Литературон-музыкалон композици Темæ: «Ничи ферох, ницы ферох»(Плиты Грисы балладæ «Авд цухъхъа»-мæ гæсгæ.)
план-конспект урока (9 класс) на тему

Хадикова Лариса Владимировна

Лиетаратурно-музыкальная композиция посвящена теме Великой Отечественной войны. Баллада Гриша Плиева "Семь черкесок". 

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл hst_muzykalnaya_kompozitsiya.docx35.4 КБ
Реклама
Онлайн-тренажёры музыкального слуха
Музыкальная академия

Теория музыки и у Упражнения на развитие музыкального слуха для учащихся музыкальных школ и колледжей

Современно, удобно, эффективно

Посмотреть >


Предварительный просмотр:

                                                                                                                                   Литературон-музыкалон

             композици        

       

Темæ: «Ничи ферох, ницы ферох»(Плиты Грисы балладæ «Авд цухъхъа»-мæ гæсгæ.)

                                                              15-æм астæуккаг скъола

                                                              Ирон æвзаг æмæ литературæйы

                                                              ахуыргæнæг Хадыхъаты Л.В.                                                                                                                

     

                                                                                   

 Практикон хæстæ: ахуыр кæнын скъоладзауты дзургæ ныхасыл, уæрæхдæр кæнын скъоладзауты зонындзинæдтæ.

Урочы нысæнттæ:

Зонадон: скъоладзауты зонындзинæдтæ фæбæлвырд кæнын æмæ сæ иумæйаг хатдзæгмæ æркæнын, уæрæхдæр кæнын скъоладзауты дунейы æмбарынад.

Хъомыладон: рæзын кæнын скъоладзауты сфæлдыстадон цæстæнгас сæ куыстмæ, разæнгард сæ кæнын сæхи хъуыдытæ хатдзæджы хуызы дзурынмæ, гуырын кæнын уарзондзинад райгуырæн бæстæмæ.

Рæзынады: архайын, цæмæй скъоладзауты аналитикон критикон æмæ фæлгонцон хъуыдыкæнынад кæна уæрæхдæр.

(Цæстуынгæ æрмæг: презентаци, нывтæ)


(Презентаци «Журавли»)                                                                                                  

                                                                                                    Эпиграф

                                                           Зæххыл рæсугъд цæрынæн фидар

                                                           Дыууæ стыр ныфсы ис лæгæн:

                                                           Фыдыбæстæ æмæ сæрибар,-

                                                           Циу цард æнæ сымах – Ингæн!

                                                                                                      Плиты Грис.

Ахуыргæнæг

Хæст…

Фыдыбæсты Стыр хæст…

Уыдис Фыдыбæстæ… Уыдис Стыр хæст… Тох ныккодта…

Айзæлд Иры кæмтты тохы зарæг…

Цыдысты ирон адæм тохы быдырмæ стыр Райгуырæны сæрвæлтау. Уымæн æмæ уыцы стыр Райгуырæн бæстæйы иу къуым уыд сæ чысыл Ирыстон.

Тох ныккодта…

Тохы зарæгмæ уайтагъд ралæгтæ сты зноны скъоладзаутæ æмæ цыдысты тохы цæхæрмæ…

Скъоладзау

Ныннæрыд хæст,

Лæгæвзарæн бон – абон.

Æмбу кæнынц

Мæлæтхæссæг тыхтæ.

Æмæ цæуæм

Фыдызнаджы ныхмæ.

Уадз не ’знагмæ

Нæ судзаг додой

Хъуыса.

Нæ уарзон зæхх,

Дзæбæхæй баззай, цæй! (Елехъоты Мурат)

Скъоладзау

Нæрут, хæстон уадындзтæ,

Арвау,

Кæнут, о нæмгуытæ,

Зынг уард!

Зындоны карз тымыгъ,

Ныццарау,

Куыд фæуой удхортæ бындзагъд!

1 амонæг

      «Æз цæуын… Цæуын æмæ, чи зоны, фæстаджы балцы… Гъей, цæй даргъ у,  цæй алыхуызон у мæ фæндаг! Хорзæй баззай, мæ райгуырæн Ир!... Уарзын дæ… Уарзын дæ æмæ курын, ма мæ ферох кæн. Ницы дын радтон хорзæй, нæ уыд рæстæг… Ехх! Фæлæ мæ бон уыд уарзын! Бауромæн кæмæн нæй, ахæм уарзондзинадæй. О, цас дæ уарзын!» Фыста Калоты Хазби 1941 азы  Иры хæстонты номæй.

2 амонæг

     Æмæ цыдысты тохы быдырмæ Иры фæсивæд. Фыдыбæстæйы сæрвæлтау, Иры сæраппонд сæм æвгъау нæ каст сæ рæзгæ цард…

1амонæг

 «Ныннæр тыхджын хъæлæсæй, ныннæр, мæ хур, мæ фæндыр,

  Бæрзонддæр сис нæ тохы бон дæ зарæджы хъæлæс».

Уый æвддæсаздзыд Баситы Дзамболат загъта æмæ æд фæндыр фæцыд тохы цæхæрмæ…

2  амонæг

«Ныннæр æрвнæрæгау, ныннæр мæ тохы зарæг…»

Фыста Цæгæраты Максим æмæ уæззау  танчы бабадт…,

1 амонæг

«… Æмæ дæ никуы ратдзынæн

Ызнагæн зон уый ды

Фæлтау мæлæт ыссардзынæн

 Дæ сæрвæлтау хæсты!»

Ард бахордта Кочысаты Мухарбег æмæ Райгуырæны сæрвæлтау æрхаста йæ уд.

Скъоладзау

О Райгуырæн бæстæ, æфсымæрон адæм,

Дæ сæрмæ ды ’ма рхæсс цагъары къæлæт.

Нæ тохы тырыса бæрзонддæр ысдарæм,

Знаг тугæн туг фидæд, мæлæтæн – мæлæт.

2 амонæг

        Хъæрзы зæхх… Ниуынц цæлхытæ… Цæуы тох, хъазуатон тох! Нæ сæтты зæхх. Зæхх уыны, йæ хъæбултæ куыд сæфынц, уый. Уыцы æбуалгъ  сæфт нæ уромы зæхх. Ныууынæргъы. Фæлæбуры йæ рустæм. Æнæвгъау сæ ратоны.

1 амонæг

      Ирыстонæй хæсты быдырмæ ацыд æстай цыппар мин адæймаджы бæрц. Уыдонæй цыппор æхсæз мины нал æрыздæхт сæ бинонтæм.  Дыууæ хæдзарæй хæсты фæмард æвдгай фырттæ, авд хæдзарæй- æхсæзгай фырттæ, дыууын æхсæз хæдзарæй – фæндзгай фырттæ, нæуæдз дыууæ хæдзарæй – цыппæргай фырттæ, сæдæгай хæдзæрттæй – æртыгай фырттæ.

Ахуыргæнæг

      Æмбисонд афтæ зæгъы – «Хæсты боны сгуыхтæн йæ кад мыггагмæ цæры». Ирыстоны æдзард хæбултæ мыггагмæ баззадысты адæмы зæрдæты.

(Слайдтæ  Ирыстоны хъæбатыртæ)

2 амонæг

Ирыстоны хъæбатыртыл поэтæ фыссынц сæ хуыздæр æмдзæвгæтæ.

Скъоладзау

О, цас разынд хъæбатыртæ нæ Иры,

Фæйнæгфарс нæ,  болатбазыр ысты,

Тæхгæ нæмыг – иу ахызти йæ риуы,

Уæддæр нæ хауд лæгæвзарæн хæсты.

 Скъоладзау

Сын уходит в бой. Обряд старинный –

Вастырджи упрашивает мать:

«Сохрани ты жизнь родного сына».

Он черкеску снял. Шинель под стать.

Молодому, если молодчина.

В дерево вонзил кинжал – как знать?-

Возвратится ли?

        … Молчали горы.

Безучастно снег на них лежал.

Сакли нет такой, перед которой

Не торчал бы в дереве кинжал

Сын погиб – нет горше горя в мире.

Матери как одолеть беду?

 Скъоладзау

О, тохы хъайтартæ, бæгъатыр цæргæстæ,

Уæ кады бæрæгбон нæ бæстыл нæры

Уæ арцы рæхуыстæй нæ фыдгул ызнæгтæн

Сæ сау туг сæ фæрстæй пырхæнтæй кæлы

Скъоладзау

Столько сердец материнских истерзано

Слез материнского горя не счесть

Скъоладзау

Нæй ныббарæн бæстæйы æфхæрдæн! –

Сау фыдгæнæг, фесæфæд дæ сæр!

Адæмы маст – дунейæн æрдхæрæн,

Адæмы маст басуддзæн дæ цæрæн

Адæмы маст – арт æмæ цæхæр.

 Скъоладзау

Кæд нал ысты, хæстæй хъæмæ нæ цæуынц,

Уæддæр æрвон ысталытау цæрынц

Ирыстоны хъæбатыртыл нæ кæуынц

Хъæбатыртыл нæм  зарджытæ кæнынц.

(хъайтарон зарæг)

(Æртæ скъоладзауы кувынц)

1 скъоладзау

Æз уадзын сидт æртæ æртахы тыххæй! Уæззау хæсты рæстæг хъæбул кæнæ уарзонмæ кæсгæйæ цы судзаг цæссыджы æртах æрхауд, уый тыххæй…

2 скъоладзау

Тохы быдыры, Райгуырæны сæраппонд æнæвгъау цы туджы æртах ныккалд, уый тыххæй.

3 скъоладзау

      …Фæсхæст нæ бæстæ ногæй йæ къахыл лæууын кæнгæйæ цы уæззау хиды æртах æрхауд, уый тыххæй…

Æнусмæ кад æмæ намыс уыцы æртæ æртахæн.

( Музыкæ – «Уалдзæг»)

Скъоладзау

      Уалдзæг… Йæ хъæбысæй нал уадзы арвы чызг йæ уарзоны

Йæ судзгæ былтæ – йæ рустыл.

Æмæ кæуы зæхх. Кæуы сау лæппу…

Фырцинæй. Фырамондæй… Моймæ йæм æрцыд хурты хур. Кафынц æхсæрдзæнтæ, зары хъæды къох. Уддзæф – сæ рæвдауæг. Уддзæф – сæ уарзт.

Скъоладзау

    Æз та бадын… Мæ цæсгом – хъизæмары хуым. Мæ зæрдæйы – æнусон азæлд. Нæмгуыты æхситт. Бомбæты рæмыгъд. Туджы зæйтæ.

Скъоладзау

      Хæст… О, уалдзæг у ныр. Мæ зæрдæйы та – авд нæмыджы, мæ зæрдæйы та – авд фыдæхы, мæ зæрдæйы та – авд хъарæджы, мæ зæрдæйы та… Авд ингæны…

Скъоладзау

        Цы загъдæуа уыцы сылгоймагæн? Цы загъдæуа уыцы ныййарæгæн?         … Охх, цы загъдæуа?...

        О, уалдзæг у ныр, цыкурайы уалдзæг!...

Скъоладзау

        Дзуарыхъæуы, Куырттаты коммæ фæзилæны цур лæууы цыртдзæвæн. Дурæй конд хърихъуппытæ цыма ныртæккæ къæдзæхæй фæхицæн уыдзысты æмæ арвмæ стæхдзысты, афтæ кæсы адæймагмæ. Сæ фæстæ кæсы зæронд ус.

Скъоладзау

       Æрбадымдта дымгæ. Райхъуыст бур сыфтæрты зæрдæуынгæггæнæн сыбар-сыбур. Фехъуыст хъæрзын, хъарæг. Уый уд бацыд цыртдзæвæн дуры  æмæ мысы йæ хъæбулты: Мæхæмæт, Дзæрæхмæт, Хадзысмел, Махарбег, Созырыхъо, Шамил, Хасанбег…

       Авд хърихъуппы… Гæздæнты авд æфсымæры…

Скъоладзау

   Фæлмæнзæрдæ, рæвдауаг, фæлæ фидар æмæ хъæбатыр мад!  

Æнæ цæстысыгæй рæвдауы мад йæ сæфт хъæбулты, дауы сын йæ уырзтæй сæ цухъхъатæ. Фыр рыстæй нуддур ис йæ зæрдæ.

Скъоладзау

     Авд æфсымæрæй иу дæр йæ сæрмæ не рхаста æгаддзинад, се ппæт дæр хъæбатырæй фæмард сты хæсты быдыры, алчи дæр сæ равдыста сгуыхтдзинад.

(каст цæуынц скъыддзæгтæ  «Авд цухъхъа»-йæ)  

МÆХÆМÆТ(фæмард Севостополы)

Севостополы къуыпрагъыл

Рацыл танчыты зæй махыл;

Загътон: ме знæгтæй мæ маст

Ацы тохы хъуамæ райсон!

Фарсыл авд гранаты рбасон

Æмæ карз фыдгултæн раст

Фатау смидæг дæн сæ гуылфы,

Фехæлдтæн æмæ сæ хуылфы

Сау рыг фестадтæн æваст.

ДЗÆРÆХМÆТ (фæмард Мæскуыйы, тохы амардта фараст адæймаджы)

ХæстМæскуыйы цур куы ссигъди,-

Тас Фыдыбæстæм куы рцыд,

Уæд лæджы мæлæт куы хъуыд:

Бабырстон фыдгултæм тыгъды,

Фехстон развæлгъау гранат

Æмæ суагътон автомат,

Гъестæй бацыдтæн æрмхæсты…

Иуæн кард тъыссын йæ цæсты,

Иннæмæн рæхойын риу,

Фæлæ кæм! – æмдых куынæ сты

Хæсты бирæ æмæ иу…

Ме знæгтæ дæр кодтой ме мтох,-

Фараст дзы куыд фæдæн цагъд,

Афтæ дæсæмæн йе джебогъ

Раст мæ зæрдæйы ныссагъд…

ХАДЗЫСМЕЛ ( амардта фондз немыцаджы)

Цардæн тас куы уа, рæсугъдæй

Хъуамæ радта уæд йæ уд…

Хæсты фондз сырды ныццагътон,

Стæй мæ хъуыры туг фæбадт…

МАХАРБЕГ

Клейсты фсад бырста Кавказмæ

Æз Хъобаны был йæ размæ

Ме фсæддонтимæ лæууын…

Аскъуыд фронт… Фыдгул лæбуры

Æмæ мах йæ разæй суры,

Нал уыд, нал, нæ бон хæцын…

Худинаджы бæсты, - загътон, -

Знагæн исты скæнон хин…

Æмæ Клейсты ’фсадмæ радтон

Хæсты уацарæй мæхи:

«Æз сымах дæн, састы фестæм,-

Дзурын, - акæнут мæ Клейстмæ,

Сусæг цаутæ йын хæссын…»

Клейст мæ байдыдта фæрсын…

Æз æрлæууыдтæн йæ цуры

Æмæ хиннымæры дзурын:

«Мæнæ диссаджы сахат!

Нæй мæнæн рæсугъддæр амæй

Фадат амæлынæн. Хъуамæ

Скæнон ам мæхицæн кад…»

Иу сæррæтт! – мæхи йæм фехстон…

Ацахстон йæ къубал Клейстæн,

Хурхыл андæгъди мæ къух,-

Уайтагъд инæлар ныххурх

Æмæ зæххыл адаргъ мардæй,

Фæлæ хъахъхъæнæг фæкаст:

Ахæм цæф фæкодта кардæй –

Атахти мæ уд æваст…

ШАМИЛ  ÆМÆ СОЗЫР ( фæмард сты Германы)

Иумæ бадтыстæм нæ танчы,

Най дæр кодтам иумæ знаджы, -

Бафтыдтам Германыл зынг.

Знæгтæ не ’ппæлдзысты махæй:

Ахæм най сын кодтам цалхæй –

Нал сæ къух уыд, нал дæр къах.

Фæлæ хæст хæст вæййы: знаджы

Бомбæ сæмбæлд æмæ танчы

Иумæ басыгъдыстæм мах…»

ХАСАН  (фæмард Берлины уæлахизы бон)

Уый уæлахизы къæсæрыл

Мард æнæнхъæлæй фæци…

Хæст Берлины цыд кæронмæ,

Сыгъд цъæх пиллонæй Рейхстаг,

Акалдта йæ гæрзтæ знаг,

Уæд америкæгты бомбæ

Не ’хсæн фехæлди… Цæмæн?!

Скъоладзау

Хæстæй хъæмæ, кæсы мæм хатгай афтæ,

Цы салдæтты нæ рауагъта мæлæт,

Нæ ныххызтысты уыдон зæххы арфмæ,-

Урс хърихъуппытæ фестадысты уæд.

Амонæг

      Бады мад йæ фыртты ингæны уæлхъус æмæ хъуыдыты адзæгъæл. Чи зоны, йæ цæстытыл ауадысты йæ лæппутæ чысылæй…

      О, мад æмæ фырттæ, цымæ уæ чи фæразондæр уыд?

      Хъусыс,ныййарæг, нæ амардысты дæ фырттæ, уый дæ сабиты диссаджы хъæлæс у… Цыртæй дæм худгæйæ дзурынц: - Гыццы, ам та куы дæ.

Амонæг

      Чи сарæхсдзæн ныййарæджы зæрдæйы æнкъарæнтæ равдисынмæ, кæй цæстытыл ауайдзæн уыйау йæ «чысыл хуры мидбылхудт, хъæлдзæг ныхас…

Амонæг

       Иры зæххыл арф фæд ныууагъта Гæздæнты авд æфсымæры мæлæт. Йæ равдисыныл фæлвæрдтой бирæ фысджытæ. Фæлæ æрмæст Грисы балладæ «Авд цухъхъайы» сси адæмон уацмыс. Авд æфсымæрæй дæр радтой сæ цардхъуаг удтæ. Сæ мадау сыл кæуы сæ Райгуырæн бæстæ.

Амонæг

      Грис йæ балладæйы сарæзта мады диссаджы фæлгонц. Уый у фæлмæнзæрдæ, рæвдауæг, фæлæ фидар æмæ хъæбатыр адæймаг.

Презентаци «Вальс»

Амонæг

      Цал æмæ цал сылгоймаджы, мады, хойы æнхъæлмæ кастысты сæ хæстонтæм, уырныдта сæ, кæй сыздæхдзысты. Абон дæр ма дудынц хæсты хъæдгæмттæ, нæ басур сты мадæлты цæстысыгтæ.

Скъоладзау

Ирыстоны хæстрыстзæрдæ ныййарæг

Йæ сæфт хъæбултæй бæлццæтты фæфæрсы,

Нæма банцад йæ судзгæ-дудгæ хъарæг,

Æмæ йæ цæссыг бæрзытæй лæдæрсы.

Амонæг

       Хъыгагæн нæ гыццыл Ирыстоныл сæмбæлд ног бæллæх.

Ногæй та Ирыстоны сылгоймæгты уæхсджытыл хæст æрæппæрста йæ сау кæлмæрзæн. Уыдонимæ кæуы æгас дзыллæ, кæуынц урссæр хæхтæ, абухгæ дæттæ, хъæрзы зæхх.

Рухсаг ут! Нæ цардхъуаг кæстæртæ.

Амонæг

      Уыцы æвирхъау цаутæ никуы ферох уыдзысты Ирыстоны адæмæй, сæ хъæбултæ арты цæхæры кæмæн басыгъдысты, уыцы ныййарджытæй, хотæ æмæ æфсымæртæй. Мысдзысты сæ цины æмæ хъыджы рæстæг. Кæндзысты сыл адæм зарджытæ, поэтæ сыл фысдзысты сæ хуыздæр уацмыстæ.

Амонæг

      Раджы фæцис Фыдыбæстæйы Стыр хæст. Фæлæ хъыгагæн нæ бæстæ нæу сабыр. Абон нæ фæсивæды бахъуыд ногæй райсын сæ къухмæ хæцæнгарз.

      Цард адæймаджы размæ æрæвæрдта бирæ фарстатæ: цæмæн æрцыдис ахæм рæстæг, адæм кæрæдзимæ цæмæн лæбурынц? Цæмæн бахъуыдис нæ фæсивæды хæцæнгарз райсын? Цæй тыххæй сæфынц æнаххом адæм?

Амонæг

        Дунейы фарн, адæмыл макуал суадз хæсты пиллон, ныййарджытæн сæ хъæбулты макуал бауадз фыдгæнджыты æмæ тыхгæнджыты азарæй сæфын. Макуал!

Уæлахиз уæд сабырдзинад!

Скъоладзау

Я выступаю против войн открыто!

Чтоб горьких мук немыслим был  возврат,-

В одном порыве труженики слиты –

И вот я требую, как все они,

Чтоб войны над землей не грохотали,

Чтоб мой ребенок прожил в счастье дни,

И чтоб сады роскошно расцветали! (К.Маргиев)

Скъоладзау

Æмæ сыстади дунейыл мад,

Къухтыл систа йæ иунæг бындары,

Зилы, агуры бæстыл рæстад,

Хæстæндзарæгæн йæ стыр маст хъары: (Плиты Г.)

Скъоладзау

«Ма та, ма та ссудз дунейыл хæст!»

Мадæн рустыл йæ цæстысыг уайы…

Дзуапп нæ рардæуыд мадæн, æрмæст

Хæстæндзарæг сызгъæрин нымайы… (Плиты Г.)

Скъоладзау

Хæст лæгмар у, цард та дзы – æнуд,

Тугæмхæццæ уæнгты уайы сурхид…

Адæм, цæнгтæ бафистæг кæнут,

Æмæ хæстæн бахæцæм йæ хурхыл! (Плиты Г.)

                       

Презентаци «Уастырджи»

Ахуыргæнæг

      Иры зæххыл æрцыд бирæ хæстытæ. Адæм бафæллад сты хæстытæй. Сабырдзинадмæ тырнынц æппæт бæстæты адæм. Хæлардзинад æмæ сабырдзинад аргъ кæмæн нæй, ахæм хæзнатæ сты. Стыр хæзна та кæддæриддæр хъæуы хъахъхъæнын.  

             


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

"æмбалдзинадæй хуыздæр ницы ис!"

Урок осетинского языка о великой силе - дружбе! легенда о друзьях Амизоке и Дандамиде. пословицы о дружбе.Когда то, в 12 веке, грузинский поэт Шота Руставели так сказал: «Кто не ищет дружбы с бли...

Тема урока: « Баллада И.Гете «Лесной царь» и перевод В.А.Жуковского. Средства создания эмоционального напряжения в балладе»

Литература6 класс  (общеобразовательный)Программно-методическое обеспечение:  Программа для общеобразовательных учреждений под редакцией В.Я.Коровиной, учебник Литература 6 класс, автор-сост...

Конспект урока в 6 классе по теме «Жанр баллады. Баллада «Робин Гуд и золотая стрела».

Много лет работала по учебнику и программе А.Г.Кутузова. Замечательные и учебник и программа. Исключение учебника из федерального перечня, по моему мнению, безобразие. В 6 классе мы изучали тему...

В.А. Жуковский: Жанр баллады. Чтение и анализ баллады «Кубок»

Разработка урока по литературе 5 класс, программа В.Я.Коровина...

Ничья, виды ничьей

Для объединения "В королевстве шахматных фигур"...

Методическая разработка по осетинской литературе в 8 классе на тему:«Фыдыбœстœ уœ дзырды сœр куы уа,- Фыццаг ныхас-иу мард хœстонтœн раттут» Плиты Грисы балладœ «Авд цухъхъамœ» гœсгœ.

Методическая разработка по осетинской литературе в 8 классе на тему:«Фыдыбœстœ уœ дзырды сœр куы уа,- Фыццаг ныхас-иу мард хœстонтœн раттут»  Плиты Грисы балладœ  «Авд цухъ...