Номдарты тасындзæг (фæлхат кæныны урок)
план-конспект урока (9 класс)

Открытый урок в 9 классе

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл urok.docx505.98 КБ

Предварительный просмотр:

Ныхасы темæ: «Фыдæлты æгъдæуттæй диссагдæр нæй!»

Грамматикон темæ: Номдарты тасындзæг (фæлхат кæныны урок)

 (ирон æвзаг чи нæ зоны, уыцы скъоладзаутæн)

Урочы  нысантæ: 1.Номдарты тасындзæг бафидар кæнын, хауæнты                          кæрæттæй  раст пайда кæнын зонын.

                            2.Æмбаргæ кæсыны арæхстдзинæдтæ фидар кæнын.

                            3.Рæсугъд ныхас аразыныл кусын.

Урочы хуыз: Рацыд æрмæг зæрдыл æрлæууын кæнын æмæ ног æрмæг бафидар кæнын.

Урочы ахуырадон фæстиуджытæ: Предметон: текстæн йæ сæйраг хъуыды сбæрæг кæнын, анализ скæнын.

Коммуникативон: хи хъуыдытæ раст æмæ æххæстæй дзурын, алыхуызон хъуыдытæ хынцын æмæ сæ бæлвырд уагыл аразын.

Удгоймагон: иумæйаг хъуыддаджы бæрнондзинад æмбарын,æгъдæуттæ – рухс фидæн кæй сты, уый æмбарын кæнын.

Ахуыры методтæ æмæ формæтæ: Индивидуалон, къордгай куыст, къæйттæй куыст.

Æххуысгæнæг фæрæзтæ: интерактивон фæйнæг, презентаци, видеоролик,чингуытæ.                    

                                                                                 

                                                                                      Эпиграф:

                                                     «Фыдæлты æгъдæуттæ- зондамонæг».

                                          Урочы структурæ

Мотиваци:

 - Бакæсут, байхъусут зарæгмæ «Зæдты чындзæхсæв». (Слайд

-Зарæджы цавæр зæдтæ æмæ дауджыты кой цæуы?

Дзуапп дæттынц: Уастырджи, Æфсати,

Уацилла…

- Уæстырджи кæй бардуаг у?

Дзуапп: нæлгоймæгты, бæлццæтты, хæстонты æмæ рæстаг адæмы бардуаг.

- Сылгоймæгтæ та йæ куыд хонынц?

-Ирон адæм кæд фæбæрæг кæнынц Лæгты дзуары бæрæгбон?

- Уацилла кæй бардуаг у?

-Цавæр бардуагтæ ма зонут ирон мифологийы, зæгъут сæ иронау æмæ уырыссагау?

Ахуыргæнæг:

Ирон мифологийы ма ис хæдзарон фосы бардуаг- Фæлвæра,

хор æмæ тыллæджы бардуаг- Уацилла, сылгоймæгтæ æмæ сабиты бардуаг-Мады- Майрæм хонæм ма йæ- Уæларвон æхсин.

-Уæларвон æхсин куыд тæлмац кæны?

 бирæгъты бардуаг- Тутыр, низты бардуаг -Аларды, хорарæх æмæ сабырдзинады бардуаг-Уацилла.

  Зарæгмæ хъусгæйæ мах фехъуыстам зæд – Æфсати дæр.

!!!Ацы ран хорз уаид дзуæртты  нывтæ сын слайдты  хуызы равдисын, сывæллæттæ ма иу хатт дзурынц сæ нæмттæ.

Уастырджи – нæлгоймæгтæ, бæлццæттæ æмæ хæстонтыл аудæг бардуаг; Уацилла – арвнæрды бардуаг, хоры, зайæгхæлттæ æмæ тыллæгыл аудæг; Фæлвæра - хæдзары фосы бардуаг; Тутыр – бирæгъты бардуаг, фосдарджытыл аудæг дзуар; Сафа – къонайы рæхыс саразæг æмæ йæ бардуаг; Всати – хъæддаг цæрæгойты хицау, цуанæтты бардуаг; Куырдалæгон – уæларвон куырд, куырдты бардуаг; Гæтæг– цæугæдæтты бардуаг; Донбеттыр – дондунейы паддзах; Галæгон – дымгæты бардуаг; Балсæг – Хуры бардуаг; Барастыр – Мæрдты бæсты паддзах.

    Байхъусут таурæгъмæ.

Кæддæр Хуыцау куы сфæлдыста дуне,уæд хæдзарон фос радта Фæлвæрайæн, мыдыбындзыты-Аниголæн, хор æмæ тыллæджы бардуаг та сси Фæлвæра, сырдты бардуаг та -Æфсати. Уый фæстæ Хуыцау сфæлдыста адæмы, æмæ уæд, зæдтæ сфæнд кодтой адæмæн лæвæрттæ бакæнын. Æфсати не сразы семæ.

  Уæд Фæлвæра, Аниго æмæ Уацилла скъахтой дзыхъхъ Æфсатийæн. Баныгæдтой йæ,йæ иу цæст ын гомæй ныууагътой. Фæлæ, Æфсати йæхи дзырд кодта: «Æз мæ фыды лæвæрттæн аргъ кæнын, æмæ сæ никæмæн балæвар кæндзынæн».

-Цæуыл дзырд цæуы таурæгъы?

-Сымахмæ гæсгæ раст бакодтой зæдтæ.

-Æфсати цæуылнæ разы кæны?

 -Æфсатийы цыртдзæвæн та æвæрд кæм ис? (Цъæйы комы)

 1)Текст, таурæгъ тæлмац кæнæм.

 2)Тексты ссарут номдартæ.

  Актуализаци:

(къуылымпытæ кæм æмæ цæмæн æййафдзысты, уый сбæрæг кæнын.)

-  Раст, цæмæй фидæны куырыхон, кадджын уат, уый тыххæй хъæуы хорз зонын ирон æгъдæуттæ. Хъуамæ алчидæр зона нæ зæдты, бардуæгты нысаниуæг. Ныртæккæ та уæ размæ ис иу бæрнон хæс – райсын хорз зонындзинæдтæ.

- Æмæ уыцы зонындзинæдтæ та исут æрвылбон кæм?

             - Зæгъут ма уæдæ, сымахмæ гæсгæ цæуыл ныхас кæндзыстæм нæ абоны урочы?  

        -  Раст зæгъут. Нæ темæ   баст уыдзæни фыдæлты æгъдæуттимæ.  ( слайд)

           Х/К сбæрæг кæнын. 

- Ныртæккæ та бакæсæм æмæ байхъусæм  цы проектон куыстытæ бацæттæ кодтой, уыдонмæ.

 1 ахуырдзау: презентаци «Æфсати-сырдты бардуаг».

2 скъоладзау: презентаци «Фæлвæра-хæдзарон фосы бардуаг»

             3-аг скъоладзау: презентаци. Лæгты дзуар – лæгты дзуар

Ног æрмæгыл куыст:

 -Цы хонæм номдар?

  -Цы хонæм тасындзæг?

 - Цал хауæны ис ирон æвзаджы? 

 1.Фонетикон куыст. 

- Байхъусæм ахуыргæнæджы кастмæ

Чиныгимæ куыст:

(Раст дзур, кæсы ахуыргæнæг)

 (Хъус æрдарын бæрæггонд дывæргонд æмхъæлæсон мырты азæлдмæ).

- Бакæсæм дзырдтæ.

1.Текстыл бакусын.

а) дзырдуатон куыст:

Зачъеджын- бородатый

Хъауджыдæр-в отличие

Рæгъæу- стадо

Фæлгæсын- смотреть, созерцать.

æ) - Байхъусæм текстмæ.

-Цæмæй хицæн кæны Æфсати иннæ дзуæрттæй?

- Цы дзы ис цымыдисагæй?

- Цавæр цæрæгойтæ ис Æфсатийы рæгъæутты? (слайд)

-Цавæр æгъдау уыдис цуанæттæм?

Текстæн æрхъуыды кæнут сæргонд.

б) - Кæсæм текст абзацгай æмæ æххæст кæнæм хæслæвæрдтæ.

- Тексты ссарын номдартæ æмæ сæ рафыссын, дзырдтæн бацамонын сæ хауæнтæ.

Хæс: Атасындзæг кæнын дзырд « Куывд»

-Æрхъуыды кæнын дзырд «куывд»-имæ дзырдбаст, хъуыдыйад.  - Текстмæ гæсгæ дзуапп раттын фæрстытæн. 

1.Ирон мифологийы куыд æвдыст цæуы Æфсати?

2. Æфсатийы номыл кувæндон ис?

3. Цуанæттæ балцы размæ кæмæ куывтой?

 - Ныртæккæ та бакæсæм æмæ байхъусæм къордтæ цы проектон куыстытæ бацæттæ кодтой, уыдонмæ.

Къордтимæ куыст

1-аг къорд кæнынц филворд

2-аг къорд дзырдтæ æвæрынц бирæон нымæцы

3-аг къорд  (æвзарынц сæхицæн 3 дзырды) тасындзæг кæны.

Б

Æ

У

А

С

Б

А

Р

  З

Л

О

Н

Т

Х

Æ

Д

У

А

Л

Р

Ы

У

Ф

У

Р

Æ

ДЗ

ДЖ

И

Æ

С

А

ДЗ

К

Æ

Л

Æ

Н

А

Г

Ы

Г

Г

О

П

Г

Т

И

Н

Æ

И

У

П

У

И

Æ

Н

Л

Æ

Б

У

Ы

Л

ДЗ

 Бæлон, лæппу, æнгуылдз, уалдзæг, гæлæбу, бардуаг, Æфсати, Уастырджи, кæрдзын.

Рефлекси.

 -Цавæр хъуыдытæ уæм сæвзæрын кодта нæ абоны урок?

-Цавæр хатдзæгтæ скодтат?

 -Æз ацы урочы бакуыстон хорз.  

-Æз ацы урочы бакуыстон тынг хорз.

Хатдзæгтæ скæнын

Сæвæрын бæрæггæнæнтæ

C:\Users\Admin\Desktop\olen-animatsionnaya-kartinka-0032.gif----------5

Хæдзармæ куыст.

Ирон литературæйы урок

7-æм кълас

Урочы темæ: «Мах – дæ уазæг, Всати, Ды – нæ фæдзæхсæг!»

Хетæгкаты Къостайы æмдзæвгæ «Всати»-мæ гæсгæ.

Урочы нысан:

1) Æмдзæвгæ «Всати»-йы мидисыл лæмбынæг æрдзурын.

2) Всати ирон мифологийы сырдты бардуаг кæй у, уый сын бамбарын кæнын.

3) Скъоладзаутæм рæзын кæнын уарзондзинад æрдзмæ,

амидин сæ кæнын хорз хъуыддæгтæ кæнынмæ.

Цæстуынгæ æрмæг: Къостайы чиныг «Ирон фæндыр», компьютерон презентаци, Абайты В. «Этимологион дзырдуат», ахуыргæнæн чингуытæ, тетрæдтæ, нывтæ, адæмон зарæг «Всати»-йы зарæг,

Эпиграф:

Урочы цыд:

I.Организацион хай:

а) Салам раттын.

æ) Ахуырдзауты цæттæдзинадмæ хъус æрдарын.

II. Мотиваци

Ахуыргæнæг: Ирон адæм рагæй-æрæгмæ цыдысты цуаны. Сæ фæндаг-иу æнцон нæ уыдис, алыхуызон цæлхдуртæ-иу сыл сæмбæлдис, фæлæ ирон лæг зындзинæдтæй никуы тарст. Абон мах дæр ацæудзыстæм цуаны. Цæмæй фæндараст фæуæм, уый тыххæй нæ зонын хъæуы цуанæтты сусæгдзинæдтæ æмæ сыл нæ урочы æрдзурдзыстæм.

Сывæллæттæ, лæмбынæг-ма байхъусут, ныртæккæ уын цы таурæгътæ  бакæсдзынæн, уыдонмæ.

(Хъусæм «Всати»-йы тыххæй таурæгътæм)-æвдыст цæуы Лотиты Игоры конд ныв музыкæимæ.

1. Иуахæмы зæронд цуанон æмæ æрыгон цуанон ацыдысты цуаны. Фæхицæнтæ сты. Зæронд лæг амардта иу саг, арфæ ракодта Ӕфсатийæн æмæ æнхъæлмæ кæсы йе `мбалмæ.

Уыцы рæстæг æрыгон цуанон къæдзæхты астæу баййæфта сагты рæгъау æмæ сæ цæгъдын райдыдта. Дæс дзы куы амардта, уæд æм Ӕфсати хъæр кæны: «Ӕгъгъæд у, мæ фосы мын мауал цæгъд!»  Фæлæ уый уæддæр мары æмæ мары.

Уæд æм Ӕфсати афтæ тынг смæсты, æмæ йæ саугуырм бакодта. Афтæ æрыгон цуаноныл æрцыд сырдты бардуаджы æлгъыст.

2. Æфсати аргæвды алы саджы ноггуырд лæппыны дæр, сфыцы йæ  æнæхъæнæй.

Саджы фыд хæрынмæ хуыдта йæ зонгæты, уазджыты. Уыдон дæр-иу сæхи хорз федтой, фæлæ стæг нæ  састой. Хæрды фæстæ-иу Æфсати стджытæ æрæвæрдта, удæгасæй куыд уыдысты, афтæ. Ехсæй-иу сæ æркъуырдта æмæ-иу саджы стджытыл – стæгдарыл ногæй царм æмæ фыд æрхæцыд. Уд-иу дзы бауагъта æмæ-иу сагмæ ногæй цард раздæхти.

Фарст: Зæгъут-ма, сывæллæттæ, цавæр бардуагыл цæуы ныхас таурæгъты?

Дзуапп: Æфсатийыл?

Цавæр уæм фæкаст Ӕфсати таурæгъты?

Дзуапп: (1. Йæ сырдтыл ауды, маст исы, йæ сырдты йын чи мары, уымæй;

2.У уазæгуарзаг, рæдау, зондджын, архайы, цæмæй йæ сырдтæ къаддæр ма кæной).

Ахуыргæнæг: Уæдæ,  цæуыл дзурдзыстæм абон нæ урочы? (Ӕфсатийыл, цуанæттыл).

Ахуыргнæг: Нæ урочы темæ дæр у «Мах – дæ уазæг, Всати,

Ды – нæ фæдзæхсæг!» Хетæгкаты Къостайы æмдзæвгæ «Всати»-мæ гæсгæ.

Нӕ размӕ ӕвӕрӕм хӕстӕ: ӕрдзурын Ӕфсатийы фӕлгонцыл, иннæ кавказаг адæмы хæттыты цуанæтты бардуæгтыл æмæ ирон адæмы æппæт бардуæгтыл, абарын адӕмон цӕстӕнгас бардуаг Ӕфсатимæ ӕмӕ Къостайы литературон персонаж Всатийы сурӕттӕ, скӕнын хатдзӕг: Цы сӕм ис иумӕйӕйагӕй, хицӕн та цӕмӕй кӕнынц. Урочы кæрон та уæм æнхъæлмæ кæсы сюрприз.

Фарст: Чи у Ӕфсати?

Дзуапп: Ӕфсати у, тугдзых чи нæу, уыцы хъæддаг сырдты æмæ сыл цуан кæныны бардуаг.

Для определения образа Афсати  мы использовали труды ученых В.Ф.Миллера, В.И. Абаева и «Этнографию и мифологию осетин».

В «Этнографии и мифологии осетин» дается следующее определение: «Афсати – небожитель, «хозяин» благородных диких животных, покровитель охотников. Изображается  Афсати глубоким стариком с длинной белой бородой, сидящим на высокой горе, откуда он наблюдает за своими несметными стадами, которые зовутся у осетин «скотом Афсати». В отличие от других осетинских божеств Афсати не имел своего святилища, и в честь него не устраивались особые празднества. Тем не менее, считалось, что только с позволения Афсати можно выходить на охоту. Охотники перед выходом на охоту должны были выполнить  определенные требования и в молитве, обращенной к Афсати, попросить его пожертвовать им из своего стада какое-либо животное. [Этнография и мифология осетин 1994:31]

В.Ф.Миллер также указывает: «Властителем  над дикими животными, особенно над турами, оленями, козами, кабанами осетины называют Афсати. Ему, как патрону молятся охотники. Если охотнику  удалось застрелить зверя, он благодарит Афсати и обязательно угощает встречных и бедных одноаульцев мясом дичины, дарованной Афсати. Кто не исполнит этого обряда, тому Афсати никогда уже не даст, не только застрелить, но и издали видеть тура».

В.Ф.Миллер отмечает, что охотник, отправляясь на охоту, берет с собой три пирога с сыром. Дойдя до места, где может находиться «скот Афсати», он обращается с молитвой к покровителю диких животных и «просит его дать ему из своего стада одного бедного оленя или козла» и принять в жертву пироги. [В.Ф.Миллер 1992: 245]

У В.И.Абаева мы находим и этимологию слова «Афсати», которое приближено к армянскому aspac’, aswac’, ast’ owac’ , в переводе означает «бог». [В.И.Абаев 1958:147]

III. Абайты В. Этимологион дзырдуат.

Уæ разы Абайты В. Этимологион дзырдуат, æркæсут-ма йæм æмæ зæгъут, уый та куыд æмбарын кæны дзырд «Ӕфсати»-йы этимологи. Ӕfsati - бог охоты, «хозяин» лесных зверей, которые зовутся Ӕfsatiju fos «скот Афсати; ему молились охотники о счастливой охоте.

Ахуыргæнæг: Иннӕ кавказаг адӕмтӕм дӕр ис сӕхи цуаны бардуӕгтӕ. Дзырдӕн зӕгъӕм, балхъайрӕгтӕм – Afsatǝ, свантӕм - Apsat’. Ацы дзырдтӕ цыма фаззӕттӕ сты, уый хуызӕн: ирон – Ӕfsati, балхъайраг - Afsatǝ, сванон - Apsat’. Свантӕм-ма нӕлгоймаг бардуаг Apsat’-ӕй уӕлдай уыд сылгоймаг цуанӕтты бардуаг Dal.

Алкӕцы цӕрӕгойӕн дӕр ис йӕхи уӕларвон бардуаг, адӕм сӕм фӕкувынц исты ӕххуысы фӕдыл. Зӕгъӕм, уырыссаг мифологийы ӕфсымӕртӕ Флора ӕмӕ Лавра хӕдзарон цӕрӕгойты, сæйрагдæр та бæхты бардуӕгтӕ сты,  Евстафий Плакида – хъӕддаг цӕрӕгойты ӕмӕ цуанӕтты бардуаг, Сыгъдӕг Власий – фосгӕсты бардуаг ӕмӕ а.д.

Махӕн, ирон адӕмӕн та ис нӕхи бардуӕгтӕ. Бакæсут-ма фæйнæгмæ Лотиты Игоры нывты каталогæй ист «Лики вечности» («Цавæр бардуæгтæ ма зонут? Скъоладзауты дзуӕппытæ

Ӕнусон сурæттæ»). Слайд.

(Уастырджи – нæлгоймæгтæ, бæлццæттæ æмæ хæстонтыл аудæг бардуаг; Уацилла – арвнæрды бардуаг, хоры, зайæгхæлттæ æмæ тыллæгыл аудæг; Фæлвæра - хæдзары фосы бардуаг; Тутыр – бирæгъты бардуаг, фосдарджытыл аудæг дзуар; Сафа – къонайы рæхыс саразæг æмæ йæ бардуаг; Всати – хъæддаг цæрæгойты хицау, цуанæтты бардуаг; Куырдалæгон – уæларвон куырд, куырдты бардуаг; Гæтæг– цæугæдæтты бардуаг; Донбеттыр – дондунейы паддзах; Галæгон – дымгæты бардуаг; Балсæг – Хуры бардуаг; Барастыр – Мæрдты бæсты паддзах.

Фарст: Ацы бардуӕгтӕй цӕрӕгойты бардуӕгтӕ кӕцытӕ сты? (Фӕлвӕра, Тутыр ӕмӕ Æфсати).

Фарст: Æфсатийыл арæхдæр кæм æмбæлæм?

Дзуапп: Нарты кадджыты.

- Нæ зæрдыл-ма æрлæууын кæнæм Нарты кадджыты Ӕфсатиимæ баст таурæгътæ.

1 скъоладзау: Ӕфсати балæвар кодта сызгъæрин уадындз нарты Ацæйæн - Ацæмæзы фыдæн. Ацæмæз ыл афтæ рæсугъд цагъта æмæ-иу хъæды алыхуызон сырдтæ йæ алыварс æрæмбырд сты.

2 скъоладзау: Ацæмæз Агуындæйы куы хаста, уæд Ӕфсати бафыста ирæд –фондзыссæдз афæдздзыд саджы. Ацæмæзы усаг Агуындæйы æвзист уæрдоны ифтыгъд уыдис авд сæрджын саджы – Æфсатийы лæвар.

Ахуыргæнæг: Ирон адӕммӕ нымӕцонтӕ «авд» ӕмӕ «ӕртӕ» сты табуйӕгтӕ. (Авд хохы фӕстӕ, авд дзуыры, авдӕн… ӕртӕ ӕртӕдзыхоны, ӕртӕкъахыг фынг, Нарты кадджыты ӕртӕ мыггаджы, тырысайы ӕртӕ хуызы ӕмӕ а.д.)

Æфсати уыд Нарты æмæ ирон адæмы уарзондæр зæдтæй иу. Йæ бадæн у хæхты бæрзонддæр, таурæгътæм гæсгæ, Адай хох. Кæд урочы райдианы фехъуыстам, зæгъгæ, Ӕфсатийæн кувæндон нæй, уæд ма байхъусæм «Иудзинад»-ы куырыхон  куыд дзуры уымæ. (Видео)

Хæларæй цæры Нарты гуыппырсартимæ, хайджын сты йæ фосæй. Æфсатийы цæрæн бынат у мусонг, йæ къултæ сты сагдзармæй, йæ сæр – æрсдзæрмттæй, йæ бын та – сæгъдзæрмттæй, йæ алы къулыл – саджы стджытæй рæгъæнтæ.

Ӕфсатийы фæлгонцмæ йе `ргом аздæхта уарзон Къоста, ирон адæмон сфæлдыстад хорз чи зыдта, цуанæтты цард æмæ се ‘гъдæуттæ, се ‘взаг, сæ зарджытæ сын чи банкъардта, уый. Ныффыста ӕмдзӕвгӕ «Всати».

IV.Текстыл куыст.

V. Дзырдуатон куыст: Ӕмдзæвгæ «Всати» кæсгæйæ ныл сæмбæлдысты ахæм дзырдтæ:

Сион - саг, сыкъаджын (Сиутæ – дыгуронау сыкъа)

æрчъитæ — æууæрст цармæй хуыд къахыдарæс,

ерæдзыпп — хъримаг (ружье)

Æвзагзонынады ацы дзырдтæ куыд хонæм? (Архаизмтӕ)

VI. Ахъуыды кæнæм бакаст æрмæгыл:

Адих кӕнӕм ӕмдӕвгӕйы текст хӕйттыл.

а) Ӕрдзы нывтӕ;

æ) Всатийы фӕлгонц;

б) Всатийы алыварс - цуанӕттӕ, адӕм.

2. Уæ хъус æрдарут æрдзы нывтæм. Ссарут-ма сӕ тексты?

(Хур ӕркаст…нывӕнды

Хохӕй-хохмӕ тын…

Комӕй-коммӕ хъазгӕ,

Царды хос хӕссы…

Цард тындзы йӕ размӕ…)

Фарст: Уæ цæстытыл уын цы ауайын кодтой?

Дзуапп: райдзаст бон, ирд, хур кæсы, хуры тынтæ хъазынц…

Ахуыргæнæг: («Ирон фӕндыр»-ы уацмыстӕн сӕ фылдӕр дзурынц адӕмы хъизӕмар цардыл, ам та уынӕм райдзаст нывтӕ. Ацы уацмыс у хурӕфсӕст, æрдз дзы рæсугъдæй æвдыст æрцыд.

Кӕд адӕм мӕгуыр цардысты, уӕддӕр дзы Къоста бавӕрдта    оптимизм, ныфс дзы уыди  цард кӕй аивдзӕн, фӕхуыздӕр уыдзӕн. Ис дзы контраст - мӕгуыр цард кодтой, фӕлӕ дзы ӕрдз рӕсугъдӕй ӕвдыст ӕрцыд).

3. Цымӕ дзы цавӕр афӕдзы афон ӕвдыст ӕрцыд? (Фӕззӕг, зымӕг)

4. Цавӕр ахорӕнтӕй спайда кӕниккат сымах, ӕрдз нывгӕнгӕйӕ?

Ахуыргæнæг: Раттут цыбыр характеристикæ Всатийæн æмдзæвгæмæ гæсгæ. (Хæларзæрдæ, рæвдаугæ, цæстуарзон - мæгуыртæм, фæлæ се ׳ппæтмæ иузæрдион зæрдæ нæ дары, хъæздгуытæм æвзæр, æнæуынон цæстæй каст)

Фарст: Цæуыл бадис кодтат? (фынæй бирæ уарзы, гуымиры ныхас кӕны (гъе ‘рра, оф-оф…)

Ахуыргæнæг: Мифологиимӕ афтӕ тынг баст кӕй у, уый тыххӕй ахъуыды кодтам, адӕм кӕмдӕр сӕ фантазийӕ цардысты. Зӕрдыл ӕрбалӕууы ӕмбисонд «Мӕгуыры зӕрдӕ - фынтӕй хъал у».

6. Дзургæйæ сныв кæнут Всатийы цæрæнбынат.

(Цардис ӕппӕты бӕрзонддӕр хохы, йӕ астӕу зайы нӕзы бӕлас, дон кӕлы йӕ рӕзты, фалӕрдыгӕй-сау дуры цӕндтӕ, урс-урсид дзӕгъгъатӕй (урс къӕдзӕхдур (кварц)) –бандӕттӕ, тӕрхӕг, саджы сыкъатӕй йын сынтӕг, йӕ лыстӕн-арсы хъуын, тинтычъи йӕ баз )

Ахуыргæнæг: Аргъауы цӕрӕнбынаты хуызӕн.

6. Цы цæстæй ракаст Всати фараст барæгмæ æмæ цæмæн? (Æвзӕр, фӕмӕсты, атардта сӕ, ницы сын ратта. Уыдон куырдтой иу мӕллӕг саг. Курын та хорз нӕу.)

7. Цæмæ ракаст Всати авд цуанонмæ та хæлар цæстæй? (Уыдон ныззарыдысты хъӕлдзӕгӕй, цӕмӕй сӕм Всати ракӕса, бафӕдзӕхса сӕ, бахъахъхъӕна сӕ ӕмӕ сын исты сырд балӕвар кӕна. Уыдон кургӕ нӕ кӕнынц Всатийӕ сырд, фӕлӕ кувгӕ кӕнынц, сӕхи фӕдзӕхсынц «Мах дӕр бафӕдзӕхс»)

8. Цы у ӕмдзӕвгӕйы сӕйраг хъуыды? (Всати атӕры хъӕздыг цуанӕтты ӕмӕ хӕрзаудӕн кӕны мӕгуыртыл, дӕтты сын рӕдау лӕвар – сыкъаджын саг - сион).

9. Куыд сныв кодта Къоста йӕ уацмысы мӕгуыр цуаноны ӕддаг бакаст ӕмӕ хъӕздыг цуаноны? Абарӕм-ма сӕ, ссарут уыцы рӕнхъытӕ тексты.

10. Сывӕллӕттӕ, абоны цуанон та цӕмӕй хицӕн кӕны Къостайы цуанӕттӕй, кӕцымӕ йӕ ахӕссиккам, мӕгуырмӕ, ӕви хъӕздыгмӕ ӕмӕ цӕмӕн?

11. Цавӕр цӕстӕй кӕсы Къоста Æфсатийы фӕлгонцмӕ?

1) Къоста бирӕ уарзы Фсатийы, уымӕн ӕмӕ мӕгуырты фарс у.

2) Къоста иронийӕ дӕр пада кӕны, Фсатийы фӕлгонц ӕвдисгӕйӕ, ахуды персонажыл.

3) Къоста Фсатийы идеализировать нӕ кӕны, ӕмӕ йӕ уымӕй фӕхӕстӕг кодта адӕммӕ.

Поэты ‘взаг хъæздыг æрмæст хицæн дзырдтæ æмæ ныхæстæй нæу. Уый ма хъæздыг у ахæм аивадон мадзæлттæй, куыд эпитеттӕ, метафорæтӕ, барæнтæ æмæ æнд. Ссарӕм-ма сӕ тексты.

1-аг къорд: тексты агуры эпитеттӕ:  «Урс-урсид дзӕгъгъатӕй», «Арф, уынгӕг кӕмттӕ», «Дарддзӕст лӕппу»;

1-аг къорд: тексты агуры метафорӕтӕ:  «Хур…нывӕнды/Хохӕй хохмӕ тын», «Мит лӕджы цӕст сайы…», «Цард тындзы йӕ размӕ».

Барӕнтӕ – «Хорз сӕ фен лӕгау» ӕмӕ а.д.

Ахуыргæнæг: Тынг цымыдисаг у цуанæтты æвзаг. Ссарут-ма сæ æмдзæвгæйы.

(топп-хъримаг, саг- сæрджын, сион, куыдз- цуанон, сырдтæ – цот, фос).

Ахуыргæнæг: Цуанæтты ׳взаг алы цуанон дæр хъуамæ зыдтаид, сырдты æмæ предметты хуыдтой æндæр нæмттæй, цæмæй сæ сырдтæ ма ׳мбæрстаиккой, æмæ уæд сæ цуан уыдзæн амондджын.

Къордты куыст:

Адӕмон сфӕлдыстады куыд ӕвдыст ӕрцыд Æфсатийы фӕлгонц, уыцы миниуджытӕ ныффыссын тетрӕдты.

(Йæ сырдтыл ауды,  маст исы, йæ сырдты йын чи мары, уымæй; у уазæгуарзаг, рæдау,  зондджын, архайы, цæмæй йæ сырдтæ къаддæр ма кæной, у гуманист)

Къостайы ӕмдзӕвгӕ «Всати»-йы куыд ӕвдыст ӕрцыд Всатийы фӕлгонц, уыцы миниуджытӕ ныффыссын..

(зæронд, стыр, тыхджын, оптимист, ныфсхаст, гуымиры, зивæггæнаг; нæ уарзы, давгæ чи кæны, уыдоны; ауды мæгуыртыл, æргомдзырд, рӕдау…)

Фарст? Цавӕрӕй ӕвдыст цӕуы Всати адӕмон сфӕлдыстады та?

Цавӕрӕй йӕ ӕвдисы Къоста та?

Цы ис иумæйагæй ацы дыууӕ ӕрфысты?

(Къоста йӕ адӕммӕ фӕхӕстӕгдӕр кодта. Йӕ персонаж хайджын у адӕймаджы миниуджытӕй: уарзы райсомӕй афынӕй кӕнын (зивӕггӕнаг), у ӕргомзӕрдӕ адӕймаг, ӕргом ныхас кӕны; хохы цъуппыл кӕй цӕры, уымӕ гӕсгӕ у тыхджын, ныфсхаст,)

(Кластер «ВСАТИ»-йы ныв фæйнæгыл: йӕ миниуджытӕ йын баныхасын йæ алыварс (зæронд,стыр, оптимист, ныфсхаст, гуымиры (Оф, оф!, арв кӕмдӕр нӕры Чи та нӕ хъыгдары?), зивæггæнаг (Всати ма хуыссы), зӕрдӕхӕлар, рӕдау, нæ уарзы давгæ чи кæны, ауды мæгуыртыл, æргомдзырд..)

Фарст?- Цавæр хатдзæг скæндзыстæм нæ кластермæ гæсгæ, цӕй бындурыл арӕзт ӕрцыд уацмыс? – Къостайы æмдзæвгæйæн йæ бындур арӕзт у адӕмон сфӕлдыстадыл.

Проектон куыст:

Ахуыргæнæг: Хæдзары хъуамæ бацæттæ кодтаиккат нывтæ æмдзæвгæ «Всати»-йы бындурыл – Проектон куыст. Уæ хорзæхæй, хъусæм уæм.(Сывæллæттæ иугай размæ рацæуынц сæхи конд нывтимæ æмæ нывмæ гæсгæ дзурынц, æмдзæвгæйæ сæ зæрдæмæ кæцы скъуыддзаг фæцыдис, уый. Нывтӕй аразӕм чиныг).

Ахуыргæнæг: Сымах тынг дӕсны стут ныв кӕнынмӕ, уый бамбӕрстам, фӕлӕ ма Ирыстоны нывгӕнджыты нӕмттӕ дӕр афтæ хорз зонут? Ранымайут-ма сæ. (Бедойты Шалва, Хъуысаты Сократ, Челæхсаты Магрез, Джыккайты Мурат, Дзукъаты Никъала, Басаты Олег, Козатиы Ушанги, Есенаты?  æмæ а.д.)

Æфсатийы фæлгонцмæ се ‘ргом аздæхтой нывгæнджытæ, скульптортæ.

Лотиты Игоры ныв «Æфсати».

Цавæрæй  сныв кодта  Цæллагты Виктор Ӕфсатийы? Разы стут йемæ? (Стыр, бӕрзонд)

Цавӕр кувӕндон дзы ӕвдыст ӕрцыд нывы? (Реком)

Куыд дарын хъӕуы хи кувӕндоны?

Сымах та куыд фӕдарут уӕхи кувӕндоны, ӕрдзы хъӕбысы? (Стджытӕ, бырӕттӕ дзы уадзӕн нӕй)

Нывы ахорӕнтӕй сӕйрагдӕр кӕцы у (Урс хуыз)

Цы нысан кӕны урс хуыз? (Удварны сыгъдӕгдзинад)

Дзбойты Михалы скульптурæ «Всати». Цавæрæй йæ равдыста скульптор? Цы уавæры ис абон? Бакæсæм ма видеомæ.

(ис æдзæллаг уавæры, базилын æм хъæуы)

- Сымахмæ гæсгæ нæ цæуыл ахуыр кæны  Всатийы фæлгонц, цы нын фæдзæхсы? (æрдз уарзын æмæ хъахъхъæнын, цæрæгойтыл аудын)

4 октябры фӕбӕрӕг кӕнӕм цӕрӕгойты Æппӕтдунеон бон, фидаргонд ӕрцыд ӕрдз хъахъхъӕнджыты Дунеон конгрессы 1931 азы Флоренцийы. Бӕрӕгбон баст у цӕрӕгойты бардуаг, Сыгъдӕг Франциск-ы номимӕ, райгуырд 4-ӕм октябры 800 азы размӕ.

Фарст: Зæгъут-ма, Ирыстоны та уыцы куыст чи кæны, сырдты чи

хъахъхъæны? («Комитет лесного хозяйства РСО-Алания, Иристонская, 25»)

Ахуыргæнæг: Ӕрæджы Австралийы цы бæллæхтæ æрцыд: судзынц хъæдтæ, мæлынц бирæ цæрæгойтæ, коалатæ, кенгурутæ æмæ æнд. Ӕвæццæгæн дзы адæмы аххос дæр ис. Ӕрдз æрвылбон хъахъхъæнын хъæуы.

Адӕмы миддунейы фидаргонд ӕрцыд ахӕм хъуыды, ома, цӕрӕгойты чи нӕ уарзы, уый зӕрдиагӕй уарзын нӕ базондзӕн адӕмы дӕр. Библийы фыст ӕрцыд ахӕм хъуыды: «Праведник милует души скотов своих». Смысл этого выражения некоторыми богословами трактуется так: на Страшном суде Бог спросит с человека и за его отношение к животным.

Уæдæ нæ тынг фæнды, цæмæй абон дæр Æфсатийы хуызæн аудджытæ æмæ хъахъхъæнджытæ уа нæ æрдзæн, нæ алыварсы  цæрæгойтæн.

Ахуыргæнæг: Базыдтам цуанæтты сусæгдзинæдтæ, се ׳взаг, се ׳гъдæуттæ æмæ цæттæ стæм цуаны цæуынмæ. Фæлæ зæрдыл æрбалæууы æмбисонд: «Ӕфсати алы цуанонæн сырд нæ дæтты».

Фарст: Цы хъуамæ бакæнæм æгъдаумæ гæсгæ цуаны ацæуыны агъоммæ?

Дзуапп: Бакувæм, базарæм.

Ахуыргæнæг: Цы фæдзæхсы Всати?

Скъоладзау: «Хорз, хай бакæндзынæн æз мæ фосæй, фæлæ бынтон лæвар нæ: цуанон-иу цуаны куы цæуа, уæд-иу рахæссæд йемæ æртæ чъирийы æмæ-иу сæ æфцæгыл мæ ном ссарæд. Стæй-иу сау хохы сырд куы амара, уæд-иу ын йæ рахиз сгуы раттæд, фыццаг ыл чи сæмбæла, уымæн – æмбæлæггаг». Куы никæуыл бамбæлæм, уæд уыцы хай ратдзыстæм æппæты мæгуырдæрæн. Уыцы фæтк-фæдзæхст фидар æвæрд уыд ирон цуанæттæм, æмæ йæ мах дæр, кæстæр фæлтæр, æххæст кæндзыстæм.

Ахуыргæнæг: Уæдæ-ма заргæ дæр ныккæнæм: «Всатийы зарæг» (скъоладзау – иннӕтӕ хъырнынц)

Уыцы рæстæг къласмæ æрбалидзы тæрхъус. Мæнæ диссаг, Всати нын нæ куывд æмæ зарæг фехъуыста æмæ нын балæвар кодта тæрхъус.

Ацы тæрхъус мах балæвар кæндзыстæм не скъолайы сæргълæууæгæ, уыдзæнис нын иудзинады символ.

Нӕ размӕ цы хӕстӕ æрæвæрдтам: ӕрдзурын Ӕфсатийы фӕлгонцыл, иннæ кавказаг адæмы хæттыты цуанæтты бардуæгтыл æмæ ирон адæмы æппæт бардуæгтыл, абарын адӕмон цӕстӕнгас бардуаг Ӕфсатимæ ӕмӕ Къостайы литературон персонаж Всатийы сурӕттӕ, цы сӕм ис иумӕйӕйагӕй, хицӕн та цӕмӕй кӕнынц. Ӕмæ куыд загътам, афтæмæй нæ сюрприз дæр рауад.

III. Хатдзæгтæ скæнын.

Рефлекси:

Урочы цыд хъæлдзæг уыд, мæ зæрдæмæ цæмæй фæцыд…

Æз æй нæ зыдтон..- Ныр æй базыдтон.

Ӕз урокæй хæссын ахæм зонд (хъуыды)

Мæ царды мæ бахъæудзæн

Кæронмæ нæ бамбæрстон

Бæрæггæнæнтæ сæвæрын.

Чи бакуыста абон фондз,

Сисæд уый йæ къух бæрзонд.

IY. Хæдзармæ куыст. Ныффыссын цыбыр ӕрфыст «Кæй бæрны бацыдтæ, ууыл ауд» («Мы в ответе за тех, кого приручили»)

Антуан де Сент-Экзюпери-мæ гæсгæ

                                   


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Урок по теме"Къостайы сфæлдыстады рацыд æрмæг фæлхат кæныны урок"

Урок повторение по творчеству Коста Хетагурова....

Урок - хъазт 6 къласы Ныхасы темæ: «Афæдзы афонтæ. Зымæг.» Грамматикон темæ: «Номдарты тасындзæг бирæон нымæцы.»

Урок-викторина по осетинскому языку для учащихся 6 класса, не владеющих осетинским языком. Урок предусматривает групповую форму работы и проходит в виде игры КВН...

Открытый урок по осетинскому языку. Темæ "Фæлхат кæныны урок номдарæй"

Открытый урок по осетинскому языку. Темæ "Фæлхат кæныны урок номдарæй"...