«Ирон адæмы царды нывтæ Хъаныхъуаты Иналы этнографион очеркы «Ирон хъæуы»
учебно-методическое пособие

Томаева Белла Казбековна

«Ирон адæмы царды нывтæ Хъаныхъуаты Иналы этнографион очеркы «Ирон хъæуы»

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл temae1.docx20.73 КБ

Предварительный просмотр:

Темæ: «Ирон адæмы царды нывтæ Хъаныхъуаты Иналы этнографион очеркы «Ирон хъæуы».

Урочы нысантæ:

  1. Равзарын уацмысы ирон адæмы царды ног социалон фæзындтæ.
  2. Скъоладзауты дзургæ ныхасы рæзтыл кусын.
  3. Ахуырдзаутæм гуырын кæнын уарзондзинад сæ райгуырæн бæстæмæ, адæммæ, æгъдæуттæм.
  4. Скъоладзауты ахуыр кæнын сæ хъуыдытæ раст дзурыныл, сæ цæстæнгас фæарфдæр кæныныл, сæ зонындзинæдтæ фæуæрæхдæр кæныныл.
  5. Ахуыргæнинæгты хиæмбарынады æууæлтæ раиртасын æмæ бафидар кæнын.

Урочы æрмæг:

  1. Чингуыты равдыст.
  2. Техникон фæрæзтæ: компьютер, интерактивон фæйнæг æмæ пультытæ.

Урочы эпиграф: «Фехалут æнахуырдзинады къæдзæх, цæмæй тагъддæр фесæфа фыдгæнджыты ахстон». Виктор Гюго.

Урочы цыд.

Интерактивон фæйнæгыл æвдыст цæуы Цæгат Ирыстоны Рахизфарсы районы картæ. Районы иннæ хъæуты æхсæн картæйыл амонын, Бруты хъæу бæрæггонд кæм цæуы, уыцы бынат. (Бруты хъæуы истори цыбырæй дзурын).

1830 азы азы сæвзæрд Санаты хъæу. Хъæуæн йæ бындурæвæрджытæ уыдысты Санатæй 9 мыггаджы, кæцытæ раздæр цардысты хæххон хъæутæ Хъæни æмæ Тменыхъæуы. Инæлар Абхазовы æфхæрæн экспедици куы ныппырх кодта йæ ныхмæ хæцæг хохæгты, уæд сæ æрцæрын кодтой фæзы. Санаты хъæу ма ноджыдæр хуыдтой чысыл Брут. Хъæуæн йæ алыварс бырутæй (частоколом) æхгæд кæй уыдис, уымæ гæсгæ йæ схуыдтой Бруты хъæу.

Бруты хъæуæй цы зындгонд адæймæгтæ рацыди, уыдоны æхсæн уыдысты: Мамсыраты Темырболат, Санаты Уари, Хъаныхъуаты Инал. Цы мыггæгтæ уын ранымадтон, уыдон иууылдæр сты, ирон адæммæ уæздæттæ кæнæ Тæгиатæ кæй хуыдтой, уыдонæй.

Нæ урочы бындурон хаймæ цалынмæ нæ рахызтыстæм, уæдмæ уал бафæлварут дзуапп раттын рацыд æрмæгæй мæнæ ацы фæрстытæн:…(скъоладзаутæ архайынц пультытимæ).

Нæ абоны урочы мах равзардзыстæм, аргъ скæндзыстæм æмæ абоны цардимæ бабæтдзыстæм Хъаныхъуаты Иналы этнографион очерк «Ирон хъæуы». Фæлæ уал бакæсæм фыссæджы цард æмæ сфæлдыстады тыххæй цыбыр презентацимæ.(фæйнæгыл æвдыст цæуы Хъ. Иналы тыххæй презентаци).

Уацмыс æвзарыны размæ уал æркæсæм иуæй-иу дзырдты нысаниуæгмæ.

Этнос – историон æгъдауæй чи сæвзæрдис, адæймæгты ахæм фидар иугонд – адæмы хатт, наци;

Этнографи – историон зонады къабаз, ахуыр кæны дунейы адæмты равзæрд, се 'рцард алы рæтты, сæ культурæ, се 'хсæнадон цардуаджы хицæндзинæдтæ.

Инал очерк «Ирон хъæуы ныффыста хæрз æрыгонæй, гимназы ма куы ахуыр кодта, уæд (1870азы). Уацмысмæ лæмбынæг куы 'ркæсæм, уæд фендзыстæм: фыссæг сагъæс кæны йæ адæмы ивгъуыд æмæ фидæныл æмæ йын зæгъы: ивгъуыдмæ фæстæмæ здæхæн нал ис, цардыуаг аразын хъæуы ног уавæртæм гæсгæ.

Ивгъуыд заманы æгъдæуттæ æмæ хъуыдытæй ног уавæрты чи нал бæззы, уыдоныл къух сисын хъæуы, адæм сæ уд хъуамæ хъарой рухсдзинадыл, æрмæст уæд ссардзысты рæсугъд фидæн – афтæ зæгъæн ис «Ирон хъæуы» сæйраг мидисæй. Уыцы хъуыдыйыл лæуд уыдысты бирæ ахуыргæндтæ æмæ рухстауджытæ.

Æмбисондау хастой адæм Колыты Аксойы зондамынд: «Ног фæлтæртæ цæмæй хорз хъомыл кæной, уымæн хъæуы ахуыр æмæ размæдзыд бинонтæ…».

Царды мидис фыссæг равдыста уацмысы дыууæ фæлгонцы – Мосе æмæ Хæтæхцыхъойы руаджы.

- Цæмæй тыхсы Мосе æмæ цы у йæ рагондæр бæллиц?

(скъоладзауты дзуæппытæ).

- Цавæр цæстæнгас ис Хæтæхцыхъомæ раздæры æмæ ног цардмæ? (скъоладзауты дзуæппытæ).

Инал цырддзаст фыссæг уыдис. Йæ адæмы царды æмæ психологийы цы ивддзинæдтæ 'рцыд фæсреформæ, уыдон лæмбынæг æвзæрста.

Уыдонæй иу уыд раздæры балцмондаг барæг, искæй хардзæй чи цард, йæ сæрмæ сау куыст чи нæ хаста, уыцы джигиты ног тип.

Фыссæг нын куыд амоны, афтæмæй Данел у уыцы заманы фæсивæды характерон ног тип.

- Цымæ Данелы хуызæттæ абон не 'хсæн ис?

- Æркæсæм-ма æмæ бæстон равзарæм Данелæн йе 'ддаг бакасты миниуджытæ дæр, йæ миддунейы æууæлтæ дæр. Уый фæстæ дзуапп ратдзыстут нæ фарстæн.

- Цы бакастыстут æмæ цы базыдтат Данелы тыххæй, уыдæттæ-ма ранымайут. (скъоладзауты дзуæппытæ: кусгæ ницы кæны; йæ худ хæдмæл карчы хуызæн; йæ цъæх цухъхъа- æмпъызтытæ; йæ бæрцагъудты æрмæст цалдæр бæрцы; йæ хæдзар у, аргъæутты цы халагъудтæ вæййы, ахæм; йæ зæронд мады ферох кодта; кæд гæвзыкк у, уæддæр мур ницæуыл хъуыды кæны: у хъæлдзæг, дзураг).

- Раздæры джигиттау Данел дæр кусын нæ фæцахуыр, цы зоны, уый у уæздандзинад, ома, уазæгæн æгъдау дæттын. Ноджы ма зоны кафын æмæ хъазтæн фæтк æвæрын. Ахæм цард адæймагæн худинаг кæй у, уый хъуыды дæр нæ кæны, йæхицæй ма буц цы у, уымæй дарддæр.

- Уæдæ ма ныр раздæхæм нæ фарстмæ æмæ зæгъæм, абон не 'хсæн «Данелтæ» ис æви нæй.

- Цавæр цард кæнын ахуыр сты ахæмтæ?

- Куыд схонæн ис ахæм адæймæгты?

- Куыд ис семæ тохгæнæн?

- Сымахæй искæй зæрдæмæ цæуы ахæм цардыуаг?

- Цавæр зæрдæйы ахаст уæм фæзынд Данелмæ? (у худæг, тæригъæддаг).

- Абоны скъоладзаутæ бирæ предметтæ ахуыр кæнынц. Ныртæккæ дын кæцыфæнды скъоладзау дæр зæгъдзæн, цавæр наукæ ахуыр кæны хур, зæхх, стъалыты тыххæй зонинæгтæ. Ссарут-ма, уацмысы кæцы ран æвдыст æрцыд адæмы талынгдзинад? Цæуыл уæ ахъуыды кæнын кодтой уыцы нывтæ? (хъæуы ахуыр кæнын, цæмæй дæм уа зонындзинæдтæ, æмæ талынг, æнæфенд адæймагыл нымад ма уай).

- Адæймаг æрмæст зонындзинæдтæй вæййы æххæст адæймаг? (бирæ хатт адæймагмæ цалдæр дипломы дæр вæййы, фæлæ уæддæр баззайы «къуырмайæ», «æнæхсæстæй»).

- Нæ фыдæлтæй нын цы 'гъдæуттæ баззад, уыдонæй бирæтæ æвдыст æрцыдысты уацмысы. Ранымайут-ма сæ.( лæппуйы райгуырд, куывд, зианы æгъдау, чындзæхсæв).

- Цы цæстæй кæсы Инал марды 'гъдæуттæм?(иуæй сæ равдыста сæ этнографион хуызы, иннæмæй та сын раргом кодта сæ социалон фæстиуджытæ: мæгуырмæ-иу æртардтой бинонты).

- Сымахмæ та куыд кæсынц ирон æгъдæуттæ? Исты дзы аппариккат?

- Раздæры хуызæн ма æххæст кæнынц ирон адæм сæ фыдæлты æгъдæуттæ?

- Æнцон æххæстгæнæн сты ирон æгъдæуттæ?

- Куыд уæм кæсы, æгъдауджын адæймаг хъуамæ цавæр уа? (уæздан, хиуылхæцгæ, хæдæфсарм).

- Цы æхсæнады цæрæм, уым иууылдæр æгъдауджын сты адæм?

- Æнцон цæрæн у æгъдауджын адæймагæн æнæуаг æхсæнады?

- Цавæр миниуджытæй хъуамæ уа хайджын адæймаг, цæмæй нырыккон царды æмæ æхсæнады йæхи æххæст адæймагæй æнкъара? (ахуыргонд, сæрæн, куыстуарзаг, ныфсджын, цæстуарзон).

- Сомбон сымах дæр бакъахдзæф кæндзыстут царды стыр фæндагмæ. Ахæм ныфс уæм ис, цæмæй нырыккон æхсæнады аккаг бынат æрцахсат?

- Цы уæ хъæуы бакæнын уый тыххæй? (ахуыр кæнын, кусын, спорты архайын, искæмæн æххуыс кæнын).

- Цавæр æвзæр миниуджытæй уæ фæнды уæлдай тынгдæр уæхи бахъахъхъæнын?

- Урочы райдайæны цы эпиграф бакастыстæм, уымæ ма иу хатт æркæсæм æмæ бамбарын кæнæм, цы зæгъынмæ хъавыди Виктор Гюго йæ ныхæстæй (скъоладзауты хъуыдытæ).

- Урочы кæрон мæн фæнды ныстуаны хуызы сымахæн бакæсын мæнæ ацы рæнхъытæ:

«Дæхиуыд ды æппынæдзухдæр кус,

Дæ удыл ма ауæрд, лæггад кæнын фæраз;

Цæстуарзонæй фæцæр, дæ мадмæ хъус,

Цæмæй фæсмонгонд ма фæуай дзыллæйы раз».

Кæронбæттæн.

- Зæгъут-ма, цы райстат уæхицæн æмæ цы ахæсдзыстут уемæ ацы урокæй?(скъол. хъуыдытæ).

Хатдзæгтæ.


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Урок. Сæрибар æмæ намыс куыд зоны хъахъхъæнын ИРОН". (Фæрнион Къостайы очерк "Хъæбатыр цæргæсмæ гæсгæ).

1918-1922 азты Уæрæсейы цыдис мидхæст, революци фæуæлахиз, кусæг адæм сæ бартæ сæхимæ райстой. Уыцы хæсты кусджытæ рахæцыдысты, сæрибар цард сын чи радта, уыцы коммунистты партийы фарс, æмæ знæгтæ дæр...

Темæ: «Иронадæмы психологи Хъаныхъуаты Иналы этнографион очерк «Иронхъæуы».

УрочынысантæТексты мидисæмбарынылбакусын,æрдзурынуацмысыбындурылиронадæмы ног социалонцардыфæзындтыл, аивдзурынæмæкæсынылахуыркæнынскъоладзауты УрочыхуызБафидаркæнын ног æрмæг Урочыахуырадон...

Технологон картæ ирон литературæйы урокмæ 9-æм къласы Темæ: «Ирон адæмы психологи Хъаныхъуаты Иналы этнографион очерк «Ирон хъæуы».

Бакусын тексты мидис æмбарыныл, текстæн анализ кæныныл; уацмысы бындурыл æрдзурын ирон адæмы царды ног социалон фæзындтыл; скъоладзауты ахуыр кæнын  аив дзурын æмæ кæсыныл....

Технологическая карта урока родного (русского) языка в 9 классе Тема урока: «Виды очерков. Портретный очерк. Особенности портретного очерка. Работа с очерком Б. Полевого «Полководец Конев». Портретный очерк нашего современника»

Технологическая карта урока родного (русского) языка в 9  классе Тема урока: «Виды очерков. Портретный очерк. Особенности портретного очерка. Работа с очерком Б. Полевого «Полководец ...