Методическая разработка по осетинской литературе в 8 классе на тему:«Фыдыбœстœ уœ дзырды сœр куы уа,- Фыццаг ныхас-иу мард хœстонтœн раттут» Плиты Грисы балладœ «Авд цухъхъамœ» гœсгœ.
методическая разработка (8 класс)

Накусова Ирина Ахсарбековна

Методическая разработка по осетинской литературе в 8 классе на тему:«Фыдыбœстœ уœ дзырды сœр куы уа,- Фыццаг ныхас-иу мард хœстонтœн раттут»  Плиты Грисы балладœ  «Авд цухъхъамœ» гœсгœ.

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл plity_gris_avd_tsuhhayy.docx34.82 КБ

Предварительный просмотр:

Урочы темœ:                 «Фыдыбœстœ уœ дзырды сœр куы уа,-

                                       Фыццаг ныхас-иу мард хœстонтœн раттут»

                                    Плиты Грисы балладœ  «Авд цухъхъамœ» гœсгœ.

   Урочы нысантœ:  1.Плиты Грисы сфœлдыстадмœ  цымыдисдзинад гуырын            кœнын.

2. Балладœ «Авд цухъхъайы» сœйраг идейœ бамбарын кœнын.

3. Зынгхуыст хœстонты ном мысын.

4. Рœзгœ фœлтœрмœ гуырын кœнын уарзондзинад райгуырœн бœстœмœ.

      Урочы хуыз:

Урочы эпиграф:

Райгуырд Иры авд зынгхуыстыл хъарœг.

Зарœг-хъарœг зœрдœтœй тœхы,

Хœсты ныхмœ ’гас дунемœ сиды:

«Марынœн œгъгъœд у ныр!»-зœгъы.

Гœлуанты Людмилœ

Урочы фæлгонц: компьютер(презентаци), интерактивон фæйнæг, видеоæрмæг.

Урочы цыд

  1. Бацæттæгæнæн рæстæг

II.  1. Зонындзинœдты актуализаци

     Хъуысы   Гæджынаты Р. зарæг «Фыстæг мадмæ»

Ахуыргæнæг: Цавœр  œнкъарœнтœ уœм сœвзœрын кодта зарœг? Цœуыл дзы цœуы ныхас? Цœуыл дзурдзыстœм нœ урочы? (хæсты тыххæй)

2. Ахуыргæнæг: Цавœр ассоциацитœ уœм сœвзœры дзырд «хæст» фехъусгœйœ?

 

II.Урочы темæйыл куыст

1.Ахуыргæнæг:  Фыдыбœстœйы Стыр хœст…Œнœдзœбœхгœнгœ хъœдгомœй  ма ныр дœр дуды нœ адœмы зœрдœты. 110 мин салдаты арвыста нœ чысыл Ирыстон нœ Фыдыбœстœ бахъахъхъœнынмœ. Сœ хъœбатырдзинадœн та œвдисœн сты се сгуыхтытœ.

  видеоæрмæг  «Осетины –самая героическая нация…»

2.Ахуыргœнæг: 60мин адœймагœй фылдœр райстой паддзахадон хœрзиуджытœ. Советон œфсад йœ рœнхъыты схъомыл кодта 48 инœлары œмœ адмиралы. Се ’хсœн Советон Цœдисы дыууœ хатты  Хъœбатыр  Монголы Адœмон Республикœйы Хъœбатыр Плиты Иссœ, Советон Цœдисы Хъœбатыр,инœлар Хетœгкаты Георгий,Советон Цœдисы  дыууœ хатты Хъœбатыр,инœлар –майор Иван Фесин, Советон Цœдисы Хъœбатыр,инœлар-булкъон Мамсыраты Хаджумар.

    Ирыстон сси  72 Хъœбатыры œмœ 9 Кады ордены œххœст кавалеры райгуырœн     къона.Хœсты  быдырœй нал сыздœхтысты 40 мин салдатœй  фылдœр.Дœсгай мин ирон бинонтœ  баззадысты œнœ дарœг,œнœ кœстœрœй. 

презентаци «Ирыстоны хъæбатыртæ»

       3.Урочы эпиграфыл куыст. Ахуыргæнæг: Куыд œмбарут æмдзæвгæйы рœнхъытœ? Кœуыл цœудзœн дарддœр ныхас?

   4. Проектон куыст. Темæ: «Ирон лœг тохы бон йœ хъама сласта,уœд œй œгадœй фœстœмœ йœ кœрддзœмы нал нытътъысдзœни». (бацæттæ кодта фыццаг къорд)

   «Авдœн кœм ис, уым,дам,чырынœн дœр œнœ уœвгœ нœй»- афтœ фœзœгъынц ирон  адœммœ.О,фœлœ фарн œмœ амондœй хайджын уыцы адœймаг вœййы,œмœ авдœнœй рахизгœйœ рœсугъд царды фœндагыл чи бафты,кад œмœ радœй йœ бонтœ чи  арвиты,адœмœн дœр œмœ йœ райгуырœн бœстœйœн дœр лœггад кœнынœй чи бафсœды.Амондджын уыцы адœймаг вœййы ,йœ рœсугъд бœллицтœ œмбисыл кœмœн нœ аскъуыйынц,зœрондœй ацы дунейœ чи ацœуы.

    Œмœ цас адœм нœ фесты ацы амондœй хайджын! Нœ дзы фесты хайджын Дзуарыхъœуккаг Гœздœнты Ахмœт œмœ Тасойы авд хъœбулы.

   Куыстуарзаг œмœ œгъдауджын уыдысты  Гœздœнты бинонтœ.Лœппутœ сœ иу иннœмœй хœрзконддœр œмœ сœрœндœр,куыстой колхозы быдырты. Изœрыгœтты та –иу сœ иунœг хойы фœндырдзагъдмœ кафгœ œмœ заргœ хъœуы фœсивœдимœ.

    Фœлœ уалынмœ фœдисы хъœр фœцыд.Немыцаг фашисттœ œрбабырстой нœ Райгуырœн бœстœмœ.Иу иннœйы фœдыл цыдысты хœстмœ Гœздœнты œфсымœртœ.Хъœбатырœй хœцыдысты алы фронтты .Иу иннœйы фœдыл сœ ныййарджытœм цœуын райдыдтой  сау гœххœттытœ.

     Œрмœст œртыккаджы онг сфаг ис ныййарœг мады зœрдœ,стœй банцад йœ куыстœй.

  видеоæрмæг  «Милœйы мысинœгтœ…»

5. Ахуыргœнœг: Гœздœнты зынгхуыст œфсымœртыл,сœ ныййарœг мадыл тынг фœрыстис Плиты Грисы зœрдœ. Грисмæ уыдис диссаджы поэтикон миниуæг – раздæр иу фæхъуырдухæн, фæхъынцъым кодта йæхинымæр, цалынмæ – иу йæхи бауырнын кодта, цæуыл фысдзæн, уый æцæгдзинадыл.Уый фæстæ –иу равзæрд уацмыс. Мæнæ цы фыссы йæ мысинæгты Грисы цардæмбал Дзугкойты Афассæ, ирон театры сгуыхт артисткæ: «…Уый размæ ахæм хъуынтъызæй рацу-бацу кодта, йæ дзыхæй хъыпп-сыпп нæ хауд. Стæй дын апрелы иу дыццæджы йæхиуыл дуар сæхгæдта æмæ суанг сабатмæ йæ тæфтыл никæй ауагъта. Тарстæн, мæ уд фыртасæй сцæйхауд, зæгъын, йæхицæн мацы кæнæд. Маяковский æмæ Есенинæн се ´мбисонд сæхи! Цымæ емынæйæ сади, уыйау йæхи никæмæн равдыста. Йæ ахæстонæй – иу хæрынмæ рахызт, æз – иу театрмæ куы ацыдтæн, уæд. Майрæмбоны спектаклы фæстæ фæсæмбисæхсæвмæ не ´рбацыдтæн.Куыддæр дуарæй мидæмæ бахызтæн, афтæ дын мæ хъустыл кæцæйдæр сылгоймаджы хъæлæсы зыр-зыр куы ауаид. Фæджихау дæн, зæгъын, нæ кæрты зианæй Хуыцау бахизæд! Уæд дын ноджы лæмбынæгдæр ныхъхъуыстон æмæ мын æй цы базонын хъуыд: Гришæйы кабинетæй хъуыст зæронд усы дзыназын. Ай циу, цы сау бон мыл ныккодта мæхи уды мæрдæй, цы кæуинаг фæцис мæ хæдзар! Мæ фыды цæсгомыстæн, мæ бынаты афтæ сагъдæй аззадтæн. Сабитæ фаллаг уаты сæхицæн адджын фынæй кодтой. Æз та фæсдуар лæууыдтæн æмæ хъуыстон сылгоймаджы уынгæг хъæлæсмæ. Иу дуджы дын мæхинымæры афтæ куы зæгъин: омæ, дзыназын йæ зыр-зырæй сылгоймаджы дзыназын у, фæлæ йе схæцæнтæ æмæ йе ´рхæцæнтæ нæлгоймаджы хъæлæсы тыхæй амонгæ куы сты, уæд уый та цы диссаг у? Бæлвырдæй нырма ницы зыдтон, фæлæ уæрджытæ зыр-зыр кодтой. Уалынмæ дын сылгоймаджы дзыназын нæлгоймаджы бæзджын хъæлæс баивта. Æз мæ мид-зæрдæйæ базыдтон, уымæн дæр йæ уаг æрдæбоны хъæлæсæй кæй цыд. Стæй та мæм сылгоймаджы дывыдон дзыназын æрбайхъуыст авддæлзæхæй. Ногæй та йæм нæлгоймаг бадзынæзта чысыл бæрзонддæр хъæлæсæй. Сомы дын кæнын мæ фыды сыгъдæг сыджытæй, аст хуызон хъæлæсы дзы банымадтон. Мæ кæуындзæг мæ æргæвста, ныббогъ кæнын мæ фæндыд, фæлæ мæхи урæдтон, зæгъын, куы йæ бахъыгдарон. Суанг боны цъæхтæм фæбадтæн уым. Райсом раджы Гришæ дуар фегом кодта æмæ йæ цæстытæ æууæрдгæ рацыд. Фæсдуар мæ табуреткæйыл бадгæ куы федта, уæд мæм ахæм каст фæкодта, цыма ныртæккæ зындоны хъизæмарæй раирвæзт. Мæ къухы мын скрепкæйæ кæрæдзимæ баст сауфыст гæххæттытæ фæсагъта, йæ цæсгомыл йæ дыууæ къухы æруагъта æмæ загъта: «Хазинкæ, æнхъæлдæн цыдæр æрцахстон!» Лыстæг фыст цæджындзы сæргондмæ æркастæн æмæ дын мæ къухы «Авд цухъхъайы».Æртыккæгæм майы Гриш йæ балладæ Фысджыты Цæдисы æмбырды бакаст æмæ йæхæдæг куыд куыдта, афтæ куыдтой, чи йæм хъуыста, уыдон дæр, мæ фыды цæсгомыстæн!..»

  6.  Презентаци œмœ доклад. Темæ: «Плиты Грисы цард œмœ сфœлдыстад» (бацæттæ кодта дыккаг къорд)

  7. Ахуыргæнæг: Сœ цард райгуырœн бœстœйы сœрвœлтау радтой œнœвгъауœй бирœ ирон фысджытœ дœр. Бœргœ œнхъœлдтой рœстœгмœ кœй ныууагътой сœ фœндыртœ, фœлœ, хъыгагœн, œнусмœ бафынœй сты Уœрœсейы œмœ Европœйы быдырты. Фœлœ зарœгœн мœлœт нœй!

    проектон куыст. Темæ: «Зарœг œрыздœхтис Ирмœ». (бацæттæ кодта æртыккаг къорд)

8.Инсценировкæ «Авд цухъхъайы».

 III.Балладœйы анализ.

1.Ахуыргæнæг: Цœмœн схуыдта поэт йœ балладœ «Авд цухъхъайы»? Цы хонœм балладœ?

Балладæ – сюжет кæм ис, ахæм лирикон уацмыс. Æвдисы таурæгъон кæнæ историон цаутæ, кады сгуыхтытæ, йæ хъайтартæн вæййы æнахуыр  диссаджы хъысмæттæ.

Ахуыргæнæг:  Балладœйы фœлхатгонд цœуынц  рœнхъытœ:

«Мад йæ уырзтæй цухъхъа дауы

Æмæ хусцæстæй лæууы…

Айнæг сау фæрчытæй хауы

Арв цыхцырджытæй кæуы»

-Цы хуыйны ацы фœлхат?

Рефрен – Францусаг дзырд, амоны базард (припев) – ахсджиагдæр хъуыды цы рæнхъы кæнæ куплеты вæййы, уый цæуы фæлхатгонд.

-Цавœр миниуджытœй сты хайджын Гœздœнты œфсымœртæ?

-Цавœр фœлгонц у мад балладœйы? (Мад балладœйы у символон. Иу ныййарœджы хъысмœты зыны œппœт ныййарджыты хъысмœт).

-Куыд œмбарут Хадзысмелы ныхœстœ? Зœгъœн ис афтœ, œмœ сты уацмысы сœйраг идейœ?

Лæг йæ зонд æмæ йæ къухтæй

Цард рæсугъд кæнынæн у,

Цардæн тас куы уа, рæсугъдæй

Хъуамæ радта уæд йæ уд...

2.Къордтœй куыст.

Хæс: Цавœр аивадон мадзœлттœй спайда кодта фыссœг йœ балладœйы?

Фыццаг къорд: ссарын эпитеттœ œмœ абарстытæ. (сау рыг,уынгœг бон,фыдбоны балц,карз фыдгултœ,сау хабар,зœрдœныфсы хабар; рогбазыр цœргœстœ, ме ’взонг, ме’рыгон цœргœстœ,ингœнау ныссабыр къœс,фатау смидœг дœн).

Дыккаг къорд: ссарын  олицетворенитœ. (бонгай хœст куы фœци давд, джихœй цухъхъатœ кœсынц,арв кœуы,хœст ссыгъди).

Æртыккаг къорд: ссарын сидœнтæ. (мœ фыццаг хур, хœстœфхœрд ныййарœг, гыцци, мады ’нхъœлцау, о нœ мад, мœхи дзœбœх ныййарœг, о мœ чиныгуарз Махар, мœ дыууœ фаззон хуры)

 

IV.Рефлекси.    

1.Дзырдтæ «мад», «хъæбатыртæ» æмæ «хæст»-имæ синквейн саразын           

Сколадзауты дзуæппытæй.

Фыццаг къорд:  

Мад

хœстœфхœрд,хъœбатыр

бустœ кœны,уарзы,œнхъœлмœ кœсы.

Мадœн йœ цœсгом у рухс йœ фырттœй.

ныййарœг.

Дыккаг къорд:

Хъæбатыртœ

уœздан,хъœбатыр

тох кœнын,марын,цард раттын

Œнœмœлœт сты нœ хъœбатыртœ.

Сгуыхтдзинад

Æртыккаг къорд:

Хæст

тугкалæн, лæгмар

тох кæнын,марын,уæлахиз уæвын

Хæст лæгмар у.

трагеди

2. Кæронмæ ахæццæ кæнын

Мœ зœрдœмœ фœцыд…

Базыдтон…

Фœндид мœ мœн…

Сœвзœрдис мœм ахœм бœллиц…

 3.Флеш-моб. Ахуыргæнæг: Ирон фæсивæд алкæддæр, нæ рагфыдæлтæй абоны онг, æвдыстой æхсар æмæ хъæбатырдзинад. Райгуырæн бæстæйы сæ сæр куы бахъуыд, уæд фæсте не `рлæууыдысты, æгаддзинад сæ сæрмæ не ’рхастой,œнœвгъауœй радтой сœ цард Цœй œмœ сын сœ ном ссарœм. Ссудзœм цырœгътœ œмœ œнœдзургœйœ алœууœм иу минут..  

V.Хœдзармœ куыст. Ныффыссын цыбыр нывœцœн «Мœ дада дœр хœцыдис хœсты».