«Нарты кадджытæ»-нæ зонды суадон.
план-конспект урока (8 класс)

Скъоладзауты зонгæ кæнын Нарты эпосимæ,нæртон адæмы
                             миниуджытимæ;                                                                                    
                            Скъоладзауты ахуыр кæнын фæлгонцтæн характеристикæтæ
                             дæттын;                                                                                                  
                            Скъоладзауты зæрдæты гуырын кæнын уарзондзинад æмæ
                            сæрыстырдзинад ,нæ кадджын рагфыдæлтæ - Нартæй нæм цы
                            хорз æмæ фæзминаг  æгъдæуттæ  æмæ фæзындтытæ                  
                            æрхæццæ,уыдонмæ.
 

Скачать:

ВложениеРазмер
Microsoft Office document icon temaenart.doc58.5 КБ

Предварительный просмотр:

Темæ: «Нарты кадджытæ»-нæ зонды суадон.

Урочы  нысан:  Скъоладзауты зонгæ кæнын Нарты эпосимæ,нæртон адæмы
                            миниуджытимæ;                                                                                    
                           Скъоладзауты ахуыр кæнын фæлгонцтæн характеристикæтæ
                            дæттын;                                                                                                  
                           Скъоладзауты зæрдæты гуырын кæнын уарзондзинад æмæ
                           сæрыстырдзинад ,нæ кадджын рагфыдæлтæ - Нартæй нæм цы
                           хорз æмæ фæзминаг  æгъдæуттæ  æмæ фæзындтытæ                  
                           æрхæццæ,уыдонмæ.
                         
Урочы æрмæг:Тетрæдтæ,интерактивон    фæйнæг,проэктор,компьютер.
                       
Урочы эпиграф:Ирон адæм абон дæр Нарты кадджытæм  хъусынц,европæ-
                           йæгтæ Евангелимæ куыд хъусынц,афтæ зæрдиагæй                  
                                                                                               Доктор  Пфафф.

                                        У   Р   О   Ч   Ы     Ц   Ы   Д   :                                                          

Хъуысы музыкæ ( «Симд»).

-Бирæвæрсыг æмæ хъæздыг сты ирон адæмы  сфæлдыстадон бынтæ.Уыдон ахуыр кæнынц нæ адæмы фæлтæрæй фæлтæрмæ райгуырæн бæстæ уарзын,йæ сæрвæлтау тохмæ цæттæ уæвын,кæд бахъæуа,уæд Фыдыбæстæйы сæвæлтау  мæлæтыл дæр разы уæвын,ахуыр нæ кæнынц рæстад æмæ уарзондзинадыл,нæ адæмы рæсугъд æгъдæуттыл. Нæ адæмы хъæздыг фольклоры тæккæ сæйрагдæр æмæ ахъаззагдæр та сты Нарты кадджытæ.Уыдон сты не стыр хæзна,нæ  цардыфыст,уымæн сæ хъæуы цæстыгагуыйау хъахъхъæнын æмæ сæ фидæны фæлтæртæн амонын,цæмæй ма фесæфой нæ фыдæлты фæзминаг æгъдæуттæ æмæ культурæ.Цæмæй хуыздæр бамбарæм,цæмæн хонæм Нарты кадджыты не стыр хæзна,нæ зонды суадон, уый тыххæй абон мах фæсаууонмæ абалц кæндзыстæм Нарты бæстæмæ,иу хатт ма нæ цæст ахæсдзыстæм нæртон адæмы цард æмæ уагыл, Нарты кадджыты хъайтартæн ратдзыстæм характеристикæтæ,ноджы ма иу хатт хъуамæ банкъарæм сæрыстырдзинад нæ рагфыдæлты фæзминаг миниуджытæй.
Фарст:-Чи мын зæгъдзæн,чи уыдысты Нарт?
Дзуапп:-Нарт уыдысты нæ рагфыдæлтæ,цардысты æртæ  мыггагæй: Æхсæртæггатæ-хæстон адæм,Борæтæ-кусаг,фæллойуарзаг æмæ Алæгатæ-уæздан,æгъдауджын,зондджын адæм. Махмæ æрхæццæ сты Нарты кадджытæ Иры номдзыд кадæггæнджыты руаджы.
Фарст: -Искæй зонут сымах нæ кадæггæнджытæй?
Дзуапп:-Æз дзы зонын (сæ кой сын фæхъуыстон) Медойты Сабейы, Сланты Гахайы, Зыгъуыттаты Бибойы, Саулаты Дзæрæхы, Саулохты Гæбæцы…Уыдон æмбырд кодтой «Нарты кадджытæ» æмæ сæ адæммæ хæццæ кодтой.
-Нарт хуымæтæг адæм нæ уыдысты:зæдтæ æмæ дауджытимæ хæларæй цардысты,æмфынг уыдысты,бирæ хатт балцы дæр иумæ цыдысты.Хуымæтæг адæм кæй нæ уыдысты Нарт, ууыл дзурæг у уый дæр æмæ нæртон хъайтартæй иу дæр кæй нæ равзæрд æрдзон уагыл.Уый бæрæг у сæ генеологийæ дæр.Чи мын æй акæндзæн фæйнæгыл?(
Скъоладзау  инт.фæйнæгыл кæны Нарты генеологи комментаритимæ).
-Æрлæууын ма кæнæм нæ зæрдыл «Нарты кадджыты» циклтæ дæр. Куыд зонут, афтæмæй уый дæр æнгом баст у кадджыты хъайтарты нæмттимæ.
(
Интерактивон фæйнæгыл бавдисын циклтæ).
Фарст:-Уæдæ ма иу хатт æрлæууын кæнæм нæ зæрдыл: чи уыдысты Нарты эпосы хъайтартæ?
Дзуапп:-Нарты эпосы хъайтартæ уыдысты Уырызмæг,Сослан,Батрадз,Сырдон æмæ иннæтæ.Уыдонæй алкæмæн дæр ис йæхи миниуджытæ.
Фарст:-Чи мын зæгъдзæн,цымæ сæ цæмæн хонæм хъайтартæ?Кæй фæхонæм хъайтар,цахæм адæймаджы?
Дзуапп:-Хъайтар хонæм,исты сгуыхтдзинад, исты хорздзинад йæ адæмæн чи скæны,суанг ма йæ цард дæр нывондæн æрхæссынмæ цæттæ чи вæййы, ахæм адæймаджы.

-Уæдæ ма ´ркæсæм æмæ фенæм,сты хъайтарты ном хæссыны аккаг Нарты кадджыты архайджытæ, æви нæ.Райдайæм Уырызмæгæй…
Скъоладзау:- Уырызмæг ахсы хистæры бынат нæртон адæмы ´хсæн,у домбай хæстон æмæ дзырддзæугæ раздзæуæг. Зæронды бонмæ фæцыди Нарты разæй алыхуызон стæрты, у æцæг патриот.(Йæ сæйраг миниуджытæ йын скъоладзау фыссы и.ф.)(баххæст кæнын скъол.дзуапп).
2-аг скъоладзау:-Сатана-
зондджын, æрхъуыдыджын, кæрдзындæттон,бæркадкъух, хиуылхæцгæ, патриот. Бирæ хæттыты Нарты фервæзын кодта фыдбылызæй, æххормагæй. (И.ф.-цыбыр хар-кæ).
Фарст: -Цы хорздзинад ма скодта Сатана Нартæн?
Дзуапп: -Ирон бæгæны(радзурын,куыд фæзынд бæгæны,уый тыххæй).
-Куыд зонæм,афтæмæй Уырызмæг æмæ Сатана сты «Нарты кадджыты» хъайтарты ´хсæн æппæты кадджындæртæ.Ууыл дзурæг сты ,абонмæ нæм цы æмбисæндтæ æрхæццæ сты, уыдон дæр.( Инт.ф. æмбисæндтæ:«Уырызмæг зæгъ-æмæ зонд уа,Сатана зæгъ-æмæ бæркад уа», «Уырызмæг - сæ кувæг , Сатана - се ´нтауæг»).Æмбисæндтæ равзарын, райхалын сын сæ мидис.                                3-аг скъоладзау:- Эпосы æппæт сурæтты ´хсæн уæлдай уарзондæр æмæ номдзыддæр хъæбатыртæ сты Сослан æмæ Батрадз-сæ дыууæ дæр сты Уырызмæг æмæ Сатанайы хæсгæ фырттæ.Сослан райгуырд дуры гуыбынæй. Йæ буары  нæдæр кард хизы, нæдæр фат ,йæ кæрц та у лæджы сæры цæрмттæй хуыд. Батрадз у æндонбуар, Нарты хистæртæ йæ нымадтой нæртон адæмы хуыздæрыл. У рæстзæрдæ, хин æмæ галиу митыл кæны æлгъ. (И.ф.сын цыбыр хар-кæтæ).
4-æм скъоладзау: -Нарты кадджыты стыр бынат ахсы Сырдоны фæлгонц. Сырдон у Нарты кадджыты уарзондæр хъайтартæй иу. «Арвы хин æмæ зæххы кæлæн», «Нарты фыдбылыз», «Гæтæджы фырт гæды Сырдон».Нарты  ´хсæн фыдбылызæй цыдæриддæр  уыдис, уыдон цыдысты Сырдоны аххосæй. Фæлæ йæ хинтæ йæхиуыл  æрцыдысты. Йæ фырттæ куы бабын сты, уæд йæ хистæр фырты цонджы  стджытæй фæндыр сарæзта, иннæ лæппуты зæрдæйы  тæгтæй  фæндырæн скодта  12  тæны. Ныхасмæ бацыд, ныццагъта æмæ  йемæ  ныззарыд: - Нарт, ай уын  мæ лæвар, æмæ мæ уемæ цæрын  бауадзут. (И.ф.цыбыр хар-кæ).
Фарст:-Чи мын зæгъдзæн,цы дзуапп раттой Нарт Сырдонæн?
Дзуапп:-Нарт загътой: «Иуыл цагъды куы фæуæм, уæддæр ацы фæндырæн ма уæд фесæфæн .Уый чи цæгъда æмæ мах ном чи мыса,уый уыдзæн нæхион!»
-Трагедийæ равзæрд музыкæ-ахæм у кадæджы сæйраг ахсджиаг хъуыды. Афтæ райгуырд хъисфæндыр .(
равдисын æй экраныл) .
5-æм скъоладзау: -Ацæмæз-диссаджы зараг. Йæ уадындзы зæлтæй ныррухс вæййы дуне, райхъал кæны æрдз, йæхимæ æрыхъусын кæны адæмæй, маргъæй, сырдæй, бæласæй, къæдзæхæй се ´ппæты дæр. Уыд тынг æнувыд Нартыл.(И.ф. цыбыр хар-кæ).
6-æм скъоладзау:- Хæмыц иннæ номдзыд нартæй уæлдай сгуыхтдзинæдтæ не вдыста,уыдис рог адæймаг.Йе нæуаг миты тыххæй дзы бирæтæ   се сæфт федтой (И. ф. цыбыр хар-кæ).
Равдисын  хъайтарты схемæ.
Фарст:-Æркæсæм ма лæмбынæг хъайтарты схемæмæ.Цавæр миниуæг сын у иумæйаг Нарты кадджыты хъайтартæн?
Дзуапп:- Иумæйаг сын у патриотизм,сæ адæмыл иузæрдиондзинад.
     -Уæ хъуыдытæ ма бафидар кæнут дæнцæгтæй,уæ хорзæхæй…
     - Тынг хорз, ныр та мæ фæнды æмæ иучысыл куы аулæфиккам.Бацæттæ уын кодтон цыбыр уыци-уыцитæ,базон-базон кæй кой кæнæм?(Инт.Ф,)
(Байхъусын дзуаппытæм).Нарт патриоттæ уыдысты,фæлæ  ма уыдысты тынг сæрыстыр адæм дæр. Нæ хастой сæ сæрмæ худинаг,æгады цард,фæлтау æвзæрстой мæлæт.Уый хъусæм мах сæ хистæртæй( «Фыдвæды бæсты æвæд хуыздæр» ,«Æнусон цардæй æнусон кад хуыздæр»).Мадæн-иу йæ хъæбул куы фæмард хæсты быдыры,уæд-иу уый дæр фыццаг афарста,куыд æгъдауæй фæмард,худинаг мæм не ´рхаста мыййаг мæ фырт, зæгъгæ.Уый фæстæ-иу кæд аккаг уыд ,уæд ыл маст кодта.(Тотрадзы мад).
       -Нарт хæстон адæм уыдысты ,загътам,фæлæ афтæ ма банхъæлут æмæ сæ цард æгасæйдæр тох уыд.Нарт ма уарзтой хъазæн æмæ хъæлдзæг ныхæстæ,стыр аргъ кодтой дзырдарæхстдзинадæн.Кæстæртæ зыдтой хистæртæн лæггад кæнын,кастысты сæ коммæ,æххæст сын кодтой сæ фæдзæхстытæ,хистæртæ та сæ ахуыр кодтой сæ фæлтæрддзинадыл.
Фарст:- Зæгъут ма мын,цæуыл ма ахуыр кодтой нарты хистæртæ сæ кæстæрты?
Дзуапп: -Нарты адæмы царды зынгæ бынат ахстой ерыстæ. Ерыс кодтой цыргъ ныхас кæнынæй, фатæй æхсынæй, бæхыл бадынæй, кафынæй, зарынæй, музыкалон инструменттыл цæгъдынæй, дугъы уайынæй.
Ныр та нæ зæрдыл куы ´рлæууын кæниккам ,цавæр зындгонд бынæттæ уыд Нартмæ…
Дзуапп:- Стыр ахадындзинад уыдис Нарты Ныхасæн.Ныхас уыдис ас лæгты æмбырд æмæ æмбырды бынат.Ныхасы уынаффæ уыд æнæмæнг æххæстгæнинаг алкæмæндæр.Нарты ныхас æххæст кодта æртæ ахсджиаг функцийы:
а)хъæубæсты æхсæны цардмæ хъус дарын æмæ йæ раст фæндагыл æвæрын;
б)уæгъд рæстæг иумæ æрвитыны хуыз сбæрæг кæнын;
в)фæсивæды хъомыл кæнын æмæ сын ирон æгъдæуттæ бацамонын æмæ бамбарын кæнын.
    -Нарты Ныхас ис Лæцы хъæуы, Куырттаты комы.Нарты ныхас у чысыл фæзуат къæлæтджын бандæтты æнгæс егъау дуртимæ, фыдæлты таурæгътæм гæсгæ сыл бадтысты Нарты эпосы хъайтартæ-Уырызмæг, Сослан, Батрадз æмæ иннæтæ.
Фарст:-Куыд уæм кæсы,исты ахъаз уыдис Нарты Ныхас нæртон адæмæн?
Дзуапп:-Нарты ныхас нартæн уыдис хорз æгъдæуттыл,иудзинадыл æмæ хæлардзинадыл ахуыр кæныны скъолайау.
Дзуапп:-Нартæн ма уыдис хъазæн фæз- «Зилахар».Уым Нарты фæсивæд ирхæфстой сæхи,сæ курдиат,сæ арæхстдзинад æвдыстой.Ис Алагиры районы Црауы хъæумæ хæстæг.
Нæ зæрдыл æрлæууын кодтам Нартимæ баст бынæттæ.Ныр та мæ фæнды æмæ нæ зæрдыл куы ´рлæууын кæниккам , цы ма нæм æрхæццæ нартæй, цавæр фæзындтæ, нæмттæ, хъæутæ, бынæттæ сты нæртон адæмимæ баст
.(Байхъусын дзуаппытæм,ирон нæмттæ, мыггæгтæ, хъæутæ, хор, театр, æнæмæнг радзурын ирон символикæйы тыххæй).
     -Абон не ´взонг музыканттæ дæр нырыккон интерпретацимæ гæсгæ скодтой Нарты гимн.Байхъусут æм ,уæ хорзæхæй,æмæ мæ фæнды ,куы зæгъиккат уæ хъуыдытæ ацы музыкæмæ хъусгæйæ уæ цæстытыл цы ауадис.(Байхъусын дзуаппытæм).Тынг хорз.Куыд зонæм,афтæмæй Нарты кадджытæ дисы æфтыдтой æмæ æфтауынц дунейы ахуыргæндты.Кавказы адæмтæ иууылдæр архайдтой ууыл,цæмæй сæ сæхи рахоной,ахæм хъæздыгдзинадтæ къухтæй ауадзын стыр æгуыдзæгдзинадыл нымадтой сæхицæн,цыфæнды хиндзинæдтыл дæр разы уыдысты,фæлæ ирон интеллигенци карз тохы бацыд нæ адæмы стырдæр хæзна бахъахъхъæныны хъуыддаджы.Фæстаг стъæлф кавказы адæмты быцæуы сæвæрдта зынгонд ахуыргонд Жорж Дюмезиль(И.Ф.равдисын æмæ бакæсын цитатæ).

        -Нæ абоны урокмæ уын бацæттæ кодтон хæрз цыбыр æмæ хæрз æнцон тест «Нарты кадджытæй»рацыд æрмæгæй. Уæ зонындзинæдтæ сбæрæг кæнын мæ фæнды. Табуафси, акусæм сыл./Скъоладзаутæ тестытыл кусынц/.  
-Ныр та мæ фæнды æмæ иучысыл куы аулæфиккам. Бацæттæ уын кодтон уыци-уыцитæ.Базонут кæй кой кæнын уыци-уыциты.(Интерактивон фæйнæгыл уыци –уыцитæ,алы уыци-уыцийы фæстæ ,кæй кой кæнæм ,уый къам равдисын).
-Рæстæг цæуы,фæлтæр фæлтæры ивы. «Нарты кадджытыл» схъомыл сты ирон адæмы бирæ фæлтæртæ,æвдыстой æцæгдæр нæртон сгуыхтдзинæдтæ.Абон уыдон нæмттыл бирæ нæ дзурдзыстæм,иууылдæр сæ хорз зонæм,иуцалдæры ном дзы æрлæууын кæнæм нæ зæрдыл.
Скъоладзау дзуры:-Куыд ис ферохгæнæн Алыккаты Хазби æмæ Тлатты Чермены нæмттæ,сæ адæмы сæрвæлтау йæ цард нывондæн чи ´рхаста !Куыд ис ферохгæнæн Хетæгкаты Къостайы ном ,йæ адæмы амонд æмæ бартыл тохгæнгæйæ æгъатыр æфхæрдтытæ чи бавзæрста æмæ æппынфæстаг мæлæт чи ссардта!Куыд ис ферохгæнæн Фыдыбæстæйы стыр хæсты цы хъайтартæ фесгуыхт,уыдон нæмттæ!
-Æмæ абон та!Абон нæ тынгдæр куы хъыгдарынц,абон бынтон тыхст уавæры куы стæм!Фæйнæрдыгæй нæм лæбурынц,нæ хуыздæрты нын марынц!(
Радзурын гуырдзыимæ,мæхъæлимæ хæстыты тыххæй).Сæдæ азы размæ зындгонд ахуыргонд доктор Пфаф загъта(бакæсын эпиграф).Куыд уæм кæсы абон мах нæ хъæуы «нарты кадджыты» дзуары чиныджы бынаты æвæрын,нæртон адæмы хуыздæр миниуджытæ фæзмын?(Байхъусын скъол.дзуаппытæм).
-Хуымæтæджы нын нæ ныууагътой Нарт сæ намысы кодекс
(равдисын æй и.ф.,скъоладзаутæ йæ пунктгай кæсынц.Равзарын сæ).


Хатдзæгтæ:-Нæ урочы райдиан нæм сæвзæрд фарст:Цæмæн хонæм «Нарты кадджыты» нæ зонды суадон æмæ нæ хæзна,хъæуы сæ хъахъхъæнын æви нæ?Цавæр хатдзæгмæ ´рцыдыстут урочы кæрон?(Байхъусын скъоладзаутæм).
Бæрæггæнæнтæ сæвæрын комментаритимæ.
-Бузныг уе ппæтæн дæр.Хорз бакуыстат.Бузныг нæ цытджын уазджытæн дæр,кæй нæм саккаг кодтой æмæ нын нæ урок кæй барæсугъд кодтой сæ уынд,сæ зæрдæхæлар ахастæй.Нæ урок та мæ фæнды фæуын нæртон симд æмæ рæсугъд ирон зарæгæй.Ацы зарæджы цыдæриддæр арфæтæ кæнынц Ирыстоны адæмæн нæ номдзыд зарæггæнджытæ,уыдон иунæг стыр Хуыцау,Ирыстоны зæдтæ æмæ дауджытæм фехъуысæд  æмæ уыл  сæ арфæтæ иууылдæр æрцæуæд./Зарæг «Зæдты чындзæхсæв».Ансамбль «Минæвар»/.

                             Г   О   М     У   Р   О   К

«Нарты кадджытæ»-нæ зонды суадон»

                                                          Змейкӕйы фыццӕгӕм астӕуккаг скъолайы      
                                                           ирон ӕвзаг ӕмӕ литературӕйы ахуыргӕнӕг
                                                                                       ГУКОВА Ц.З.


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Ильякова Н.Е. Постановочные зонды в коррекции звукопроизношения.

Методический материал в помощь логопеду при работе с зондами....

: Зонд кӕм и, ӕрхъуыды дӕр уым и ( Кочысаты Розæйы пьесӕ "Гæды лæг, кæнæ Нæ пъырыстыф сæрра"-мӕ гӕсгӕ).

Темæ:  Зонд кӕм и, ӕрхъуыды дӕр уым и ( Кочысаты Розæйы пьесӕ "Гæды лæг, кæнæ Нæ пъырыстыф сæрра"-мӕ гӕсгӕ).Нысан:2.Уацмысы фольклорон бындурыл æрныхас кæнын.3.Пьесæйы идейон мидис ахуырдзау...

Презентация к открытому уроку "Зонд кœм и .... "

Презентация к открытому уроку "Зонд кœм и .... "...

ТЕМӔ: « НАРТЫ КАДДЖЫТӔ» - ирон адӕмы эпос.

« Нарты кадджытӕ» сты  хъӕбатырон эпос.Ӕвдыст сӕ цауы бӕгъатырты тох ӕмӕ скъуыхтытӕ. Уыдон сты аив ӕмӕ цымыдиссаг таурӕгътӕ, хъусӕн ӕнцон, зӕрдӕйӕн- ӕхсызгон, адӕймагӕн хӕссынц...

Нарт Нарт уæд уыдысты…

КВН на тему Нарт   Нарт   уæд  уыдысты&helli...