзæхæй , зæгъут-ма , цавæр æнкъарæнтæ уæм сæвзæрын кодта ацы ныв? Цавæр у мад ацы нывы?

- Мад! Куыд цыбыр дзырд у, фæлæ дзы æппæт дуне дæр бацæудзæн.Æдæппæтæй æртæ дамгъæйæ конд у ацы дзырд,фæлæ дзы цас тых ис, цас рæсугъд æмæ сыгъдæг æнкъарæнтæ сæвзæрын кæны адæймаджы зæрдæйы… Мады фаг хорздзинæдтæ ацы зæххыл нæй. Никуы ничи бафыста мады фыдæбæттæ. Фæлæ сæ мах буц куы дарæм,коммæ сæм куы

кæсæм, æххуыс сын куы кæнæм, ирон рæсугъд æгъдау сын куы дæттæм, уæд уыдон сæхи амондджын хондзысты.

 Хæс. Ныффыссæд- ма уæ алчи дæр фæйнæ æртæ, цыппар хъуыдыйады мады тыххæй. « Мæ мад у…)

Хæс.

1 къорд

Синквейн « МАД»

2 къорд

Кластер «МАД»

- Тынг хорз бакуыстат. Абоны куыстæн скæнæм хатдзæг.Уæ разы ис таблицæ. Баххæст сæ кæнут,сæвæрут бæрæггæнæнтæ.

Ныффыссын арфæйы дзырд мадæн.

        Cалам дæттынц

Хъусынц ,кæсынц равдыстмæ

Сабитæ дзуапп дæттынц: - Зарæг у мады тыххæй. Слайдты та нæ маматæ!

-Нæ урочы дзурдзыстæм мадыл.

Сывæллæттæ дзурынц сæ хъуыдытæ

Сывæллæттæ фæрстытæ уарынц ,æфæлæ аалы фарстылдæр кусын иумæ

Фæлтæрæнтыл кусынц(46,48)

Интерактивон фæйнæгыл кусæнц

Сабитæ кæсынц æмдзæвгæ. Йæ миди сын æмбарын кæнынц

Сывæллæттæ кусынц сæ размæ æвæрд хæстыл

(9,10 слайдтæ)

Къорды уæнгтæ иугай цæуынц фæйнæгмæ æмæ дзырдтæ æвзарынц.

Иннæтæ кусынц тетрæдты

Сывæллæттæ дзурынц сæ хъуыдытæ. Дзургæйæ пайда кæнынц миногонтæй( рæсугъд, хъæлдзæг,аудæг, уарзон, мæтгæнаг, цингæнаг, хæларзæрдæ, зондджын…)

Свбитæ кæсынц сæ хъуыдыйæдтæ

Сывæллæттæ кусынц сæ размæ æвæрд хæстыл

        Удгоймагон:

(æгъдау; эмоционалон цæттæдзинад урокмæ

Зонадон: ӕмба-

рынц ахуырадон-

зонадон хӕс.

Регулятивон: 

пълан кӕнынц

хъӕугӕ архӕйдты-

тӕн .

Коммуникативон: ныхасы раст пайда кӕнынц

ӕрбайсгӕ дзырдтӕй.

Регулятивон:  хи

Архӕйдтытӕм

 хъус дарынц

Коммуникативон:

 быцӕу кӕнын

зонын, хи

хъуыдытӕ ӕргом

 кӕнынц

Коммуникативон:

хи хъуыдытæ

æргом кæнын,

искæй хъуыдыйæн

аргъ кæнын,

 къорды архайын

зонын

Зонадон:

рацыд æрмæг

 бафидар кæнын,

ног зонындзи-

нæдтæ райсын

Зонадрн: хъӕугӕ 

информаци ссарынмӕ арӕхсынц

Коммуникативон

: хи хъуыдытӕ

ӕргом кӕнынц.

Регулятивон:

хи рӕдыдтытӕ

 раст кӕнынц

Зонадон:   

хатдзӕгтӕ

кӕнынц,исын

 ног информаци

 Регулятивон: 

ӕмбарынц сӕ

зонындзинӕдтӕ

 фаг кӕй не сты.

Коммуникативон: 

дӕттынц фӕрсты-

тӕ, цӕмӕй  

райсой хъӕугӕ

зонындзинӕдтӕ

 проблемӕ

 бахынцынмӕ.

 


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Технологон картӕ ирон ӕвзаджы урокмӕ 8 -ӕм къласы . Урочы темӕ: Иувӕрсыг хъуыдыйӕдтӕ.

Ныхасы темӕ: Ӕфсарм кӕм нӕй, уым ӕгъдау дӕр нӕй.Урочы темӕ: Иувӕрсыг хъуыдыйӕдтӕ....

Технологон картæ ирон æвзаджы урокмæ 7-æм кълассы

Темæ: Мивдисæг.Фæлхат кæныны урок.Ныхасы темæ: "Дуне нæ алыварс"....

Технологон картæ ирон æвзаджы урокмæ 5-æм къласы Темæ: «Æххæстгæнæн»

Хъуыдыйады уæнгтæ сфæлхат кæнын;  æххæстгæнæн зæрдыл æрлæууын кæнын æмæ йыл бæстон бакусын. Рацыд æрмæг фæлхат кæнын.     Предметон:  фæарфдæр кæнын хъуыдыйады фæрсс...

Технологон картæ ирон æвзаджы урокмæ 8-æм къласы Урочы темæ: « Хъуыдыйады æмхуызон уæнгтæ»

Рацыд æрмæг хъуыдыйады уæнгтæй зæрдыл æрлæууын кæнын; хъуыдыйады æмхуызон уæнгты тыххæй зонындзинæдтæ фæарфдæр кæнын.Ныхасы рæстыл бакусын.Уарзондзинады æнкъарæнтæ взæрын кæнын Райгуырæн бæстæмæ, ирон...

Технологон картæ ирон æвзаджы урокмæ 5-æм къласы Урочы темæ: «Номдар куыд сæмагонд ныхасы хай»

Ныхасы хæйттæзæрдыл æрлæууын кæнын; номдары тыххæй зонындзинæдтæ фæарфдæр кæнын.Ацы ныхасы хайæ парахатæй пайда кæныны арæхстдзинад рæзын кæнынНомдары , куыд ныхасы хай, æмбарыныл бакусын....

Технологон картæ ирон æвзаджы урокмæ 5-æм къласы (дифф.къорды)

Темæ: «Бæллицтæ. Чи цæмæ бæллы. Номдарты тасындзæг.» Урочы  нысантæЦыбыр тексты  руаджы сфæлхат кæнын  зонындзинӕдтӕ;   зæрдыл æрлæууын кæнын æмæ  бæстон...

Технологон картæ ирон æвзаджы урокмæ 5-æм къласы (дифф.къорды)

                                  Темæ: «Бæллицтæ. Чи цæмæ бæллы. Номдарты тасындзæг.»...