Литературон - музыкалон композици «Сыгъзæрин фæззæг»
методическая разработка (5 класс) по теме

Нысантæ:

1.Скъоладзаутæм  гуырын кæнын уарзондзинад Райгуырæн бæстæмæ, сæ мадæлон æвзагмæ, фыдæлты истори æмæ культурæмæ, хъомыл cæ кæнын хуыздæр  миниуджытыл.

2.Уарзын кæнын фæллой кæнын, фæллойгæнæг адæмæн та кад кæнын.

3. Ирон адæмы уарзондæр бæрæгбон Джеоргуыбайымæ  зонгæ кæнын скъоладзауты.

4.Ахуырдзауты æргом тынгдæр раздахын фæсурокты хъомыладон   куыстмæ, ахуыр сæ кæнын цыргъзондæмæ сæрæн уæвын, адæмон сфæлдыстады хъæздыг æвæрæнтæй арæхстджынæй

пайда кæнын.

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл fazzag.docx23.5 КБ
Реклама
Онлайн-тренажёры музыкального слуха
Музыкальная академия

Теория музыки и у Упражнения на развитие музыкального слуха для учащихся музыкальных школ и колледжей

Современно, удобно, эффективно

Посмотреть >


Предварительный просмотр:

«Фæззæджы цинтæ»

Нысантæ:

1.Скъоладзаутæм  гуырын кæнын уарзондзинад Райгуырæн бæстæмæ, сæ мадæлон æвзагмæ, фыдæлты истори æмæ культурæмæ, хъомыл cæ кæнын хуыздæр  миниуджытыл.

2.Уарзын кæнын фæллой кæнын, фæллойгæнæг адæмæн та кад кæнын.

3. Ирон адæмы уарзондæр бæрæгбон Джеоргуыбайымæ  зонгæ кæнын скъоладзауты.

4.Ахуырдзауты æргом тынгдæр раздахын фæсурокты хъомыладон                                                                                                    куыстмæ, ахуыр сæ кæнын цыргъзондæмæ сæрæн уæвын, адæмон сфæлдыстады хъæздыг æвæрæнтæй арæхстджынæй

пайда кæнын.

Библиотекæйы зал аивгонд у фæззæджы миниуджытæй: дидинджытæ,алыхуызон сыфтæ, къулы газеттæ,чыргъæдты адæмы фæззæджы фæллой.Музыкæ. Ирон зарæгæй байгом  бæрæгбон.

1-аг амонӕг.- Уӕ бон хорз, нӕ зынаргъ уазджытӕ!

2-аг амонӕг.- Ӕгас нӕм цӕут, нӕ буц хистӕртӕ.  Арфӕ уын кӕнӕм  нӕ иугӕнæг бӕрӕгбоны  фӕдыл. Рӕсугъд ӕмӕ уыл хъӕлдзӕг бӕрӕгбонтӕ цӕуӕд, æмæ уæ йӕ хорзӕх  уӕд.

1-аг амонӕг.- Фыдыбæстæ мах хонæм нæ бæстæ, уымæн æмæ ам цардысты нæ фыдæлтæ, стæй уыдон фыдæлтæ дæр.

Райгуырæн бæстæ та йæ хонæм уымæн, æмæ мах райгуырдыстæм ацы зæххыл, ам дзурынц нæхи, мадæлон æвзагыл. Фæхонынц ма йæ Мад дæр. Уымæн æмæ ныййарæг мадау уый схæссы йæ хъæбулты, ницы сын бавгъау кæны. Зын æмæ тыхст сахат та сыл ауды, хъахъхъæны сæ ныййарæгау. Æвæццæгæн уымæн мады фæлгонц æмæ йын райгуырæн бæстæ уымæн иу сты…

Фæдзурынц, адæймаг тæхæг маргъау иу ран нæ лæууы. Сайынц æй сæхимæ æндæр бæстæмæ, æндæр зæххытæ. Фæлæ кæм фæнды куы уа, уæддæр фæтырны Йæ райгуырæн бæстæмæ, йæ ныййарæг мадмæ.

Ирон адæм сæхи фыды номæй фæамонынц. Æмæ куыд æхсызгон вæййы хи амонын, кадджын фыды фырт куы уай, уæд. Афтæ нæ фыдæлтæй, не'гъдæуттæй,нæ бæрæгбонтæй  мах стæм сæрыстыр.Бӕрӕгбонӕн йӕ ном йӕ уӕлӕ ис- иннӕ бонтӕй хицӕн кӕны, бӕрӕг дары. Ацы бонты хъуамæ  алы ирон дæр бæрæг дара йе гъдауæй, йе сныхасæй æмæ дзаумайы кондæй дæр.

2-аг амонæг.- Фæззæджы адæм байдзаг  кæнынц сæ къæбицтæ. Алы хæдзар дæр дзаг вæййы фæззæджы бæркæдтæй. Раст ацы афон Ирыстоны алы хæдзары дæр зæрдиагæй скувынц Лæгты Дзуармæ.  

 1-аг амонæг.-  Абон бæрæгбонмæ æрбахуыдтам  

Стыр ныхасы уæнг

Ныхасы бар уазæгæн

(скъоладзаутæн радзырдта ирон бæрæгбон Джеоргуыбайы тыххæй.

Арфæ ракодта.)

2-аг амонæг.- Бæрæгбон фидауы кафт,зард æмæ хъæлддзæгдзинадæй. Уæдæ барæсугъд кæнæм мах дæр нæ бæрæгбон. Абоны бонмæ сæхи тынг цæттæ кодтой ахуырдзаутæ. Ныртæккæ уын равдисдзысты,  куыд саив кодтой сæ уæлæдарæс фæззæджы фæлыстæй.

2-аг амонæг. Уæ хорзæхæй, тыхджын къухæмдзæгъдæй сыл амбæлут! /Музыкæ  хъуысы æмæ сценæмæ хизынц архайджытӕ радыгай, æвдисынц модæтæ/. Сæ дзаумæттæ аивгонд сты æрдзы лæвæрттæй: алыхуызон фӕззыгон  сыфтӕй, дидинджытæй,гагадыргътæй.(Къамисы уæнгтæ æвзарынц хуыздæр, аивдæр æмæ цымыдисагдæр дзаумæ кæуыл ис, уыцы чызджы æмæ лæппуйы. Уыдон систы Фæззæджы чызг æмæ Фӕззӕджы лæппу.)

(Ахуырдзаутæ дзурынц æмдзæвгæтæ)

          Кочысаты Мухарбег

«Фæззæджы нывтæй»

        Фæззæг ралæууыд йæ рады,

Бон фæлладхуызæй кæсы.

Дымгæ сау мигъты цæгатæй

Хуссармæ хæссы.

Дон ныссабыр и,ыстæнæг,

Комæй нал хъуысы йæ сидт.

Халас быдыртыл хæрз тæнæг

Байтауы æвзист

Хъæд йæ бур сыфтæр ызгъалы,

Хъæды булæмæргъ ныхъхъыс,

Кæрдæг бур-бурид зæлдагау

Къуылдымтыл ныххус

Фæлæ акæс,хуымтæ – райдзаст,

Хуымтæ – сой æмæ бæркад,

Фынг бæрæчет уыдзæн ац  аз.

Хъæлдзæг та – нæ цард.

Цæрукъаты Алыксандр

«Бæркадджын фæззæг»

        Зæхх фæхалас,бон фæцыбыр.

Доны тыртты мигъ ныббадт.

Хъулон – мулон дары быдыр,

Радта цæстæн сойы ад.

Ласынц бæхтæ,машинæтæ

Хуымтæй къутутæм нартхор.

Хъæумæ тулынц дзаг уæрдæттæ,-

Уарынц фæллойбонтæм хор.

Хъазгæ бацыд цард йæ тынгмæ,

Быркуыдонтæ нозтæй – дзаг.

Хæдзæрттæй æнхъæвзы уынгмæ

Физонæджы хус ысмаг.

Хетæгкаты Къоста

«Фæззæг»

Æхсæлы  ызгъæлы,

Лæджирттæг фæбур…

Мигъ бады цæгаты,-

Нæ йæ тавы хур…

Æркарстам, æрластам

Нæ хортæ,нæ хос…

Чи кусы йæ муссы,

Чи лвыны йæ фос…

Хор бирæ,фос бирæ

Хуыцауы фæрцы…

Нæ хохбæсты бæркад,

Цы диссаг дæ,цы!...

(Азарын зарæг)

 «Фæззæг Ирыстоны».

Фæззæг æрцыди Ирыстонмæ,

Бакæсут-ма йын йæ исбонмæ.

Райсут-ма,лæппутæ ,чыргъæдтæ,

Афснайæм тагъддæр нæ дыргъдæттæ.

Цомут-ма, рæвдздæр нæ быдыртæм,

Афснайæм тагъддæр нæ хуымгæндтæ.

Афснайæм халсартæ, нартхæрттæ,

Байдзаг та кæнæм нæ къутутæ.

Тагъд нæм фæзындзæни зымæг дæр,

 Уымæ цæттæ стæм мах алкӕддӕр.

Къутутæ дзаг сты хорз хорæй,

Дзаг сты мæнæуæй, нартхорæй.

1-аг амонæг. - Тынг  дæсны стут,уый бамбæрстам. Бузныг. Ирон æвзаг кæй зонут  æмæ уарзут,уый тыххæй. Фæлæ ма адæмон сфæлдыстад куыд зонут, уый дæр ма  æххæст куы фениккам.

2-аг амонæг.  Чи уæ у дзырдарæхстдæр, цыргъзонддæр?Ахæццæ-ма  кæнут, уæдæ, æмбисондтæ кæронмæ.

ЦЫ БАЙТАУАЙ,……(УЫЙ ÆРКÆРДДЗЫНÆ)

ФÆЗЗÆГ ЦАРДЫ …(КЪÆБИЦ У)

ФÆЗЗÆДЖЫ БÆРКАД …(АФÆДЗ ХÆССЫ)

АФÆДЗЫ ХЪАРУ …( ФÆЗЗÆГ У)

ЗÆХМÆ ÆНХЪÆЛМÆГÆСÆГ …(НÆ ФÆЛЛАЙЫ)

1-аг амонæг. -Сымах бацæттæ кодтат чыргъæдтæ дыргътæ æмæ халсартимæ. Цæй æмæ сæм æркæсæм! /Фæйнæ ахуырдзауы ранымадтой цы ис сæ фæззыгон хуынты,уый. Жюри аргъ скодтой канд сæ ныхасæн нæ, фæлæ сæ чыргъæдтæ  куыд аивгонд æрцыдысты,уымæн./

1-аг амонæг. Æркасæм нæ къулы газеттæм,ныртæккæ сын жюрийы уæнгтæ аргъ скæндзысты.

2-аг амонæг. Хорз. Ныр та уыци-уыцитæ

1.Нæ гыццыл мæсыг рæнхъамад. (Раст. Нартхор.)

2.Дада цыппар фæндаджы астæу бады.

Иу фæндаг сау,иннæ –урс,

Æртыккаг – цъæх,цыппæрæм -бур(Раст.Афæдзы афонтæ)

3.Цыппар æфсымæрæй

Иу кусын кæны,

Иннæ рæвдаугæ

Æртыккаг-фæллой хæссы

Цыппæрæм хæргæ. (Раст. Афæдзы афонтæ)

1-аг амонæг. -  Бузныг. Тынг зæрдиагæй бацархайдтой. Цымæ сæ чи ахуыр кæны, уыдон та чи сты? (Иууылдæр иумæ НÆ АХУЫРГÆНДЖЫТÆ)

2-аг амонæг.- Фæззæг йæ куыст кæны. Æрдзæн йæ фæлыст ивы æмæ ивы. Бакæсут-ма, бæлæстæн сæ сыфтæр куыд æрызгъæлдта!  Цæй æмæ нæ кафæн фæз бацæттæ кæнæм.

 

1-аг амонæг. Ныр та уæдæ ирон хъазт!!! (Хонгæ)

2-аг амонæг.- Фæззæг æрцыдис Ирыстонмæ! Рæсугъдæй алкæй хæдзарыл сæмбæлæд!Куыст царды цин у. Куыст царды фæрæз у. Уадз æмæ алкæмæндæр  йæ фæззыгон къухвæллойы бæркад хъæздыг уа! Бæрæгбон та уын æрхæссæд бирæ цинтæ.Джеоргуыбайы хорзæх уæ уæд!

 (Симд)

26.11.2014 г

Городская библиотека Филиал №1

Начало мероприятия в 12.00

 «Фæззæджы цинтæ».

Участвуют :

1.Абаева Дзерасса - 4 «А» класс

2.Хубаева Елизавета-  4 «А» класс

3.Таболова Вероника - 4 «А» класс

4.Дзокаева Яна - 4 «А» класс

5.Дреев Урузмаг - 4 «А» класс

6.Уртаев Артур - 1 «А» класс

7.Дзантиев Алибек - 4 «Б»

8.Валиев Давид - 4 «Б»

9.Бибилова Алина - 7 «А»

10.Хадаев Ацамаз - 7 «А»

11.Теблоева  Милана - 7 «А»

12.Багаева Диана - 7 «А»

13. Карданов Магамед - 7 «А»

Учителя: Хамицаева Ф.Б.

                  Варзиева И.Ф.

                  Джиоева А.И.


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Литературон – музыкалон композици. «Нæртон хъæбул –ирон гени – Къоста!»

Хетæгкаты Къостайы цард æмæ сфæлдыстадмæ  æвзæрын  кæнын  цымыдис æмæ уарзондзинад.[[{"type":"media","view_mode":"media_large","fid":"7082448","attributes":{"alt":"","class":"media-imag...

Литературон-музыкалон композици «Цы ис ныййарæгæй зынаргьдæр?»

Сывæллæтты  зæрдæты æвзæрын кæнын ныййарæг мадмæ æхсидгæ уарзт, цæмæй архайой  хуыздæр уæвыныл алы хъуыддаджы дæр:æгъдауы, ахуыры, æрвылбон царды....

Литературон-музыкалон композици Темæ: «Ничи ферох, ницы ферох»(Плиты Грисы балладæ «Авд цухъхъа»-мæ гæсгæ.)

Лиетаратурно-музыкальная композиция посвящена теме Великой Отечественной войны. Баллада Гриша Плиева "Семь черкесок"....

Литературон-музыкалон композици «Нæртон фæткъуы – нæ мадæлон æвзаг»

Сценæ фæлгонцгонд у, ирон æвзаджы тыххæй ахуыргæндтæ цы загътой, уыцы фыстытæй....

Литературон- музыкалон мадзал "Ирыстон махан у на уазаг"

В данной  литературно- музыкальной композиции "Осетия - наш общий дом" говорится о том, что Осетия многонациональная республика. Здесь, в Осетии,  представители всех национальносте...

Литературон-музыкалон композици «О, ме взаг, о мӕ ахсджиаг…» (Методическая разработка)

Литературно-музыкальная композиция подготовлена с целью методической помощи  на праздник осетинского языка и письменности....

Литературон-музыкалон композици " Хæстæн мауал уæд йæ кой…"

Мæн фæнды, цæмæй мæ Ир, мæ бæстæСтъалытæм цымыдисæй кæса,Къаддæр уайой хæсты нывтæ цæсты.Рухсмæ фидæн рухс амонд хæсса....