Литературон – музыкалон композици. «Нæртон хъæбул –ирон гени – Къоста!»
классный час (6 класс) по теме

Козаева Фатима Ивановна

Хетæгкаты Къостайы цард æмæ сфæлдыстадмæ  æвзæрын  кæнын  цымыдис æмæ уарзондзинад.

Скачать:

ВложениеРазмер
Microsoft Office document icon kosta.doc565.5 КБ
Реклама
Онлайн-тренажёры музыкального слуха
Музыкальная академия

Теория музыки и у Упражнения на развитие музыкального слуха для учащихся музыкальных школ и колледжей

Современно, удобно, эффективно

Посмотреть >


Предварительный просмотр:

                                 

Литературон – музыкалон композици.

                                         

Нысан æмæ хæстæ:

1. Хетæгкаты Къостайы цард æмæ сфæлдыстадмæ  æвзæрын  кæнын  цымыдис æмæ уарзондзинад.  

2. Райгуырæн бæстæ уарзын, адæмыл аудын, царды æппæт фæзилæнты дæр уæздан уæвын-алы адæймагæн дæр царды сæйраг  хæстæ.

3. Къостайы тыххæй нæ фысджытæ цы уацмыстæ ныффыстой, уыдонимæ ахуырдзауты зонгæ кæнын.

3. Ахуыргæнинæгты зæрдæты æвзæрын кæнын уарзондзинад ирон аив дзырдмæ,ирон аивадмæ.  

             

                        Сценæйы фæлгонц:

1. Къостайы  портрет.          

2. Рагон стъол, фыссæн сис, бандон.

3. «Ирон фæндыр»-ы  макет.

4. Къулы газеттæ, плакаттæ.

5. Магнитофон, компьютерон проектор.  

Хъисын фæндыры цагъд хъуысы.

 

                    1 кæсæг:  Сыгъзæрин фест, бæркадхæссæг фæззæг,

Æз дæу æппындæр ницæимæ барын…

Ды Ирæн   радтай зæдыхуызæн лæг-

Нæртон хъæбул-ирон гени-Къостайы!

Æрттив, ыстъалы, зонды суадон-уаз!

Нæ удты ' ртауы уæд æдзух дæ сагъæс,

Ирон хъуыддæгты, рухс фæндты-ахъаз.

Къостайы Кад, тъымы-тъыматæм аххæсс!!!

1 амонæг:  Уæ бон хорз! Абон мах бæрæг кæнæм ирон аив литературæ æмæ литературон æвзагæн бындур чи сæвæрдта, хæххон мæгуыр фæллойгæнæг адæмы сæрвæлтау сау айнæджы рындзыл мыдадзы цырагъау чи басыгъд, уыцы сæрибаруарзæг Къостайы райгуырæн бон.

                                            (Хъуысы  хъисын фæндыры цагъд.)

2 амонæг:   Нары хъæуы диссаджы æрдзы нывтæ, бæрзонд æмæ айнæг къæдзæхтæ, дидинæгджын уыгæрдæнтæ æмæ армы тъæпæныйас хуымы гæппæлтæ, зæлланггæнаг æхсæрдзæнтæ æмæ фыцгæ дæтты хæл-хæл, даргъ зымæгон æхсæвтæ æмæ зæйты зæрдæхалæн къуыззитт, сидзæрты æнæбон хъарæг æмæ сабиты кæуын… Къоста ма саби уыди, афтæ сæ арф бавæрдта йе'взонг зæрдæйы.

                                            (Хъуысы зарæг «Ныййарæгай амонд»-ы мелоди)

3 амонæг:   Мады рæвдыд, мады фæлмæн ныхас… Чи сæ кæд бафсæст? Чи сæ ферох кодта йæ амæлæты бонмæ? Фæлæ йæ мады иу хатт дæр чи нæ федта, мад иу хатт дæр авдæны кæй нæ ауызта, уыдон та? Æвæццæгæн, уыдоны зæрдæты баззайынц, цæргæ-цæрæнбонты чи нæ байгас вæййы, ахæм хъæдгæмттæ. Уыдонæй уыд Къоста дæр.

                                              (Чызджыты къорд зарынц «Ныййарæгай амонд»)

                                        Рацыди Чендзе, йæ къухы-сывæллон.

    Ныккъæдзтæ мæ бæллицты адаг,

Фырмæстæй ныуурс и мæ сæр,

Фыдыусы ном мыл куы сбада,

Куыд тарстæн æз уымæй кæддæр.

Фæлæ мын Леуаны сывæллон

Æрхаста мæхи фырты ад.

Æнæ мæн уый-сидзæр сыд бæлон,

Мæнимæ-лæджы бындзæфхад.

Нæ йын уыдзæн фидæнмæ афтæн,

Куы нæ уон йæ цалхæн фæндаг,

Мæ армы тъæпæнтæ- йæ авдæн,

Мæ риуыл ын-рухсмæ фæндаг.

Мæхимæ ма ахæм хæс райстон,

Æфхæрд дæн, æссæст дæн, уæддæр

Æз уымæй куыд саразон райсом

Йæхи хуызæн сидзæрты сæр.

Æнустæм æй дардзынæн мастæн,

Æлгъыстаг фæуыдзæн мæ цард,-

Къостайæ куы не 'скæнон райсом

Ирыстонæн кард æмæ уард.

(Ацыд)

Амонæг:   Чендзе равдыста стыр хъару æмæ ныфс, æнахъом сабийы йæхимæ куы райста, уæд. Йæхи сывæллонау барæвдыдта сидзæр сабийы. Ирон адæмы астæу йæ ном кадджынæй цæры абон дæр.

Кæсæг:     Æмдзæвгæ «Чи дæ» - йæ скъуыддзаг:

Æз райгуырдтæн хохы…

Нæ хъæдкъул ыскъæт,-

Ныр дæр мæ нæу рохы,-

Æвгъæддон уыд уæд…

Рæстмæйы хъуыддагæн

Сыгъдæгдæр ран хъуыд,

Фæлæ дзы мæ мадæн

Хуыздæр ран нæ уыд.

                                                                 

Æлгъыстæн мын баззад…

Тæрсын дзы ныр дæр…

Рынчынæн «æгæссад

Дæ уæд» зæгъ, æндæр

Йæ бахъуыд-сахатæн

Мæгуыры бон циу?-

Нæ фæци мæ мадæн

Нæ файнуст, нæ тиу.

Нæ йæм уыд фæкæсæг…

Йæ мой йæм кæм бадт!-

Æмæ йæ фыдвæззæг

Фæкодта мæ мад.

Мæн иу ус фæхаста…

Сывæллонахуыр,

Йæ дзидзи нæ ласта

Мæ дзыхæй, мæгуыр.

Куыд фæрæзта, уыйас-

Æппæтæй дæр фаг!

Фæцардтæн æм иу аз,

Фæдæн æм дыггаг.

Фæхъомыл дæн афтæ,-

Æдæрсгæ цыдтæн…

Кæм заргæ, кæм кафгæ

Æмбырдтыл зылдтæн…

Хъуысы зараг «Додой»

Рацыд Къоста.

А дунемæ фæззæджы фæзындтæн,

О, фæлæ цæмæн хъуыдтæн, цæмæн?

А зæххыл цыппор азы фæзылдтæн,

Чи батавта, хуры тынау, мæн?

Загътон, зæгъгæ, Ир уыдзæн мæ цæрæн,

О, фæлæ та асайдтон мæхи.

Нал иу уыдтæн мæстытæй мæ сæрæн,

Ехх, хъысмæт, фæлдурæджджын дæ, хин…

Чи цæудзæн мæ къахы фæдтыл дарддæр?

Чи хæсдзæн поэты ном бæрзонд?

Æз кæддæрид Иры рисæй цардтæн,

Æз уыдтæн мæ Рухс Ирæн нывонд.

Фæлæ йын нæ банкъардтон йæ рæвдыд,

Сатæг уæлдæф разынди æнуд.

Мæн уæддæр йæ хъæбысмæ æрфæндыд,

Уарзтæнхъæлæй батади мæ уд…

А дунемæ иугæр кæд фæзындтæн,

Уæд хуыцау цæмæн бафхæрдта мæн?

Æз йæ фæстæ амондæн фæзылдтæн,

Уый та мæм нæ бахудти фæлмæн…

(Къоста стъолы уæлхъус æрбадт. Ныссагъæс.)

Рацыд æфсæддоны дарæсы Леуан. Къоста сыстад, бацыд йæ цурмæ. Леуан Къостамæ кæсгæйæ дзуры:

Мæ сидзæр хъæбул, ме стыр ныфс, мæ фидæн.

Дæ хъысмæтыл æрсагъæс кæн чысыл.

Æндæр фæндаг куы равзарис дæхицæн,

Уæд атулид дæ царды цалх нывыл.

Дæ чингуытæ ныхъхъоды кæ æмбойны,

Дæ фыссæн сисы ферох кæн, ныссæтт,

Хъæбысæй хæцын арсима кæй бон у,-

Ныссæнддзæн дæ, фæуыдзынæ фыдвæд.

Фæлтау, мæ хъæбул, сæххæст кæ мæ фæндон:

Нæ тугцъиртимæ иу æвзаг ыссар;

Кæйдæр фыдæнæн семæ скæ æмдзæхдон,

Сæ зарæг сын сæ уæрдæтты ныззар!

Уый, чи зоны, мæ феххуыс уа мæнæн дæр,

Æрхæсса мын уæлдæр цин æмæ кад,

Кæннод мæ риуы судздзæни фыд цæхæр,

Дыккаг мард кæндзæн ног мардæй дæ мад.

Мæ цæсты рухс, мæ царды ныфс, мæ фидæн,

Дæ хъысмæтыл æрсагъæс кæ бæстон.

Куы равзарис æндæр фæндаг дæхицæн,

Уæд царды дæр фылдæр уаид дæ бон.

  Къоста:       Мæ судзгæ маст ныццæндтæ и мæ риуы,

Мæ хъысмæт ыл æнусмæ баст фæуæд!

Кæд адæмы знаг не стыр хох Хъæриу  у,

Дæндагæй дæр æй бахсындзынæн уæд.

Æз не знагтимæ ̀̀хсаргардæй нæ хъазын,

Сæ джебохтæй тыхджындæр у мæ сис.

Куы нал хъусон сидзæрты дзыназын,

Мæ зæрдæйы уæд батайдзæн йæ рис.

Куы рацæуа мæ Ирыстоныл хур-зæй,

Куы фесæфой хæрамдзинад, тыхми.

Йæ цæсты бынтæ мад куы хæсса хусæй,

Уæд амондджын лæг хондзынæн мæхи.

Ызнагимæ та чердæм уон æмдзæхдон,

Сæнтурс цы у, куыд загъон уымæй сау?!

Æнгом чырын мын фестдзæни сæ уæрдон,

Дæхи къухтæй мæ амар гъа, фæлтау!

Нæ сидзæртæм куы кæсон афтæ дарддæр,

Сæ гом фæрстыл куы нæуал уа мæ мæт,

Мæ тызмæг фыд,дæхæдæг дæр,мæ мад дæр

Мæрдты бæсты дыккаг мард кæнут уæд.

Мæ Иры маст у фурды йас мæ риуы,

Йæ алфамблай-цæсты сыгæй фæлгæт,

Фыдæхгæнæг ын кæд нæ хох Хъæриу у,

Мæ дæндагæй йæ бахсындзынæн уæд!

 

1 амонæг:  Къостайы зæрдæ рыст йе фхæрд адæмыл,йæ уарзон Ирыстоныл.Йæ мæт,йæ сагъæс уыд æрмæст йæ адæмы фидæн.Йæ райгуырæн зæххимæ зæрдæйы тæгтæй баст кæй у,уымæй цæуынц йе сфæлдыстады адæмон уидæгтæ,уымæн вæййы куы мады къухау фæлмæн æмæ рæвдауаг,куы тар æхсæвау æрхуым æмæ æнкъард,фæдисау зæлланггæнаг.

   Чызджыты къорд зарынц «Додой»

Къоста бады стъолы уæлхъус,фыссæн сисæй фыссы æмæ дзуры:

Æз мæ дзырдтæй сæудæджер никуы кодтон,мæ фыстытæй иу рæнхъæн дæр æхца никуы никæмæй райстон æмæ фысгæ дæр,фыссон æмæ мыхуыр кæнон,зæгъгæ,ахæм зондæй нæ кæнын,бирæтæ куыд кæнынц,афтæНæ!Ахæм фыстæн мæ йæ кад дæр нæ хъæуы æмæ йæ пайда дæр. Æз фыссын,мæ зæрдæйы уромын цы нал фæфæразын,уый.

 

Кæсæг: æмдзæвгæ «Катай»

2 амонæг: Къоста уыди парахат зæрдæйы хицау.æрмæст ирон адæмы сагъæс нæ кодта.Йæ царды фæндæгтæ йæ акодтой бирæ адæмы хæттытæм, æмæ-иу кæддæриддæр  сæмбæлд мæгуыр æмæ хъæздыг адæмыл,раст æмæ зылыныл æмæ сси интернационалист.Уый уыд адæмы æхсæн хæлардзинад уадфидиуæг,адæмы сæрыл æгъатыр æмæ æвæллайгæ тохгæнæг,мæгуырты сæрхъуызой….

Кæсæг: æмдзæвгæ «Я не пророк»

 

1 амонæг: Къостайæн,хъыгагæн,нæ уыдис бинонтæ.Кæд ын зонгæ чызджытæ уыдис,уæддæр йæ цард арвыста иунæгæй.Къостайы уарзон чызг Цæлыккаты Аннæ нæ бамбæрста поэты уарзондзинад.Кæд Къоста æмбæрста,Аннæ йæм хæлары цæстæй кæсы,уæддæр æм йæ писмоты æдзух фыста йе стыр уарзондзинады тыххæй.

Къоста:

Æз уарзгæ кæнын æмæ мæ уымæ гæсгæ фæнды, уымæ гæсгæ æз домын, цæмæй уыцы уарзон адæймаг æппынæдзух мемæ уа, алы сахат,алы минут йæ уындæй мæхи рæвдауон.

Ард хæрын,дæ хъуыдытæ мын æргомæй куы зæгъай, уæд цыфæнды зын бауромæн куы уой, уæддæр дæ бузныгæй уæлдай хъаст  нæ ракæндзынæн.

Баууæнд мыл, æз мæхæдæг цы дæн,уый хорз зонын. Ницы мын бахай кодта хъысмæт: нæдæр æрыгондзинад,нæдæр бæллиццаг карьерæ. Мæгуыр ирон кусæг лæг уæвгæйæ,æз ахæм къахдзæф акæнынмæ мæ ныфс æрмæстдæр уымæн хæссын, æмæ æнæкæрон бирæ уарзын дæу,-мæхи хуызæн мæгуыр,фæллойгæнæг ирон сылгоймаджы.

Æмдзæвгæтæ  «Благодарю тебя за искреннее слово»,  «Ты вправе смеяться».

Зарæг «Мæ хуры  хай»

2 амонæг: Къоста йæхи хуызæн æмтохгæнæг сылгоймагыл нæ сæмбæлд,кæд æмæ сæйрагдæр аххосаг йæхæдæг уыдта йæ материалон уавæры.

Къоста:Главная причина,конечно,моя материальная необеспеченность. «Найти охотницу делить со мною такую участь, нелегко».

Æмдзæвгæ «Расстаться не трудно»

1 амонæг:    Къоста царды тæккæ бæрзонддæр æвæрдта адæмы уарзын,кусын,рæстдзинад агурын.

Къоста: Ехх, Аннæ Александровна! Дæуæн циу? Ды нырма æрыгон дæ,цардбæллон, дæ тæккæ тыхыл. Ды нырма нæма зоныс, адæймаджы цæсгом æмæ царды æцæгдзинаад куыд фæныхæвæрд вæййынц, уый. Æз дæм хæлæг кæнын. Додойаг дæ сæр, миййаг, уыцы хæларзæрдæ æмæ курдиатыл царды мæнгарддзинæдтæ куы фæуæлахиз уой, уæд.æнæкæрон уарзтæй уарз адæмы æмæ кусын.Сахуыр кæн ууыл дæхи, æмæ уæд дæуæй амондджындæр ничи уыдзæн зæххыл. (Къоста ацыд)

Поэмæ «Фатимæ»- йæ скъуыддзаг.

2 амонæг: Адæмы уарзын Къостайæн уыд йæ царды нысан æмæ йæм цыд йæ царды фæстаг бонтæм.Уымæн нæу рох Къоста  Иры дзыллæйæ,йæ цард кæмæн не вгъау кодта, уыцы адæмæй.

Зарæггæнджытæ зарынц «Æнæ хай»

1 амонæг: Диссаг рауайы иуæй – иу адæймаджы хъысмæт! Нæ бауагъта Къостайы йæ мæсыг самайын, йæ уарзон чызджы æрхæссын, йе скъола райгом кæнын.æгæр цыбыр уыд йæ цард,æгæр тагъд ахуыссыд йæ цæсты рухс.

 2 амонæг: Фæлæ йæ зæрдæйы цы рухс сыгъд, уый,цалынмæ зæххыл ирон адæймаг цæра, уæдмæ рухс кæндзæн амонд æмæ фæрнæйдзаг бæстæмæ фæндаг.

3 амонæг: Йæ уд чи суæлдай кодта мæгуыр адæмы сæрибардзинадæн,уымæн нæй мæлæт,зæгъгæ,фæзæгъынц. Уымæн вæййы æрмæстдæр райгуырæн бон.Ахæм кадджын бон ссис Къостайы райгуырæн бон-15октябрь!

 Кæсæг:Къоста,Къоста,Ирыстоны кад,

Ирон æвзаджы цæстуынгæ бæркад,

Дæ зарæг ногæй нæ хъустыл ауад,

Дæ ныфс фæлтæртæн дæнцæгæн баззад.

Къоста,Къоста,нæ Иры стъалы,

Мæйдар æхсæв дæр цæхæртæ калы.

Дæ ирон фæндыр-не стырдæр хæзна,

Дзыллæты фарнæн бонногдæр кæна.

Къоста,Къоста,нæ Иры намыс,.                                                                                                                              Адæмты ныр дæр дисы æфтауыс,

Дæ зарæг кæмтты æдзух нæрдзæни,

Дæ ном æнустæм немæ цæрдзæни!

Æппæт архайджытæ дæр сценæмæ рацыдысты,астæуæй-Къоста.

Кæсæг:Къоста-нæ кад æмæ нæ зарæг,-

Нæ цинтæй никуы уыдзæн цух!

Цæрдзæн Ирыстоны зынаргъ лæг

Зæххыл йæ зарæгау æдзух!

Архайджытæ иумæ дзурынц «Балцы зарæг»

Кæрон.

 


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Литературон-музыкалон композици «Цы ис ныййарæгæй зынаргьдæр?»

Сывæллæтты  зæрдæты æвзæрын кæнын ныййарæг мадмæ æхсидгæ уарзт, цæмæй архайой  хуыздæр уæвыныл алы хъуыддаджы дæр:æгъдауы, ахуыры, æрвылбон царды....

Литературон - музыкалон композици «Сыгъзæрин фæззæг»

Нысантæ: 1.Скъоладзаутæм  гуырын кæнын уарзондзинад Райгуырæн бæстæмæ, сæ мадæлон æвзагмæ, фыдæлты истори æмæ культурæмæ, хъомыл cæ кæнын хуыздæр  миниуджытыл.2.Уарзын кæнын фæллой кæнын, фæ...

Литературон-музыкалон композици Темæ: «Ничи ферох, ницы ферох»(Плиты Грисы балладæ «Авд цухъхъа»-мæ гæсгæ.)

Лиетаратурно-музыкальная композиция посвящена теме Великой Отечественной войны. Баллада Гриша Плиева "Семь черкесок"....

Литературон-музыкалон композици «Нæртон фæткъуы – нæ мадæлон æвзаг»

Сценæ фæлгонцгонд у, ирон æвзаджы тыххæй ахуыргæндтæ цы загътой, уыцы фыстытæй....

Литературон- музыкалон мадзал "Ирыстон махан у на уазаг"

В данной  литературно- музыкальной композиции "Осетия - наш общий дом" говорится о том, что Осетия многонациональная республика. Здесь, в Осетии,  представители всех национальносте...

Литературон-музыкалон композици «О, ме взаг, о мӕ ахсджиаг…» (Методическая разработка)

Литературно-музыкальная композиция подготовлена с целью методической помощи  на праздник осетинского языка и письменности....

Литературон-музыкалон композици " Хæстæн мауал уæд йæ кой…"

Мæн фæнды, цæмæй мæ Ир, мæ бæстæСтъалытæм цымыдисæй кæса,Къаддæр уайой хæсты нывтæ цæсты.Рухсмæ фидæн рухс амонд хæсса....