Ныййарæг мадæн кад кæнын
план-конспект урока (8 класс)

1.Аргь скæнын мады фæлгонцæн ирон царды æмæ аив

                 литературæйы фæрцы.

              2.Гуырын кæнын уарзондзинад ирон æгъдæуттæм ,ирон

                адæм сылгоймаг-мадæн цы аргъ кодтой, уымæ.

              3. Сывæллæтты ахуыр кæнын хи хъуыдытæ дзурын.

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл temaemad.docx35.36 КБ

Предварительный просмотр:

ТЕМÆ: Ныййарæг мадæн кад кæнын.

НЫСАН 1.Аргь скæнын мады фæлгонцæн ирон царды æмæ аив

                 литературæйы фæрцы.

              2.Гуырын кæнын уарзондзинад ирон æгъдæуттæм ,ирон

                адæм сылгоймаг-мадæн цы аргъ кодтой, уымæ.

              3. Сывæллæтты ахуыр кæнын хи хъуыдытæ дзурын.

Урочы æрмæг : компьютер, интерактивон фæйнæг, зарджытæ,

                   æмдзæвгæтæ.

Эпиграф:      Мадæлтæн хуыздæр дзырдтæ æвзарут

                       Мадæлтыл уæ хуыздæр зарæг зарут.

                                              (Цæгæраты Гиго)

                       

                                      Урочы цыд.

I.Бацæттæгæнæн рæстæг.

( Хъуысы Баллаты В. зарæг мады тыххæй).

                                Ирон æгъдауы тых. (Накуысаты Наирæ).

Фæзонын æз,куы фæхъусын кæцæйдæр:

«Цу раст фæндагыл, царды у хъæддых!»

Сæрдыгон хуры хъарм тынтæй фæлмæндæр

Кæй у æрмæст ирон æгъдауы тых.

Нæ вæййы хатгай уæлдæфæй бæрæгдæр,

Фæлæ та ногæй февзæры зæххыл.

Æмæ та мæнæ , банкъарын, æцæгдæр

Кæй кæны тых ирон æгъдау мæныл.

У стыр циндзинад райгуырын иронæй,

Фылдæр хатт царды разынын хъæддых

Фæлæ мæ зæрдæ амæлдзæн фæсмонæй

Куы фесæфа ирон æгъдауы тых.

       II. Ахуыргæнæг:  -Ирон адæмæн се гъдæуттæ сты, сæ цæсгом , сæ удварн ирдæй кæм зыны, ахæм хæзнатæ.Ирон агъдæуттæ комкоммæ арæзт сты адæмы зæрдæтæм, уыдоны ис æгæрон тых. Æмæ нæ кæд афтæ фæнды, æмæ адæмы рæгъы цæуæм , нæ фарн ноджы бæрзонддæр сисæм , уæд хъуамæ æдзух нæ зæрдыл дарæм уыцы æгæрон тых, æмæ нæ уый сисдзæн ног, уæлдæр къæпхæнмæ. Уыцы æгæрон тыхтæй иу у хистæрæн кад кæнын. Нæ хистæр фæлтæртæй та иу у ныййарæг мад. Мадæн кад кæнын та хъыгагæн æппæты бон нæ бавæййы. Уымæ гæсгæ нæ абоны урочы темæ у «Ныййарæг мадæн кад кæнын». Нæ урочы нысан та у аргъ скæнын мады фæлгонцæн ирон адæмы царды æмæ аив литературæйы фæрцы, уæ рæзгæ удты гуырын кæнын уарзондзинад ирон æгъдæуттæм, нæ адæм сылгоймаг-мадæн цы аргъ кодтой, уымæ. Нæ урокæн эпиграфæн райстон Цæгæраты Гигойы ныхæстæ: «Мадæлтæн хуыздæр дзырдтæ æвзарут,
                    Мадæлтæн уæ хуыздæр зарæг зарут».
Хæдзары хъуамæ бацæттæ кодтаиккад мады тыххæй æрмæг. Табуафси, лæмбынæг уæм хъусæм,уæ хъуыдытæ радзурут.
     
1 скъоладзау: -Мад-царддæттæг. Хæрзконд, фæлмæнзæрдæ, удæй рæсугъд. Зæххыл цыдæриддæр хæрзтæ ис,уыдон иууылдæр мадæй цæуынц. Мад сæ куы нæ ратта, уæд ничи. Мад кæмæн ис, уыдон сты амондджын. Мад дæ куыд бамбара, афтæ ничи.
     
2 скъоладзау:-иуæй-иу хатт фæстаг урочы куы фæбадын,уæд фæхъуыды кæнын,цыма нæм цы хæринаг ис.Æмæ мæнæ æрбахæццæ дæн хæдзармæ.Уым та мын мæ мад ме´рбацыдмæ скодта  мæ уарзон хæринаг мæнмæ афтæ кæсы,цыма мæ мадæй хуыздæр хæринаг ничи кæны.Æмæ мæ фæнды  бакæсын Хадыхъаты Фатимæйы æмдзавгæ «Мæ мадмæ».

Дæ дзулты тæф ауад ма былтыл,

Дæ хæндыгæй рагæй нæй ист.

Æрсæттыс рæдауæй цæхджын цыхт,

Бæстыл ма хæрзаддæр кæм ис.

Дæ цинтæ,дæ фæлмæн хъæбыстæй.

Æз райгонд ысвæййын, царддых!

Куыд адджын мын ысты дæ бустæ!

Нæ сæм кæнын гом дæр мæ дзых.

Дæуæн ма дæ хъæбул гыццыл у.

Дæхимæ йын айсыс йæ зын.

Аз цума фæкæнын мæ чызгæн

Æмæ дæм æнкъардæй кæсын.

Дæ цæсгом фæлурс у,æнцъылдтæ,

Нæ дæ уадзынц низтæ æнцад,

Уæддæр ма кæддæрау æфсин дæ,

Дæ къухтæ нæ зонынц фæллад.

3-скъоладзау:- Иу хатт телеуынадæй æвдыстой равдыст,хæдзар кæмæн нæй,ахæмты тыххæй.Уым чызг йæ мады дзыккутæ сæрвасæнæй фаста,мад та пъолыл цыдæр бызгъуыртыл расыгæй хуыссыди.Чызгмæ бацыди журналист æмæ йæ бафарста:»Кто это?».Æмæ йын уæд чызг загъта:»Это моя мама.Я ее очень сильно люблю .Она у меня самая хорошая и очень красивая.»Æмæ уæд æз ахъуыды кодтон,зæххыл мадæй зынаргъдæр кæй ничи ис,цыфæнды хуызæн куы уа,уæддæр.

4-скъоладзау:-Мæн фæнды радзурын иу таурæгъ.Афтæ рауад æмæ иу сылгоймагæн фесæфт йæ гыццыл лæппу.Схъомыл æй кодта æндæр сылгоймаг.Бирæ фæцагуырдта ныййарæг мад йæ хъæбулы æмæ йæ æппынфæстаг ссардта.Йе схæссæг мад æй нæ лæвæрдта æмæ сæ хъуыддаг ирон æгъдаумæ гæсгæ тæрхоны лæгмæ лæвæрд æрцыд.Тæрхоны  лæг  бирæ фæхъуыды кодта-дыууæ сылгоймаджы дæр бирæ уарзтой сывæллоны, дыууæйæн дæр тæригъæд кодта æмæ фæстагмæ загъта: «Йæ фæйнæ къухыл ын ныххæцут æмæ йæ йæхимæ чи байваза, уый уыдзæн сывæллон. Тынг хуымæтæг фæкаст сылгоймæгтæм тæрхон-фæлæбурдтой лæппумæ æмæ йæ алчи йæхимæ ивазы. Лæппуйæн йæ къухтæ фæрыстысты æмæ скуыдта. Куыддæр скуыдта, афтæ йæ йæ ныййарæг мад феуæгъд кодта, уымæн æмæ мад хъæбулимæ зæрдæйы тæгтæй баст у, хъæбулы рыст мады зæрдæмæ цæвы. Сæргуыбырæй ацыд иуварс: «Мæ хъæбул удыгас уæд, æндæр мæн ницы хъæуы»,-ахъуыды кодта мад. Фæлæ тæрхоны лæг хатыр ракуырдта схæссæг мадæй æмæ лæппуйы ратта йæхи мадæн.
   
Ахуыргæнæг:-Мад…Гыцци…Дзыцца…Куыд диссаг сты ацы ныхæстæ. Куыд диссаг сты ацы дзырдтæ.Адæймагæн цæуынц йæ зæрдæйы арфæй.Цас хъармдзинад æмæ уарзондзинад дæттынц уыдон сæ хъæбултæн, сæ хъæбулты хъæбултæн. Дунейыл уыдон аккаг ныхæстæ зын ссарæн сты, цæмæй сын зæрдæбынæй раарфæ кæнай. Хъæбулæн æппæтæй зынаргъдæр ныййарæг мад у. Уый фæлмæн зарæгмæ æрфынæй вæййы йæ авдæны, уый фæлмæн армы хъарм æй батавы æппæты фыццаджыдæр. Уый у хъæбулæн йе стъалы, кæцы цæуы йæ хъæбулы разæй, цæмæй йæм йæ фæндаг хуыздæр зына. Æмæ цæй зын вæййы, уыцы стъалы арвæй куы рахауы, уæд. Скъоладзау: - Зæххон дунейы мад дæр нæу æнусон,
                           Хъæбул, мæн иу бон нал уындзæн дæ цæст,
                           Куынæуал уа ныфсæвæрæг дæ ныфсæн,
                           Уæд бамбардзынæ мады фарн æрмæст.
                           Дæ цæрайæн йæ цард куы ничи хæсса,
                           Ныййарæджы ад бамбардзынæ уæд.
                           Куы ´рцæуай искуы урссæрæй нæ къæсмæ,
                           Куы нæ ´рхæссон дæ сæры хилтыл м ´арм,
                           Куы нæ зæгъон- куыд ысурс дæ, æркæс-ма,
                           Уæд зондзынæ, циу мады къухты хъарм.
                           Куы нæ дын уа цæджындзæмбал дæ хъыджы
                           Мæ уæлмæрдæн куы дзурай-иу дæ маст,
                           Дæ цæссыгтæй куы ныхъхъæрза мæ сыджыт,
                           Уæд бамбардзынæ мады зæрдæ ´рмæст.
Ахуыргæнæг:-О, куыд диссаг у мады зæрдæ! Уый ницы уромы! Сау сыджыты бынæй дæр йе ххуысы хай кæны йæ хъæбулæн, нæ йын уромы йæ рис, йæ зын.Уымæн æвдисæн сты бирæ адæмон таурæгътæ æмæ фысджыты уацмыстæ дæр. Ацы темæйыл фыст у Черчесты Хъасболаты миниатюрæ- цыбыр, фæлæ мидисджын «Мады кæлмæрзæн» дæр./Скъоладзау æй дзуры/.
   -Æхсæвы ахауд мæ хъæццул. Ихæнæй мардтæн. Фыруазалæй гæрт-гæрт кодтон. Мæ фыны мæм мæ мад æрбацыд, йæ фæлмæн къух мын мæ  уазал ныхыл авæрдта, фæлмæн мæм бахудт æмæ мæм рæвдаугæ хъæлæсæй сдзырдта: «Ма тыхс, мæ къона, æз дæ ныртæккæ схъарм кæндзынæн». Уый фæстæ мæ мад йæ сæрæй систа йæ чырынтæ фæлмæн кæлмæрзæн æмæ мæ уымæй хъарм æрнорста. Ахæм хъарм æмæ адджын фынæй уæды онг никуы бакодтон.Райсомæй куы райхъал  дæн, уæд кæсын, æмæ мæ хъæццул-зæххыл. Уат-ихы къæрттау уазал. Мæ уæлæ та ницы. Гъе, æрмæст æппындæр не суазал дæн. Æвæдза, мадæн йæ уазал ингæнæй дæр йæ хъæбулмæ хъармы тавц цæуы.
     Скъоладзау:- Мæн дæр фæнды иу хабар радзурын. Цардысты ус æмæ лæг. Райгуырдис сын сывæллон. Бæргæ амондджынæй цардысты бинонтæ, фæлæ хъысмæт æгъатыр у. Сылгоймаг æрбарынчын ис æмæ цыбыр рæстæгмæ амард. Хæдзар æнæ сылгоймагæй сæфти æмæ хиуæттæ лæгмæ æрхатыдысты, цæмæй бинонты хъуыддаг бакæна. Фыды ус чысыл сабийы не ´руарзта,тыхстис дзы. Цæргæ та кодтой æфсæнвæндаджы цур. Иуахæмы æхсæвы поезд æрбацæйцыдис. Машинист кæсы æмæ æфсæнфæндагыл сылгоймаг лæууы, йæ къухы сырх хæцъил тилы-поезд уромы. Тыхамæлттæй баурæдта машинист поезд.Æрхызтис поездæй, кæсы æмæ сылгоймаг цыдæр æрбацис, фæлæ рельсытыл чысыл саби баст. Машинисты æрфыстмæ гæсгæ уыцы сылгоймаг  разынд сывæллоны мад. Афтæ мад мæрдтæй дæр йæ сывæллоны фыдбылызæй фервæзын кодта.
    Скъоладзау:- Мæн та фæнды, Къоста йæ мады ныв куыд скодта, уый тыххæй радзурын. Къоста хæрз чысылæй сидзæрæй баззад. Йæ мады сурæт нæдæр хъуыды бакодта, нæдæр ын къам баззад. Къоста тынг тæхуды кодта, мад кæмæн уыд, уыдонмæ. Уый арæх фарста йе схæссæг мад Чендзейы, йæ дадайы: «Кæй хуызæн уыд мæ мад?». Стæй куы байрæзт æмæ Бетъырбухы академийы куы ахуыр кодта, уæд скодта йæ мады ныв. Ирыстонмæ йæ куы схаста æмæ йæ Маргойы чи зыдта, уыдон куы федтой, уæд-иу дисы бацыдысты, афтæ тынг уыд Марго йæхи хуызæн.  Уырыссаг æмбисонд афтæ зæгъы: «Тяжело бывает маму вспоминать».Къоста-иу куы фæтыхст, уæд-иу æдзухдæр йæ мады мысыд. «Тынг фæрынчын дæн мæ уæззау уавæрты цæргæйæ. Стыхстæн, фæзынд мæм мæ ахуыр ныууадзыны фæнд. Фыны мæм фæзынд иу уæздан сылгоймаг, фæлмæн мæм бахудт, ныфсытæ мын авæрдта. Уымæ гæсгæ скодтон ацы ныв»,- дзырдта Къоста йе ´мбæлттæн.
    Ахуыргæнæг:- Къостайы хъысмæтыл сагъæсгæнгæ Чеджемты Æхсар ныффыста диссаджы æмдзæвгæ, кæцы ссис æрдхæрæны зарæг «Ныййарæгæй амонд», заргæ та йæ кæны Илурты Риммæ./Байхъусын зарæгмæ/. Мад! Диссаджы дзыд у, æвæдза! Уый ратты хъæбулæн цард, хъомыл æй кæны, йæ цардæн ын бындур æвæры. Мад фæбæллы йæ хъæбулы амондмæ. Йæхицæн ныфсытæ æвæры, мæ зæронды бонты мæм чи фæкæса, уый мын ис, зæгъгæ. Фæлæ, хъыгагæн, бирæ цот аккаг аргъ нæ кæнынц сæ ныййарджытæн, ферох сын кæнынц сæ бирæ фыдæбæттæ, æнаккаг дзыхæй сæм фæдзурынц. Фæлæ уыдон нæ фæхъуыды кæнынц, абон мæ кæстæртæ мæн цы хуызы уыной, уый райсом мæхиуыл кæй æрцæудзæн. Æмæ цæмæй искæд бон ма фæсмон кæнæм, уый тыххæй абон цардмæ æндæр цæстæнгасæй кæсын хъæуы. Кæстæртæ мадæлты фыдæбæттæ кæй ферох кæнынц æмæ сæ зæрондæй иунæгæй кæй ныууадзынц, уый тыххæй бирæ таурæгътæ ис, бирæ фыссынц газетты дæр. Мæн фæнды байхъусын сымахмæ, абоны урокмæ цы æрмæджытæ бацæттæ кодтат, уыдонимæ нæ базонгæ кæнут, уæ хорзæхæй.
/ Алексины радзырд «Гордости у меня нет, что ли?», таурæгътæ «Чи йæ фылдæр уарзта», «Мады зæрдæ», «Хуыцауы фæдзæхст»/.
   
Ахуыргæнæг:- Мады кой кæнгæйæ, æнæ зæгъæн нæй Задалески Нанайы тыххæй.Уымæн йæ риуы сылгоймаг-мады зæрдæ тæлфыди æмæ йын уый ратта уыйбæрц тых, цæмæй сидзæр сабиты мæлæты дзыхæй раскъæфа, мА сæ бауадза фæцудын. Йæ ном уымæн ссис æрдхæрæн æппæт ирон адæмæн, уымæн ссис ирон адæмы иумæйаг Мад. Йæ хæдзарæй йын скодтой музей, сабиты цы лæгæты æмбæхста знæгтæй, уый та кувæндон, банымадтой йæ зæдыл. Бирæ кадджытæ, æмдзæвгæтæ, зарджытæ скодтой нæ адæм сæ иумæйаг мадыл. Абон дзы иу зарæгмæ байхъусдзыстæм,  æххæст æй кæны героикон зарджытæ æххæстгæнæг зарæггæнджыты къорд ./Инт. фæйнæгыл бавдисын музей æмæ кувæндоны нывтæ, байхъусын зарæгмæ/.
    Ахуыргæнæг:- Мад æмæ хъæбулы уарзондзинад ирддæрæй разынынц уæд, æмæ адæмыл куы ´ркæны уынгæджы бон. Цард сабыр æмæ иугæндзон куы вæййы, уæд мадæлты æмæ хъæбулты æнкъарæнтæ дæр æмвæздæр æмæ хуымæтæгдæр вæййынц. Фæлæ зын сахат, Райгуырæн бæстæ куы фæсиды йæ хъæбултæм,знагæн мæ ма раттут, зæгъгæ, уæд сабухынц ныййарджыты зæрдæты бæрзонд æнкъарæнтæ,равдисынц сæ хъæбатырдзинад ныййарджытæ дæр æмæ сæ хъæбултæ дæр. Зæгъут -ма

 мын, уæ хорзæхæй, цавæр литературон уацмысты æвдыст æрцыдис мады хъæбатырдзинад? /Брытъиаты Е. драмæ «Хазби», Плиты Г. балладæ «Авд цухъхъайы».Бавдисын инт.фæйнæгыл нывтæ æмæ цыртдзæвæн/.
    Ахуыргæнæг:- Уæдæ Ирыстоныл дыууæ мин цыппæрæм азы цы сау бонтæ скодта, уыдоны куыд ис ферох кæнæн. Амынæты бахауæг ныййарджытæ æмæ сабитæ цы 54 сахаты арвыстой лæгсырдты къухтæм бафтгæйæ,уыдоныл дзургæйæ адæймаджы зæрдæ ныккæрзы./Инт.ф. бавдисын слайдтæ/.Кæд уæ искæй исты зæгъын фæнды уыцы цауты тыххæй, табуафси.
    Скъоладзау:- Беслæныл уыцы сау бонтæ куы скодта, уæд телевизормæ кастæн æмæ мæ дисы бафтыдта иу сюжет. Уым иу чысыл чызг судзгæ скъолайы рудзынгæй рахауд. Кæсын æмæ фæстæмæ рудзынгыл скъоламæ бабырыныл архайы. Тынг стыхстæн, зæгъын ыл дзæгъæл нæмыг куы сæмбæла, кæнæ куы басудза. Фæстæдæр куыд рабæрæг, афтæмæй йæ мад судзгæ спотртзалы баззад æмæ чысыл чызг уымæ бырыд.
/Скъоладзау кæсы æмдзæвгæ «О, женщина - мать»/.
     Ахуыргæнæг:- Мады тыххæй ирон адæммæ ис тынг бирæ таурæгътæ, æмдзæвгæтæ, зарджытæ, æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, æмбисæндтæ. Нæ зæрдыл-ма сæ æрлæууын кæнæм./Бавдисын сæ инт.фæйнæгыл./
         -Мады  
         -Хорзæхты сæр мад
у.
         -Йæ мады чи нæ уарзы, уый йæхи дæр нæ уарзы.
         -Зæххыл мадæй зынаргъдæр ничи ис.
         -Мады зæрдæ тæнæг у.
         -Мадæй хъæбулмæ, хъæбулæй мадмæ.
 
Ахуыргæнæг:- Мад… Уыимæ баст сты нæ царды рæсугъддæр бонтæ, нæ зæрдæты æхсызгондæр мысинæгтæ. Зæххыл ныййарæгæй зынаргъдæр нæй, æмæ уый буц даргæйæ, уымæн ирон рæсугъд æгъдау дæтгæйæ, бамбарæн ис, цы у амонд. Тæхудиаг у уыцы кæстæр, йæ хистæры буц дарын чи зоны, æмæ афтæмæй адæмы æхсæнмæ рухс цæсгомæй чи цæуы. Куыд амондджын сты уыцы мадæлтæ æмæ Ирыстоны аккаг хъæбултæ чи схъомыл кодта, нæ гыццыл Ирæн йæ кад æмæ намыс бæрзæндтæм чи систа. Дзæнæты бадæнт Хетæгкаты Къостайы мад Гуыбаты Мария, Абайты Васойы мад Дзахаты Нино. Куыд амондджын у Гергиты Валерийы мад Лæгкуты Тамарæ, æппæт дунейыл кæмæн у йæ хъæбулы ном хъуыстгонд. Арфæйаг сты Ирыстоны ахæм хъæбултæ. Æмæ иу æмæ дыууæ не сты нæ гыццыл Ирыстоны ахæм арфæйаг мадæлтæ. Мæн фæнды, цæмæй сымахæй дæр Ирыстонæн аккаг фырттæ рауайа, Ирыстоны кад ноджы бæрзонддæр куыд кæнат. Уæ мадæлты фæндиаг ут, макуы сын фæриссын кæнут сæ зæрдæтæ, уæ ныййарджытæ уæ хурæй æфсæст куыд уой, сымах та уæ ныййарджыты хурæй.  Рæхджы уыдзæнис æппæт мадæлты бæрæгбон æмæ сын сæ зæрдæтæ барухс кæнут уæ ахуырæй, уæ хорз хъуыддæгтæй. Фæлæ уæ курын иу хъуыддаг: уæ ныййарджытæ куы базæронд уой, уæд сæ рохуаты ма ныууадзут.
   
IY.Хатдзæгтæ:
     - Ныр та мæ фæнды уæ хъуыдытæ куы зæгъиккат абоны урочы тыххæй: цы дзы фæцыдис уæ зæрдæмæ, цавæр хъуыдытыл уæ бафтыдта, цы базыдтат ногæй… /Байхъусын скъоладзауты дзуаппытæм/.
       
Y.Скъоладзаутæн сæвæрын бæрæггæнæнтæ комментаритимæ.
       
YI. Хæдзармæ куыст: Ныффыссын сочинени-миниатюрæ «Мæ мады сурæт».
          Ахуыргæнæг:- Гыццыл раздæр куыд загътам, афтæ тагъд æппæт сылгоймæгты бæрæгбон уыдзæн. Бæрæгбоны фæдыл арфæ кæнæм нæ зынаргъ уазджытæн æмæ сын лæвар кæнæм «Мады зарæг».
Зары уын Ирыстоны хуыздæр зарæггæнджытæй иу - Хуытъинаты Маринæ.
                     

             

            Г   О   М     У   Р   О   К

    «Ныййарæг мадæн кад кæнын»

                                                                                                                                                                  Змейкӕйы фыццӕгӕм астӕуккаг скъолайы      
                                                           ирон ӕвзаг ӕмӕ литературӕйы ахуыргӕнӕг
                                                                                       ГУКОВА Ц.З.

 
                                                                         

 


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Литературон-музыкалон композици «Цы ис ныййарæгæй зынаргьдæр?»

Сывæллæтты  зæрдæты æвзæрын кæнын ныййарæг мадмæ æхсидгæ уарзт, цæмæй архайой  хуыздæр уæвыныл алы хъуыддаджы дæр:æгъдауы, ахуыры, æрвылбон царды....