Урок - хъазт 6 къласы Ныхасы темæ: «Афæдзы афонтæ. Зымæг.» Грамматикон темæ: «Номдарты тасындзæг бирæон нымæцы.»
план-конспект урока (6 класс)

Татьяна Сергеевна Газзаева

Урок-викторина по осетинскому языку для учащихся 6 класса, не владеющих осетинским языком. Урок предусматривает групповую форму работы и проходит в виде игры КВН

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл УРОК КВН33.05 КБ

Предварительный просмотр:

Урок - хъазт  6 къласы

Ныхасы темæ: «Афæдзы афонтæ. Зымæг.»

Грамматикон темæ: «Номдарты тасындзæг бирæон нымæцы.»

Урочы хæстæ:  

1. Сфæлхат кæнын афæдзы афонтæ, номдарты тасындзæг.

2. Бæлвырддæр æрдзурын зымæгыл. Бакусын Цæгæраты Г.

    æмдзæвгæ «Зымæг» - ыл. Аив кастыл бакусын, дзырдуатон

    куыст бакæнын.

3. Æрдзмæ уарзон цæстæй кæсын, йæ рæсугъддзинад ын

    хъахъхъæнын.

Урочы æрмæг: компьютер (презентаци), музыкæ, кроссворд,

4 командæ (стъолтыл фыст командæты нæмттæ: «Зымæг», «Уалдзæг», «Сæрд», «Фæззæг».

Урочы цыд.

1. Бацæттæгæнæн рæстæг.

СЛАЙД – 1 «Уæ бон хорз!»

    1). Ахуыргæнæджы разныхас (абоны урочы тыххæй, хъазт куыд цæудзæн, уый тыххæй).

    2) Фарстатæ:

  • Абоны нымæц? Къуырийы бон цавæр у? Знон та кæцы нымæц уыдис? Райсом та?
  • Ныртæккæ цавæр афæдзы афон у? Зымæджы размæ цавæр афон уыдис? Зымæджы фæстæ та?
  • Абон боныхъæд цавæр у?

2.  Лексикон  разминкæ. (СЛАЙДТÆ) (сывæллæттæ радыгай дзурынц нывтыл цы дзыртæ ис, уыдон. Иннæтæ йæ фæстæ хъæрæй дзурынц – аудирование).

(Дуар æрбахостæуыд. Æрбахызтис Мад йæ 4 чызгимæ (сæрд, уалдзæг, фæззæг, зымæг).

3.  Сценкæ «Афæдзы афонтæ»

Мад:  -  Уæ бон хорз, зынаргъ æмбæлттæ! Мæнæ адон мæ чызджытæ сты. Сæ иуæй - иннæ рæсугъддæр, сæ иуæй –иннæ хуыздæр!  Мæ къонатæ, алкæйы дæр уæ тынг уарзын, алкæмæ дæр уæ бирæ хорздзинæдтæ ис, фæлæ ма мæнæ ацы адæмы раз зæгъут, чи уæ цæмæй хъал у?!

                  (Райхъуысы музыкæ, Зымæг æрзылд йæ бынаты)

Зымæг:  - Мæн сывæллæттæ бирæ уарзынц. Æз æрхæссын бирæ мит, æмæ сывæллæттæ фæбырынц дзоныгътыл, къахдзоныгътыл, аразынц митын лæгтæ.Ноджы ма æз мемæ æрхæссын адæмы уарзон бæрæгбон  -  Ног аз.

(Райхъуыст æндæр музыкæ. Уалдзæг æрзылд йæ бынаты).

Уалдзæг: -  Дæхицæй цы ‘ ппæлыс мæ разы? Уый мæ дын æз! Æз куы ралæууын, уæд райхъал вæййы æрдз. Кæрдæг, бæлæсты сыфтæ фæцъæх вæййынц, мæргътæ хъæлдзæгæй зарынц.

(Музыкæ, Сæрд æрзылдис).

Сæрд: - Ой, ой, ой! Худинаг уæм нæ кæсы, мæ разы уæхицæй куы ‘ ппæлут, уæд?! Æз адæмæн хæссын хуры хъарм, бæстæ дидинæг фестын кæнын. Сывæллæттæ ме’ рцыдмæ тынг фенхъæлмæ кæсынц, уымæн æмæ уæд скъоламæ нал фæцæуынц, фæулæфынц денджызы был, кæнæ æндæр рæтты.

(райхъуысы æндæр музыкæ. Фæззæг æрзылдис).

Фæззæг:  - Цæуыл дзурут, цæ? Уæ ныхæстæм мæм худын æрцыд! Æз дæн уе ‘ ппæтæй хуыздæр, рæсугъддæр.  Бæлæстыл скæнын алыхуызон сызгъæрин дарæс, æрхæссын адæмæн æмæ фосæн стыр бæркад, дыргътæ, халсартæ, нартхор, мæнæу æмæ бирæ цыдæртæ. Адæм сæ хъæздыг бæркадæй саразынц бæрæгбон Джеоргуыба.

 Мад: -  Ма быцæу кæнут, мæ хуртæ! Уе’ ппæт дæр хъæут адæмы, уе’ ппæты дæр уарзынц . Æз дæр уæ тынг уарзын!  

                                     (Ацыдысты музыкæйы фоныл).

Ахуыргæнæг:  

- Чи уыдысты нæ уазджытæ? Цæуыл дзырдтой?  (сыв. дзуæппытæ).

- Уæдæ, куыд бамбæрстат, афтæмæй абон нæ урочы темæ у: «Афæдзы афонтæ. Зымæг». Грамматикон темæ та у «Номдарты тасындзæг бирæон нымæцы».

4.  КРОССВОРД (Загадки). (СЛАЙДТÆ)

ЗАГАДКИ

Утром мы во двор идём -
Листья сыплются дождём,
Под ногами шелестят
И летят, летят, летят...
                                 
 (Фæззæг)

Летит, а не птица,
Воет, а не зверь.
                         (Дымгæ)

Всю зиму лежал,
Весной в реку побежал.
                                (Мит)

Можно купаться и рыбу ловить,

Можно по лесу с корзиной бродить,

Бегать по лужам под дождиком тёплым

И не бояться до нитки промокнуть.

                                                       (Сæрд)

Она приходит с ласкою

И со своею сказкою.

Волшебной палочкой взмахнёт —

В лесу подснежник расцветёт.

                                                     (Уалдзæг)

Запорошила дорожки,

Разукрасила окошки,

Радость детям подарила

И на санках прокатила.

                                      (Зымæг)

5.  Командæты самопрезентаци (капитантæ дзурынц 4-рæнхъон æмдзæвгæтæ)

    Зымæг.

Зымæг нын æрхæссы

Уазал æмæ мит,

Уыимæ ма Ног аз, –

Хъæдзæгдзинад, цин!

     Уалдзæг.

Уалдзæгæн йе’ рцыдæй

Райхъал ис цард.

Мæргътæн та хъæлдзæгæй

Хъуысы сæ зард.

            

              Сæрд.

Афæдзæн йæ афонтæй

Хъæлдзæгдæр у сæрд,

Сывæллæттæн уарзондæр, -

Улæфты рæстæг.

             

          Фæззæг.

Фæззæг у бæркадджын,

Фæззæг у рæсцгъд,

Халсартæ’ мæ дыргътæй

Фæззæг у хъæздыг!

        

6.  Капитантæ дзурынц цыбыртæй сæхи тыххæй (чи у, цал азы йыл цæуы, кæцы къласы ахуыр кæны).

7. Кокурс «Саразут тестытæ» (СЛАЙДТÆ) 

(алы командæйæн дæр фæйнæ 2 тесты. Раст дзуаппæн- стъалы.)

1. Кæд  æртæхынц  мæргътæ хъарм бæстæй:
1) зымæджы                      3) сæрды
2) уалдзæджы                   4) фæззæджы

2. Фæззæджы  вæййы  бæрæгбон :

1)  Ног  аз

2)  Цыппурс

3)  Джеоргуыба

4)  Хетæджы бон

3. Фыццаг  уалдзыгон  дидинæг  у:

1)  уарди                                  

 2)  малусæг

3)  джыджына                                

 4) урсдидинæг

4. Цавæр бæлас вæййы Ног азмæ :

1)  заз

2)  сусхъæд

3)  тулдз

4)  бæрз

5. Æппæты зарагдæр маргъ у:

1)  зæрватыкк

2)  цæргæс

3)  сырддонцъиу

4)  булæмæргъ

6. Афæдзы ис:

1)  5 афоны

2)  3  афоны

3)  12  афоны

4)  4  афоны

7.  Ирон æвзаджы ис:

1)  9 хауæны

2)  8 хауæны

3)  6 хауæны

4)  7 хауæны

8. Фæззæджы:

1)  Сывæллæттæ  бырынц  дзоныгътыл.

2)  Адæм æмбырд кæнынц  дыргътæ, халсартæ.

3)  Аæрæх уары  къæвда.

4)  Адæм улæфынц  денджызы был.

8.  Дзырдуатон  диктант: (ахуыргæнæг дзуры уырыссыгау, сывæллæттæ фыссынц иронау, алы командæйæ дæр дыууæйæ фысдзысты фæйнæгыл. Иттæг раст фыстæн лæвæрд цæуы стъалы.Иннæтæ фыссынц сæ тетрæдты.)

Дождь, облака, Владикавказ, санки, погода, Осетия, родители, природа.

9. Конкурс «Эмоцитæ» ( алыхуызон эмоциты, исты архайды руаджы æнæдзургæйæ равдисын искæцы афæдзы афон, иннæ командæтæ хъуамæ базоной, цавæр афон  равдыстой. Гæххæттытæ сисынц капитантæ).

(Уæлдай  стъалы жюри саккаг кæндзæн, хуыздæр, цымыдисагдæр архайд чи равдиса, уымæн).

10. Хæслæвæрдтæ: (СЛАЙДТÆ)

1.  Дамгъæтæй сараз  дзырдтæ:

1)  в, æ,  къ,  а, д  -  къæвда

2)  г, ы, з, м, æ -  зымæг

3)  р,  æ,  дз –  æрдз

4)  м, æ, г,ы, д - дымгæ

2.  Сраст  кæн рæдыдтытæ:

1)  Сымах  уыдысты  хъæды.

2)  Ды  уарзын  зымæг.

3)  Æз  дæ  зондджын  ахуырдзау.

4)  Знон мах уыдыстут  дуканийы.

3. Дзырдтæй  саразут  хъуыдыйæдтæ.Бир. нымæцы  хауæнтæ бацамонут:  

  • Уазал, бырынц, фæлæ, абон, сывæллæттæ, у, дзоныгътыл, гыццыл.
  • Цæрынц, хъæдты, цæрæгойтæ, Ирыстоны, алыхуызон, хъæддаг.
  • Абон у уазал, фæлæ гыццыл сывæллæттæ бырынц  дзоныгътыл.
  • Ирыстоны хъæдты цæрынц алыхуызон хъæддаг цæрæгойтæ. 

4. Сараз раст  дзырдбæстытæ:

фæззæг                                   адджын  

сывæллон                              уалдзыгон

райсом                                    зондджын

дыргътæ                                 сызгъæрин

сæрд                                        уарзон

Ирыстон                                  тæвд

5. Сраст кæнут  рæдыдтытæ:

 

1)  И. х. кæмæ?  цæмæ? кæцæй?

2)  Х. х. кæуыл? цæуыл?  куыд?

3)  Г. х. кæй? цæй? кæм? цæм?

4) Ц. х. кæимæ? цæимæ? кæдæм?

6. Ссарут  рæдыдтытæ:  

   

    1)  Д. х. кæмæн? хотæн

    2)  Æ.-б. х. кæуыл? хотыл

    3)  Г. х. кæй?  хотæй  

    4)  А. х. кæмæ? хотмæ

11. Конкурс «Чи хуыздæр зоны тасындзæг, хауæнтæ» (алы  командæйæ дæр 1 рацæуы. Чи фæрæдийа, уый сбады, фæстагмæ чи баззайа, уымæн стъалы.)

12.  Текстыл куыст (æмдзæвгæ  69 фарс)

1. Текст аив кæсынц сывæллæттæ радыгай æмæ тæлмац кæнынц цы бакæсынц, уый.

2.  Сæргонд æрхъуыды кæнын æмдзæвгæйæн.

(«Хъæлдзæг зымæг», «Зымæг», «Сабиты цин», «Сырхуадул зымæг»)

3.  Бафæрсын æмдзæвгæйы хицæн дзырдты, дзырдбæстыты тæлмац.

шуба - дублёнка, играя-смеясь, вынесли, искра, красные щеки, теплые дома, не страшно, облака, небо, снежинки, заболел).

4. Ссарын тексты хъæугæ бынæттæ (Ахуыргæнæг дзуры уырыссагау скъуыддзаг, сывæллæттæ йæ ссарынц æмæ йæ кæсынц иронау, стæй та – ахуыргæнæг иронау кæсы скъуыддзаг, сывæллæттæ йæ тæлмац кæнынц уырыссагау.)

  • Кто из них шубу снял и на снегу кувыркается.
  • Таким на земле совсем не страшно заболеть.
  • Играя- смеясь выбежали на улицу соседские мальчики.

Ахуыргæнæг кæсы иронау, сывæллæттæ тæлмац кæнынц уырыссагмæ. (69 фарс).

5. Ссарын бирæон нымæцы номдартæ тексты æмæ сын бацамонын сæ хауæн, кæрон.

13.  Конкурс «Нæ ассоциацитæ»  (Капитантæ рацæуынц, сбадынц хицæнæй, сæ разы ручкæ, гæххæтт. Ахуыргæнæг дзуры дзырдтæ, капитантæ ныв кæнынц, исты нысæнттæ кæнынц, фæлæ иу дамгъæ дæр нæй фыссæн. Куы фæуа ахуыргæнæг каст, уæд фены гæххæттытæ, цæмæй дзы мацы ныффыссой. Стæй капитантæн ратты сæ гæххæттытæ æмæ уыдон сæ нывты бын бафыссынц дзырдтæ. Жюри сæ бæрæг кæны. Хъуамæ кæрæдзи фæдыл уой дзырдтæ, ахуыргæнæг сæ куыд каст, афтæ.)

Æрдз, мит, Ирыстон, дымгæ, бæрæгбон, боныхъæд, денджыз, зымæг.

14. Конкурс «Чи тагъддæр атасындзæг кæндзæн номдар бирæон нымæцы».

(13, 14 конкурс иумæ цæуынц. Гæххæттыл рагацау фыст ис дзырд. 1 сывæллон алы командæйæ дæр рацæуы æмæ сисы гæххæтт. Кæмæ цы дзырд æрхауа, уый тасындзæг кæнынц).

15.  ЖЮРИ бæрæг кæнынц 13, 14 конкурсы хæслæвæрдтæ.

16. Презентаци  бахъахъхъæнын (ахуырдзауы презентаци «Мæ уарзон афæдзы афон»)

17. Конкурс «Чи фылдæр дзырдтæ зоны иронау»

(Иугай ахуырдзауы рацæуы алы командæйæ дæр. Ахуыргæнæг сын уырыссагау дзуры дзырдтæ алы темæтæй, сывæллæттæ сæ  уайтагъд хъуамæ зæгъой иронау).

Дзырдтæ:

Сова, гвоздика, осень, фасоль, Родина, верблюд, тарелка, шарфик,  дуб, сыр, ягоды, тыква, понедельник, брат, ёлка, лук, огород, Россия, времена года, мята, падежи, доска.

Нымæцонтæ (сывæллæттæ дзурынц иронау):

   35,  19,  97,  246,  3521

 Третий, первый, второй, 52-ой, 21 – ый, 33 – ий.

18. Урокæн хатдзæгтæ скæнын (ахуыргæнæджы кæробæттæн ныхас).

19. Х/ куыст: Ныффыссын чысыл сочинени-миниатюрæ «Мæ уарзон афæдзы афон».

20. Жюрийы хатдзæгтæ. Бæрæггæнæнтæ ахуырдзаутæн. (призтæ, медаль «Хъазты хуыздæр архайæг»

КОНКУРС «Хуыздæр  нывгæнæг»

(рæстæг куы баззайа, уæд).


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Ирон æвзаджы урок 6-æм къласы. Темæ: Афæдзы афонтæ Грамматикон темæ: Миногоны бæрцбарæнтæ.

Открытый  урок по теме "Степени сравнения имен прилагательных. речевая тема: "Времена года"...

Урочы темæ: «Мады уарзтӕн арӕнтӕ нӕй!» Грамматикон темæ: «Номивӕг. Ӕриугӕнӕн урок»

Ныхасы хæйттæ зæрдыл æрлæууын кæнын; номивӕджы  тыххæй зонындзинæдтæ фæарфдæр кæнын.Рацыл æрмæг фæлхат кæнын æмæ ног зонындзинæдтæ гом кæныны урок....

Темӕ: «Балц Ирыстоны зӕххыл». Грамматикон темӕ: Номдар. Æриугӕнӕн урок. (Урок – викторинӕ)

Ныхасы хæйттæ зæрдыл æрлæууын кæнын; номдары  тыххæй зонындзинæдтæ фæарфдæр кæнын.Урок - викторинӕ .(Рацыд æрмæг фæлхат кæнын )Предметон: зонын номдар æвзарын куыд ныхасы хай, номдары ...

Урок осетинского яыка.Тема: "Ирыстон Цᴁгат Кавказы хсᴁн. Номдарты бирᴁон нымᴁц".

Тема: Ирыстон Цᴁгат Кавказы хсᴁн. Номдарты бирᴁон нымᴁц. Урок осетинского языка для невладеющей группы....