Литературон-музыкалон композици " Хæстæн мауал уæд йæ кой…"
классный час (10 класс)

Козаева Фатима Ивановна

Мæн фæнды, цæмæй мæ Ир, мæ бæстæ

Стъалытæм цымыдисæй кæса,

Къаддæр уайой хæсты нывтæ цæсты.

Рухсмæ фидæн рухс амонд хæсса.

                               Гæджиты Георги

Скачать:

ВложениеРазмер
Microsoft Office document icon 555555555.doc51 КБ
Реклама
Онлайн-тренажёры музыкального слуха
Музыкальная академия

Теория музыки и у Упражнения на развитие музыкального слуха для учащихся музыкальных школ и колледжей

Современно, удобно, эффективно

Посмотреть >


Предварительный просмотр:

Мæн фæнды, цæмæй мæ Ир, мæ бæстæ

Стъалытæм цымыдисæй кæса,

Къаддæр уайой хæсты нывтæ цæсты.

Рухсмæ фидæн рухс амонд хæсса.

                               Гæджиты Георги

Левитаны хъæлæс.

Зарæг «Священная война». Презентаци слайдтимæ

1амонæг Карз хæст райдыдта… Арвæй ныццæлхъ  кодта тохы фыццаг гæрах, арвы цæлхъау нæргæ ацыд хæхты’ мæ быдырты.

   

2амонæг. 1941 аз 22 июны немыцаг фашисттæ æрбабырстой нæ бæстæм. Фехæлдтой адæмы сабыр цард. Адæм стырæй, чысылæй сыстадысты æцæгæлон тыхгæнджыты ныхмæ, сæ уарзон Рæйгуырæн бæстæ бахъахъхъæнынмæ. Адæмтæ ноджы æнгомдæр кæрæдзимæ æрбалæугæйæ ард бахордтой:

-Нæ туг фæстаг æртахы онг ныккалдзыстæм, уæддæр басæтдзыстæм знаджы.

1-аг  Гитлеры балбирæгътæ æнхъæл уыдысты, æмæ Уæрæсе дыууæ мæймæ дæрæнгонд æрцæудзæн. Фæлæ сæхи бæрзæйыл бавзæрстой нæ адæмы тых æмæ хъару.

2-аг.Хæст…Фыдыбæстæйы Стыр хæст…

Уыдис Фыдыбæстæ…Уыдис Стыр хæст…

Кæддæры  Стыр Фыдыбæстæйы адæмтæн иу уыд сæ цин æмæ уарзт, сæ мæт æмæ сагъæс…

Æмæ,  цыфыддæр знаг куы æрбабырста, уæд æппæтæн дæр иу уыд сæ мæт æмæ хъыг. Æмæ цыдысты Райгуырæн бæстæйы сæрвæлтау тохмæ.

1-аг.  Цыппар азы дæргъы Советон адæм фæцыдысты хæстон фæндæгтыл. Уымæн æмæ зæрдæйæ уарзтой, æцæгæй аргъ кодтой се стыр Фыдыбæстæн. Райгуырæн бæстæйы раз иу уыд сæ хæс- цыфыддæр знаг хъуамæ сас æрцæуа. Цагъары бæсты мæлæт.

2-аг 1418 (мин цыппарсæдæ æстдæс) боны æмæ æхсæвы. Иу бон иннæмæй карздæр, иу æхсæв иннæмæй тæссагдæр. Хъæбатырдзинады, лæгдзинады бонтæ уыдысты, уыдон.

Музыкæ æмæ æмдзæвгæ

1-аг О, иннæ адæмты æмрæнхъ æрлæууыдысты ирон адæм дæр. Уæндонæй ныззарыдысты тохы зарæг. Уымæн æмæ тохы зарæджы зæлтæ ирон лæг йæ мады æхсыримæ банкъары.

Тох ныккодта..

Айзæлыд Иры кæмтты тохы зарæг…

Цыдысты ирон адæм тохы быдырмæ, стыр Райгуырæн бæстæйы иу къуым уыд сæ чысыл Ирыстон.

2-аг Тох ныккодта…

Тохы зарæгимæ уайтагъд ралæгтæ сты зноны скъоладзаутæ æмæ цыдысты тохы цæхæрмæ. Тохы зарæг систой Иры поэттæ æмæ цыдысты хæсты цæхæрмæ- бирæтæ бархи, барвæндонæй. Уыдонимæ уыдысты Цæгæраты Максим, Гаглойты Фёдыр, Джусойты Нафи, Кочысаты Мухарбег, Плиты Грис,  Калоты Хазби æмæ æндæртæ.

1-аг. Цыдысты ацу æмæ ма ’рцуйы фæндагыл. Бирæтæ дзы царæфтыд баисты. Се’ нæ фыст зарджытæ  ахастой семæ.

Алы æмæ алы хъæлæстæй  систой иры поэттæ сæ зарджытæ, æмæ сæ рауад иу уацмыс- æрдхæрæны кадæг Уæлахизы кадæн. Уадз æмæ æнусон кадæг цæуа зæрдæйæ зæрдæмæ, фæлтæрæй фæлтæрмæ.

                          Скъоладзау: Дзугаты Георги «Сидт».

Цы фестут, нæ хъайтар, цæхæрцæст фæсивæд!

Нæ амондджын бæстæм æрбабырыд калм.

Цъæх арт ныл æндзары, нæ фæллой ыссивы,

Æгад нын куы кæны нæ дзыллæйы фарн.

Æтт, мардзæ, цæй размæ, æхсарджын хæстонтæ,

Уæ кæрдтæ уæ къухты ыскалæнт цæхæр!

Æрбалвасут тохмæ уæ хъалбæхты рохтæ,-

Нæ райгуырæн бæсты куы бахъуыди сæр!

 Дзадзати Хуысин « Размæ æмгæрттæ!

Залиаг калм марг таугæ æрбалæст,

Раст адæмæн тугуарæн кæны.

Судзы зæхх… Нæры дзыназы сау хæст,

Арвмæ пиллон здыхсгæйæ кæлы.

     Цом лæппутæ, калмы’взæгтæ сласæм!

У сæрибар не стырдæр хæзна.

Размæ, гъей, рæстдзинад уарзаг адæм,

Риза, уадз æмризæджы ызнаг.

Багаты Тембол «Хъæбулы ард»

Ызнаг бырсы…цъæх пилон калы зæхх.

Фæбур ис хъæд.Нæй кæрдæгыл æртах.

Арв дары сау, фæздæг ыл мигъау сбадт,

Æрцыд уæззау, тыхджын хæстæн йæ рад.

      Мæ Ир, мæ Ир, мæ хур, мæ зынаргъ мад,

Мæ ныфс, мæ бон, мæ зæрдæйы лæууæн

Ды схъомыл кодтай мæн, ды уарзтай мæн,

Ды мын лæвæрдтай алцæмæй дæр кад.

Дæ уарзтæн  нæй кæрон, Æз ныр-дæ фырт

Иры дзыллæйы фырт, дæттын дын дзырд,

Кæй хъахъхъæндзынæн дæу, мæ цард, мæ бон,

Мæ сырх туджы фæстаг æртæхы онг.

Тыджыты Ефим «Æфсæддон».

 Хъæбатыр, æндонриу, цæхæрцæст æфсæддон,

Дæ кадæй у кадджын нæ райгуырæн зæхх.

Кæд  бахъæуы тохы лæджыхъæд æвдисын,

Гъе уырдæм цæттæ дæ хæстифтонг дæ бæх.

Æхсæв æмæ бонæй ды хъахъхъæныс арæн,

Болат кард дæ къухты куы калы цæхæр.

Ды тоныс дæ риуæй цъæх- айнæг къæдзæхтæ,

Æзнæгтæн ды судзыс цъæх арты сæ сæр.

Хъæддагау дæ ныхмæ лæбурынц фыдгултæ,

Уæддæр ды дæ тохы æнæсæттон дæ.

О бузныг, æфсæддон! Дæ хъæбатыр тохæй

Æнæкæрон буц у нæ уарзон бæстæ.

1-аг Фашистон Герман Советон Цæдисмæ куы æрбабырста , уæд ирон адæмы нымæц уыдис æрмæстдæр 310 мины. Уыдонæй 1941 азæй 1945 азмæ райгуырæн бæстæ хъахъхъæнынмæ ацыдис 90 мин адæймаджы. 46 мин ирыстойнаджы фæмард сты тохы быдырты. 34 ирон лæгæн лæвæрд æрцыдис Советон Цæдисы Хъайтары кадджын ном.

Советон адæмты æхсæн, сæ нымæцмæ гæсгæ, уыйбæрц Хъайтартæ никæмæ разынди. Хæсты рæстæджы æмæ йæ хæдфæстæ ирæттæй 50-йæ фылдæр систы инæлартæ æмæ адмиралтæ.

 Фæлæ уыимæ æвæццæгæн ахæм зиантæ дæр иннæ адæмтæ нæ бавзæрстой. Нæ хуыздæр фæсивæдæн се’ мбисæй фылдæр фæхъуыдис.  Ирыстоны ахæм хæдзар, ахæм мыггаг нал баззадис, хæст стыр зиантæ     кæмæн не рхаста.

2-аг

Дзуарыхъæуы Гæздæнты хæдзарæй хæстмæ ацыдис авд лæппуйы. Сæ ныййарæджы размæ дзы иу дæр нал æрæздæхт. Иуылдæр хъæйтарæй знагимæ хæцгæйæ фæмард сты Сталинградæй,  нæ райгуырæн бæстæ стæй Европæйы адæмты фашизмæй сæрибар кæнгæйæ.

Уыимæ 2 хæдзарæй фесæфтысты 7-гай фырты, 16 хæдзарæй 6-гай фырты, 52 хæдзарæй та 5-гай фырты. Цыппæргай, æртыгай фырты кæмæй фæхъуыдис, ахæм ирон хæдзæрттæн нымæц дæр нæй.

1-аг  Ирыстоны æдзард хъæбултæ мыггагмæ баззадысты адæмы зæрдæты. Хæххон цæргæстæ сæхицæн æмæ нæ Ирыстонæн мыггагмæ ном скодтой, се’мбисонды æхсар æмæ лæгдзинадæй æмæ сыл ирон адæм кады зарджытæ дæр уымæн кæнынц.

2-аг Цас хъару уыд уыцы цæхæрцæст лæппуты ныййарджытæм, сæ сау гæххæттытæ сын куы истой, уæд. Цы фидар фæрстæ уыд Гæздæнты авд æфсымæры мадæн, йæ авд хъæбулæй иунæгдæр йæ къæсæрыл куы нæ уал æрлæууыд, уæд.Тынг бирæ сты, цæрæнбонты йæ цæссыгæй йæхи æхсгæйæ мады ном кадджынæй чи фæхаста, уыцы ныййарджытæ.

     

 Зарæг «Хæст куы фæци, уæд цымæ кæм стут?»

Ахуырдзау:

Банцад хæст.Ныссабыр и йæ хъæр…

Ферох сты хъæубæстæй сæ ристæ…

Уарзон чызджы ракуырдта æндæр,

Буц хотæ ызнон сæ саутæ систой.

Фæлæ мад, ныййарæг мад, уæддæр

Не΄ ууæнды йæ хъæбулы мæлæтыл,

Не΄ ууæнды  уый писырты гæххæттыл,

Не΄ ууæнды, кæй банцад тохы хъæр,

Бирæ΄ хсæвты не рцъынд кæны цæст,

Иу бон дæр æнæ кæугæ нæ фæци

А дунейыл раджы банцад хæст,

Фæлæ мадæн хæст нырма нæ фæци.

1-аг  Ирыстоны хæстрыстзæрдæ ныййарæг

Йæ сæфт хъæбултæй бæлццæты фæфæрсы,

Нæма банцад йæ судзгæ-дудгæ хъарæг,

Æмæ йæ цæссыг бæрзытæй лæдæрсы.

Скъоладзау: Хъайтыхъты Геор «Саударæг ус».

Тагъд дон нæ кæны йæ зарынæй хъус…

Сау Хох цы ран каст нæ фæзтæм,-

Рацæуы, рацæуы саударæг ус

Уыцы ран арæх йæ фырттæм.

Зæрдæ нæ кæны йæ хъæбултæй цух,-

Алы бон семæ фæдзуры…

Авæры дурыл ныййарæг йæ къух,

Цæстысыг рустыл æртулы.

Бафыстой Хæцæны фырттæ сæ хæс,-

Райстой сæ гæрзтæ сæ рады,

Загътой сæ мадæн: «Æнхъæлмæ нæм кæс…»

Фæлæ фæсайдтой сæ мады!..

Скæсы мад хохы΄рдæм: дары мигъ сау-

Банкъард и мады æнкъардмæ!..

Афæрсы хинымæр мад йæхи: «Ау,

Иу сæ куыд нæ ссыд йæ мадмæ?»

Дурмæ ныккæсы, цыма уымæн дур,

Сау дур æмбары йæ сагъæс!-

Дзур, дам, мын истытæ, мæнæ цырт, дзур,

Ме΄фсæддон, дурæй мæм ракæс!..

Зарæгъ «Хърихъуппытæ»

Фæкæсы-иу мæм хатт, æмæ хæстонтæ,

Рæстаг тохæй куы не ‘рыздæхынц, уæд,
Нæ сау зæхмæ нæ ацæуынц бынтондæр –
Цъæх-цъæхид арвы байсæфы сæ фæд.
Нырыонг уыдон уыцы раг замантæй
Тæхынц æмæ нæм дзурынц арвæй дард, –
Уæдæ цæмæн, æрвон тыгъдадмæ скастæй
Нæ зæрдæ свæййы мадзура, æнкъард
Тæхынц, тæхынц уæлæрвты уыдон, мигъты

Тæхынц фæлладæй, хур дæр къул кæны,
Зыны мæм се ‘хсæн иу бынат афтидæй, –
Æвæццæгæн, æнхъæлмæ мæм кæсы.
Æрцæудзæн бон – раст уариау сæ цурты,
Тæхдзынæн æз изæрмилты хæрдмæ,
Мæ цардыл мæт нæ кæндзынæн æз мур дæр,
Сымахмæ арвæй маргъы хъæр кæнгæ.

Фæкæсы-иу мæм хатт, æмæ хæстонтæ,
Рæстаг тохæй куы не ‘рыздæхынц, уæд,
Нæ сау зæхмæ нæ ацæуынц бынтондæр –
Цъæх-цъæхид арвы байсæфы сæ фæд.
 Зарæг «День победы»  Презентаци слайдтимæ.

1-аг Алы аз 9-æм майы Советон адæмæн вæййы стыр бæрæгбон. Стыр Уæлахизы бон, æрхастой нын æй Фыдыбæстæйы кад сæ риутæй чи бахъахъхъæдта, уыцы буц хистæртæ. Уыдон абоны царды сæрвæлтау удуæлдай тох кодтой знаджы ныхмæ.

2-аг Æнусон кад æмæ намыс Райгуырæн бæстæйы сæраппонд йæ цард æвгъау чи нæ кодта,уыдонæн. Махæй хъуамæ рох макуы уа, цы стыр хорзæхы нын бацыдысты нæ кадджын хистæртæ, уый. Мах та сын хъуамæ уæм сæрыстыр кæмæй уой, бахъуаджы сахат сæ зæрдæ кæуыл дарой, ахæм аккаг кæстæртæ.

9 май у амондджын бæрæгбон махæн, фæлæ нæ хистæртæм алыхуызон æнкъарæнтæ гуырын кæны ацы бæрæгбон, уымæн æмæ сын абоны амонды бон æгæр зынаргъ сыстади, сæ тугæй æлхæд æрцыди.

Киноныв «Ветераны»-йæ скъуыддзаг

Литературон-музыкалон композици

Хæстæн мауал уæд йæ кой…

Бацæттæ кодта ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Козаты Ф.И.

2019 аз


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Литературон – музыкалон композици. «Нæртон хъæбул –ирон гени – Къоста!»

Хетæгкаты Къостайы цард æмæ сфæлдыстадмæ  æвзæрын  кæнын  цымыдис æмæ уарзондзинад.[[{"type":"media","view_mode":"media_large","fid":"7082448","attributes":{"alt":"","class":"media-imag...

Литературон-музыкалон композици «Цы ис ныййарæгæй зынаргьдæр?»

Сывæллæтты  зæрдæты æвзæрын кæнын ныййарæг мадмæ æхсидгæ уарзт, цæмæй архайой  хуыздæр уæвыныл алы хъуыддаджы дæр:æгъдауы, ахуыры, æрвылбон царды....

Литературон - музыкалон композици «Сыгъзæрин фæззæг»

Нысантæ: 1.Скъоладзаутæм  гуырын кæнын уарзондзинад Райгуырæн бæстæмæ, сæ мадæлон æвзагмæ, фыдæлты истори æмæ культурæмæ, хъомыл cæ кæнын хуыздæр  миниуджытыл.2.Уарзын кæнын фæллой кæнын, фæ...

Литературон-музыкалон композици Темæ: «Ничи ферох, ницы ферох»(Плиты Грисы балладæ «Авд цухъхъа»-мæ гæсгæ.)

Лиетаратурно-музыкальная композиция посвящена теме Великой Отечественной войны. Баллада Гриша Плиева "Семь черкесок"....

Литературон-музыкалон композици «Нæртон фæткъуы – нæ мадæлон æвзаг»

Сценæ фæлгонцгонд у, ирон æвзаджы тыххæй ахуыргæндтæ цы загътой, уыцы фыстытæй....

Литературон- музыкалон мадзал "Ирыстон махан у на уазаг"

В данной  литературно- музыкальной композиции "Осетия - наш общий дом" говорится о том, что Осетия многонациональная республика. Здесь, в Осетии,  представители всех национальносте...

Литературон-музыкалон композици «О, ме взаг, о мӕ ахсджиаг…» (Методическая разработка)

Литературно-музыкальная композиция подготовлена с целью методической помощи  на праздник осетинского языка и письменности....