Ирон театры стъалыта Таутиаты Соламан, Хъариаты Тамара,Икъаты Маирбек, Сланты Къоста ама Саламты Къолайы ахадындзинад ирон аивады разты
творческая работа учащихся (11 класс)

В работе говорится о  жизни и творчестве звезд осетинского театра, о их роли в развитии осетинского искусства

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл -2naukon_teatr.docx554.24 КБ

Предварительный просмотр:

Æрыдоны фыццæгæм астæуккаг скъола

   

     Ирон театры стъалытæ Таутиаты Солæман,    Хъариаты Тамарæ, Икъаты Мæирбег, Сланты Къоста æмæ  Саламты Къолайы   ахадындзинад ирон аивады рæзты.

                                                                                          Куыст бацæттæ кодта:

                                                         Æрыдоны 1-œм скъолайы

                                                         11-œм къласы ахуырдзау

Хъесаты Адрианæйы

                                                           

                           Наукон разамонœг:

 ирон æвзаг æмæ

литературæйы ахуыргæнæг

Лохты Ритæ

                                         

                   

Сæргæндтæ

Бацæуæн.        3

Сæйраг хай.        4

Кæронбæттæн.        13

Литературæ.        14

Æмхасæнтæ        15

Темæйы актуалондзинад.

1. Аивад адæймаджы зæрдæ уæлмонц æмæ рухс кæны. Тыхсты сахат   ыл ныфсы базыртæ садзы æмæ йын стыр ныфс дæтты. Йæ фæрцы лæг йæ алыварс дунемæ æндæр цæстæй кæсы, хъысмæты цæлхдурты  сæрты æнцондæрæй хизы, йæ рæсугъддзинæдтыл та йын тынгдæр баууæнды. Кæй зæгъын æй хъæуы, аивад   тынг  разæнгард кæны  ирон   адæймаджы йæ национ хиæмбарынады фарстатæм раздахын, хатдзæгтæ скæнын æмæ фидæныл асагъæс кæнын. Абон ацы хъуыды  у рæстæджы ахсджиаг домæн .

  1. Таутиаты Солæманы, Хъариаты Тамарæ, Икъаты Мæирбег, Сланты Къоста æмæ Саламты Къолайы  бирæвæрсыг куыстытæ хъуамæ зоной  æмæ сын аккаг аргъ кæной  Ирыстоны цæрæг адæм.

Иртасæн куысты объект.

– Ирыстоны театры корифейтæ. Æркæсын сын сæ  цард æмæ сфæлдыстадмæ.

 Мæ иртасæн куысты хæстæ:

 -   базонгæ уæвын ирон театры стъалыты  цард æмæ сфæлдыстадимæ;

- сæ ахадындзинад ирон аивады рæзты.

   

    Куысты теорион æмæ практикон  ахадындзинад.

        Куыд зонæм, афтæмæй нæ фæсивæдæй бирæтæ нæ зонынц  ирон аивад,нæ зонынц ирон театры  хуыздæр æмæ  зындгонддæр  адæмты нæмттæ, нæ сын зонынц сæ куыстытæ дæр . Уымæ гæсгæ , ацы иртасæн куыст фæахъаз уыдзæн, ирон театры хуыздæр минæвæртты цард æмæ сфæлдыстад арфдæр æмæ уæрæхдæр базонынмæ чи тырны, уыдонæн.

Бацæуæн.

       Аивад… Уый адæймаджы зæрдæ уæлмонц æмæ рухс кæны. Тыхсты сахат   ыл ныфсы базыртæ садзы æмæ йын стыр ныфс дæтты. Йæ фæрцы лæг йæ алыварс дунемæ æндæр цæстæй кæсы, хъысмæты цæлхдурты  сæрты æнцондæрæй хизы, йæ рæсугъддзинæдтыл та йын тынгдæр баууæнды. Уыцы табуйаг хорзæхæн йæ цард нывондæн чи хаста, йæ дзыллæйæн зæрдæйæ чи лæггад кодта, уыдон уыдысты  ирон театры стъалытæ: Таутиаты Солæман, Хъариаты Тамарæ, Икъаты Мæирбег, Сланты Къоста , Саламты Къола æмæ бирæ, бирæ æндæр зындгонд артисттæ. Уыдон лæгау- лæгæй фæцардысты, сæ æрдзон æвидигæ курдиатæй сæ адæмæн бирæ арфæйаг лæггæдтæ фæкодтой, ирон лæджы ном , кад бæрзонддæр сисын сæ къухы бафтыд.

      1935 азы 10 ноябры фыццаг хатт йæ æмбæрзæн байгом кодта Цæгат Ирыстоны паддзахадон драмон театр. Фæрнæйдзаг бон рох никуы уыдзæн! Уыцы бон сызгъæрин дамгъæтæй фыст у ирон театралон аивады историйы. Уæд  бындур æвæрд æрцыд, театр абон сæрыстыр кæмæй у,уыцы хуыздæр традицитæн,æмæ сæ уæдæй нырмæ артистты фæлтæртæ æххæст кæнынц æнувыдæй.     

        Адæймаг куы ахъуыды кæны, цас æрттивгæ стъалытæ уыд æмæ ис нæ аивады цъæх арвыл, уæд зæрдæйы цины царды æнкъарддзинады таг атайы, æмæ дзы хуры тынтæ сæхи райдайынц найын.

         Зæрдæйы æмæ зонды хъизæмарæй райгуыры драматургæн йæ уацмыс. Фæлæ фæстаг ныхас æрхауы актермæ, уымæй кæнгæ у пьесæйы дæргъвæтин цард дæр. Актер фыссæджы куыстæн донвæдæй хъауджыдæр нæу. Уый йæ фæхæццæ кæны æгæрон фурдмæ – адæмы зæрдæтæм. Æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы,актеры алæмæты хъазты руаджы фыссæгæн дæр йæ уацмыс свæййы æнæфæцудгæ цыртдзæвæн. Цæмæй афтæ уа , уымæн та артисты хъæуы бирæ тых, бирæ хъару æмæ рæстæг хардз кæнын. Ахæм удуæлдай куыстæн та, мах, аивадуарзджытæ, стæм цардæгас æвдисæнтæ. Театрдзауты цины хъæртæ,арфæтæ, тыхджын къухæмдзæгъд… Æрмæстдæр уæд банкъары актер, цард кæй у рæсугъд фæндаг, æмæ йыл кæй рацыд йæ уарзон адæмы, хсæн уæндонæй, кадджынæй æмæ цæсгомджынæй. Аивадæн ис йæхи миниуæг – хуыздæрæй –хуыздæр кæнын, æмæ уыцы хорзæн та кæрон нæй, рæстæг æмæ адæймаджы хъуыдыйæн куыд нæй кæрон, афтæ.

                                                       Сæйраг хай.

             Ирон театр…Цас æрыгон фæсивæды  бахъомыл дæ табуйаг актерты аивадыл, ирон фарны хъомысыл, царды фæзилæнтыл!

               Ирон театр куы райгуырд, уæд æй йæ дарддæры рæзты æнæзонгæ фæндæгтыл æппæты фыццаг ныфсджынæй чи акодта æмæ йæ сфæлдыстадон  зын фæлварæнты , иу уæлахизæй иннæмæ цæугæйæ , аивады бæрзæндтæм чи схизын кодта, уыцы разагъды фæсивæдæй иу уыдис, Цæгат Ирыстоны фыццаг адæмон артист,Ленины ордены кавалер, ирон театры бындурæвæрджытæй иу-  Таутиаты Солæман, цæхæрцæст Солæман. Афтæ йæ схуыдтой, раздæр театр йæ фыны дæр чи никуы федта, афтæмæй æнæнхъæлæджы  æрыгон артист  кæй зæрдæтæ нынкъуысын кодта, уыцы ирон театрдзаутæ.

         Таутиаты Солæманæн ирон дзыллæты астæу стыр кад уыд æмæ йæ, æвæццæгæн,  фырбуцæн дæр  цæхæрцæст Солæман  уымæн хуыдтой. Ацы æрыгон актер кæд бирæ нæ фæцард, уæззау низ ын йæ цард æвирхъауæй аскъуыдта, уæддæр ын Ирон театры сценæйыл саразын бирæ бантыст, стæй, уымæй уæлдай, Солæман баххуыс кодта, бирæ курдиатджын фæсивæдæн сæ хъуыды аивады цæмæй ирд æмæ парахатдæр уа, уымæн. Бирæ йæ уарзтой фæсивæд, адæм, йæ архайд- иу алкæйы дæр дисы æфтыдта, йæ ныхас, къахайст, æгъдауæй дæр аив уыд хорз актерæй уæлдай.

       Саламты Къола йæ уац «Æртæ фембæлды» - йы Солæманы тыххæй фыста, зæгъгæ, æрдз радта Солæманæн бирæ хорздзинæдтæ: ас, хъæлæсы уаг, хъæздыг миддуне, романтикон зæрдæйы уаг. Уыдис ма йæ удыхъæды, йæ бакасты, цавæрдæр сусæгдзинад, лæджы цæстæнгас йæхимæ чи здахын кодта, ахæм тых. Солæман, дам - иу, хæрзхуымæтæг  ролы дæр куы рацыд, цалдæр ныхасы йеддæмæ кæм нæ уыд,ахæм ролы, уæддæр, дам- иу, адæймаджы цæстæнгас здæхта йæхимæ. Уый æрдзон лæвар уыди Солæманæн.

     Йæ арæзт удæгас фæлгонцтæ нымад сты æмæ уыдзысты ирон театралон аивады тæккæ стырдæр æнтыстытыл. Уыдон театры историмæ  бацыдысты куыд «æппæты æххæстдæр,аивдæр æмæ идейондæр обрæзтæ. Иу иннæйы фæдыл ирон театры сценæмæ цыдысты, номдзыд актер дыккаг цард кæмæн радта, уыцы хъайтартæ. Ныннæрыд Хъылцыхъойы хъæлæс: « Цæв хъадамантæ æмæ ныппырх уой!» ( Брытъиаты Е. « Дыууæ хойы»); райхъуыст Хазбийы хъæлæс, фæсидти адæммæ фыдгулты ныхмæ тохмæ( Брытъиаты Е. «Хазби»);Дочче( «Бæтæйы фырттæ»); Хæсанæ ( «Æфхæрдты Хæсанæ»); Амыран( «Амыран»);Къоста ( «Къоста»)…..

       Фæлæ Солæман канд актер нæ уыди. Уый театралон студийы ахуыргæнæг уæвгæйæ, уæлдæр куыд загътон, афтæмæй стыр æххуыс бакодта æрыгон артисттæ хъомыл кæныны хъуыддаджы. Бирæ спектакльты архайдта режиссеры ассистентæй, фæстæдæр та куыста режиссерæй.  Уыцы- иу рæстæг йæхи равдыста дæсны æхсæнадон кусæгæй- цалдæр хатты йæ театры комунисттæ равзæрстой  сæхицæн разамонæгæй. Темыраты Дауыт дзы куыд дзырдта, уымæ гæсгæ, дам,  йæхиуыл никуы бацауæрста, нæ, дам, зыдта фæллад. Солæманæн, дам, йе стырдæр бæллиц уыд ирон театры райрæзт. Уый сæраппонд цæттæ уыди удуæлдай фæллоймæ, йе ´ппæт хъарутæ, суанг ма йæ цард дæр нывондæн  æрхæссынмæ.  

     Æмæ йæ æрхаста…  Мæлæтдзаг рынчынæй дæр , дам, нæ ныууагъта йæ бирæ хъуыддæгтæ.  Ацыд- иу театрмæ, архайдта спектакльты, куыста æрыгон актертимæ, амыдта сын - иу  ирон ныхасы фæзилæнтæ, сценикон архайды сусæгдзинæдтæ. Æмæ йæ фæсивæд дæр уымæн уарзтой. Йæ рæстæджы ССРЦ- ы адæмон артист Тæбæхсæуты Бало Солæманы тыххæй  афтæ загъта, мæнæн зæгъы, ацы стыр актеры зæрдæбын узæлд  радта цардмæ уæрæх фæндаг. Суанг, дам, ма мын Солæманы æрмдзæф,зæгъы,феххуыс В.Шекспиры трагеди «Отелло»- йы сæйраг хъайтары фæлгонц саразыны хъуыддæгты дæр.

          Солæман зыдта йæ низ, зыдта йæ адзал, зыдта, йæ мæлæт æм кæй æрбахъуызы, йæ фæстаг бон кæй æрхæццæ кæны. Фæлæ уæддæр нæ бацауæрста йæ мынæггæнгæ цардыл. Æнауæрдонæй хардз кодта йæ фæстаг тыхтæ  йæ фæстаг роль , йæ уарзон Хæсанæйы роль хъазгæйæ. Дзурынц, уымæй, дам, йæ мæлæт фæтагъддæр кодта- низæфхæрд зæрдæ нал бафæрæзта, æрынцад йæ кусынæй… ахуыссыд ирон театры æрттивгæ стъалы.

         УСФСР_йы адæмон артисткæ Хъариаты Тамарæ.Уый дæр Тæбæхсæуты Балойау сæрмагонд скъола каст нæ фæци. Ахуыр кодта, Ирон театры 1935 азы йæхимидæг цы студи арæзт æрцыд, уым. Тамарæ канд курдиатджын актрисæ нæ уыди. Уый фыста пьесæтæ, йæхæдæг æрæвæрдта цалдæр спектаклы.  Маринæ Литвиненкоимæ иумæ ныффыстой чиныг Ирон театры тыххæй. Фæлæ Тамарæйы арæхстдзинад æмæ курдиат  æппæтæй тынгдæр рабæрæг сты сценæйы. Куыд диссаг уыд æрыгон театруарзджытæн Хъариаты Тамарæ æмæ иннæ актерты профессионалон хъазт ирон сценæйы. Уыдон уыдысты ирон театры бындурæвæрджытæ.

       Йæ хуыздæр ролтæ уыдысты: Эмилия- «Отелло»-йы, Фатъимæт-«Хæрзойты Фатъимæт»-ы, Регина- «Король Лир»-ы, Леди- «Леди Макбет»-ы, Кручинина- «Æнаххосæй аххосджынтæ»-йы.

       Хуыбецты Райæйы драмæ « Саучызг» сценæйыл æвæргæйæ режиссер Хуыгаты Геор  йæ куысты сæйраг нысан скодта  уацмысы хъуыды бæстон æмæ биноныгæй равдисын. Геор  сæйраг роль æххæст кæнынæн равзæрста Хъариаты Тамарæйы. Режиссер йæ зæрдæ дардта артисткæйы амæйразмæйы æнтыстытыл куыд героикон- романтикон , афтæ арф æнкъарæнджын , психологон обрæзты.

       Бабуцайы фæлгонц Хъариаты Тамарæ традицион хуызы не ´вдыста. Хъариан- Бабуца уыд стыр зонды хицау, егъау уарзондзинад хаста хъæбулмæ, уыдис æм адæймаджы стыр хорзæх, йе ´нæнныбаргæ фыдæх. Уыд йæ рæстæджы  комулæфтæй хорзæхджын, йæ уавæрты уынгæджыбоны саумылазон сыгъд нæ кодта, фæлæ рухс цырагъдарау дардмæ тæмæнтæ калдта, уыдта йæ развæндаг, æмбæрста хъæбулы уарзт æмæ маст, æнкъардта йæ низæфхæрд æфсымæры стыр рæдыд, йæ бæллæх,- куырмæджы цъымарайы цæмæн абухта , цæмæн æй фæндыд, цы цард нæ федта, уый фæстæмæ раздахын. Артисткæ равзæрста хиуылхæстдзинад, бæрц: бæрц æмæ рындз йæ ныхасæн, йæ фезмæлдтытæн, йæ алы къахдзæф æмæ митæн.

      Спектакль « Саучызджы» Бабуцайы фæлгонц æвдыст цыд иу хаттæй иннæмæ къахдзæфгай, рæзгæ. Кæд æй райдианы Хъариаты Тамарæ, Бæциаты Гагуыдз куыд зæгъы, æвдыста хиуылхæст, æфсармджын сылгоймагæй, уæд архайды цауты абухтимæ райрæзт, йæ цæсты дзаг суыдта дунейы тымыгъад, революцион тохы рæстдзинад, æмæ афтæ зынд , цыма фæстагмæ йæ уæхсчытæй  æрхаудысты йе стыр маст æмæ хъиамæт, æмæ йын райдайдзæн ног цард, ног дунейы сæуæхсидыл тæмæнты фендзæн, адæймаджы амонд  цæмæй æмæ куыдæй аразгæ у, уый.

       Хъариан уыд ирон театры цæсгомгæнджытæй иу. Уымæн йæ арф хъуыдыджын куыст, йæ хæрзуд  интеллект æмæ йе ´рдзон хæрзиуджытæ лæвæрдтой æппæт фадæттæ дæр зындæр рольты хъазынæн.

        Икъаты Мæирбег. Уæрæсейы æмæ Цæгат Ирыстоны адæмон артист, Станиславскийы номыл премийы лауреат, Ирон театры фидардæр æмæ рæбинагдæр цæджындзтæй иу. Мыггагмæ мысинаг сты ахæм актертæ, сæ ном, сæ хъуыддæгтæ хъуамæ уæлахиз кæной, æмæ уæд уæлахиз кæндзæн ирон фарн, нæ фæцуддзæн нæ адæмы культурæ.

       Æндон рæхысты цæгтæй баст уыд йæ  цард Ирон театр, Ирон аивадимæ.  Мæнæ , дам-иу ,куыд  дзырдта йæхæдæг Мæирбег, фыста Къуымæллæгкаты Мурат: « Ирон театр мæнæн у мæ цин æмæ мæ уарзт, мæ рис æмæ мæ хъыг. Ирон театр, нæ фидæны фæлтæры Бонвæрнон. Ирон театр мæнæн у Ирыстоны сыгъдæгдæр кувæндон».

        Уæд, 1958 азы, Ирон театры къæсæрæй бахызт курдиатджын фæсивæд. Семæ æрбахастой ног сыгъдæг комулæфт. Семæ алагираг лæппу, Щукины номыл училищейы рауагъдонты хуыздæртæй иу - Икъаты Мæирбег. Уыцы бонæй йæ фæстаг сулæфты онг йæ цард баст уыд Ирон аивадимæ, радио, киноимæ, фæлæ сæйрагдæр- Ирон театримæ.

       Тынг бирæ ролты ахъазыди Мæирбег, сæдæйæ фылдæр, тынг бирæ æнæмæлгæ  сурæттæ сарæзта… Чи сæ банымайдзæн: комеди, драмæ, трагеди, фарс, суанг гротескы онг.

        Цыппор азæй фылдæр фæлæггад кодта Ирон театрæн. Йæ рольтæн сæ фылдæр бацыдысты ирон сценикон культурæйы сызгъæрин æвæрæнтæм. Ирон театры историйы  æмæ театрдзауты зæрдæты Икъаты Мæирбег баззад Къостайæ( Туаты Дауыты æмном пьесæйы), Эдипæй (Софоклы трагедийы), Сатинæй ( Горькийы « Цады бын» - ы), Георгий Димитровæй( Кюлявковы « Фыццаг цæф» - ы), Эгейæ ( Еврипиды « Медея»- йы), Даккойæ (Плиты Грисы «Чермен» - ы), Сергойæ (Саламты Къолайы  «Сæрмæт æмæ йæ фырттæ»- йы), Президент фон Вальтерæй ( Шиллеры « Фыдæх æмæ уарзт»-ы), Секъайæ (Джыккайты Шамилы « Цомахъ»- ы), Ягойæ( «Отелло»-йы),  Ромеойæ(«Ромео æмæ Джульеттæ»-йæ), Эдмундæй ( «Король Лир»-æй)Тимон Афинагæй….Тимоны фæлгонцы тыххæй йын саккаг кодтой Станиславскийы номыл преми. Спектакль æнтыстджынæй  цыди Мæскуыйы æмæ Ленинграды театрты Ам мæ фæнды æрхæссын зындгонд уырыссаг  актер  Михаил Ульяновы ныхæстæ: « На Маирбеке  Икаеве может строить репертуар любой театр мира, не то что России. Масштабный актер!».

          Абайты Арбилянæ Икъаты Мæирбеджы тыххæй  ныффыста уац «Ныр дæр мæм хъуысы залы къухæмдзæгъд»  газет «Рæстдзинад»-ы. Уым автор фыссы: « Ирон сценæ йын уыд табуйаг. Актертæ куыд дзурынц, афтæмæй, куы фæрынчын, театры куы нæуал куыста, æмæ- иу æм телефонæй исчи куы бадзырдта йе ´мкусджытæй, уæд- иу Мæирбег арæх дзуапп лæвæрдта йæ конд фæлгонцты монологтæй. Афтæ мысыд сценæ, йæ уарзон куыст. Фæлæ йын лæггад кæнынæй нæ бафсæст»  

        Сланты Къоста….Уæрæсейы Федерацийы æмæ Цæгат Ирыстоны адæмон артист, К.С.Станиславскийы номыл Паддзахадон премийы лауреат. Ирон театры сценæйы корифей. Йæ номимæ æнгом баст у ирон национ театры рæзт.

       Сланты Къоста ахъаззаджы фæд ныууагъта ирон сценæйы. Хъазыд алыхуызон рольтæ, алыхуызон спектакльты, хъазыд лæппуты, зæронд лæгты, уарзон адæймæгты, хъæздыг лæгты, æппæрццæг æмæ фæзминаг хъайтарты, комедийы, драмæйы æмæ бæрзонд трагедийы.

         Къоста райгуырди Джызæлы. Астæуккаг скъола каст куы фæци, уæд бацыди Ирон театры  театралон студимæ. Æнувыддзинад, куыстуарзондзинад, разæнгарддзинад  систы йæ сæйрагдæр миниуджытæ æмæ ракодтой æрыгон актеры размæ, йе ´мгæртты æмрæнхъ æй слæууын кодтой. Æнтыстджынæй фæцис фыццаг курс.

        Уæдмæ хæст райдыдта,  æмæ училищæ æхгæд æрцыд. Хуыздæр чи ахуыр кодта, уыдоны райстой паддзахадон драмон театрмæ. Семæ- Сланты Къоста дæр…

Уый фæстæ йæ цард – 55 азы дæргъы баст уыд йæ иунæг уарзондзинадимæ- Ирон театримæ.

    Сланты Къоста сарæзта драматургийы егъаудæр фæлгонцтæ: Мольеры «Жорж Данден» -ы –   маркиз де Сотанвили , Труффальдино « Дыууæ хицауы æххуырст»-ы, Быдзæу « Къарол Лир» -ы, Семпрони « Тимон Афинаг»- ы, Костылев «Цады бын»-ы, Дикой « Арвнæрд»-ы…..

     Фæлæ уæддæр йæ  курдиат æххæстæй райхæлд ирон национ драматургийы уацмысты.Театралон аивады сызгъæрин фондмæ хаст æрцыдысты Хъази ( Токаты Асæхы « Усгуртæ»- й, Дакко ( Плиты Грисы «Чермен»), Мысост ( Туаты Дауыты « Пæсæйы фæндон»), Дотто ( Гафезы «Бæсты фарн»), Сæтти( Хуыгаты Георы «Сæтти æмæ  Бæтти»), æмæ æндæртæ.  

   Къоста æдæппæтæй театры сценæйыл ахъазыд 200 ролæй фылдæр. Кæй зæгъын æй хъæуы, уыдоны иууылдæр сæрттивын кодта йæ курдиаты тæмæнæй, уыцы фæлгонцтæ баззадысты  адæмы зæрдæты.

     Къоста уыд тынг дæсны  актер, уый  æмхуызон хорз арæзта стыр æмæ чысыл рольтæ дæр, никуы сыл   былысчъил  кодта. Уый нæ рох кодта К.С.Станиславскийы фæдзæхст: « Чысыл ролтæ нæй, фæлæ ис æрмæстдæр чысыл актертæ». Гъе, уымæ гæсгæ, Сланы - фырт алы чысыл ролæн дæр, фыццаджыдæр, архайдта йæ социалон  æмæ моралон мидис  раргом кæныныл. Уый фæстæ- иу æй фантазийы руаджы  сфæлгонц кодта  ирд аив ахорæнтæй, æмæ- иу чысыл ролтæ дæр æрлæууыдысты спектаклы сæйраг ролты æмрæнхъ.

      Æвæццæгæн, Къостайæн се ´ппæты уарзондæр æмæ зынаргъдæр  уымæн уыдысты Шекспиры «12-æм æхсæв» æмæ «Къарол Лиры» быдзæутæ( шуты).Уыдон сагъæс кодтой цардыл, адæймаджы хъысмæтыл, цин кодтой уарзондзинадыл. Бирæ ролтæ скодта Къоста Шекспиры уацмыстæм гæсгæ, фæлæ йæ быдзæутæ се ´ппæтæй диссагдæр сты, иууылдæр æнтыстджынæй хаст æрцыдысты Ирон театры хæзнадонмæ, ирон шекспирианæмæ.  

        Уæдæ Сланты Къоста разæнгардæй архайдта 60 азты кинематографийы дæр.  Диссаджы рæсугъд фæлгонцтæ скодта  кинонывты: «Так рождается песня», «Костры на башнях», « Прощайте, коза, и велосипед», « Сюрприз», « Сбереги башню», « Возвращение Урузмага», «Кольцо старого шейха», «По следам карабаира», «Здесь мой дом», «Оглянись, найдешь друзей», «Дезертир»…

           Уый уыд аивады дæсны, жанрон æнæарæн актер. Уый хъазыд алцыдæр. Йæ ролтæ уæлæмæ истой Ирон театр, ирон киноаивад, ирон музыкœ, ирон æхсæнад, œххæст кодтой царды удварны хæзнатæ, ирон лæджы кад æмæ намыс, уæздандзинад  æмæ лæджыхъæд. Уый йæ зæрдæйæ лæггад кодта адæмæн.

         Егъау сфæлдыстадон æнтыстыты тыххæй Сланты Къоста хорзæхджынгонд æрцыд Фæллойадон Сырх Тырысайы  æмæ «Кады нысан»-ы ордентæй, « Кавказ хъахъхъæныны тыххæй», « Фыдыбæстæйы Стыр хæсты намысджын фæллойы тыххæй» майдантæй.

      Сланты Къоста  хорз фæд ныууагъта  царды. Йæ адæмы мæт æмæ сагъæстæй фæцард.  Зынаргъ ын уыдысты  йæ ирон адæм, сæ культурæ. Æмæ йæ адæм дæр уымæн уарзтой. Йæ уды фарн баззад æнустæм цæргæйæ, уый  цæрдзæн алы ирон адæймаджы зæрдæйы дæр, алы ирон хæдзары дæр, уый тавдзæн Ирыстоны дзыллæйы зæрдæ, йæ курдиаты арт никуы ахуысдзæн, уый баззайдзæн судзгæ Иры къонайы.  

         Аивад. Æвæдза, куыд зынаргъ дæ, æцæг уарзтæй дæ чи бауарзта æмæ дæм уарзты базыртыл чи æртахти, уыцы адæймагæн. Саламты Къола уыд уыцы адæймæгтæй иу. Йæхи æмбарынхъом куы фæци, уæд арф ныххызт йæ зæрдæмæ уыцы уарзт….

          Саламты Къола. Нæхи Къола…. Афтæ хуыдтой Саламы - фырты ирон театруарзаг дзыллæтæ стырæй- чысылæй. Черчесты Хъасболат куыд фыста, уымæ гæсгæ, дам, уый хуымæтæджы нæ уыд. Къола, дам, йæ æвидигæ курдиатæй æмæ хуымæтæгдзинадæй алкæйы зæрдæмæ дæр тынг æввахс уыд, æмæ, дам,  æм уыцы номæй дæр фырбуцæй уымæн дзырдтой.

       Саламты Къола райгуырди, ирон театралон аивады авдæн кæй хонынц, уыцы фæрнджын хъæу( абоны горæт) Æрыдоны. Йæхи æмбарынхъом куы фæци, уæд арф ныххызт йæ зæрдæмæ уарзондзинад  аивадмæ. Æнцой рæстæг , дам- иу,  къуымы æрбадт саучъилын радиойы цур æмæ, дам-иу, хъуыста, Москвин, Качалов, кæнæ Тарханов æмдзæвгæтæ куыд кæсынц, уымæ. Астæуккаг скъолайы фæстæ 1941 азы æнтыстджынæй каст фæци Ирон театры фæсивæдон студи. Ссис ирон театры артист. Æвзонг лæппуйы уарзондзинад рæзыд тынгæй- тынгдæр аивадмæ. Гъе,фæлæ Къолайы сæнттæ æмæ бæллицтæ æрбаскъуыдта Фыдыбæстæйы Стыр хæст. Къола  йæхи хуызæн æрыгон лæппутимæ барвæндонæй ацыд фронтмæ.  

       Куыд тынг уарзта Къола аивад, театр! Уымæн æвдисæн уый, æмæ дзуары чиныгау фæлмæн  куыд батыхта  Станиславскийы чиныг æмæ афтæмæй куыд араст Райгуырæн бæстæ хъахъхъæнынмæ цыфыддæр знагæй.

    Арвыстой йæ Камышинойы танкты училищемæ. Уым, танкты взводы командир уæвгæйæ, хæцыд алыхуызон фронтты. Сталинграды хæст.Уæззау цæфтæ…Æмгæртты мæлæт.Æмæ мæнæ 1945 аз. Уæлахизы цины цæссыгтæ.

        Къола Фыдыбæстæйы Стыр хæсты хъæбатырæй кæй хæцыди, ууыл дзурæг у мæнæ ацы хабар. Сталинграды хæстон ветерантæн Дзæуджыхъæуы  уыд фембæлд. Уым уыд сыбираг минæвар Василий Шакуров. Уый, дам,  Къолайы тыххæй афтæ радзырдта:

 «    Уый уыдис 1944 азы Ныгуылæн фронты. Къолайы экипажæй дыууæйæ фæмард сты. Уый баззад иунæгæй, афтæмæй немыцæгты астæумæ бахауд. Гæнæн нал уыд, кæнæ мæлгæ, кæнæ цæргæ. Немыцаг хæстонтæй иу йæхи æрхы бааууон кодта. Къола йæ федта æмæ йæ уацары райста.  Танчы люк  сыгом кодта. Æрбаста уацайраджы æмæ фронты сæрты ахæцыд. Немыц æнхъæлдтой, се ´фсæддон уацары советон танк æрбакæны, зæгъгæ, æмæ йæм сæ хъус не ´рдардтой, афтæмæй Къола фронты сæрты ахызт æмæ немыцаг афицеры  йемæ æрбацапал кодта. Æмæ ахæм сгуыхтдзинæдтæ бирæ хæттыты равдыста хæсты быдыры Саламы - фырт. Къола уыд уæззау цæфтæ. Бахауд госпитальмæ. Уым æй фервæзын кодта  мæлæтæй йæхи тугæй ирон хæстон дохтыр Реуазты Верæ». Фæстагмæ ма Шакуров загъта: хæлæг уæм кæнын, ирон адæм, хъæбатыр сты уæ фæсивæд.

    Хæсты фæстæ Къола ногæй рахызт Ирон театры сценæмæ. Йæ фыццаг къахдзæфтæ бынтон лæгъз нæ уыдысты . Тарсти йæхимидæг, йæ куыстæй разы нæ уыд. Фæлæ тыхджын курдиаты хицау куы вæййы адæймаг, уæд раджы уа, æрæджы, уæддæр рабæрæг вæййы. Бахæс ын кодтой Мольеры « Жорис Дантен»-ы Любены роль.  Ацы куыст ын йæ зæрдæйы ныфс бауагъта. Уый уыдис йæ фыццаг уæлахиз. Уæдæй фæстæмæ райдыдта ныфсджын къахдзæфтæ кæнын аивады бæрзæндтæм. Бирæ азты дæргъы Саламты Къола ирон театры  сценæйыл цы бирæ фæлгонцтæ сфæлдыста, уыдонæн се ´ппæтæн банымайæн дæр нæй. Лирикон, драмон, трагикон, комедион æмæ бирæ æндæртæ сты, цы сурæттæ сфæлгонц  кодта, уыдон. Сæдæйæ фылдæр удыхъæды, сæдæйæ фылдæр алыхуызон адæймаджы. Къуымæллæгкаты Мурат куыд загъта,  уыйау курдиаты базыртыл аивады бæрзæндтæм арæмыгъта хæххон суадонау артисты курдиат. Родриго - Шекспиры   «Отелло»-йы, Датуа- Туаты Дауыты « Мæрдтæйдзæуæджы», Осип- Гоголы «Ревизор»- ы, Форд- Шекспиры «Виндзойраг хъæ     лдзæг фæлитойты», Габрушкайы иунæг фæзынд æнæ ныхасæй Туаты Дауыты «Пæшæйы фæндон»-ы, Тартюф - Мольеры «Тартюф»-ы. Бирæ сты, тынг бирæ йæ рольтæ. Фæлæ дзы мæнæн мæ зæрдæмæ уæлдай тынгдæр цæуы  Гаглойты Владимиры «Уарзондзинады кадæг»- æй  Бибойы роль. Хуымæтæг хæххон лæг Бибо. Йæ фырт ацыд лæгæвзарæн хæстмæ. Æнхъæлмæ кæсы йæ хъæбулмæ йæ чындзимæ. Никуы æмæ ницы.   Фæлæ мæнæ æвирхъау хабар, постхæссæг  æрбалæвæрдта сау гæххæтт. Йæ уæрджытæ фæтасыдысты зæронд Бибойæн, фæлæ чындзы куы ауыдта, уæд æй цæмæй уый ма бамбара, уый тыххæй йæ хуыз аивта æмæ цыма лæдзæг фæбырыд, афтæ рауад. Æмæ мæнæ диссаг! Дарддæр Къола Бибо- , цæмæй цард ма  бамынæг уа йæ фырты адзалимæ, уый тыххæй йæ чындзы æрвиты  амонды фæндагыл.

     Уæдæ зынгæ бынат æрцахстой Къолайæн йæ уацмыстæ ирон драматургийы дæр: «Сæрмæт æмæ йæ фырттæ», «Хивæнд фыййæуттæ», «Дыууæ чындзæхсæвы», «Зæлийы чындзытæ», «Лечъыр Габоли» æмæ æндæртæ систы ирон комедиографийы зынгæ бынатахсæг.

      Къола  йе ´ппæт хъарутæ, йæ бирæвæрсыг курдиат æнæхъæнæй дæр снывонд кодта аивадæн. Йæ æнæзивæг æмæ æнæхин куыст  Къолайы систой , Къуымæллæгкаты Мурат куыд загъта, афтæмæй Олимпы хохы цъупмæ. Лæвæрд ын æрцыд Советон Цæдисы адæмон артисты ном.

 

                                                                                                                                                                                 

                                                 

                                                   Кæронбæттæн.

          Ирон театр уыд æмæ у ахсджиаг идейон æмæ хъомыладон хæцæнгарз. Йæ хуыздæр спектакльтæ иузæрдионæй дзыллæйы ´хсæн тыдтой æмæ тауынц фæрнæйдзаг хъуыдытæ:  дзыллæты ´хсæн хæлардзинад æмæ æфсымæрдзинады идеалтæ фидарæй- фидардæр кæнын, Райгуырæн бæстæйыл  иузæрдион уæвын,ирон адæймаджы куырыхон миниуджытæ бæрзонд хæссын,фæллой æмæ æфсармы зарæг кæнын.

       Никуы ферох уыдзæн Таутиаты Солæман, Хъариаты Тамарæ, Икъаты Мæирбег, Сланты Къоста,  Саламты Къола æмæ бирæ æндæрты курдиат адæмæй.  Уыдон схонæн ис, мæнмæ гæсгæ, ирон театры корифейтæ. Уыдон се стыр сценикон дæсныйадæй, сæ сыгъдæгдзинадæй, сæ цæргæйæ самадтой Ирыстоны бæстастæу рæсугъд æнусон фидар –Ирон  театр. Мах, æрыгон фæлтæр, уырдæм цæуæм æмæ цæудзыстæм  дзуармæ цæуæгау æмæ мысдзыстæм нæ дзæнæты бадинаг ирон театры корифейты

    Уыдон Æрфæны фæдау æрттивгæйæ, арфæйагæй ныууагътой сæ рухс ном фидæны фæлтæртæн.

                                               

                                                   Литературæ.

  1. Л.Т.Таутиева. «Жизнь и творчество. Соломон Таутиев». Владикавказ. Изд. «Ир», 2003.Темыраты Дауыт « Цæхæрцæст Солæман»;
  2. Газет «Рæстдзинад», №206, 2005 азы 2 ноябрь. Гасанты Валери « Бонвæрноны рухсы фæзындау»;
  3.  Газет «Рæстдзинад»,1998азы 21 июль. Таутиаты Лидæ « Æрттивгæ курдиат»;
  4. Газет «Рæстдзинад»,2004 азы 10 февраль.Дзуццаты Къоста « Таутиаты Солæман»;
  5. Газет «Рæстдзинад»,1999азы 24 август. Хъайттаты Сергей  «Фæстаг роль»;
  6. Л.Т.Таутиева. «Жизнь и творчество. Соломон Таутиев». Владикавказ. Изд. «Ир», 2003.Саламты Къола « Æртæ фембæлды»;
  1. Газет «Рæстдзинад»,№23,2006 азы   7  февраль. Гуымецъаты Зæринæ  « Цæхæркалгæ курдиат»;
  2. Газет «Рæстдзинад», 15 мартъи, 2003 аз. Дауырæ «Фæстаг хæрзæбон»;
  3.  Дзыныхты Аленæ, Дзыныхты Анжелæ « Сланты Къоста» , Дзæуджыхъæу: Перо и Кисть, 2005.
  4.  Газет «Рæстдзинад»,1996 азы 25 январь. Царахаты Индирæ « Актер хъуамæ хъуыды кæна адæмыл» ;
  5. Газет «Рæстдзинад»,1996 азы 25 январь. Царахаты Индирæ « Хъысмæт йæ кæнон бакодта»;
  6. Газет «Рæстдзинад»,Къуымæллæгкаты Мурат « Ирон театр йæ кувæндон уыди»;
  7. Газет «Рæстдзинад»,№40, 2011 азы 12 мартъи. Абайты Арбилянæ « Ныр дæр мæм хъуысы залы къухæмдзæгъд…» ;
  8.  Газет «Рæстдзинад»,№48, 2011 азы 24 мартъи, Черчесты Хъасболат «Нæ удварны æвидигæ суадон»;
  9.  Бæциаты Агуыдз «Сфæлдыстады цæхæртæ»,Орджоникидзе»Ир», 1973;
  10.  Агудз Бациев «Осетинский театр», орджоникидзе «ИР», 1985;
  11.  Бæциаты Агуыдз «Иры артдзæст», Дзæуджыхъæу «Ир, 1995.

                                                       Æмхасæнтæ

C:\Users\212\AppData\Local\Temp\Rar$DIa0.677\249121.jpg

C:\Users\212\AppData\Local\Temp\Rar$DIa0.512\496579.jpg   C:\Users\212\AppData\Local\Temp\Rar$DIa0.149\686260.jpg

C:\Users\212\AppData\Local\Temp\Rar$DIa0.857\496891.jpg     C:\Users\212\AppData\Local\Temp\Rar$DIa0.346\660705.jpg

C:\Users\212\AppData\Local\Temp\Rar$DIa0.178\296124.jpg        C:\Users\212\AppData\Local\Temp\Rar$DIa0.450\686761.jpg

C:\Users\212\AppData\Local\Temp\Rar$DIa0.465\496890.jpg

C:\Users\212\AppData\Local\Temp\Rar$DIa0.005\15-5-1683.jpg

C:\Users\212\AppData\Local\Temp\Rar$DIa0.826\689493.jpgC:\Users\212\AppData\Local\Temp\Rar$DIa0.998\690022.jpg

C:\Users\212\AppData\Local\Temp\Rar$DIa0.556\сканирование0027-150x150.jpgC:\Users\212\AppData\Local\Temp\Rar$DIa0.399\Т.Кариаева-и-А.Царукаев-1956-Деньги-Сафронова-реж-М.Цаликов.jpg

C:\Users\212\AppData\Local\Temp\Rar$DIa0.283\Т.Кариаева-с-внучкой-Мариной-Мамиевой1.jpg

C:\Users\212\AppData\Local\Temp\Rar$DIa0.537\9427-original.jpeg


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Темæ: «Аивад ивы хъуыдытæ æнкъарæнтæй».

Темæ: «Аивад ивы хъуыдытæ æнкъарæнтæй»....

Литературон – музыкалон композици. «Нæртон хъæбул –ирон гени – Къоста!»

Хетæгкаты Къостайы цард æмæ сфæлдыстадмæ  æвзæрын  кæнын  цымыдис æмæ уарзондзинад.[[{"type":"media","view_mode":"media_large","fid":"7082448","attributes":{"alt":"","class":"media-imag...

ПРОЕКТ "ИРОН ТЕАТР"

ПРОЕКТ "ИРОН ТЕАТР"...

Методическая разработка по осетинской литературе на тему: «Симд-ирон аивады хæзна»

Интегрированный урок по теме "Симд-сокровищница осетинского народа"...

Ирон литер.урок 9 къл. Ирон литературайы историйыл афалгаст.

История осетинской литературы интересная и противоречивая. С одной стороны, по мнению исследователей, предки осетин Аланы имели письменность и литературу. Однако, из этого до нас ничего не дошло, кром...

«Ирон адæмы царды нывтæ Хъаныхъуаты Иналы этнографион очеркы «Ирон хъæуы»

laquo;Ирон адæмы царды нывтæ Хъаныхъуаты Иналы этнографион очеркы «Ирон хъæуы»...

Технологон картæ ирон литературæйы урокмæ 9-æм къласы Темæ: «Ирон адæмы психологи Хъаныхъуаты Иналы этнографион очерк «Ирон хъæуы».

Бакусын тексты мидис æмбарыныл, текстæн анализ кæныныл; уацмысы бындурыл æрдзурын ирон адæмы царды ног социалон фæзындтыл; скъоладзауты ахуыр кæнын  аив дзурын æмæ кæсыныл....