Статья "Мæ кадджын мадæлон æвзаг".
статья по теме

Тедеева Анджела Викторовна

Статья в газете

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл statya2_-_mae_kaddzhyn_madaelon_aevzag.docx17.58 КБ

Предварительный просмотр:

МÆ КАДДЖЫН МАДÆЛОН ÆВЗАГ

Цард алы æхсæнæды размæ дæр æвæры æнæмæнг лыггæнинаг фарстатæ. Иу æхсæнад дæр куыдфæндыйы цæстæй нæ кæсы, йæ фидæны цардаразæг цавæр уыдзæн, уымæ, æмæ бæлвырд домæнтæ æвæры адæймаджы размæ: бæрнондзинад æнкъарынхъом уæвын, хæстæ æмæ бартæ ирдæй уынын, этикæйы нормæтæ æххæст кæнын æмæ афтæ дарддæр.

Иу куырыхон лæг афтæ загъта: «Адæмæн сæ егъаудæр хъæздыгдзинад у се ′взаг». Цæмæй сывæллæттæ уыцы егъау хъæздыгдзинадæй бындурон зонындзинæдтæ исой, уый тыххæй хъуамæ ахуыр кæной мадæлон æвзаг. Уый та канд дзурын, кæсын æмæ фыссын базонын нæу, стæй ирон адæмы истори æмæ культурæ сахуыр кæныны фæрæз, фæлæ йын ис егъау этикон æмæ эстетикон ахадындзинад дæр.

Зæрдæ сриссы, сывæллæттæ мадæлон æвзагыл куы нæ фæарæхсынц, ноджы ма иронау кæй фæдзурынц, уыцы ныхæстæй бирæты зонгæ дæр куы нæ фæкæнынц, уæд.

Æхсызгон мын вæййы, ныййарæг йæ хъæбултимæ хæдзары дæр, уынджы дæр иронау куы фæдзуры æмæ йын чысылæй фæстæмæ куы бауарзын кæны йæ национ культурæйы сæйрагдæр хæзна – мадæлон æвзаг!

Æрыгæттæ мадæлон æвзаджы хъæздыгдзинæдтæ, йæ ахадындзинад хъуамæ хатой, æмбарой суанг райдиан кълæстæй фæстæмæ, ома, æппæт предметтæ дæр ахуыр кæной иронау. Ныхас бирæ цæуы ацы ахсджиаг хъуыддагыл, фæлæ йын, æвæццæгæн, знæт дуг æмæ къуындæг материалон уавæртæ фадат нæ даттынц.

Хъыгагæн, Ирыстоны цæрæг ныййарджытæй бирæтæ куыдфæндыйы цæстæй кæсынц мадæлон æвзагмæ, стæй ирон æвзаджы уроктæм. Хæдзары сæ сывæллæттæм иронау нæ дзурынц, ноджы ма сæ алы æфсæнттæй уæгъд кæнынц ирон æвзаджы уроктæй. Елхотæй дæлæмæ, дам, нæ хъæуы, зæгъгæ. Уымæ гæсгæ не ′взаг ис тынг æвзæр уавæры.

Кæд ма хъæуты дзурынц иронау, æндæр горæттаг адæмæй стæмтæй фехъусдзынæ ирон ныхас. Уый хыгъд фæсарæйнаг æвзæгтæ ахуыр кæнынмæ тынг аздæхтой се ′ргом. Кæй зæгъын æй хъæуы, нырыккон царды уый ахсджиаг у, фæлæ адæймаг, æнæмæнг, хъуамæ зона йæхи æвзаг. Фылдæр дзурын хъæуы мадæлон æвзагыл, уымæн æмæ уый у нæ нацийы ирвæзынгæнæг.

Нæ республикæйы, уæлдайдæр – нæ районы, фæстаг рæстæджы тынгдæр иртасæм æлгъаг æхсæнадон фæзындтытæ: наркомани, фыднозт, æнæфсæрмдзинад фæсивæды ′хсæн. Уый уæлдай хъыгагдæр хъуыддаг уымæн у, æмæ ирон адæм кæддæриддæр фидыдтой хорз æгъдæуттæй, цыфæнды мæгуырæй дæр хиуылхæцгæ уыдысты. Фæлæ æхсæнадон-политикон цард, æмткæй райсгæйæ, ивы дуг дæр æмæ адæмы дæр, сæйрагдæр та – фæсивæды зондахаст. Уый у нæ адæмæн Ныгуылæны «лæвар».

Æрвылбон телеуынынады  кæцыфæнды каналæй дæр æвдисынц тыхми, лæгмæрдтæ, наркомани, фыднозт, сайын, стъигъын... Фæсивæд та æмхиц сты æппæрццаг хъуыддæгтыл фæцайдагъмæ.

Уæдæ лæг бонæй-бонмæ диссæгтæ фехъусы. Уыдон нæ æппарынц катайдзинадыл, æмæ сæ аиуварс кæныныл хъæуы тох кæны.

Ацы ран мæ зæрдыл æрлæууыдысты Гуыцмæзты Михалы ныхæстæ: «Сывæллон схъомыл кæнынæн сыгъдæг уд хъæуы». Æмæ уый та алы ныййарæджы къухы нæ бафты...

Иуæй-иу ныййарæг, хъыгагæн, архайы æрмæстдæр ууыл, цæмæй йæ сывæллонæн йæ гуыбын бафсада, æндæр æй ницы хъæуы, зæгъгæ. Æцæг бон-изæрмæ йæ рæстæг кæм æмæ куыд æрвиты, ууыл та хъуыды дæр нæ кæны.

Хицæн бинонты сывæллон та райгуыры æмæ схъомыл вæййы фæсарæнты, кæнæ уырысы ′хсæн, фæлæ æнæкъуыхцыйæ фæдзуры иронау. Уый нæ дисы бафтауы: «Ау, Ирыстоны куы нæ цæры, уæд кæцæй зоны иронау?» уый та аразгæ у ныййарджытæй.

Нæ литературæйы æмæ æвзаджы бандурæвæрæг Хетæгкаты Къоста æмхуызон хорз зыдта ирон æмæ уырыссаг æвзæгтæ, фысгæ дæр сыл кодта. Фæлæ уæддæр йæ фæдонтæн фæдзæхста, цæмæй сæ мадæлон æвзаг хъахъхъæной æмæ йæ кæстæртæн рæсугъдæй амоной.

Мæ хъуыдытæ мæ фæнды фæуын Чеджемты Æхсары ныхæстæй:

«Куыд хорз, куыд кадджын дæ мæ цæсты

Мæ ирон мадæлон æвзаг!»

Куыд хорз уаид, нæ алы ирон лæг дæр афтæ куы хъуыды кæнид, уæд.

Тедеты Анджелæ,

 Октябрыхъæуы фыццæгæм

астæуккаг скъолайы ахуыргæнæг.


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Ныхасы – тематикон урок ( Ироон æвзаг 10 – æм къласы ) Темæ: « Зæххы фарн адæмы фарну.»

Темæ: « Зæххы фарн адæмы фарну.»                        ( Миногонæй зонындзинæдтæ сфæ...

Бафæрсты хуызтæ ирон æвзаг æмæ литерæтурæйы урокты.

Мæ куыстыты темæ у « Бафарсты хуызтæ ирон æвзаг æмæ литературæйы урокты»...

Литературон-музыкалон композици «Нæртон фæткъуы – нæ мадæлон æвзаг»

Сценæ фæлгонцгонд у, ирон æвзаджы тыххæй ахуыргæндтæ цы загътой, уыцы фыстытæй....

Литературон-музыкалон композици «О, ме взаг, о мӕ ахсджиаг…» (Методическая разработка)

Литературно-музыкальная композиция подготовлена с целью методической помощи  на праздник осетинского языка и письменности....

Хетæгкаты Къостайы. Ирон æвзаг æмæ литературæйы бындурæвæрæг

Не верь, что я забыл родные наши горы,Густой, безоблачный, глубокий небосвод, Твои задумчиво-мечтательные взорыИ бедный наш аул, и бедный наш народ.Нет, друг мой, никогда! Чем тягостней изгнанье,Чем д...

Нæ рæсугъд мадæлон æвзаг.

1899 азы, 15 майы Ирыстоныл æрцыд стыр хорздзинад – мыхуыры рацыд нæ уарзон поэт – Хетæгкаты Къостайы æнæмæлгæ чиныг «Ирон фæндыр». Сæдæ азы фæстæ та – 1999 азы нæ респуб...