Мад æмæ къонайы фарн.
статья на тему

Казиева Фатима Валентиновна

Статья по произведению Васо Малиева "Дом Сурме".

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл statya_v_makh_duge.docx23.37 КБ

Предварительный просмотр:

Мад æмæ къонайы фарн.

Зæххыл адæймаг куы фæзынд æмæ йæхицæн аирвæзыны тыххæй зынг куы самал кодта, уæдæй нырмæ арт сси табуйаг. Арт уыди цæрыны мадзæлтты тæккæ ахсджиагдæр. Адæм сæ зынджы мурыл «кодтой фу-фу», цæмæй ма ахуысса æмæ ма феста уазал фæнык.

Артæн сабыргай фæзындис алæмæттаг æууæлтæ, семæ сæнтысти бардуæгтæ, хуыцæуттæ. Адæймаджы хъарм кæнын æмæ рухсы дарынæй уæлдай ма артæн ис иу ахсджиаг миниуæг – бинонты иу кæнын. Арт сабыргай лæгæты астæуæй рацыд æмæ бынат ссардта хæдзары къонайы. Йæ ног бынаты дæр баззадысты йæ фыццаг æууæлтæ, фæлæ ноджы фæтыхджындæр бинонты бæттæг объекты ахадындзинад.

Къонайы алыварс-иу æрбамбырд сты бинонтæ. Ам-иу изæрæй-изæрмæ хистæртæ кæстæртимæ æрныхас кодтой сæ царды абоныл æмæ райсомыл. Ам-иу хъуыстой сабитæ сæ дадайы фæлмæн ныхæстæм, таурæгътæм, аргъæуттæм. Ам-иу кодта мад йæ сабийæн авдæнмæ а-ло-лай. Ӕппынфæстаг, ам гуырынц мидбинонты æмæ æхсæнады ахастытæ, уыдонимæ рæзы этикон æмæ эстетикон æгъдау, культурæ. Алы хæдзарæн, бинонтæн ис йæхи æгъдау, йæхи уагæвæрд. Къона та у æппæтæн сæ рахæцæн. Уый у бинонты, мыггаджы фарн.

Ацы темæмæ æнæбавналгæ, æвæццæгæн, иу фыссæг, иу поэт дæр нæ разындзæн. Уымæн æмæ йæ бæстæ цы адæймаг нæ уарзы, йæ райгуырæн хæдзар-къона адджын кæмæн нæу, уый зæрдæйы нæ равзæрдзæн адæмæн хорз уацмыс ныффыссыны аккаг аив ныхæстæ.

Фæнды мæ, хæдзары (къонайы) темæ иу уацмысы куыд раргом, ууыл, æрдзурын. Уыцы уацмыс у Малиты Васойы роман «Сурмейы хæдзар». «Малиты Васо у ирон аив дзырды курдиатджындæр зæрингуырдтæй иу. Поэзийы, прозæйы, драматургийы жанрты цы уацмыстæ сфæлдыста, уыдон бæлвырд фæхъæздыгдæр кодтой ирон литературæ»,- фыссы Ходы Камал.

Роман «Сурмейы хæдзар» арæзт æрцыди хицæн цæгтæй-микротемæтæй. Уыдон баст цæуынц кæрæдзиуыл. Уыцы рæхыс у æгъдау, фарн, хæдзар, къона, артдзæст.

Романы зынгæ бынат ахсы зæронд, куырыхон ус Сурме. Бирæ зындзинæдтæ бавзæрста. Зæгъæн ис, æмæ йæ цард ииуылдæр уыди тыхст æмæ уырыд, фæлæ йæхи æнамонд нæ хоны. Сурмемæ цæуынц æппæт хъæуы цæрджытæ дæр сæ фарстатæн раст æмæ бæлвырд дзуапп агурæг. Æвæццæгæн, Цæрæгмæ (Сурмейы фырт) дзæгъæлы нæ фæзындысты хъуыдытæ, зæронд дыргъдонмæ йæ нарæг къахвæндаг куы рахаста, æмæ куы федта рагон ставдзæнг бæлас, уæд: «О, се `мхуызондзинад ис сæ равзæрды мидмидисы, сæ хъысмæтты. Раст ацы фидар фæткъуыйау лæууы Сурме дæр арвы бын, райгуырæн зæххы йæ уидæгтæ арф ауадзгæйæ, цард æй цагъта, ацы бæласы лæдзджытæй куыд цæгъдынц, афтæ, фæлæ йæ дыргътæ – йæ фарн, йæ уарзондзинад, йæ къухвæллой сырхварс фæткъуытау хаста дунемæ æназымæй, æнæ уæлдай хъыпп-сыппæй, йæхицæн ницы домгæйæ». Сурмемæ раст цыма арвы айдæн ис, йе та йе уæны кæсы, уыйау алы хъуыддаг дæр уырзæй æвзарæгау равзары æмæ ахъуыды кæны, сомбон цæмæй хуыздæр уа, уымæн цы гæнæн ис, ууыл.

Сылгоймагæн алы ныхас хуымæтæг, фæлæ зæрдæмæхъаргæ. Цæуыл æрдзуры, стъæлф кæм æрæвæры, уырдæм фиппайнаг бахæссæн нал вæййы. Уымæн æвдисæн у, хъæуы мидæг æм цы цæстæй кæсынц, цы кад ын ис йе `мхъæуккæгты `хсæн, уый. Сабан æмæ Цæрæджы хсæн ахæм ныхас рауади горæты фатеры тыххæй:

-Фатер дын радтой?

-Нæма.

-Сурмейы ам уадз.

-Иунæгæй йæ куыд…

-Зæгъын дын, уадз æй. Иунæгæй цы хоныс? Акæс-ма ацы адæммæ,- цас сты. Йæ ахуыр бынатæй йæ кæдæм кæныс? Гæмæх къæдзæхæй кæй æртыдтой, уыцы кæрдæг цæхæрадоны сау сыджытыл нал ныххæцдзæн…

Сурме уынгты куы рацæйцæуы, уæд йæ цуры æвзæр ми, æвзæр ныхас кæнын ничи бауæнддзæн. Мацы кусæд, мацы дзурæд, æрмæст цæргæ кæй кæны, уый дæр хъæубæстæн æххуыс у, бауырнæд дæ. Сыгъдæгдзинад æмæ намысы цардæгас дæнцæн. Уадз æмæ йæ фæзмой стырæй-чысылæй.

…Сæйрагдæр цæй тыххæй дзурын, уый хъуамæ бамбарай: уадз æмæ уæртæ уыцы рудзынгæй кæлæд рухсы цъыртт. Уæд адæм зæрдæнцойдæр уыдзысты се гъдауæй, сæ цард, сæ фидæны тыххæй».

Сурме фидархæст у нæ фыдæлты æгъдæуттыл æмæ æмæ сæ нæ уадзы рох кæнын йæ кæстæртæн. Зæринæимæ куы базонгæ ус, уæд Ӕдарцты Аслæнбег хъазæгау бадзырдта:

-Сурме, уынджы астæу цæуыл хъæбыстæ кæныс нæ ног ахуыргæнæгæн? Ӕви йæ рагацау дæхицæн чындзагæн снысан кодтай?

-Уый та дын цы ныхас у, мæ боны рад, йæ мад Борæтиимæ дыууæ хойы цард куы фæкодтам, - бустæхуыз æмæ æнкъардæй загъта Сурме.

-Ха-ха, - зæрдиагæй бахудти зæронд усы ахæм хатдзæгыл Аслæнбег. – Ӕгайтма йын йæ мады зыдтай, уый ноджы хуыздæр!

-Нæ, нæ хæдзармæ бынтон æддагон  хонын хъæуы… Уый сымахмæ, ныры фæсивæдмæ, нымады ницыуал у, фæлæ цалынмæ хæстæгдзинадыл авд фæлтæры нæ рацæуа, уæдмæ нæ фæтчы дыууæ мыггаджы æхсæн къай агурын.

Алцæмæй дæр æххæст бинонты æхсæн (фыд Сабан – колхозы сæрдар, мад Сонетæ – ахуыргæнæг) рæзы скъоладзау чызг – Олимпиадæ. Ӕрыгон чызгæн йæ зæрдæмæ цæуы Цæрæг. Олимпиадæмæ афтæ фæкасти, цыма йæ лæппу дæр уарзгæ кæны. Фæлæ се `хсæн уый фæстæ цы ныхас рауад, уый сын сæ ахастдзинæдтæ сбæрæг кодта. Чызг уæззау хъуыдытимæ араст Ӕрæфы былгæронмæ, сфæнд кодта цъитидоны йæхи ныннайын, цæмæй фæрынчын уа. «Рынчынфæрсæг нæм куы æрцæуа, уæддæр æй мæхимæ нæ бауадздзынæн»,- афтæтæ хъуыды кодта Олимпиадæ.

Раст уыцы рæстæг Аслæнбег æрцыди (нозтджынæй ардæм цыд йæхи найынмæ).

Чызг ын рахъаст кодта, мæн ничи уарзы, зæгъгæ, уæд Аслæнбег ризгæ хъæлæсæй сдзырдта: «Дæу? Куырм, æдылы, къодах нæ бауарздзæн ахæм чызджы… нæ, ды раст нæ зæгъыс… Уарзгæ дæ алчи дæр кæны, фæлæ дæу бамбарын никæй бон у… Мæн йеддæмæ…»

Ахæм цыбыр диалоджы фæстæ «худинаджы худ» ныккодтой Аслæнбег æмæ Олимпиадæ. Раст уыцы рæстæг æрбацæйцыд Сурме – йæ хъуг хъомæй хæдзармæ не `рбаздæхт, æмæ уый агуырдта. Сурме федта: «къудзиты бын дыууæ бæгънæг буары зæххыл æвдылдысты, æбуалгъ хъуырдухæн кодтой. Чи сты, уый базыдта Сурме… Йæхи цæстæй федта, Аслæнбег Олимпиадæйы куыд абырста… Ӕвирхъау ныв!»

О, æвирхъау ныв… Чиныгкæсæг Сурмейы афтæ бауарзы, афтæ банкъары йæ миддуне æмæ йын йæ хъуыдытæ бамбарын зын нал вæййы. Усæн ахæм æбуалгъ ми феныны бæсты мæлæт хуыздæр уаид. Фæлæ цы æрцыд, цы федта, уымæн раздахæн, раивæн нал и. сурме стыр аргъ цы æгъдæуттæн кодта (чызджы сыгъдæгдзинад, кад æмæ хæстæгдзинад бакæныны размæ дыууæ мыггаджы `хсæн хъуамæ авд фæлтæры рацæуа, зæгъгæ), уыдоны сæрты ахызтысты Ӕдарцты кæстæртæ. Мады психологон уавæр фыссæг æргом кæны арф: «Дуне Сурмейыл иннæрдæм рафæлдæхт. Бамбæрста, хъæубæсты къæсæрмæ ардыгæй фæстæмæ бæллæх æмбæхстæй кæй цæудзæн æмæ иуахæмы кæй срæмудздзæн…»

Бирæ фæхъуырдухæн кодта Сурме, фæлæ йæ фæлтæрддзинады руаджы сæры хъуыдытæ змæст нæ цыдысты. Арф уал бамбæхста йæ зæрдæйы, хъæуы фарныл, мыггаджы кадыл, хъуыды кæнгæйæ, Олимпиадæ æмæ Аслæнбеджы хабар. Фæлæ рæстæг æрцыди, гæнæн нал ис, æмæ Сурме Зæринæйы æххуысæй сфæнд кодта писмо ныффыссын йæ фырт Цæрæгмæ. Уый Аслæнбеджы бæсты нымад æрцыд аххосджыныл. Ацы сюжеты райхæлд романы ахсы кульминацион бынат. Фыстæджы Сурме раргом кодта Цæрæгæн, æнцой йæ чи нæ уагъта, уыцы сусæгтæ: туджджынты хабæрттæ æмæ Ӕдарцты худинаджы кой.

Ацал-ауал азы Сурме йæхи хордта, хистæр лæппу йæ аххосæйкæй фæхауæггаг йæ фыды хæдзарæй, уый тыххæй. Ныр Цæрæгæн схъæр кодта, цæмæн райста ахæм хæс йæхимæ, æмæ туджджыны ном цæмæн хастой Фаддзаутæ Ӕдарцтимæ.

Сурме тарсти, йæхи дыууæ цæстæй æвдисæн цы хабарæн уыдис, уый куы рахъæр уа, æмæ дыууæ мыггаджы кæрæдзийы куы ныццæгъдой, уымæй. Уый йын æгъгъæд нæ уыд, æмæ ма дыккаг æвдисæн, йе `намондæн, сси Ӕдарцты худинагæн. Æмæ æппынæдзух дунейы фарнмæ сиды: «Бирæ мæстытæ, бирæ зынтæ бавзæрстон æз мæ царды. Фæлæ мæхи æнамонд никуы рахуыдтон – цы адæмимæ цæрын, уыдоны руаджы цыдтæн мæ къæхтыл, уыдоны фæрцы схъомыл кодтон сымах дæр. Дæ зæрдæ ма худæд хъæубæстыл, иугай адæймæгты фыдæхæй адæмы фарн тыхджындæр у… Уый дын мæ фæстаг фæдзæхст…»

Васо йæ романы ирдæй равдыста сылгоймаджы фарн, бантысти йын Сурмейы цард алывæрсыгæй равдисын: хæдзары бинонтимæ, сыхæгтимæ, хъæубæстимæ. Сурме никуы рох кæны, сылгоймаг кæй у, уый. Йæ бон цас уыдис, уыйбæрц хъахъхъæдта хæдзары фарн, къонайы цæхæр æмæ хъæубæсты кад. «Нæхицæй хуыздæр ран мын никуы ссардзыстут, мæнæн мæ санаторитæ нæ хъæуы уынгты сты… кæд ма сæм разилон, уæд», - дзырдта Сурме Цæрæгæн, путевкæйы кой йын куы скодта, уæд.

Малиты Васо зæгъы, зæгъгæ, Сурмейы бирæ миниуджытæ сныв кодтон мæ зæронд мад Зæрæда æмæ йæ хо Хæмисаты удыкондæй. Æвæццæгæн, Васо йæ персонажæй йæ мады мондæгтæ кæй агуырдта, уымæн ахæм фæлмæн æмæ зæрдæмæдзæугæ рауади Сурмейы сурæт. Мадæй хæстæгдæр, адджындæр хъæбулæн нæй. Мад сабийæн у рæвдауæг, хъазæг, уарзæг æмæ амонæг æмбал. Мад у царддæттæг. Фæлæ сабийы ныййарынæй уæлдай, цæмæй цард дарддæр цæуа, уый тыххæй мады æнæмæнг хъæуы йæ къонайы арт хъахъхъæнын. Ӕмæ Сурме уымæн у æвдисæн – йæ цард кæрæй-кæронмæ снывонд кодта, хæдзары арт цæмæй ма ахуысса, уымæн.

Васо Сурмейы схайджын кодта сылгоймаджы æппæт  хорз миниуджытæй. Уый хуызæн сылгоймæгтæ Сатанайау хæссынц кад, фарн æмæ рæсугъддзинад адæмы `хсæнмæ:

«Сурмейы ингæны уæлхъус изæрмæ фæцис Цæрæг, стæй араст сæхимæ. Бацыди кæртмæ, йæ зæрдæ нæ куымдта мидæмæ бацæуын. Тарсти хæдзары æдзæрæгдзинадæй… Бакъахдзæф кодта къæсæрæй æмæ æрвдзæфау сагъдæй баззад: йæ цæсгомыл æдзæрæгдзинады уазал тæфы бæсты сæмбæлд арты хъарм æмæ чъыры тæф. Дзæвгар рæстæг йæ бынатæй сызмæлын нæ фæрæзта. Ссыгъта цырагъ. Федта: хæдзары къултæ уыдысты чъырæй цагъд. Пец ма тæвд уыди, чидæр дзы арт бакодта.

…Уыцы рæстæг дуар æрбахостæуыд. Мидæмæ æрбахызт Зæринæ.

-Ӕрыздæхтæ? – сабыр хъæлæсæй загъта уый. – Ӕгас цу.

-Ӕгас цу ды дæр… Ӕрцыдтæн… абæрæг кодтон…

-Ӕз ауылты фæцæйцыдтæн… Рухс федтон æмæ…

-Ӕвæццæгæн нæм исчи цæры? – æнкъардæй бафарста Цæрæг.

Зæринæ йæ сæр «нæ», зæгъгæ, батыфлдта. Дзæвгар рæстæг лæууыдысты æнæдзургæйæ, стæй чызг раздæрау ныллæг хъæлæсæй райдыдта:

- Сурме куы марди, уæд мыл хæдзар фæдзæхста… «Хæдзар арты тæф куы нæ кæна, уæд æдзæрæгхуыз у… Хъуына кæны… Хæдзар мæлгæ кæны… Арт та цард у…»

Куыд уынæм, афтæмæй Малиты Васойæн бантысти, мады фарн æмæ хæдзарвæндаджы традицитæ царды бындур кæй сты, уый арф æмæ бæстон равдисын, мады фæлгонц ирд ахорæнтæй скæнын.


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

«Дæ фарн бирæ, ирон сылгоймаг!»

тема урока осетинского языка в дифференцированных группах: "Будь счастлива,  женщина!"Тип урока: Изучение нового с творческой деятельностью учащихся на уроке.Женщина не только продолжение р...

Ныхасы – тематикон урок ( Ироон æвзаг 10 – æм къласы ) Темæ: « Зæххы фарн адæмы фарну.»

Темæ: « Зæххы фарн адæмы фарну.»                        ( Миногонæй зонындзинæдтæ сфæ...

Фарн уаем бадзураед

План конспект открытого урока в 8 классе на тему "Обращения"...

ИРОН ФАРН

традиции Осетии...

Хорз фидæн - фыдæлты фарн.

Главной задачей урока является воспитание у учащихся ценностного отношения к жизни. Урок составлен на основе любви к Родине, к Отечеству, к родному краю, прививает патриотизм....

Темæ: «Адæмы фарн бирӕ у!» Тӕрхонгӕнӕг уӕхӕдӕг ут!

Урочы  нысантæАдæймаг рæсугъд цæмæй вæййы, уый равзарын. Скьоладзауты ахуыр кӕнын раст цӕстӕнгасӕй кӕсын ирон ӕгьдӕуттӕм,ӕмбарын сын сӕ актуалондзинад ныры  царды. Зӕлийы фӕлгонц равзарын.Ур...