Литературон-музыкалон композици «Цы ис ныййарæгæй зынаргьдæр?»
классный час (6 класс) на тему

Козаева Фатима Ивановна
  1. Сывæллæтты  зæрдæты æвзæрын кæнын ныййарæг мадмæ æхсидгæ уарзт, цæмæй архайой  хуыздæр уæвыныл алы хъуыддаджы дæр:æгъдауы, ахуыры, æрвылбон царды.

 

Скачать:

ВложениеРазмер
Microsoft Office document icon tsy_is_nyyyaraegaey_zynargdaer_.doc81.5 КБ
Реклама
Онлайн-тренажёры музыкального слуха
Музыкальная академия

Теория музыки и у Упражнения на развитие музыкального слуха для учащихся музыкальных школ и колледжей

Современно, удобно, эффективно

Посмотреть >


Предварительный просмотр:

Литературон-музыкалон композици «Цы ис ныййарæгæй зынаргьдæр?»

Равдысты нысан æмæ хъомыладон хæстæ:

  1. Сывæллæтты  зæрдæты æвзæрын кæнын ныййарæг мадмæ æхсидгæ уарзт, цæмæй архайой  хуыздæр уæвыныл алы хъуыддаджы дæр:æгъдауы, ахуыры, æрвылбон царды.

  1. Ахыргæнинæгты базонгæ кæнын, ныййарæг мадыл нæ фысджытæ цы  уацмыстæ ныффыстой, уыдонимæ.  

  1. Рæзын кæнын уарзондзинад ирон аив дзырдмæ, ирон зарæгмæ, ирон кафтмæ.

     

 Залы фæлгонц:

     

  1. Залы къултыл ауыгъд къулы газеттæ.

  1. Плакаттæ зындгонд адæмы ныхæстимæ мады тыххæй.

  1. Компьютерон проектор.

  1. Бирæ дидинджытæ.

Ирон цагъд хъуысы.   Рацыдысты амонджытæ.

1 амонæг:    Дзыцца у хурзæрин, йæхæдæг у рæвдауæг,

Дзыцца у царды ныфс, фыдыуæзæджы арт,

Йæ мæт, йæ иунæг мæт-зæххыл фыдбылыз ма уад,

Æмæ йæ кæстæртæн уæд амондджын сæ цард.

2 амонæг: Уæ бон хорз, нæ зынаргъ уазджытæ. Абон уæ мах æрбахуыдтам нæ равдыстмæ. «Зæххыл цы ис ныййарæгæй зынаргъдæр?»

1 амонæг: Нæ фыдæлтæ зæхх мад хуыдтой.Загътой-иу: «Зæхх-мад.»Уый,æвæццæгæн,мад кæмæн нæ уыд,уыдон æй хуыдтой афтæ. Зæхх сæ йæ хъармæй æндæвта, зæхх сын лæвардта йæ фарнай æмæ сæм уый касти мады рæвдыд.

2 амонæг: Мад…Уыимæ баст сты нæ царды рæсугъддæр бонтæ,нæ зæрдæйы æхсызгондæр мысинæгтæ.Кæд зæххыл æцæг амонд фенæн æмæ банкъарæн ис, уæд æрмæстдæр мады рухс цæсгом уынгæйæ.

1 амонæг: Мады фаг хорздзинæдтæ ацы заххыл нæй,фæлæ уый буц даргæйæ,уымæн ирон рæсугъд æгъдау дæтгæйæ бамбарæн ис,цы у амонд.

2 амонæг:   Цæй тæхудиаг у уыцы кæстæр,

Йæ хистæрты буц дарын чи зоны,

Æмæ афтæмæй адæмы æхсæнмæ

Рухс цæсгомæй чи цæуы.

1 кæсæг:     Зæххыл ис иунæг хæзна царды,

Æмæ уый Мад у, мæ хур,Мад.

Йæ рæвдыд сау дуртæм дæр хъары,

Фæсуры зæрдæйы фæллад.

О,мад,сыгъзæрин мад,дæ хæрзтæй,

Ды кæныс кæстæрты æнгом.

Тæхуды, зарæджы ныхæстæй,

Æнусон чи скæны дæ ном.

Цы хорз у, чи сбуц кодта мады,

Æмæ йын чи радта æгъдау.

Зæххыл уый дзыллæты нымады,

Йæ фарнæй батавдзæн Хуыцау.

                                                                 Ирон кафт.

 

3 амонæг: Йæ мады уарзынхъом чи нæ у, уый ницы хъом у.Нæ фыдæлтæ афтæ дзырдтой: «Йæ мады хæс ничи бафыста».Æмæ цымæ æцæг афтæ зын бафидæн у мады хæс? Нæй йын бафидæн?

4 амонæг: Бынтон разы нæ дæн æз ацы ныхæстимæ.Алкæй бон дæр у архайын мады кады  бæрзонддзинадыл. Адæмы æмрæнхъ рацу!Дæ сæрмæ æгаддзинад макуы æрхæсс! Сыгъдæг цæсгомæй,  сыгъдæг цæстытæй кæсут уæ адæммæ.Мады æндæр ницы хъæуы, ницы.

Зарæггæнджыты къорд зарынц Цæгæраты Г. ныхæстыл фыст  зарæг «Мады зарæг».

3 амонæг: Мад-царддæттæг. Хæрзконд, хæрззонд, фæлмæнзæрдæ, удæй  рæсугъд…Уыдон                  иууылдæр мады лæвæрттæ сты.Мад сæ куы нæ радта, уæд уыцы хорздзинæдтæ  тыгъд быдыры фæндаджы хъæбæрыл ссаргæ не сты.

4 амонæг: Мады уарзондзинадæй сæ удтæ хъæздыг кæмæн сты, уыдон та цыма кæрæдзи æнгæс, хотæ æмæ æфсымæртæ сты æмæ цард дæр, зæхх дæр уыдонæй рæсугъддæр у.

3 амонæг: Ныййарæг, ды цард æмæ уарзт дæ.Царддæттæг дæ, сæууон хуры скаст, уæларвон æрттиваг  стъалы, не ‘хсæвы цырагъдар.

4 амонæг: Нæ даргъ фæндæгты æмбæлццон, нæ размæйы фæкаст æмæ фæстæмæ фенцойы фидар цæджындз дæ ды.

   Зарæггæнджыты къорд зарынц зарæг «Мады ном».Чеджемты Æхсары ныхæстæ.

1 амонæг: Ныййарæг! Ды дæ хъæбулты цинæй ссудзыс, хурау фæхудыс, сæ хъыгæй  саст  талайау ныххус вæййы дæ уд . Арвыл,дам,уал стъалыйы нæй, мады зæрдæйы йæ сабитыл цас мæт ис.

                     (Ацыдысты)

Хæстон музыкæ хъуысы.

2 кæсæг:    

              Айхъуыст сау  хабар:

              Хæст, дам,райдыдта…

              Мад йæ цæстытæ

              Доны разылдта.

              Цæсгом афæлурс.

              Зæрдæ барызти…

              Маст,æхсидгæ маст

              Риумæ бахызти.

Компьютерон проекторæй равдисын хæстон темæйыл слайдтæ.

 Рацыдысты сылгоймаг æмæ æрыгон лæппу хæстон дарæсы.

 

Сылгоймаг:   Мæ сонт  хъæбул,ды дард  балцы цæуыс,

Æмæ дæ æз бæсты фарныл фæдзæхсын,

Нæ зæххыл уарзт дæ фæндæггаг фæуæд,

Æмæ йæ макуы суæлдай кæн пайдайыл.

Лæппу:          Зæххыл рæсугъд цæрынæн фидар

                       Дыууæ стыр ныфсы ис лæгæн:

                       Фыдыбæстæ  æмæ  сæрибар.

                       Циу цард æнæ сымах? - Ингæн!

                                                          (Хæстон  музыка)

2 лæппу: Уарзон ныййарджытæ, буц хотæ, уарзæттæ,

                 Заргæ ныл акæнут, хъарæг ныл ма кæнут.

                 Мах уæ ныффæдзæхстам Ирæн йæ уаз зæдтæн,

                 Зарæг сыл акæнут, не знæгтыл акæут.

(Райхъуыст «Тохы зарæг.  Лæппутæ ацыдысты)

Мад  æрлæууыд сценæйы кæрон сæркъулæй.

     

                                                             

3кæсæг:   Хæтынц ын, хæтынц йæ судзгæ хъыг адæм,

Русты æнцъылдты йæ цæссыг  æртулы,

Ничиуал баззади саударæг мадæн,

Хæст ын фæхаста йæ иунæг хъæбулы.

Ирæй дарддзæф ран æнæном обауыл

Бады мæрдвынæй цъæхдзæнг бæрзы аууон.

Охай, ныййарæг, дæ тæригъæд ма уын.

Бадзурыс та мæм «Дæ нывонд æрбауон.»

Ризгæ æнгуылдзтæй мæм ног газет раттыс:

«Бакæс-ма,мæ хур,цы та зæгъынц хæстæй?»

Рагон æнгузы бын дуармæ æрбадыс

Æмæ та бафæрсыс, бафæрсыс постæй.

                                            (Ацыдысты)

         

1 амонæг : Хæсты быдыры Ирыстоны сагсур фæсивæдæй бирæтæ фесæфтысты æдзардæй .Цал æмæ цал ныййарæджы баззадысты сæркъулæй,сæ уарзон  хъæбултæм кæсынæй  нæ бафсæстысты, сæ рæсугъд фæндтæ сæ зæрдæты æлхынцæй баззадысты.Нæ  фæлæ сæ фæрстыл фидар тæлытæ конд æрцæуы уыцы мадæлтæн, цæмæй сын фæйнæрдæм ма ратоной.Æмæ кæд хъæбулы фыдбоны рæстæг адард вæййы,уæддæр мады зæрдæйы хъæдгом нæ дзæбæх кæны .«Уæларвæй цы рхауа, уый уромы зæхх, фæлæ йæ нæ уромы зæрдæ.»

     

4 кæсæг:   Фыссут, Дзыццайы нын рæвдаут, ма уæд рохы,

Дзыцца у дард бæсты уæ мæт æмæ уæ дзырд,

Æз уын куыд амардтæн, мæ дыууæ цæугæ хохы,

Кæцæй ыссардзыстæм Дзыццайы фаг рæвдыд!

Дзыцца у хурзæрин, йæхæдæг у рæвдауæг,

Дзыцца у царды ныфс,фыдыуæзæджы арт,

Йæ мæт,йæ иунæг мæт- зæххыл фыдбылыз ма уæд,

Æмæ йæ кæстæртæн уæд амондджын сæ цард.

Йæ разы махыл та æппæт хæрзты бæрзонддæр,-

Дзыццайы хсыримæ уый не уæнджы ыстад,

Рæсугъд лæварæн нын цы райгуырæн зæхх радта,

Мах уымæн бахъхахъхъæнæм йе стыр фарн, йæ кад.

              Рацыдысты архайджытæ.

.

1 амонæг :Мад…Уый диссаг  у, æвæдза.Уый йæ хъæбулы улæфт дардмæ хъусы.Йæ хъæбул  зары- зæрондмæ куы фæцæра, уæддæр æй сывæллон хоны æмæ йын хур боны тæвдæй тæрсы, къæвда бон-суазалæй.Мады зæрдæ, сыгъзæрин фестай!

2 амонæг: Цалынмæ нæ мады хъарм арм нæ сæрыл æнкъарæм, уæдмæ йæ куыд нæ хатæм, куыд      

 амонддджын вæййæм!

1 кæсæг:  Мады цæстытæй рухсдæр цы уыдзæн?

   Йе нгас сæуæхсидæй у рæсугъддæр.

   Хи мадау ысвæййы уый йæ чындзæн,

   Авæрдзæн хъæбулæн уый йæ уд дæр.

2 кæсæг: Мадæн йæ зæрдæ хурæй у хъармдæр,

  Уыцы арт фæтавы мах æдзухдæр

  Дардæй дæр æххуысмæ мады арммæ

  Байвазæм зын сахат мах нæ къухтæ.

3 кæсæг: Исæм нæ цинтæ мады цæсгомæй,

 Фæндæгтæм фæкæсæм мады цæстæй;

 Фæлæ йæ зæгъæм, зæгъæм æргомæй ;

 Байрох кæнæм арæх мады хæрзтæ.

4 кæсæг: Зынаргъ цы лæгæн уа йæх мад,

 Уый - кадджын иннæты цæсты.

 Йæ мады чи  нæ уарзы, уый ма

 Куыд уарздзæн райгуырæн бæстæ!

5 кæсæг: Цæй æмæ хохы цъупмæ ысхизæм.

 Мады нæ уæлныхты хурау ысисæм.

 Уадз æмæ йæ зæрдмæ дуне хъуса,

 Уадз æмæ йæ кастæй дуне рухс уа.                                  

                     

              (Зарæггæнджыты къорд зарынц «Куыд зынаргъ дæ,ныййарæг!.»)

3 амонæг: Ныййарæгæн йæ хъæбул афонæй раздæр мæрдтæм куы бацæуы, уæд уыцы  мадæй мæгуырдæр, тæригъæддагдæр нæ вæййы.Ахæм мадæн йæ цард ад нал фæкæны, йæ дзыхы дзаг нал ныххуды, хæринаг адджынæн нал бахæры.

4 амонæг: Мады зæрдæ! Макуы дæ фæсайæнт дæ хъуыдытæ, цы къахдзæф-иу фехъусай, цы дуары   хъæрмæ ракæсай, уыдонæй  æнæрай ма фæу. Хызт у æнафоны сау хабарæй.Дæ бæлццон хурыскастыл къонамæ здæхæд зæрдæрухæй. Дæ лæппу лæг куыд кæна йæ рады, дæ чызг- мад, ахæм амонд дæ уæд!

3 амонæг: Мад кæмæн ис, уыдон иууылдæр сты амондджын.Фæлæ уый бирæхатт нæ фембарынц.Цалынмæ ма нæ мадæлтæ сты, уæдмæ тагъд кæнын хъæуы уыдонæн хорздзинад скæныныл: фæлмæн ныхасæй сæм дзурын, æххуыс сын кæнын хæдзары куыстыты мидæг, бæрæгбæттæм сын лæвæрттæ кæнын, рæвдауын сæ.

8 кæсæг:  Нæ ныййарджытæ ивгъуыйынц нæ цурæй,

Цæуæм сæ кары нæнхъæлæджы мах.

Зымæгон мигътæ куы аныхъуырынц хуры,

Æрмæст ын гъеуæд банкъарæм йæ ад.

Хур ног ыскæсы рагуалдзæджы риуыл,

Гыцци ныгуылы иунæг хатт æрмæст.

Куы ма-иу нæм  æрыздæхид,уæд-иу ын.

О,цас хорздзинад бауарзид нæ цæст!

Фæлæ нырма нæ табуйаг куы вæййы,

Уæд ын нæ хъусæм йе стыр мæт,йæ уарзт.

Мах айрох кæнæм царды стыр уылæны,

Гыцци кæй цæры иунæг хатт æрмæст.

«Ныййарæг мад»

 

Ныййарæг мад, цæй адджын дæ хъæбулæн,

Дæу фæрцы федта рухс дуне йæ цæст.

Дæ бирæ хæрзтæн нæй кæрон фæуынæн,

Йæ сагъæсты дæ сурæт ис æрмæст.

Ныййарæг мад, цы ис дæуæй рæсугъддæр,

Дæ фæлмæн арм у бинонтыл æвæрд.

Дæ цоты тыххæй ратдзынæ дæ уд дæр,

Æмæ хъæбулæй макуы фен æфхæрд.

Зæххыл цы ис ныййарæгæй зынаргъдæр?

Æнæ дзуаппæй у ацы фарст æвæрд.

Йæ хорздзинæдтæн нæй скæнæн аргъ дæр,

Æмæ æнустæм ма сæфæд йæ фæд.

6 кæсæг: Поэтæн йæ хуыздæр, йæ рæсугъддæр зарæг                                                                              

Дæу тыххæй куы вæййы, дæу тыххæй, ныййарæг.

Хъæбулæн йæ улæфт, йæ хур дæр, йæ ныфс,

Хъæбулæн  дæ хъару, дæ уд дæр дæттыс.

Ды уалдзыгон хъарм дæ, сæрддон бонты сатæг.

Хæлардзинад, фарнæн ды вæййыс йæ хъазт.

Ды зæрдæйæн цин дæ, йæ зæрæг,йæ хъазт.

Æфхæрд лæг дæу фæрцы æдзухдæр- ныфсхаст.

Ды царды фæндагыл дæ цоты фæхоныс,

Дæ сабитæ сагъæс, æхцондзинад зоныс.

7 кæсæг:Ныййарæг мады цæстытæн сæ тынтæ

Йæ цотæн сты кæддæриддæр фæндаг.

Йæ цæстытæй кад искæдбон ныййарæг

Нæ батавта, нæ барæвдыдта дæу,

Уæд зон, ды йын кæй аскъуыдтай йæ зарæг,

Æмæ йæ разы къулсæрæй æрлæуу.                                                  

                               

Рацыд чызг ирон дарæсы. Хъуысы «Ханты цагъд.»

Æз сылгоймаг, цардаразæг фарн дæн,

Кувут, лæгтæ, иууылдæр мæнæн.

Æз бæллиц дæн, дидинæджы тау  дæн,

Æз цъæх уалдзæг, цины зарæг дæн.

Æз æфсарм дæн, нуазæн дæн уæ къухы,

Æз хæдзары- мин бæркады фынг.

Æз æдзухдæр- уе мдзу царды дугъы,

Фарн- мæ дзырд, ныххуыссын кæны зынг.

Сисут, лæгтæ, баназут мæ кадæн,

Æз- уæ раттæг, уе стыр маст, уæ хур,

Æз уæ къухы бахъуаджы бон кард дæн,

Æз уæ фидæн, уе нхъæлцау бындур!

                              Чызджыты кафт.

Амонæг: Нæ равдыст кæронмæ æрхæццæ.Æхсызгон нын у, кæй нæм байхъуыстат. Уæ ныййарджытæ ма уын бирæ азты амондджынæй, æнæнизæй фæцæрæнт!Сымах та сын сæ хорздзинæдтæн аккаг аргъ куыд скæнат!

Ног фембæлдмæ!


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Литературон – музыкалон композици. «Нæртон хъæбул –ирон гени – Къоста!»

Хетæгкаты Къостайы цард æмæ сфæлдыстадмæ  æвзæрын  кæнын  цымыдис æмæ уарзондзинад.[[{"type":"media","view_mode":"media_large","fid":"7082448","attributes":{"alt":"","class":"media-imag...

Литературон - музыкалон композици «Сыгъзæрин фæззæг»

Нысантæ: 1.Скъоладзаутæм  гуырын кæнын уарзондзинад Райгуырæн бæстæмæ, сæ мадæлон æвзагмæ, фыдæлты истори æмæ культурæмæ, хъомыл cæ кæнын хуыздæр  миниуджытыл.2.Уарзын кæнын фæллой кæнын, фæ...

Литературон-музыкалон композици Темæ: «Ничи ферох, ницы ферох»(Плиты Грисы балладæ «Авд цухъхъа»-мæ гæсгæ.)

Лиетаратурно-музыкальная композиция посвящена теме Великой Отечественной войны. Баллада Гриша Плиева "Семь черкесок"....

Литературон-музыкалон композици «Нæртон фæткъуы – нæ мадæлон æвзаг»

Сценæ фæлгонцгонд у, ирон æвзаджы тыххæй ахуыргæндтæ цы загътой, уыцы фыстытæй....

Литературон- музыкалон мадзал "Ирыстон махан у на уазаг"

В данной  литературно- музыкальной композиции "Осетия - наш общий дом" говорится о том, что Осетия многонациональная республика. Здесь, в Осетии,  представители всех национальносте...

Литературон-музыкалон композици «О, ме взаг, о мӕ ахсджиаг…» (Методическая разработка)

Литературно-музыкальная композиция подготовлена с целью методической помощи  на праздник осетинского языка и письменности....

Литературон-музыкалон композици " Хæстæн мауал уæд йæ кой…"

Мæн фæнды, цæмæй мæ Ир, мæ бæстæСтъалытæм цымыдисæй кæса,Къаддæр уайой хæсты нывтæ цæсты.Рухсмæ фидæн рухс амонд хæсса....