ИРОН ФАРН
материал по краеведению (9 класс) на тему

Саламова Земфира Татариевна

традиции Осетии

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл iron_farn.docx4.34 КБ

Предварительный просмотр:

«Фыды фарн мӕрдтӕм нӕ хастӕуы».

      Дунемӕ ирон адӕм куы фӕзындысты, уӕдӕй фӕстӕмӕ хӕст сты аланты ӕгъдӕуттыл. Мах адӕмыхатт хицӕн кӕны йе `гъдӕуттӕй, йӕ культурӕйӕ. Нӕ куырыхон фыдӕлтӕ нын цы ныууагътой хорзӕй, уыдон мах цӕстыгагуыйау хъахъхъӕнӕм, тырысайау сӕ бӕрзонд хӕссӕм, цӕмӕй фыдӕлты фарн ӕмӕ намыс цӕрой ӕнусты.
      Фыдӕлтӕй нӕм цы стыр хӕзнатӕ ӕрхӕццӕ, уыдонӕн сӕ тӕккӕ ахсджиагдӕр сты нӕ фарны ӕгъдӕуттӕ .
      Адӕймаг ӕнусты нӕ цӕры. Ӕнусты цӕры йӕ кад кӕнӕ йӕ худинаг. Ӕмӕ-иу нӕ фыдӕлтӕ худинаджы бӕсты кадимӕ амӕлын хуыздӕрӕн уымӕн равзӕрстой.
      «Ӕнусон цардӕй ӕнусон кад хуыздӕр,» - афтӕ дзырдтой Нарты хуыздӕрта. Ӕз дӕр мӕ царды сӕйрагдӕр нысаныл нымайын райгуырӕн бӕстӕ, иубӕстон адӕм ӕмӕ фыдыуӕзӕгыл амӕлӕты бонмӕ ӕнувыд уӕвын.
      Хистӕрты нымайын, уыдонӕн лӕггад кӕнын, сӕ арфӕйы ныхасмӕ хъусын, суанг сабийы бонтӕй бацӕуы нӕ туджы. Дзӕгъӕлы нӕ фӕзӕгъынц: «Хистӕрӕн йӕ фындз амӕрз ӕмӕ йӕ зондӕй бафӕрс».
      Ӕз афтӕ фӕхъуыды кӕныӕн, хистӕр цы хадзары нӕй, уый фидаугӕ дар нӕ кӕны. Хистӕртыл азтӕ цас рацӕуы, фыдӕбӕттӕ дӕр уыйбӕрц бавзарынц, ӕмӕ мах, кӕстӕртӕ, уый хъуамӕ хъуыды кӕнӕм.
      Ирон адӕмы ахсджиагдӕр миниуджытӕй ӕз иуыл нымайын ныййарӕг мадӕн йӕ ном, йӕ фарнӕн уӕлдай кад кӕнын. Адӕймаг йӕ цины, йӕ зыны сахат фыццагдӕр йӕ мадмӕ фӕдзуры. Мады зӕрдӕ, мады дзыхы ныхас ӕвдадзы хос вӕййынц хъӕбулӕн Дӕттынц ын ныфс, хъару, зонд, ӕрбайсӕфынц ын йӕ йӕ фӕллад, йӕ рыст. Мады дзыхы ныхас хъусгӕйӕ хъӕбул вӕййы амондджын.

Нӕертон дзырдтӕн сӕ фӕлмӕндӕр у Мад,
Цӕуы йӕ армӕй адӕмыл бӕркад.


      Цӕрынӕй хӕрынме ирӕттӕм иннӕ адӕмтимӕ абаргӕйы сылгоймагӕн кодтой уӕлдай кад. Бинонты `хсӕн дӕр ӕмӕ ӕхсӕнады дӕр ахста ахсджиаг бынат. Ууыл дзурӕг сты, ӕнусты сӕрты сӕ кой махмӕ кӕмӕн ӕрхӕццӕ, уыцы номдзыд сылгоймӕгты нӕмттӕ: Амагӕ ӕмӕ Алайнаг Иринӕ, Задалесчы Нанӕ ӕмӕ ӕндӕртӕ. Раджы дӕр ӕмӕ ныр дӕр сылгоймаджы барынц зӕдтӕ ӕмӕ дауджытимӕ. Дзӕгъӕлы нӕ фӕзӕгъынц: «Ӕцӕг сылгоймаг хадзары зӕд у,» кӕнӕ «Сатана кӕд сылгоймаг уыди, уӕддӕр Нарт йӕ зондӕй цардысты».
      Зын уавӕры бахауӕг адӕймагӕн йӕ фарсмӕ ӕрбалӕуу, зӕрдӕ йын бавӕр ӕмӕ йын баххуыс кӕн. Уыцы миниуӕг ирон адӕммӕ ард бахӕрды хуызы у. «Зӕрдӕйы хорз дарӕг – удыбӕстӕ ссарӕг», - дзырдтой нӕ фыдӕтӕ. Рынчын,кӕнӕ факӕсынхъуаг адӕймагӕн балӕггад кӕнынӕй ма хуыздӕр цы ис.
      Ирон адӕммӕ рагӕй баззад ӕгъдау – уазӕджы буц кӕнын цӕхх ӕмӕ кадзынӕей. «Мӕ фыдгулы хӕдзармӕ уазӕг ма `рбацӕуӕд», «Уазӕджы аккаг буцдзинӕдтӕ нӕй», - афтӕ-иу загътой фыдӕлтӕ. Ирон лӕг цыфӕнды  мӕгуыр армӕй дӕр йӕ уазӕджы хорз фены, сбуц ӕй кӕны хӕринагӕй, нозтӕй, хӕлар, рӕвдаугӕ цӕстӕнгасӕй ӕмӕ лӕгъз дзыхыныхасӕй.
      Ацы дунейы адӕймагӕн ӕнӕ йӕ алыварс уӕвӕг адӕм фӕцӕрӕн нӕй. Ирон адӕм, ӕвӕццӕгеӕн, рагӕй дӕр уымӕн кодтой сыхагӕн уӕлдай кад, уымӕн-иу загътой  фыдӕлтӕ: «Хорз сыхаг ӕфсымӕр у», «Бӕлас куы фӕкӕлы, уӕд йӕ сыхагыл банцой кӕны». Сыхагимӕ хӕларӕй цӕрын фыдӕлтӕй баззад. Адӕймаджы хъӕздыгдзинады разӕй дӕр хорз сыхаг хъӕуы. Кӕд дӕ сыхагӕй амонд фӕцис, уӕд уый стыр хорздинад у. Цы ма уа уымӕй хуыздӕр, дӕ тыхст рӕстӕг дӕ сыхаг ӕфсымӕрау дӕ цуры куы `рбалӕууа, дӕ хъыгыл хъыг куы кӕна, дӕ циныл – цин.
      Цард кӕстӕрӕй фидауы фӕзӕгъынц. Ӕмӕ  уый ӕцӕгдӕр афтӕ у. Хистӕр-иу кӕстӕрӕй домдта фыццаджыдӕр ӕгъдау ӕрмӕст ныхасӕй нӕ, фӕлӕ йӕ алы къахдзӕф, йӕ алы фӕзылдӕй дӕр. Мӕ райгуырӕн хъӕуы  ӕфсарм кӕстӕртӕм бӕрзонд ӕвӕрд у. Акӕсут-ма фӕсивӕдмӕ. Хъӕуы цин кӕнӕ зианы хабар куы вӕййы, уӕд фӕсивӕдӕй хуыздӕр чи `рбалӕууы фӕкӕсынмӕ? Амӕй-ай сӕрӕндӕрӕй, иу иннӕйы фӕдыл кӕстӕртӕ, сӕ хъарутыл нӕ ауӕрдгӕйӕ, зардиагӕй ӕххуыс кӕнынц.
      Сӕфӕн нӕй нӕ фыдӕлты фарнӕн, уымӕн ӕмӕ нӕ фыдӕлтӕ сӕ фарн мӕрдтӕм нӕ ахастой, уыдон ӕй уӕлӕуыл ныууагътой махӕн, кӕрӕдзийы фылдӕр уарзынӕн, амондджындӕр ӕмӕ зӕххыл рӕсугъддӕрӕй цӕрынӕн.
      Ӕз сӕрыстыр дӕн, ирон лӕппу кӕн дӕн , уымӕй. Мӕ хӕсыл нымайын нӕ рӕсугъд фарны ӕгъдӕуттӕ бахъахъӕнын ӕмӕ сӕ дарддӕр хӕццӕ кӕнын фӕстагӕттӕм.
      Хистӕр кадджын кӕм у, кӕстӕр – ӕгъдаудӕттӕг, уым ирон фарнӕн фесӕфӕн нӕй.


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

«Дæ фарн бирæ, ирон сылгоймаг!»

тема урока осетинского языка в дифференцированных группах: "Будь счастлива,  женщина!"Тип урока: Изучение нового с творческой деятельностью учащихся на уроке.Женщина не только продолжение р...

Ныхасы – тематикон урок ( Ироон æвзаг 10 – æм къласы ) Темæ: « Зæххы фарн адæмы фарну.»

Темæ: « Зæххы фарн адæмы фарну.»                        ( Миногонæй зонындзинæдтæ сфæ...

Ирон литер.урок 9 къл. Ирон литературайы историйыл афалгаст.

История осетинской литературы интересная и противоречивая. С одной стороны, по мнению исследователей, предки осетин Аланы имели письменность и литературу. Однако, из этого до нас ничего не дошло, кром...

«Ирон адæмы царды нывтæ Хъаныхъуаты Иналы этнографион очеркы «Ирон хъæуы»

laquo;Ирон адæмы царды нывтæ Хъаныхъуаты Иналы этнографион очеркы «Ирон хъæуы»...

Технологон картæ ирон литературæйы урокмæ 9-æм къласы Темæ: «Ирон адæмы психологи Хъаныхъуаты Иналы этнографион очерк «Ирон хъæуы».

Бакусын тексты мидис æмбарыныл, текстæн анализ кæныныл; уацмысы бындурыл æрдзурын ирон адæмы царды ног социалон фæзындтыл; скъоладзауты ахуыр кæнын  аив дзурын æмæ кæсыныл....

Ирон театры стъалыта Таутиаты Соламан, Хъариаты Тамара,Икъаты Маирбек, Сланты Къоста ама Саламты Къолайы ахадындзинад ирон аивады разты

В работе говорится о  жизни и творчестве звезд осетинского театра, о их роли в развитии осетинского искусства...

Анализ урока Ирон адæмы психологи «Ирон хъæуы»

Анализ урока  Ирон адæмы психологи  «Ирон хъæуы»...