Урочы темæ: Бирæ нын цæрат, нæ буц хистæртæ (зарæгæй) Грамматикон темæ: Ирон ныхасы стильтæ
план-конспект урока (9 класс)

Саухалова Валентина Руслановна

План конспект урока в 9 классе. Грамматическая тема урока "Стили речи". 

Скачать:

ВложениеРазмер
Microsoft Office document icon birae_nyn_tsaerat_nae_buts_histaertae_zaraegaey.doc64.5 КБ

Предварительный просмотр:

Саухалты Валентинæ,

Дзæуджыхъæуы 3-æм скъолайы ахуыргæнæг

ИРОН ÆВЗАДЖЫ УРОК 9-ÆМ КЪЛАСЫ

Урочы темæ: Бирæ нын цæрат, нæ буц хистæртæ (зарæгæй)

Грамматикон темæ: Ирон ныхасы стильтæ

Урочы нысантæ: 1. Базонгæ кæнын ирон ныхасы стильтимæ.

2. Бакусын ныхасы æмæ  логикон хъуыдыкæнынады райрæзтыл.

3. Хъомыл кæнын хистæрæн кад кæнынмæ , хистæрты коммæ кæсынмæ тырнындзинад.

Урочы цыд:

I. Бацæттæгæнæн рæстæг.

1) Проблемон уавæр. Скъоладзауты 5 къордыл адих кæнын. Алы къордæн дæр хицæн текст раттын.

Хæс: Бакæсын текст. Ныхас дзы цæуыл цæуы, уый сбæрæг кæнын. Зæгъын, кæд æмæ дзы цавæр уавæрты фæпайда кæнынц, уый.

1-аг текст:

–  Мæ къона, суай-ма нæ хуымтæм, абæрæг сæ кæн. Цы уавæры сты, цымæ?

– Ма тыхс, нана, ныртæккæ сæм суайдзынæн.

– Уæ мæ зæрдæ, цас æххуыс мын дæ, уый куы зонис. 

2-аг текст:

Хистæр æмæ кæстæр.

Хистæрæн кæстæр куы дæтта æгъдау,

Кæстæрмæ ничи æрхæсдзæн уæд фау.

Хистæрæн кæстæр куы райса йæ уаргъ,

Кæстæрæн алкæм уыдзæни уæд аргъ.

Хистæрæн кæстæр куы радта бынат,

Кæстæр уыдзæни уæд хорзыл нымад.

Кæстæр куы фæрса йæ хистæры зондæй,

Кæстæр уæд никуы фæрæдидзæн сонтæй.

Дзасохты М.

3-аг текст:

Ирон бинонты кæрæдзиуыл фидар баста æфсарм. Йæ нысан уыд бинонты иудзинад бахъахъхъæнын. Ирон æфсарм бинонты ахастдзинæдтæ арæзта тугхæстæгыл нæ, фæлæ нæлгоймаг æмæ сылгоймаг, хистæр æмæ кæстæры фæдыл. Алы нæлгоймаг æмæ сылгоймаг дæр йæ кармæ гæсгæ бинонты 'хсæн ахста бæлвырд бынат, æххæст кодта бæлвырд хæстæ, йæхи дардта бæлвырд фæткыл.  

4æм текст:

Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы

Ветеранты цæдисы сæрдар

Къаболаты Солтанмæ

Беслæныхъæуы Ленины уынджы

13-æм хæдзары  цæрæг

Абайты Зæлинæйы

курдиат.

Зынаргъ Къаболы-фырт! Нæ дада, Абайты Федыр, у фæллойы ветеран. Бирæ азты фæкуыста Беслæны милицæйы хайады. Йæ хорз куысты тыххæй хорзæхгонд æрцыд кады гæххæттытæй æмæ зæрдылдарæн лæвæрттæй. Ныр пенсийы рацыд æмæ фылдæр вæййы хæдзары. Азтæ йыл фæбæрæг сты,  æмæ  арæх рынчынтæ кæны.  Фæнды нæ, цæмæй йæхи бадзæбæх кæна, йæ фæллад суадза.

Курæм дæ, æмæ нын нæ дадайы санаторий «Осетия»-мæ арвитынæн  баххуыс кæн.

 

18.04.2017.                                                        Абайты З.

5-æм текст:

Алцы зонын дæр хорз у!

Хъороты Егор (ирон) фæцардис 157 азы. Архайдта цалдæр хæсты. Куыста уырыссаг инæлар Ермоловмæ.

Томас Парр (англисаг) фæцардис 152 азы. Дыккаг хатт ракуырдта ус 120-аздзыдæй, æмæ йын райгуырдис фырт. Уый та фæцардис 123 азы. Томас Парры рæстæг кæрæдзи раивтой 10 къаролы.

Фома Корней (англисаг) аргъуаны чингуытæм гæсгæ фæцардис 207 азы.

Янош Ровен (венгриаг) амардис 172-аздзыдæй, йæ ус та – 164-аздзыдæй. Иумæ фæцардысты 147 азы.

Дзуæппытæ:

1-аг къорд: 1-аг текст у диалог. Ныхас кæнынц зæронд ус æмæ йæ хъæбулы хъæбул. Зæронд ус куры, цæмæй сывæллон хуымтæ абæрæг кæна. Куыд дзурынц, уымæй бæрæг у, сæ кæрæдзи бирæ кæй уарзынц, сывæллон йæ нанайæн аргъ кæй кæны, йæ коммæ кæй кæсы, уый.  Ахæм ныхас фехъусæн   ис хуымæтæг уавæрты.

2-аг къорд: Мах бакастыстæм æмдзæвгæ. Уый у аив литературон уацмыс. Ныхас дзы цæуы хистæр æмæ кæстæры ахастдзинæдтыл. Æмдзæвгæ нæ ахуыр кæны хистæрæн лæггад кæныныл, хистæрмæ хъусыныл.

3-аг къорд: Цы текст бакастыстæм, уый нæ зонгæ кæны нæ фыдæлты цардимæ. Текстмæ гæсгæ базыдтам ирон бинонты ’хсæн цы ахастдзинæдтæ уыд, уыдон. Бинонтæй алкæмæн дæр уыд йæхи хæстæ, хистæр æмæ кæстæр сæ бынат зыдтой, бинонты кæрæдзиуыл баста æфсарм. Ахæм текст бакæсæн ис газеты кæнæ ирон æгъдæутты чиныджы. Ацы хъуыддæгтæ мах хъæуынц абон дæр.

4-æм къорд: Цы текст бакастыстæм, уый у курдиат. Ныффыста йæ Абайты Зæлинæ. Бæрæг у, йæ фыды фыдыл кæй тыхсы, стыр аргъ ын кæй кæны. Зæлинæ тæригъæд кæны йæ дадайæн æмæ йæ  фæнды, цæмæй йын паддзахад баххуыс кæна йæ фæллад суадзынæн, йæхи бадзæбæх кæнынæн. Хъуамæ алы æрыгон адæймаг дæр афтæ тыхса йæ хистæрыл.

Ахæм гæххæтт – курдиат – фæфыссынц хицауадмæ, исты куы фæкурынц, уæд. Уый у документ, арæзт у бæлвырд уагмæ (шаблонмæ) гæсгæ.

5-æм къорд: Ацы текстæй мах базыдтам, дунейы кæй ис, бирæ чи фæцард, ахæм адæймæгтæ. Ам ис бæлвырд информаци, чи цас фæцард, уый тыххæй. Адæймагæн йæ бон бирæ цæрын кæй у, ууыл дзуры ацы текст.

Текст хуыйны «Алцы зонын дæр хорз у!», зæгъгæ, æмæ у статистикон документ.

Ахуыргæнæг: Тексттæм цы ис иумæйагæй, хицæн та цæмæй кæнынц?

Дзуапп: Æппæт тексттæ дæр дзурынц хистæр æмæ кæстæры ахастдзинæдты тыххæй, сидынц хистæрæн аргъ кæнынмæ.

Хицæн кæнынц, цы уавæрты сæ спайдагæнæн ис, уымæй.

II. Ног æрмæгыл куыст

1. 9-æм къласы ахуыргæнæн чиныджы бакæсын стильты тыххæй лæвæрд æрмæг, хатдзæгтæ скæнын.

2. Иумæйаг хатдзæг: 1-аг текст арæзт у хуымæтæг ныхасы стилы домæнтæм гæсгæ; 2-аг текст у аив литературон  уацмыс; 3-аг текст у публицистон стилы фыст; 4-æм текст у официалон- хъуыддаджы стилы документ; 5-æм – дзуапп дæтты наукон стилы æгъдæуттæн.

3.  Бацамонын æмбисæндты  нысаниуæг:

1) Хистæрмæ цы кæстæр нæ хъусы, уый йæхицæн фыдбылыз кæны.

2) Дæ рæдыд дын чи бацамона, уымæй бузныг у.

4.  Текст бакæсын, равзарын æй.

Æхсаргард æрттивы Дзанджы къухы.

- Слас дæ кард, афицер, кæд дæм лæджы туг ис, уæд!

Æмæ та мæстæлгъæд лæджы кады сидт фæци афицерты худæджы бын. Худынц уыдон, фæлæ æфсæддонтæй бирæ, дисмæ кæсæгау, кæсынц зæрондмæ, сæ цæстытæ дзы нал исынц…

Хистæр афицер худынæй куы бафсæст, уæд дзуры:

-О, зæронд хæррæгъ! Æз дыл мæ куыдз срæйын дæр нæ бауадздзынæн, уый дæр дын æгæр кад уаид, фæлæ дæ зæронд стджытæ алас, цалынмæ дæхæдæг дæр нæ бавзалы дæ, уæдмæ.

-Дзуапп ратт мæ сидтæн, кæд хæппуд нæ дæ, уæд!

-Зæронд æррайæ зæронд куыдз хуыздæр у, æз мæ кард дæ хуызæттæм нæ ласын, зæронд хæрæг.

-Гъе, уæздан афицер, хуы дзурын куы зонид, уæддæр ахæм ныхас зæгъын йæ цæсгом нæ бахъæцид.

Нæй! Ницы та цæуы ам дæр дæ фæндонæй, Дзанг. Ныртæккæ цы загътай афицерæн, ды дæхæдæг ахæм æфхæрд никæмæн ныббарис, фæлæ уæздан кæй схуыдтай, уый та цы бакодта? Сисгæрон бадæн дурыл бады æмæ дыл уырдыгæй æрбату кодта. Гъе уый дын йæ дзуапп.

(Дзесты Куыдзæг)

Беседæ тексты бындурыл:

1) Цавæр уацмысæй ист у скъуыддзаг?

2) Чи сты ныхасгæнджытæ? Кæм ныхас кæнынц, цавæр уавæрты?

3) Ныхасгæнджытæ куыд дзурынц кæрæдзимæ? Кæмæ сæ ис уæздандзинад?

4) Уæ зæрдæмæ кæй ныхас нæ фæцыди? Цæуылнæ?

5) Кæцы рæнхъытæ сты уæлдай гуымиры хуызы загъд?

6) Чи фæдзуры афтæ хистæрмæ? Куыд фæхонынц ахæм адæймаджы?

7) Цавæр хатдзæг скæнæн ис ацы текстмæ гæсгæ?

(Адæймаг цы ран ис, кæимæ дзуры, ууыл хъуамæ хъуыды кæна. Иумæйагæй та ахæм дæрзæг, гуымиры ныхас æргом кæны адæймаджы удыхъæд, йæ миддуне)

5. Хæс: Дзырдтæм æмæ дзырдбæстытæм ссарын стилистикон синонимтæ:

Кæд дæм лæджы туг ис, уæд – кæд дæм лæгдзинад ис,

сæ цæстытæ дзы нал исынц – æдзынæг æм кæсынц,

худынæй куы бафсæст – бирæ фæхудт,

зæронд хæррæгъ – зæронд адæймаг,

цалынмæ дæхæдæг дæр нæ бавзалы дæ- нæ басыгъдтæ, 

дæ зæронд стджытæ алас–  ацу ардыгæй,

хæппуд –  тæппуд,

йæ цæсгом нæ бахъæцид –  нæ бауæндид,

æфхæрд никæмæн ныббарис  – дæ маст райсис.

6. Ахуыргæнæг:  Хæдзары уæ хистæр кæмæ ис?  Куыд ын фæлæггад кæнут, куыд æм фæдзурут, йæ ныхас ын куыд феххæст кæнут, уый тыххæй радзурыт.

Иу скъоладзау дзуры йæ нанайы тыххæй: йæ  ном куыд у, цал азы йыл цæуы, бинонтæ йын куыд  лæггад кæнынц. Æвдисы, йæ нанайы тыххæй цы презентаци бацæттæ кодта, уый.

Ахуыргæнæг: Цавæр стилы арæзт у уе ’мбалы раныхас та? Цæмæй бæрæг у?

7. Хæс: Кæцы стилы æвæрд  сты нысангонд дзырдбæстытæ? Цæмæй бæрæг у?

  1. Бын бауай, æмæ уый куы акъæмс кæнæм, уæд уый фæстæ та ма цы кæндзыстæм? (Коцойты А.)
  2. Тамако сдымдта, æхсызгонæй пъæртт кæны. (Сечъынаты Л.)
  3. Чызг тынгдæр ныббогъ-богъ ласта. Йæ цæссыгтæ гæр-гæр кодтой йæ рустыл. (Цомартаты И.)
  4. Давæггаг куы æмпъухай, уæд афтæ вæййы. (Сечъынаты Л.)
  5. Дзæбæхæй дзы цы ссардта, уыдон рассывта. (Цомартаты И.)
  6. Дзæуджыхъæумæ асхуыста. (Коцойты А.)

- Аив литературон стилы сæ сæвæрут. Куыд аивдзæн хъуыдыйад?

Ахуыргæнæг: Ахъуыды кæнут, цæмæн сæ спайда кодтой фысджытæ сæ уацмысты? Цы æххуыс сты ацы дзырдтæ æмæ  дзырдбæстытæ?

Дзуæппытæ: 

1)Текст кæнынц эмоционалондæр.

2) Æвдисынц персонажы миддуне, цавæр адæймаг у, йæхи куыд дары, уый.

3) Æргом кæнынц авторы ахаст персонажмæ.

8. Хæс: Бакæсут текст. Цавæр у йæ стилистикон ахуырст? 

Раджы кæддæр Хетæджы къохы бынаты уыди стыр хъæу. Ам цард кадджын куырыхон лæг, йæ ном – Хетæг. Йæ фæрцы хъæу цард фæрныгæй, разы уыд йæ амондæй.

Иу заман хъæумæ  æрбабырстой  знæгтæ. Хъæуы адæм ныууагътой сæ къонатæ æмæ лидзын райдыдтой. Фæлæ сæ рох нæу сæ хæрзгæнæг зæронд  лæг.

- Хетæг, лидзгæ кæн хъæдмæ, науæд сæфыс! – хъæр æм кæнынц адæм. Хетæг  рацыд  хæдзарæй æмæ дзуры:

- Мæ тых басасти, нымад сты мæ царды бонтæ. Хетæг хъæдмæ нал фæразы, фæлæ хъæд – Хетæгмæ!

Æрцыд йæ дзырд. Хъæд ныннæрыд, йæ иу хай сыстад æмæ æртыхсти Хетæгыл.  Уыцы хъæд ныр абон дæр лæууы уыцы бынаты, æмæ йæ адæм хонынц «Хетæджы къох».

Тексты ссарын:

1) аив литературон стилы æууæлтæ;

2) хуымæтæг ныхасы æууæлтæ.

9. Сфæлдыстадон хæс:

1. Текстмæ гæсгæ официалон стилы ныффыссын  курдиат ирон адæммæ  Хетæджы къох бахъахъхъæныны тыххæй.

2. Ныффыссын газетмæ уацхъуыд, Хетæджы къохы бæрæгбон куыд ацæуы, уый тыххæй.

3. Интернеты ссарын æрмæг, Хетæджы къох æрдзон цыртдзæвæн кæй у, уый тыххæй.

        (Фысгæйæ пайда кæнынц ахуыргæнæджы цæттæгонд æнцойгæнæн æрмæджытæй, интернетæй)

III.  Урочы хатдзæгтæ:

- Цы базыдтат ногæй урочы?

- Цы æххуыс уын сты, абон цы зонындзинæдтæ райстат, уыдон?

- Цæмæн хъæуы стилистикæйы фарстатæм хъус дарын?

Ахуыргæнæг:  

Хистæр æмæ кæстæры ахастыты тыххæй æппæты хуыздæр ныхæстæ ныффыста Плиты Грис йæ трагеди «Чермен»-ы. Бакæсут сæ.

1) Фыдæй фыртмæ ирон дзыллæтæм баззад

Цыт æмæ намыс хистæрæн. Цы ис

Рæсугъддæр уыцы хорз æгъдауæй! Хистæр

Ныхас кæны – йæ разæй ма дзур ды,

Куы зæгъа цу ма – баххæст æй кæн уайтагъд,

Фæндагыл ис – йæ разæй макуы хиз,

Йæ разæй ма сбад бандоныл, йæ куыстæй

Куы раздæха – йæ дзабыртæ йын ралас.

Йæ къæхтæ йын хъæрмуст донæй æрæхс,

Фæрс-иу æй зондæй, кæн æххæст йæ фæдзæхст,

Æмæ уыдзæн уæ дыууæйæн дæр кад. (П.Г.)

2) Мыггаджы уа, хъæубæсты, йе - хæдзары, -

Æгъдауджын хистæр цалынмæ дзы уа,

Йæ кæстæрты 'хсæн цалынмæ йын кад уа,

Уæдмæ сæ хъуыддаг арæзт у, сæ цард

Цæудзæн нывыл… Нæ фыдгулты мыггагæн

Æгад фæуа сæ буц хистæр!.. (П.Г.)

Ахуыргæнæг: Уæхицæн цы райсдзыстут ацы хъуыдытæй, цы  дзы хъæуы зæрдыл бадарын?

IV. Хæдзармæ куыст.

Хæсты ветеранты тыххæй ныффыссын алы стильты (куыст æххæст кæнынц къордты).


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Урочы темӕ:Ныууагътой нын нӕ фыдӕлтӕ хӕзна... Грамматикон темӕ:Нымӕцонты растфыссынад.

Бӕркадджын сты ирон адӕмы сфӕлдыстадон бынтӕ, ахъаззаг у сӕ историон ӕмӕ эстетикон нысаниуӕг.Джыккайты Шамил...

Урочы темӕ: Æрдз - нæ дарæг Грамматикон темӕ: Архайды хуызы фадатон дзырдтӕ.

Объяснение нового материала. Второстепенные члены предложения- обстоятельство  действия....

Урочы темӕ:Ныууагътой нын нӕ фыдӕлтӕ хӕзна... Грамматикон темӕ:Нымӕцонты растфыссынад.

Нымӕцонты растфыссынадыл дарддӕр бакусын; скъоладзаутӕм рӕзын кӕнын цымыдисдзинад иронау нымайынмӕ,ирон адӕмон сфӕлдыстадмӕ,нӕ адӕмы ӕгъдӕуттӕм....

Урочы темæ: «Хистӕрӕн кæстӕр куы дӕтта ӕгьдау…»

Урочы  нысантæ  Урочы типНыхасы хæйттæ зæрдыл æрлæууын кæнын; миногмиты  тыххæй зонындзинæдтæ фæарфдæр кæнын.Скьоладзауты базонгӕ кӕнын таурӕгь «Дада»-имӕ(А.Л.Толстоймӕ...

Ныхасы темæ: Зымæджы нывтæ. Грамматикон темæ: Ныхасы хæйттæ. 3 къласс

Конспект урока по родному языку. По учебнику «Ирон æвзаг» 3  кълас   Дзампаты Лариса.      Ныхасы  темæ:  Зымæджы нывтæ.   Грамматикон тем...

Технологон картæ ирон æвзаджы урокмæ 5-æм къласы Урочы темæ: «Номдар куыд сæмагонд ныхасы хай»

Ныхасы хæйттæзæрдыл æрлæууын кæнын; номдары тыххæй зонындзинæдтæ фæарфдæр кæнын.Ацы ныхасы хайæ парахатæй пайда кæныны арæхстдзинад рæзын кæнынНомдары , куыд ныхасы хай, æмбарыныл бакусын....