Урочы темæ: «Мады уарзтӕн арӕнтӕ нӕй!» Грамматикон темæ: «Номивӕг. Ӕриугӕнӕн урок»
план-конспект урока (6 класс)

Ныхасы хæйттæ зæрдыл æрлæууын кæнын; номивӕджы  тыххæй зонындзинæдтæ фæарфдæр кæнын.

Рацыл æрмæг фæлхат кæнын æмæ ног зонындзинæдтæ гом кæныны урок.

 

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл nomivag._ariuganan_urok.docx40.46 КБ

Предварительный просмотр:

Технологон картæ ирон æвзаджы урокмæ 6-æм къласы

Урочы темæ: «Мады уарзтӕн арӕнтӕ нӕй! »

Грамматикон темæ: «Номивӕг. Ӕриугӕнӕн урок»

Ахуыргӕгӕг : Челдыты М.К.

Урочы  нысантæ

Ныхасы хæйттæ зæрдыл æрлæууын кæнын; номивӕджы  тыххæй зонындзинæдтæ фæарфдæр кæнын.

Урочы хуыз

Рацыл æрмæг фæлхат кæнын æмæ ног зонындзинæдтæ гом кæныны урок.

Урочы ахуырадон фæстиуджытæ

Предметон: зонын номивӕг  æвзарын куы ныхасы хай, номивӕджы  ахадындзинад ныхасы æмæ сæ куыд хъæуы пайда кæнын; текстæй хъæугæ информаци райсын.

Метапредметон: логикон хъуыдыкæнынад рæзын кæнын; хи хъуыдытæ æргом кæнын; ног зонындзинæдтæй пайда кæнын зонын.

Регулятивон: нысан æвæрын зонын, фæтк æвæрын, рефлекси.

Удгоймагон: ныййарӕг мадӕн аккаг аргъ кӕнын.

Ахуыры методтæ æмæ формæтæ

Иртасæн-абарсты метод, индивидуалон, къордты куыст, къæйтты куыст, сканворд.

Æххуысгæнæг фæрæзтæ

Компьютер, интерактивон фæйнæг, презентаци, чингуытæ, карточкатæ.

                                                           

 

Урочы организацион структурæ

Урочы сæйраг этаптæ æмæ структурæ

Ахуыргæнæджы архайды мидис

Скъоладзауы архайды мидис

Универсалон ахуырадон архайд (УАА)

Организацион

хай

- Уæ бонтæ хорз, сывæллæттæ.

- Уæ бонтæ хорз, нæ зынаргъ уазджытæ æмæ фарн уæ хæдзæртты.

- Сывӕллӕттӕ, мӕн уырны ,абоны урокмӕ цӕттӕ кӕй стут  ӕмӕ иттӕг хорз кӕй бакусдзыстут, уый.

Cалам дæттынц ахуыргӕнӕгӕн, кӕрӕдзийӕн, уазджытӕн.

Удгоймагон:

(æгъдау; эмоционалон цæттæдзинад урокмæ)

Зонындзинӕдтӕ

райсыныл архайды

мотиваци.

     Ахуыргёнёджы разныхас мады тыххёй. (ирон музыкёйы фоныл)

            Мад . Ацы цыбыр ныхасы дун-дуне бацёудзён. Адёймаг куы райгуыры, уёд ёппёты фыццаг йё мады райдзаст цёсгом фены, йё мады хъёлёс фехъусы.

            Нёй мады аккаг ныхёстё ссарын. Цыфёнды рёсугъд дзырд дёр , хуры фарсмё зынджы схъис куыд авёрай, уыйау фёлурс у. Мад у нё ныййарёг, мад у нё Райгуырён бёстё, мад у Дунейы фарн. Ёрдз йёхи аивдзён, хурыл фёлм абаддзён, ёнусы цъити искёдбон ёртайдзён- мады зёрдё та йёхи нё аивдзён Хъахъёнём нё мадёлты цёстыгагуыйау.

(Скъоладзаутё кёсынц ёмдзёвгётё мады тыххёй).

 - Уёдё ,цымё, куыд равзёрд нёртон дзырдтён сё фёлмёндёр ,сё рёсугъддёр? ( Рагацау ацы хӕслӕвӕрд раттын иу скъоладзауӕн)

-Куыд дзырдта раздёр хъёбул йё мадмё?

- Мад йё хъёбулмё та?

-Ирон литературёйы цавёр уацмысты фембёлдыстём ацы дзырдтимё?  

 Слайды Хуытыгаты Хъ. «Мё сызгъёрин мад» ёй скъуыддзаг:

Мё сызгъёрин мад мёнён ёдзух у

                         мё царды мёсыг

Уый та мён хоны йё уды гага, йё

                         зынаргъ фёрдыг.

Тёхуды, искуы уый аккаг дзырдтё

                         ёз дёр куы ссарин,

Мё царды азтён сё хуыздёр бонтё

                         ёз уымён ратин.

-Нысангонд дзырдтё цавёр ныхасы хёйттё сты?

- Хёдзармё уын лёвёрд уыд ныффыссын  чысыл аргъау «Номивёг». Табуафси, бакёсём сё.

 

 - Уёдё куыд бамбёрстат, афтёмёй ацы урочы мах дзурдзыстём ныййарёг мады тыххёй. Цавёр ныхасы хай нын баххуыс кёндзён нё уарзт равдисынмё?

 Сфёлхат кёндзыстём, номивёгёй цы базыдтам, уый.

- Уёдё нё размё цавёр хёс ёвёрём?

- Нё урочы темё куыд растдёр ис схонён?

 -Йё грамматикон темё та ?

«Мад у рагон индоевропёйаг дзырд.Бирё ёвзёгты ис ныр дёр ма чысыл фонетикон ивддзинёдтимё, фёлё йё нё рагон хёстёджытё- Памиры хёхты цёрёг адём- дзурынц мах хуызён- мад.

Рагон индиаг ёмё персайнаг ёвзёгты,Авестёйы хъуысти-матар.  Махмё дёр уыцы фонетикон хуызы баззад бирёон нымёцы- мадёлтё. Ам ирайнаг р ирон ёвзаджы рахызти л-мё. Уырыссаг дзырд «мать» ёмё ирон «мад» равзёрдысты иу бындурёй.

-Нана, гыцци, ёна, дзыцца…

-Мё къона, мё зёрдёйы рухс, мё цёст, мё бындур, мё удлёууён…

Сывӕллӕтты дзуӕппытӕ

-Номивджытё

- Сывӕллӕтты дзуӕппытӕ

-Номивёг

Сывӕллӕтты дзуӕппытӕ

Регулятивон

(ахуырадон нысан æвæрын)

Коммуникативон:

(хи хъуыды æргом кæнын)

Удгоймагон:

(кæрæдзийæн æххуыс кæнын, хъæдхой æрдзæн æххуыс у, уый æмбарын)

Зонындзинӕдты

актуализаци.

Хъазт.«Чи лёмбынёгдёр у?» (Барёй рёдыдтытимё дзурын раиртёсттё рацыд ёрмёгёй. Сывёллёттё лёмбынёг хъусынц ёмё мё раст кёнынц , кёд дзы рёдыд ис, уёд.)

1) Номдар у ахём сёрмагонд ныхасы хай, кёцы ёвдисы архайд ёмё дзуапп дётты фёрстытён чи? цы?

2) Миногонтё вёййынц иумёйаг ёмё сёрмагонд.

3) Нымёцон у ахём сёрмагонд ныхасы хай, кёцы ёвдисы предметён йё ёууёл ёмё дзуапп дётты фёрстытён цавёр?цыхуызён?

4) Сё арёзтмё гёсгё нымёцонтё вёййынц:бёрцон, рёнхъон, дихон, мурон.

5) Номивёг у ахём сёрмагонд ныхасы хай, кёцы ёвдисы предмет ёмё дзуапп дётты фёрстытён цал? цас? кёцы?

6) номивёг дих кёны 6 къордыл.

7) номивёг кёны тасындзёг.

-Цавёр ныхасы хёйттё ма ёрлёууын кодтам нё зёрдыл?

Сывӕллӕттӕ агурынц рӕдыдтытӕ ӕмӕ сӕ раст кӕнынц

Зонадон:

(рацыд æрмæг зæрдыл æрлæууын кæнын)

Коммуникативон:

(хи хъуыдытæ æргом кæнын)

Аулӕфт

---Гыццыл аулæфæм æмæ нæ куыст адарддæр кæнæм.

 Кæнынц физминуткæ

Удгоймагон:

(баулæфын)

Зонындзинӕдтӕй пайда кӕныны этап.

Слайд «Сраст кёнут рёдыдтытё» ёмё сын сё растфыссынад бацамонут:

Афтёмёй,хёлардзинад, хъётдых, уидёктё, ныхёйныхмё, дисаджы, уый тыхёй, уарзон дзинад, ныййарёг мад.

- Ссарём дзырдты ‘хсён рёдыдтытё, кёд дзы ис, уёд.

- Чи фылдёр ныффысдзён ёмбисёндтё мады тыххёй. Къорды куыст Ссарын дзы номивджытӕ.

 Къорды куыст . Атасындзёг кёнын номивёг. Кёцы къорд ёнёкъуылымпыйё атасындзёг кёна, уый рамбылдта.

Текстыл куыст : таурёгъ «Мады зёрдё, сыгъзёрин фестай!»

( Экраныл –текст. Бакёсыны размё - дзырдуатон куыст, равзарын дзырдты нысаниуёг: тёрхон,дзырддзёугё, куырыхон, Ныхас)

Хёслёвёрдтё текстмё:

1)Скъоладзаутё текст дыккаг хатт кёсынц, ёвёрынц цухгонд дамгъётё.

2)Таурёгъы мидис хи ныхёстёй радзурын.

3)Текстён кёрон ёрхъуыды кёнын.

4)Фёрстыты руаджы бакусын тексты сёйраг хъуыдыйыл.

5)Бёрёггонд хъуыдыйад рафыссын ёмё йё равзарын хъуыдыйады уёнгтём гёсгё

6) 2-аг абзацёй рафыссын номивджытё, сё хуызтё сын бацамонын.

Скъоладзаутӕ ӕххӕст кӕнынц хӕслӕвӕрдтӕ

Мадён йё ралгъыст дёр арфё у.Мады бёллиц- цоты хур. Хёфсён йё лёппын хуры тын. Мады рёвдыд адджын у. Мады рёвдыд хурмё дёр хъары. Мады зёрдё хъёбул зоны…

Кӕсынц текст. Ӕххӕст кӕнынц хӕслӕвӕрдтӕ.

Зонадон:

(рацыд æрмæг бафидар кæнын, ног зонындзинæдтæ райсын)

Коммуникативон: (хи хъуыдытæ æргом кæнын, искæй хъуыдыйæн аргъ кæнын, къорды архайын зонын)

Удгоймагон:

(сырддонцъиуы пайда бамбарын)

Чиныгимæ куыст

Сёххёст кёнын 235-ём фёлтёрён. Цы къуылымпыдзинӕдтимӕ ӕмбӕлынц, уыдоныл бакусын

Чиныджы кæсынц номивӕджы  тыххæй зæрдылдаринаг

Ӕххӕст кӕнынц фӕлтӕрӕн

Регулятивон : (чиныджы хъæугæ информаци ссарын) 

Зонадон:

(ног зонындзинæдтæ фидар кæнын)

Ног зонындзинæдтæ дзургæйæ фидар кæнын

Саразын дзырдбёстытё дзырд «Мад»-имё.

(хёларзёрдё,зондджын,фёразон,фёлмён, сёрён, ёрхъуыдыджын,кадджын,ёгъдауджын…)

Къухмёдётгё ёрмёг.(Лёвёрд номивджытё сёвёрын лёвёрд хауёны).

-Ныффыссут арфётё уё ныййарджытён.

         Экраныл фыст. «Мё мадён мё зёрдё зёгъы…», «Мё мад  амондджын уёд уыдзён…»( Сывёллёттё ёххёст кёнынц арфётё)

Сывӕллӕттӕ фыссынц сӕ хъуыдытӕ

Зонадон:

Номдар æмæ миногон фидар кæнын; миногонтæй раст пайда ахуыр кæнын)

Коммуникативон:

(дзырдуат хъæздыг кæнын)

Удгоймагон: (ныййарӕг мадӕн аргъ кӕнын)

Рефлекси.

Æрмæг бафидар кæныныл куыст

Иу къордӕн    чиныджы æрмæгыл æнцойгæнгæйæ скæнæм   синквейн «Мад», иннӕ къордӕн кластер «Номивӕг»

         

Кӕнынц сластер, синквейн

Зонадон: 

(ног зонындзинæдтæ сфæлхат кæнын)

Коммуникативон: (хи хъуыдытæ æргом кæнын)

Хатдзæгтæ скæнын.

Бӕрӕггӕнӕнтӕ сӕвӕрын

- Цавёр ныхасы хайыл ёрдзырдтам лёмбынёг ацы урочы?

-Урок уё зёрдёмё фёцыд?

-Нё урочы хёслёвёрдтё нё къухы бафтыдысты?

_ Кӕцы хӕслӕвӕрд уӕм фӕкаст цымыдисагдӕр? Цӕмӕн?

- Стыр бузныг уын. Иууылдæр тынг хорз бакуыстат.

Дзурынц сæ хъуыдытæ

Коммуникативон: (хи хъуыдытæ æргом кæнын)

Удгоймагон:

( ныййарӕг мадӕн аргъ кӕнын)

 Регулятивон:

(æнтыстытæн, фæстиуджытæн аргъ кæнын)

Хæдзармæ куыст

1.Ныффыссын нывёцён «Мён амонд фёци нё ирон зёххыл ныййарёг мадёй»

Ёнцойгёнён дзырдтё: ныййарёг мад, зёрдёйы рухс, фёзминаг, ёххуыс кёнын, зёрдыл дарын, сё хорздзинёдтё, хёс дарын, фёлмён…

2. Мады портрет сныв кёнын

Бæрæг кæнынц сæхимæ хæслæвæрд.

   


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Урочы темӕ:Ныууагътой нын нӕ фыдӕлтӕ хӕзна... Грамматикон темӕ:Нымӕцонты растфыссынад.

Бӕркадджын сты ирон адӕмы сфӕлдыстадон бынтӕ, ахъаззаг у сӕ историон ӕмӕ эстетикон нысаниуӕг.Джыккайты Шамил...

Урочы темӕ: Æрдз - нæ дарæг Грамматикон темӕ: Архайды хуызы фадатон дзырдтӕ.

Объяснение нового материала. Второстепенные члены предложения- обстоятельство  действия....

Урочы темӕ:Ныууагътой нын нӕ фыдӕлтӕ хӕзна... Грамматикон темӕ:Нымӕцонты растфыссынад.

Нымӕцонты растфыссынадыл дарддӕр бакусын; скъоладзаутӕм рӕзын кӕнын цымыдисдзинад иронау нымайынмӕ,ирон адӕмон сфӕлдыстадмӕ,нӕ адӕмы ӕгъдӕуттӕм....

Урочы темæ: Бирæ нын цæрат, нæ буц хистæртæ (зарæгæй) Грамматикон темæ: Ирон ныхасы стильтæ

План конспект урока в 9 классе. Грамматическая тема урока "Стили речи"....

Мивдисæг. Æриугæнæн урок. «Бӕлас йӕ уидӕгтӕй фидар у ,адӕймаг та- йӕ хӕлӕрттӕй»

Мивдисёгёй рацыд ёрмёг ныффидар кёнын.Бакусын дзургё ёмё фысгё ныхасы рёзтыл.Ахуыр кёнын сывёллётты ёмбалён аргъ кёнын, нымайын ёй, тыхст сахат йё фарсмё ёрбалёууыныл.Фæлтæрын скъоладзауты арæхс...

Темӕ: «Балц Ирыстоны зӕххыл». Грамматикон темӕ: Номдар. Æриугӕнӕн урок. (Урок – викторинӕ)

Ныхасы хæйттæ зæрдыл æрлæууын кæнын; номдары  тыххæй зонындзинæдтæ фæарфдæр кæнын.Урок - викторинӕ .(Рацыд æрмæг фæлхат кæнын )Предметон: зонын номдар æвзарын куыд ныхасы хай, номдары ...

ӔРИУГӔНӔН УРОК МИВДИСӔГӔЙ

Ахуыргæнинæгтæ мивдисæгæй цы зонындзинæдтæ райстой, уыдон зæрдыл æрлæууын кæнын æмæ сæ ныффидар кæнын алыхуызон  хӕслӕвӕрдты руаджы;Ахуыр кæнын скъоладзауты мивдисæджы хъæздыг лексикæйæ пайда кæн...