Ныхасы – тематикон урок ( Ироон æвзаг 10 – æм къласы ) Темæ: « Зæххы фарн адæмы фарну.»
план-конспект урока (10 класс) на тему

Маргиева Циала Абрамовна

Темæ: « Зæххы фарн адæмы фарну.»

 

                       ( Миногонæй зонындзинæдтæ сфæлхат кæнын.)

 

 

 

 

 

 

                                                                                 15 – æм астæуккаг скъолайы

                                                                                  ирон æвзаг æмæ литературæйы

                                                                                  ахуыргæнæг   Мæргъиты Ц. А.

 

           

                                                                                    

 

 

 

 

 

 

 

                                              Дзæуджыхъæу – 20013 аз.

 

   Урочы хæстæ:

1)    Миногонæй зонындзинæдтæ сфæлхат кæнын;

2)    Текстыл бакусын, ахуырдзауты ахуыр кæнын раст хъуыды кæнын, хъуыдытæ раст æмæ аив дзурын, фыссын, раст хатдзæгтæ  кæнын;

3)    Сывæллæтты ахуыр кæнын уарзон цæстæй кæсын æрдзмæ, аудын ыл æмæ йæ хъахъхъæнын.

 

 

 

 

Эпиграф

 

Скачать:


Предварительный просмотр:

Ныхасы – тематикон урок

                                             ( Ироон æвзаг 10 – æм къласы )

      Темæ: « Зæххы фарн адæмы фарну.»

                       ( Миногонæй зонындзинæдтæ сфæлхат кæнын.)

                                                                                 15 – æм астæуккаг скъолайы

                                                                                  ирон æвзаг æмæ литературæйы

                                                                                  ахуыргæнæг   Мæргъиты Ц. А.

           

                                                                                     

                                              Дзæуджыхъæу – 20013 аз.

   Урочы хæстæ:

  1. Миногонæй зонындзинæдтæ сфæлхат кæнын;
  2. Текстыл бакусын, ахуырдзауты ахуыр кæнын раст хъуыды кæнын, хъуыдытæ раст æмæ аив дзурын, фыссын, раст хатдзæгтæ  кæнын;
  3. Сывæллæтты ахуыр кæнын уарзон цæстæй кæсын æрдзмæ, аудын ыл æмæ йæ хъахъхъæнын.

Урочы æрмæг: текст (таурæгъ), плакаттæ, нывтæ Ирыстоны æрдзимæ, тухгæ чингуытæ, компьютер,магнитофон, видеомагнитофон, равдыст «Скъоладзауты куыстытæ».

Эпиграф урокмæ:                        О, тæхуды, æрдз!

                                                      Дæуау куы фестин зæххæн рæсугъддзинад хæссæг.

                                                      Дæуау куы’ндавин алкæй зæрдæмæ.

                                                      Дæ уæлдæфау æхцон куы уаин мæ адæмæн.

                                                      Дæуау сын куы æвзæрын кæнин сæ зæрдæты

                                                     Цин æмæ рæсугъддзинад.

                                                    Дæуау куы уаин æнусон,æнцонæй куы фæразин

                                                   Царды зындзинæдтæн…

                                     

                                            Урочы  цыд.

  1. Орг. хай.

II. ( Хъуысы кассетæйыл фыст «Хъæды хъæлæстæ». Сывæллæттæ лæмбынæг    хъусынц .)

Фарст: - Цы ауад уæ цæстытыл, уæ хъустыл? Цавæр æнкъарæнтæ уæм сæвзæрд?

                           ( Ахуырдзаутæ дзурынц сæ хъуыдытæ.)

Слайд№ 1.

  - Уæдæ, сывæллæттæ, куыд бамбæрстат, афтæмæй абон нæ ныхасы сæр уыдзæн æрдзыл, æрдзы диссаджы рæсугъддзинад æмæ йæ бахъахъхъæныныл.

Нæ урочы темæ схуыдтам: «Зæххы фарн адæмы фарн у».

      Нæ размæ ис ахæм хæстæ:

  1. Сфæлхат кæнын, миногонæй цы æрмæг ахуыр кодтам, уый;
  2. Бакусдзыстæм текст – таурæгъыл;
  3. Нæ хъус æрдардзыстæм ахæм фарстмæ: - Цы кæнын хъæуы мах не’ппæты дæр, цæмæй нæ æрдз уа сыгъдæг æмæ рæсугъд, цæмæй нæ кæстæр фæлтæртæм дæр рæсугъд æмæ сыгъдæгæй ахæццæ уа?..

Слайд № 2.

Разныхас: ( Ахуыргæнæг аив хъæлæсы уагæй дзуры эпиграфы ныхæстæ.)

 - Æвæдза, цæй диссаг у æрдз!.. Цас сусæгдзинæдтæ æмбæхсы йæ мидæг!? Цæй æнæкæрон у йæ рæсугъддзинад æмæ йæ лæггад адæмæн?! Куыд диссаг сты æрдзон фæзындтæ?! Никæцы курдиатджын поэтæн, йе нывгæнæгæн бантыст раргом кæнын æрдзы рæсугъддзинад, йæ сусæгдзинæдтæ. Æвæдза, æрдзæн йæхицæй курдиатджындæр нæ уыд, нæй æмæ нæ уыдзæн!..

     Æрдз у нæ дарæг, нæ цин, нæ удылхæцæг! Цы у нæ цард æнæ хур, æнæ цъиуты зард æмæ гæлæбуты ратæх - батæх, æнæ æхсæрдзæнты хъазт æмæ хъал дæтты зарæг, æнæ къæвда æмæ дымгæ, æнæ сыфтæрты сусу - бусу?!

     - Нæ абоны урокмæ уын радтон ахæм хæслæвæрд: ссарын æрдзы темæйыл рæсугъд æмдзæвгæтæ, æмбисæндтæ, уыци - уыцитæ, рæсугъд хъуыдыйæдтæ. Табуафси, иу - дыууæ æмдзæвгæмæ байхъусæм.

       ( 2 ахуырдзауы кæсынц æмдзæвгæтæ Ирыстоны æрдзы тыххæй.Зæгъæм, Хаджеты Т. « Мæ Иры къæс», Дыгъуызты Тенгиз «Сæрдыгон райсом». Ис гæнæн æндæр æмдзæвгæтæ дæр.)

 

 -  Тынг бирæ аив æмдзæвгæтæ фыст æрцыд æрдзы рæсугъддзинадыл канд ирон адæммæ нæ, фæлæ æппæт адæмыхæттытæм дæр, æвæццæгæн.

 Байхъусæм- ма уырыссаг æмæ англисаг æвзагыл æмдзæвгæтæм.

              ( Сывæллæттæ кæсынц æмдзæвгæтæ.)

 

Фарст: - Зæгъут - ма мын, сывæллæттæ, цалынмæ пæэттæ, фысджытæ нæма уыдис, уæдмæ цымæ æрдзы рæсугъддзинадыл ничи дзырдта, никуы æвдыст æрцыд? 

                ( Нарты Ацæмæзы тыххæй дзурынц сывæллæттæ.)  

  - Уæдæ абон мах базонгæ уыдзыстæм адæмон сфæлдыстадæй иу чысыл таурæгъимæ æмæ йыл лæмбынæгдæр бакусдзыстæм.

  1. Текстыл бакуыст.

Слайд № 3.

       

                                            Текст.

        Хæхбæсты, иу бæрзонд уæлвæзы, рæзыд æмбисонды рæсугъд дидинæг. Стъалытæ йе’рвгъуыз къусчыты цардысты, хуры тынтæ та йæ армытъæпæны йас сыфтыл тæмæнтæ калдтой. Фæлæ скодта ди…аджы хус рæстæг. Дидинæг æрæнкъард, джихæй касти, йæ алыварс зайæгхал куыд тынг смæгуыр, уымæ. Уыцы рæстæг иу къа…æг цъиу фæцæйтахти уæлæрвты. Дунейыл æмбисонды рæсугъд дидинæджы æнкъарддзинад ын басаста йæ гы…ыл зæрдæ, æмæ йæ разы æрбадт.

Слайд № 4.

- Дæ сагъæс дын æмбарын, - загъта цъиу, - фæлæ нæ бæрзонд хæхбæстæй дæ рæсугъддзинад куы фесæфа, уæд ма æз дæр мæ цардæй цы кæнын. Дидинæгæн цъиуы ныхæстæ афтæ æхсызгон уыдысты, æмæ фырцинæй скуыдта. Гы…ыл цъиу йæ бырынкъæй æртæ къу…ы æркодта зæ…ы уæлцъар æмæ дунейыл æмбисонды рæсугъд дидинæджы цурты йæ урс цæ…узыртæй хъазгæ æрызгъордта уазал доны нарæг уадздзаг.

Слайд № 5.

Афтæ, зæгъынц, райгуырд суадон. Суадон – цинхæ…æг, суадон – цæрæнхос.

         Текстмæ хæслæвæрдтæ:

  1. Лæмбынæг бакæсын тест.
  2. Сæвæрын цухгонд дамгъæтæ æмæ зæгъын, цавæр орфограммæйыл сты?
  3. Текстæн сæргонд æрхъуыды кæнын æмæ йæ абзацтыл адих кæнын.
  4. Сбæрæг кæнын таурæгъы темæ, идейæ.

Дзырдуат фæйнæгыл рагацау: уæлвæз, къуск, къаннæг, уæлцъар, уадздзаг.             

                 ( Рагацау бацамонын дзырдты нысаниуæг.)

Фарст: - Цæмæн у ацы таурæгъ текст? ( иумæйаг хъуыды æвдисы, хъуыдыйæдтæ æнгом баст сты кæрæдзийыл.)

- Сбæрæг кæнут тексты хуыз? Цавæр хуызтæ вæййы текстæн? (Таурæгъон, æрфыстон æмæ хъуыды. Ацы текст у таурæгъон, æрфысты элементтимæ.)

 - Цавæр у тексты стиль? ( Аив литературон стиль хуымæтæг ныхасы элементтимæ.)

 -  Цавæр стильтæ ма зонæм? ( Хуымæтæг ныхасы стиль, публицистон, наукон.)

   -  Тексты аивгæнæн мадзæлттæ?

   1) Олицетворенитæ ( дидинæг æрæнкъард, джихæй касти, фырцинæй скуыдта æмæ а.д.)

   2) Эпитеттæ ( æрвгъуыз къусчытæ, æмбисонды дидинæг, диссаджы хус рæстæг, гыццыл зæрдæ, урс цæппузыртæ æмæ а.д.)

   3)  Абарст ( армытъæпæны йас)

   4)  Вазыгджын дзырдтæ ( уæлвæз, алыварс,æрвгъуыз, армытъæпæн, зайæгхал, хæхбæстæ,уæлæрвты, уæлцъар, цинхæссæг, цæрæнхос, суадон.)

   5)  Фразеологизмтæ ( цардæй цы кæнын,гыццыл зæрдæ басаста, тæмæнтæ калдтой.)

   6)  Иртæстгонд уæнгтæ ( Хæхбæсты, иу бæрзонд уæлвæзы, рæзыд æмбисонды рæсугъд дидинæг.)

   7)  Синонимтæ ( къаннæг, чысыл, гыццыл; рæсугъд, æмбисонды, диссаджы)

 8) Æмхасæнтæ ( суадон – цинхæссæг, суадон – цæрæнхос)

 9) Бабæтгæ æмæ домгæвазыгджын хъуыдыйæдтæ ( дæнцæгтæ æрхæссын.)

 10) Комкоммæ ныхас ссарут æмæ йæ баивут фæрссаг ныхасæй.( Цъиу загъта, зæгъгæ, дын  дæ сагъæс æмбарын, фæлæ… ) - бавæргæ дзырды руаджы.

11) Бавæргæ дзырд ( Афтæ, зæгъынц, райгуырд суадон…)

Хæслæвæрдтæ:

  - Равзарын дзырдтæ «цинхæссæг» æмæ «уæлæрвты» дзырды хæйттæм гæсгæ.

  - Ссарын тексты, æрхæцæн нысæнттæ сæвæрын кæм хъæуы, ахæм хъуыдыйад æмæ сæ сæвæрут. Бацамонут сæ дзургæйæ.

  - Лæмæгъ ахуырдзаутæн : 1) рафыссын  I , II - аг абзацæй миногонтæ (бæрзонд, рæсугъд, æрвгъуыз, хус, къаннæг, гыццыл.)

   2) Рафыссын хъуыдыйадæй дзырдбæстытæ миногон + номдар.

Гыццыл цъиу йæ бырынкъæй æртæ къуппы æркодта зæххы уæлцъар, æмæ дунейыл æмбисонды рæсугъд дидинæджы цурты, йæ урс цæппузыртæй хъазгæ, æрызгъордта уазал доны нарæг уадздзаг. ( Тексты мидæг ацы хъуыдыйады цухгонд сты æрхæцæн нысæнттæ.)

 

 Фарст : - Нæ зæрдыл ма æрлæууын кæнæм, цы у миногон?

                - Цавæр миногонтæ зонæм? ( миниуæгæвдисæг, ахастæвдисæг.)

                -  Миногонты бæрцбарæнтæ ? ( бындурон, барæн, уæлахизон.)

                -  Цæмæн хъæуынц миногонтæ не’взаджы?

  IV. Æвзаргæ диктант.   

      ( Ахуыргæнæг кæсы чысыл текст. Скъоладзаутæ фыссынц æрмæстдæр номдартæ Н. хауæны, стæй сæм фыссынц æмбæлон миногонтæ.)

Слайд№3.

        Хæхбæсты хур зæхмæ хæстæгдæр у, стъалытæ ирддæрæй æрттивынц,дымгæ æндæр хъæлæсæй зары, æхсæрдзæны хъазт æндæр никуы фендзынæ, адæймаджы ныхас афтæ никуы азæлы. Хæххон дидинæгæн æрмæстдæр хæххон дидинæгимæ ис абарæн…

                                                                                                     ( Цæгæраты М.)

( Хур, зæхх, стъалытæ, дымгæ, хъæлæс, æхсæрдзæн, адæймаг, ныхас, дидинæг, хъазт, хæхбæстæ.)

Хæс: Ныффыссын хъуыдыйад æмæ йæ синтаксисон æвзæрст ракæнын:

            Æрдз ныл хъæбулау узæлы, байдзаг адджын мыртæй риу. (Дыгъуызты Т.)

(Æнæбæттæг вазыгджын, конд у 2 хуымæтæг даргъ дывæрсыг хъуыдыйадæй, таурæгъон, æнæхъæрон, ис дзы абарст. Равзарын ныхасы хæйттæм æмæ хъуыдыйады уæнгтæм гæсгæ.)

Фарст: - Цавæр синтаксисон функцитæ ма æххæст кæны миногон?

  1. Сæйраты ролы:

 Фæрнджын йæ хъуыддæгтæй бæрæг вæййы.

  1. Зæгъинаджы ролы:

 Рæсугъд у Ирыстон!

  1. Æххæстгæннæны ролы:

 Хорзæн йæ ном нæ сæфы.

  1. Архайды хуызы фадат:

  Æвзæр дæхи ма дар!

Ахуыргæнæг: - Ногæй та нæ текстмæ раздæхæм.

 

Слайд № 5.

Райгуырд суадон…Суадон – цинхæссæг, суадон – цæрæнхос…Уыцы суадоны фæстæ райгуырд бирæ æндæр суадæттæ…

Фарст: - Цымæ цы фесты дарддæр? Кæдæм хъуамæ бахæццæ уой æмæ цавæр зындзинæдтæ бавзæрстой сæ фæндагыл? Кæй аххосæй?

Слайд № 6.

(Сывæллæттæ дзурынц сæ хъуыдытæ: адæймаг куыд чъизи кæны æрдз, дон, заводтæ цы зиан хæссынц æрдзæн.)

Ахуыргæнæг: - Хъыгагæн, сывæллæттæ, æрдзы лæггад алчи не’мбары, уазал цæстæй йæм кæсы, чъизи митæ кæны, нæ ауæрды æрдз сафыныл.

Мæнæ куыд зæгъы поэт Цæгæраты Максим : «Зæхх! Дæумæ нæй хин æмæ фыдæх. Ды, ныййарæг мадау, дæ хъæбыс байтыгътай алкæмæ дæр. Фæлæ дын дæхицæн афтæ нæ лæггад кæнынц адæм. Æмхуызон дæ нæ хъахъхъæнынц…»

 V. - Ныртæккæ бакæсдзыстæм клипмæ. Уый фæстæ мын уæ хъуыдытæ, уе’нкъарæнтæ зæгъдзыстут.

( Сывæллæттæ кæсынц клипмæ – æрдз куыд сæфы адæмы аххосæй, бæлæстæ куыд калынц, цæрæгойты куыд марынц æмæ а. д.)

Фарст: - Цавæр æнкъарæнтæ уæм сæвзæрд ацы сюжет фенгæйæ?

                                 ( Дзурынц сæ хъуыдытæ.)

 - Ахуыргæнæг: - Сывæллæттæ, абоны урокмæ цæттæгæнгæйæ, сымах хъуамæ уæ хъус æрдардтаиккат æмбисæндтæм, уыци – уыцитæм æрдзы темæйыл.

Табуафси, цавæр æмбисæндтæ ссардтат?  (Байхъусын æмбисæндтæм.)

  Зæгъæм:

- Хур адæмæн иумæйаг у.

- Зæхх æрдзæн йæ мад у, хур та – йæ фыд.

- Зæххæн йæ фарн куыд у, йæ бæркад дæр афтæ у.

-  Зæхх йæ уæлæ хæс нæ уадзы.

-  Дон кæм нæй, уым цард дæр нæй.

-  Дон адæмы сыгъдæг кæны, уыдон та йæ чъизи кæнынц.

   

Ахуыргæнæг: - Предметы ном базонæм йæ миниуджытæм гæсгæ. Байхъусæм - ма уæдæ уыци – уыцитæм æмæ сæ базонæм:

 1) Иу дон калы, иннæ йæ нуазы, æртыккаг дзы рæзы. ( уарын, зæхх, кæрдæг)

 2) Æнæ къух,æнæ къах, афтæмæй дуар байгом кæны. ( дымгæ)

 3) Æнæ фæрæтæй хид аразы. ( зымæг)

 4) Æнæ фæрæт, æнæ дзæбугæй скæны хæдзар.  ( цъиу)

 5) Судзинрагъ – тулдзы бын

     Худы йас – бургуыбын,

     Мыстыты, кæлмыты  

     Рацахсы уæрмыты.   ( уызын)

Ахуыргæнæг: - Уæдæ, сывæллæттæ, уæлдæр куыд загътам, афтæмæй, хъыгагæн, алчи уарзон цæстæй нæ кæсы æрдзмæ, нæ йын хъахъхъæны йæ рæсугъддзинад, æмæ уый аххосæй арæх фембæлæм тар нывтыл, æрцæуы фыдбылызтæ. Раст у, æвæццæгæн, уыцы хъуыды: « Æрдзмæ цы цæстæй кæсæм, уый дæр нæм ахæм цæстæй кæсдзæн».  Абон адæм æгæр дурзæрдæ систы, æбуалгъ митæ кæнынц, æмæ сыл, æвæццæгæн, æрдз дæр йæ цæхæртæ æркалы. Акæсæм - ма, цас æрдзон фыдбылызтæ æрцыд? Уыдонæй æвирхъаудæр Иры зæххыл – Хъæрмæдоны трагедии! Уыцы стыр фыдбылызы фæдыл поэт Цомайты Р. ныффыста  æмдзæвгæ

              « Хъаймæты бон». ( Ахуырдзау аив кæсы æмдзæвгæ.)

Слайд № 8                   « Хъаймæты бон»

       Зæххæнкъуыст, донывылдтæ, зæй…

       Æрцыди, чи зоны, нæ кæрон.

       Зыны ма мигъты фæстæ мæй,

       Кæны æнусон æрдз йæ кæнон.

 

       Йæ ныхмæ чи фæлæууыд? Кæд?

       Ызнæт гал чи уромы бастæй?

       Кæм ис нæ удылхæцæг Зæд?

       Уынын нæ урссæр хæхтæ фазтæй…

          Зæххæнкъуыст, арвнæрдтытæ, тарст.

          Сæ сæр сæ кой ыскодтой адæм.

          Нæ цæуы, нæ, тæригъæд барст,

          Нæ хъары махмæ ницы, бадæм…

          Æрбахгæд арвы дуар æваст,

          Фæцис зæххон цардæн йæ рæстæг?

           Цы ма у адæмы цъæхахст?

           Æви хъаймæты бон æрхæстæг?

Ахуыргæнæг: - Хуыцау макуыуал æруадзæд зæххыл ахæм æвирхъау фыдбылыз, уæлдайдæр та нæ Иры зæххыл, фæлæ адæм хъуамæ зæрдæбынæй ахъуыды кæной æмæ сæ ахаст æрдзмæ, цардмæ аивой, цæмæй суой хæларзæрдæдæр, уарзой рæсугъддзинад æмæ йæ цæстуарзонæй хъахъхъæной.

   - Абон, сывæллæттæ, миногонтыл дзырдтам нæ урочы, æмæ æнæ миногон не’взаг, нæ ныхас куыд мæгуыр æмæ æнаив у, афтæ æрдз дæр уыдзæн æнæуд æмæ тар, - адæймаг ын куы нæ фæххуыс кæна, уæд. Ууыл хъуамæ алчидæр лæмбынæг ахъуыды кæна.

  Хæс: - Ныр мæ, сывæллæттæ, фæнды, цæмæй нæ урочы кæрон сымахæй алчидæр ныффысса 4 – 5 хъуыдыйады фæдзæхсты, йе сидты, йе курдиаты хуызы адæммæ:

 «Куыд бахъахъхъæнæм нæ æрдзы рæсугъддзинад?!»  Цы хъæуы, сымахмæ гæсгæ,

уый тыххæй?  

Слайд № 1, 2, 3, 4,5, 6,7.

(Ахуырдзаутæ фыссынц сабыр музыкæйы фоныл. Байхъусын 1 – 2 куыстмæ.)

Кæронбæттæн: (Сывæллæтты æххуысæй скæнын хатдзæгтæ, сæвæрын бæрæггæнæнтæ комментаритимæ, арфæ ракæнын скъоладзаутæн.)

Слайд № 9.

Хæдзармæ куыст: ныффыссын нывæцæн « Æрдз – нæ дарæг!»

( Хъуысынц кассетæйыл фыстæй «Хъæды хъæлæстæ». Сывæллæттæ ацæуынц


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

«Дæ фарн бирæ, ирон сылгоймаг!»

тема урока осетинского языка в дифференцированных группах: "Будь счастлива,  женщина!"Тип урока: Изучение нового с творческой деятельностью учащихся на уроке.Женщина не только продолжение р...

Мад æмæ къонайы фарн.

Статья по произведению Васо Малиева "Дом Сурме"....

Фарн уаем бадзураед

План конспект открытого урока в 8 классе на тему "Обращения"...

ИРОН ФАРН

традиции Осетии...

Хорз фидæн - фыдæлты фарн.

Главной задачей урока является воспитание у учащихся ценностного отношения к жизни. Урок составлен на основе любви к Родине, к Отечеству, к родному краю, прививает патриотизм....

Балцы Бетъырбухы (урок-экскурси) 9-æм кълас (лæмæгъ къордтæ)

Нысантæ: хъомыладон:ахуырдзауты эстетикон дуне фæхъæздыгдæр кæныныл бакусын; сæ æнкъарæнтæ рæзын кæнын; ахуыр сæ кæнын  дунейы рæсугъддзинад уынын, гуырын кæнын уарзондзинад райгуырæн бæстæмæахуы...