Дзырдбаст (фæлхат кæныны урок). «Васо- ирон æвзагзонынады стырдæр дæсны»
план-конспект урока (5 класс)

Открытый урок в 5 классе.

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл urok_5_klass_fgos_tehn_karta.docx43.41 КБ

Предварительный просмотр:

Æлборты Зæринæ

36-æм астæуккаг скъолайы

ирон æвзаг æмæ литературæйы

ахуыргæнæг

                                                           Ирон æвзаджы урок

                                                                 5-æм кълас

Грамматикон темæ:  Дзырдбаст (фæлхат кæныны урок)

Ныхасы темæ: «Васо- ирон æвзагзонынады стырдæр   дæсны»

Урочы нысантæ:

1.Дзырдбасты тыххæй цы æрмæг базыдтой, уый ныффидар кæнын.

  1. 2. Скъоладзауты ныхасы рæзтыл бакусын.

Х  3.Хъомыладон куыст.

Урочы хуыз:

Рацыд æрмæг ныффидар кæныны урок.

Урочы ахуырадон фæстиуджытæ:

Предметон: текстæн йæ сæйраг хъуыды сбæрæг кæнын, анализ скæнын.

Коммуникативон: хи хъуыдытæ раст æмæ æххæстæй дзурын, алыхуызон хъуыдытæ хынцын æмæ сæ бæлвырд уагыл аразын.

Удгоймагон: иумæйаг хъуыддаджы бæрнондзинад æмбарын, ахуыр – рухс фидæнмæ фæндаг кæй у, уый æмбарын кæнын.

Ахуыры методтæ æмæ формæтæ:

Иртасæн метод, индивидуалон, къордгай куыст, нывтæ.

Æххуысгæнæг фæрæзтæ:

 Презентацитæ, интерактивон фæйнæг.

 

                                                                                                         

Урочы эпиграф:

                     Адæймаг хъуамæ йæ фæстæ ныууадза арф æмæ рæсугъд фæд.

Урочы структурæ

Урочы этаптæ

Ахуыргæнæджы архайд.

Скъоладзауты куыст.

УАА

Мотиваци:

(ахуыргæнæг дæтты, ног темæ бамбарынæн æххуыс чи у, ахæм æрмæг.)

- Бакæсут, байхъусут текстмæ æмæ зæгъут кæй тыххæй у?

Текст .

  «Нæ дуджы  цырагъдар».

 Адæмы фарн бирæ у. Ирон адæм Хуыцауæй арфæгонд сты. Нудæсæм æнусы йын уыд Къоста, ссæдзæм æнусы йын уыд Васо. Къоста йæ адæмæн сфæлдыста аивад, Васо та-зонад, наукæ. Васо  у нæ лæугæ хох, нæ цæугæ мæсыг,  нæ ныфс.  Васо уыдис уæздан лæг. Цард æмæ куыста адæмы фарнæн. Сыгъдæг-йæ цæсгом, бæрзонд-йæ намыс.

  ( слайд 1)

-Чи у ирон адæмæн Абайты Васо?

-Цавæр адæймаг у Васо?

-Ахуыргæндтæй ма кæй зонут. (Шегрен, В.Миллер)

(слайдыл равдисын ахуыргæндты)

Хъусынц текстмæ æмæ презентацимæ

                Дзуапп дæттынц.

        Дзуапп: Васо у уæздан.

Регулятивон

(ахуырадон нысан æвæрын),  

удгоймагон

(иумæйаг хъуыддаджы бæрнондзинад æмбарын)

Актуализаци:

(къуылымпытæ кæм æмæ цæмæн æййафдзысты, уый сбæрæг кæнын.)

-Тексты ссарут дзырдбæстытæ.

 - Уæдæ уæм куыд кæсы, абон цæуыл дзурдзыстæм, нæ урочы?

Ахуыргæнæг:

-Цы хонӕм дзырдбаст?

-Цӕмӕй арӕзт у дзырдбаст?

-Цы хонӕм дӕлбар дзырд ӕмӕ сӕйраг дзырд?

-Куыд сбӕрӕг кӕнӕм сӕйраг дзырд ӕмӕ дӕлбар дзырд?

Дырдбæстыты мидæг дзырдтæ кæрæдзиимæ куыд баст цæуынц?

Дзуапп дæттынц.

Дзуапп: дзырдбастыл.

Дзуапп: мидисмæ гæсгæ æмæ грамматикон æгъдауæй.

Зонадон

(зонындзинæдтæ æмæ арæхстдзи-нæдтæ иумæйаг кæнын, класифи-каци; проблемон фарст æвæрын, æнкъарын ирон æвзаджы ахадын-дзинад нæ адæмы царды)

коммуникативон

(алыхуызон хъуыдытæ хынцын æмæ координаци кæнын; быцæу фæрстытæ лыг кæнын)

Урочы æрмæгыл куыст:

Чиныгимæ куыст:

Нывтимæ куыст:

  1. Фонетикон куыст.

Хæс:равзарын дзырд «Дзырдбаст»

  1. Морфемон æвзæрст .

Хæс: равзарын дзырд «Дзырдбаст».  

3.Проектон куыст

(Слайдыл равдисын дзырдтæ æмæ дзырдбæстытæ)

(1къорд фыссынц дзырдтæ,

2къорд – дзырдбæстытæ

Æгъдау, фарн, ирон æвзаг, куырыхон лæг, уæздан адæймаг, кад,фарнхæссæг лæг, тырыса , суадон, хорз æмгар, æфсарм.

 (РАВДИСЫН СЫВÆЛЛÆТТÆН СЛАЙДЫЛ )

Æгъдау – закон, обычай, традиция, порядок, правило, дисциплина, поведение, приличие.

Фарн- мир, спокойствие, обилие, счастье. Фарнхæссæг-кто несет мир, счастье.

Тырысайы  хуызтæй бафарстон сывæллæтты. Цы нысан кæнынц.

-Нарты мыггæгтимæ куыд баст сты тырысайы хуызтæ.?

-   Æртæхуызон тырыса, æртæ чъирийы, æртæ æртæдзыхоны, æртæкъахыг  фынг, æртæ фæрсчы.  Мах цæрæм Ирыстоны, нæ сæрмæ  фæйлауынц дыууæ тырысайы Уæрæсейы æмæ Ирыстоны. Уадз алкæй сæрмæ дæр фæйлауæнт амондджынæй æмæ рæсугъдæй, йæ фæйлауæнтæ та хæссæнт фарн æмæ сабырдзинад. Зæрдыл æрбалæууынц  Айларты Михалы ныхæстæ:

Æрттив, фæйлау, ирон фарны тырыса!

Дæу систам уалæ хурæмвæз бæрзонд.

Мыййаг ирон йæ дард балцы куы тыхса

Ныфс дæттæг ын – дæ хуыз æмæ дæ конд.

-Уæдæ ма æркæсæм Абайты В.этимологон дзырдуатмæ дзырд «æгъдау, фарн»-мæ.

- Æгъдауимæ баст æмбисæдтæ цавæртæ зонут?

Дзырдуатон куыст:

 Дзæбидыр- тур

Къаннæг- маленький, небольшой

Армытъæпæн- ладонь

Уæлцъар-поверхность

Уадздзаг-полоса, полоска, лента.

Хæс: Æрхъуыды кæнын семæ дзырдбæстытæ, хъуыдыйæдтæ.

Хæс : 25фарсыл, 2-æм фæлтæрæн (дзургæйæ), 20 фарсыл, 3-æм фæлтæрæн (фыссгæйæ).

 Хæс: Хъуыдыйад синтаксисон æвзæрст кæнынц.

Хæс: Нывтæй пайда кæнгæйæ, ныффыссут дзырдбæстытæ. Ссарут дæлбар æмæ сæйраг дзырдтæ.

      Бацæттæ кæнын нывтæ.

Сывæллæттæ кусынц.

Сывæллæттæ кусынц.

Хæслæвæрд æххæст кæнынц.

Æвзарынц дзырдтæ æмæ сæ тæлмац.

Дзуапп дæттынц.

Сывæллæттæ дзуапп дæттынц.

Скъоладзауты иртæстон дзуæппытæ.

Дзуæппытæ: Æгъдау хъæдбыны дæр хъæуы.

Хистæр зондамонæг, кæстæр æгъдаудæттæг.

Æфсарм æфсарм у, ’гъдау та ’гъдау у.

Алы ’гъдау дæр лæгæн йæхицæй у.

Лæг йе ’гъдауæй лæг у.

Адæймаг йе ’гъдау æмæ йæ уагæй у.

Æфсарм кæм и, ’гъдау дæр уым и; æгъдау кæм и, кад дæр уым и.

Лæг йе ’гъдау йæ мады гуыбынæй рахæссы.

Алцæмæн дæр æгъдау ис.

Алкæмæн дæр йе ’гъдау йæ гакк у.

Сывæллæттæ хъуыдыйæдтæ æвзарынц.

Зонадон

(хи ныхас раст рацаразын зонын; хъæугæ информаци ссарын зонын),

коммуникативон

(фæрстытæ æвæрын,

хи хъуыдытæ æргом кæнын)

удгоймагон

(этикон æмæ моралон домæнтæ æххæст кæнын хъуыды бавæрын; иумæйаг хъуыддаджы бæрнондзинад æмбарын).

Регулятивон

(ахуырадон нысан æвæрын, ахуырадон архæйдтытæ сбæрæг кæнын,

ахуыры фæстиу-джытæ рагацау сбæрæг кæнын),

Рефлекси:

Æрмæг бафидар кæныныл куыст Хатдзæгтæ скæнын

– Цавæр хъуыдытæ уæм сæвзæрын кодта нæ абоны урок?

– Цавæр хатдзæгтæ скодтат?

– Бæрæггæнæнтæ сæвæрут уæхицæн ацы дыууæ хъуыдыйадæй пайда

кæнгæйæ:

   

   Æз ацы урочы бакуыстон хорз.  

  Æз ацы урочы бакуыстон тынг хорз.

Дзуапп дæттынц.

Аргъ кæнынц сæ куыстæн.

Зонадон

(анализ,алыхуызон хъуыдытæ ныма-йын æмæ афтæ-мæй æмгуыст кæнын),

коммуникативон

(бæлвырд æмæ биноныг дзурын хи хъуыдытæ; иумæйаг уынаф-фæмæ æрцæуын иумæйаг хъуыддаг аразгæйæ)

удгоймагон

(хи бæрнондзинад æмбарын иумæйаг хъуыддаджы; моралон æмæ этикон домæнтæ æххæст кæнын)

Хæдзармæ куыст:

 1.Сфæлдыстадон куыст :1 хæс: Уæ мыггаджы хорз фæд чи ныууагъта, ахæм лæджы тыххæй дзурын.

20 фарс, 4-æм фæлтæрæн.

Бæрæг кæнынц сæхимæ хæслæвæрд.