Урок. Сæрибар æмæ намыс куыд зоны хъахъхъæнын ИРОН". (Фæрнион Къостайы очерк "Хъæбатыр цæргæсмæ гæсгæ).
презентация к уроку (11 класс)

Битарова Вера Муратовна

1918-1922 азты Уæрæсейы цыдис мидхæст, революци фæуæлахиз, кусæг адæм сæ бартæ сæхимæ райстой. Уыцы хæсты кусджытæ рахæцыдысты, сæрибар цард сын чи радта, уыцы коммунистты партийы фарс, æмæ знæгтæ дæрæнгонд æрцыдысты. Урсгвардионтæн сæ сæр сæ кой сси æмæ лыгъдысты алы паддзахадтæм, кæмæн куыд æнтыст , афтæ. Сырх æфсад, кусджытæ æмæ зæхкусджытимæ иумæ бахъахъхъæдтой сæ бæстæ – дунейы мидæг фыццаг социалистон бæстæ. Мидхæсты рæстæг Ирыстоны намысджын хъæбултæ канд Ирыстоны зæххыл нæ тох кодтой, фæлæ хæцыдысты Советон хицауады сæрыл Уæрæсейы алы къуымты. Уымæн æвдисæн Цæгат Архангельск. Ацы горæт урсгвардионтæй æмæ интервенттæй чи ссыгъдæг кодта, уый у Фæрнион Къостайы очерк «Хъæбатыр цæргæс»-ы сæйраг герой Дзæрæхохты Хадзы-Мурат.

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл urok.docx641.02 КБ

Предварительный просмотр:

УРОК. Темæ: «Сæрибар æмæ намыс куыд зоны хъахъхъæнын ИРОН». (Фæрнион Къостайы очерк «хъæбатыр цæргæс-мæ» гæсгæ).

1 слайдТЕМÆ «Сæрибар æмæ намыс куыд зоны хъахъхъæнын ИРОН!» (Фæрнион Къостайы очерк

ТЕМÆ «Сæрибар æмæ намыс куыд зоны хъахъхъæнын ИРОН!» (Фæрнион Къостайы очерк «Хъæбатыр цæргæс»-мæ гæсгæ). Фæрнион Къоста Дзæрæхохты Хадзы-Мурат

2 слайдУрочы нысантæ: Æрдзурын уацмысы мидисыл, цауты историон рæстæгыл, сгуыхтдзинæ

Урочы нысантæ: Æрдзурын уацмысы мидисыл, цауты историон рæстæгыл, сгуыхтдзинæдтыл, мидхæсты хабæрттыл. 2. Скъоладзаутæн æвзæрын кæнын сæрыстырдзинад фыдæлты хъæбатырты сгуыхтдзинæдтæм, уарзондзинад Райгуырæн бæстæмæ. 3. Киноныв: «Жизнь ставшая легендой».

3 слайдУрочы мидис: Сбæрæг кæнын Х\К. Чи уыд Фæрнион Къоста? Йæ уацмысты сæйраг темæ

Урочы мидис: Сбæрæг кæнын Х\К. Чи уыд Фæрнион Къоста? Йæ уацмысты сæйраг темæтæ цы уыдысты? Цавæр прозаикон уацмысимæ базонгæ стæм раздæры урочы? Чи у уыцы хъæбатыр цæргæс, кæй хоны фыссæг афтæ? 5. Куыд фыст æрцыд «Хъæбатыр цæргæс?».

4 слайдАхуыргæнæджы раныхас: Размæйы урочы мах базонгæ стæм Ирыстоны номдзыд хъæбулт

Ахуыргæнæджы раныхас: Размæйы урочы мах базонгæ стæм Ирыстоны номдзыд хъæбултæй иу, хъæбатыр Дзæрæхохты Хадзы-Мураты номимæ. Абоны урочы та нæ ныхас уыдзæн йæ хæцæн бынæттæ æмæ йе сгуыхтдзинæдтыл. Зильгæйаг лæппу дард Архангельскы зæххыл тох куыд кодта, урсгвардионты куыд дæрæн кодта, уыцы хабæрттыл æрдзурдзыстæм бæстондæр. Развæлгъау уал базонæм нæ хъайтар цы Архангельск сыгъдæг кодта знæгтæй, уымæн йæ бынат. Горæт Архангельск ис Цæгаты . Абон хауы Уæрæсемæ. Арæзт æрцыд 1584 азы. 1683 азмæ хуынд Холмогор. Йæ климæт у субарктикон, денджызон даргъ зымæг æмæ цыбыр сæрдимæ. Архангельск у егъау наукон æмæ промышленнон хай Цæгат Ныгуылæны. Бирæ сты йæ кæсаджы æмæ нефты æвæрæнтæ, алмазтæ. Бирæ сты йæ хъæдгуыстгæнæн авналæнтæ дæр. Стыр пайда хæссы Архангельскæн йæ кæсаджы куыст. Уæй кæны хъæд, гæххæтт, кæсаг. Ахуыргæнæндæттæй дæр фæсте нæ баззад: ссæдз ахуыргæнæн бынаты , æртæ университеты, академи, институт, 7700 куыстуаты. (Слайдтæ). Историон справкæ.

5 слайдhttps://ds02.infourok.ru/uploads/ex/12ed/000235cc-f63315ed/310/img4.jpg

6 слайд1918-1922 азты Уæрæсейы цыдис мидхæст, революци фæуæлахиз, кусæг адæм сæ барт

:

1918-1922 азты Уæрæсейы цыдис мидхæст, революци фæуæлахиз, кусæг адæм сæ бартæ сæхимæ райстой. Уыцы хæсты кусджытæ рахæцыдысты, сæрибар цард сын чи радта, уыцы коммунистты партийы фарс, æмæ знæгтæ дæрæнгонд æрцыдысты. Урсгвардионтæн сæ сæр сæ кой сси æмæ лыгъдысты алы паддзахадтæм, кæмæн куыд æнтыст , афтæ. Сырх æфсад, кусджытæ æмæ зæхкусджытимæ иумæ бахъахъхъæдтой сæ бæстæ – дунейы мидæг фыццаг социалистон бæстæ. Мидхæсты рæстæг Ирыстоны намысджын хъæбултæ канд Ирыстоны зæххыл нæ тох кодтой, фæлæ хæцыдысты Советон хицауады сæрыл Уæрæсейы алы къуымты. Уымæн æвдисæн Цæгат Архангельск. Ацы горæт урсгвардионтæй æмæ интервенттæй чи ссыгъдæг кодта, уый у Фæрнион Къостайы очерк «Хъæбатыр цæргæс»-ы сæйраг герой Дзæрæхохты Хадзы-Мурат.

7 слайдhttps://ds02.infourok.ru/uploads/ex/12ed/000235cc-f63315ed/310/img6.jpg

8 слайдИрон адæм сæ хъайтарыл сарæзтой кады зарджытæ , йæ цардыл фыст æрцыди роман у

Ирон адæм сæ хъайтарыл сарæзтой кады зарджытæ , йæ цардыл фыст æрцыди роман уырыссагау «Заповедь». Йæ автор Черчесты Георгий. Режиссертæ: Дзбойты (Бабле) Батырбек æмæ Юрий Чулюкин систой 1969 азы киноныв «Жизнь ставшая легендой». Хадзы-Мураты ролы ахъазыд зындгонд уырыссаг актер Дагун Омаев. О, диссаджы адæймаг уыдис Дзæрæхохты Хадзы—Мурат. Хæсты кæддæриддæр уыдис фæзминаг йæ къорды цæргæстæн. Йæхицæй арæхстджындæр æмæ рæстдзæвиндæр нæ уыд.

9 слайд«Уый хуымæтæджы хъæбатыр нæ уыд. Уый уыдис фæлтæрджын, цард йæхæдæг кæй бацæт

 «Уый хуымæтæджы хъæбатыр нæ уыд. Уый уыдис фæлтæрджын, цард йæхæдæг кæй бацæттæ кодта , ахæм хæстон командир, - мысыд мидбæстон хæсты архайæг К. Коничев. Сгарджыты æхуыссæй кæдæриддæр зыдта иттæг хорз уавæр, знаджы тыхтæ, йæ лæмæгъдзинад æмæ – иу размæ бырста æдæрсгæ æмæ æгъатырæй»…

10 слайдКанд хæстон арæхстдзинад æмæ æхсар не рхастой кад æмæ намыс Хадзы –Муратæн. З

Канд хæстон арæхстдзинад æмæ æхсар не рхастой кад æмæ намыс Хадзы –Муратæн. Знагмæ æнæуынондзинад æмæ къорды хæстонтыл хи фыды хуызæн, Цæгаты сабыр фæллойгæнæг адæмыл аудындзинад, интервентты рбалæбурды фæстæ бæллæхы бахауæг цæгатаг цæрджытыл мæт, рæстаг удыхъæд,- ахæм уыдис адæмон хъæбатыр Дзæрæхохты Хадзы-Мурат. Æрмæст йæ койæ дæр-иу ризæг бахæцыд контрреволюционертæ æмæ интервенттыл. Æхсæв дæр æмæ бонæй дæр-иу йæ къорд февзæрд æппæты тæссагдæр рæтты. Йæ хъæбатырдзинады тыххæй адæм дзырдтой диссæгтæ. Йæ ном баззадис дзыллæты зæрдæты, чингуыты, уыдонимæ Н.Никитины роман «Северная Аврорæ»-йы дæр.

11 слайдУæдæ чи уыди Дзæрæхохы фырт? Цæмæй фесгуыхти? Цæмæн æй уарзтой æгæрон уарзтæй

Уæдæ чи уыди Дзæрæхохы фырт? Цæмæй фесгуыхти? Цæмæн æй уарзтой æгæрон уарзтæй йе мбæлттæ? Йæ хъæбатырдзинад куыд айхъуыст æппæт Уæрæсейыл, Ирыстоныл? Куыд фыст æрцыд очерк «Хъæбатыр Цæргæс?». Æппæт ацы фарстатæн мах ратдзыстæм дзуапп, уымæн æмæ нын уыдысты хæдзармæ лæвæрд. Журналист Фæрнион Къоста цыд Дзæрæхохты Хадзы-Муратимæ Архангельскмæ 1934 азы партизанты конгрессмæ. Фæндагыл цæугæйæ поезды, конгрессы цы диссæгтæ федта æмæ фехъуыста Хадзы-Муратæй, уыдоны бындурыл фыст æрцыд очерк «Хъæбатыр цæргæс».

12 слайдДзæрæхохты Уарийы фырт Хадзы-Мурат райгуырд 1874 азы Цæгат Ирыстоны Зилгæйы х

Дзæрæхохты Уарийы фырт Хадзы-Мурат райгуырд 1874 азы Цæгат Ирыстоны Зилгæйы хъæуы. Йæ фыд Уари уыдис æххуырст. Æртындæсаздзыд лæппу дæр æххуыс кодта хæдзары куыстытæн. Гыццылæй рахаста фидар удыхъæд суинаг хъæбатыр. Иухатт сæ зæххы гæппæлы куыстæй æрцæйцыдысты йæ фыдимæ бæхуæрдоныл. Сæ размæ фесты абырджытæ æмæ сын истой сæ бæхы. Фыд лæппуйæн тæрсгæйæ, æппындæр ницы бауæндыд сдзурын. Æрмæст гыццыл Хадзы—Мурат мæстæй рафыхт, бæх феуæгъд кодта æмæ йæ дугъы ауагъта. Абырджытæ дæр фесты йæ фæдыл. Куы йæ байййæфтой, уæд лæппуйы къухы февзæрд фæрæт, æргæпп кодта æмæ слæууыд сæ разы: «Удæгасæй æз мæ бæхы нæ ратдзынæн, мæ фыд æй йæ туджы æртахæй балхæдта». Абырджытæм лæппуйы ми фæкаст ахæм диссаг, раст цыма сæ разы уыд æнæхъæн æфсад. Сывæллоны цæстæнгас сæ афтæ ахызт æмæ абырджытæ фæстæмæ аздæхтысты. Гъе, ахæм уыд гыццыл Хадзы-Мурат.

13 слайд«Гайлаг родæй бæрæг вæййы»,- зæгъы ирон æмбисонд. Гæвзыкк цард мæгуырты цъист

 «Гайлаг родæй бæрæг вæййы»,- зæгъы ирон æмбисонд. Гæвзыкк цард мæгуырты цъист кодта алырдыгæй æмæ хъæзгуыты зæххытæ исын райдыдтой. 1902 азы уыдис Сыстад. Уыцы сыстады фыццаг уыдис Хадзы-Мурат. Хицауад æрбарвыста салдæтты æмæ лæппуйы бахъуыд искуыдæм алидзын. Æмбæхст Владикавказы. Куыста куыройы, саста суг, куыста уæхскуæзæй. Фæлæ йæм хъæздыгдзинад уæддæр хæстæг нæ цыди. Æмæ уæд куыстагур афтыд Маньчжуримæ, уырдыгæй Мексикæмæ, Америкæмæ, Аляскæмæ.

14 слайдhttps://ds02.infourok.ru/uploads/ex/12ed/000235cc-f63315ed/310/img13.jpg

15 слайдРайдыдта йæ утæхсæн цард дунейы къуымты амондагур. Уыдис куыстуарзаг, æнæхин,

Райдыдта йæ утæхсæн цард дунейы къуымты амондагур. Уыдис куыстуарзаг, æнæхин, фæразон. Хадзы-Муратмæ гæсгæ хи æппæлынæй худинагдæр ницы ис. Уый йæм каст тынг æгад. Дæхæдæг нæ, фæлæ адæм хъуамæ феной дæ хорз хъуыддæгтæ. Æмæ уыцы удыхъæдмæ гæсгæ царди. Йæ лæгдзинæдтæн та дæс царды дæр не сфаг уыдаид. Адæмы хсæн хуынд «Адæймаг-Легендæ», «Цæгатаг Чапай». Æрзылд зæххы къорийы рдæгыл , баййæфта æфхæрд, сайд, æлгъыст, фæлæ йæ адæймагдзинад баззад йæ зæрдæйы, уымæн æмæ йæ рахаста йæ ныййарджытæй. Лæппуйы уырныдта, дунейы кæй ис къуым рæстдзинадимæ æмæ йæ кæй ссардзæн. Фæлæ, хъыгагæн, ахæм къуым нæ разынд уыцы стыр дунейы… Æрмæст дзы федта: чындыдзинад, козбаудзинад, хæлæг æмæ эгоизм, æгъатырдзинад, дæлдзинæг адæмы барты. Алы ран дæр ыл адæм сæ цæст æвæрдтой йæ сæрæндзинадыл, йæ тох рæстдзинад æмæ адæмы бартыл тохгæнæгæй. Хадзы-Мурат скодта хатдзæг: адæм хицæн кæнынц дзаумайæ, æвзагæй, æгъдæуттæй, фæлæ амондмæ бæллынц, бæллынц кæрæдзи æмбарынадмæ.

16 слайдХадзы—Муратæн йæ зæрдæйы арф бынат ссардтой йæ фыды ныхæстæ: «Адæймаг нæ уыдз

Хадзы—Муратæн йæ зæрдæйы арф бынат ссардтой йæ фыды ныхæстæ: «Адæймаг нæ уыдзæн амондджын, йæ цуры куы цæрой мæт æмæ сагъæстæ». Уыцы ныхæстæ ссардта, кæимæ куыста, уыдоны зæрдæты: уырыссæгты, немыцæгты, италиагты, шведæгты, америкæгты æмæ иннæты. Алчидæр сæ зыдта, æнæ кæрæдзи æххуысæй кæй нæ фæцæрдзысты æмæ фидар хæцыдысты. Уый сын æххуыс кодта царды. Дыууадæс азы Хадзы-Мурат рахау-бахау кодта æддагон бæстæты. Амондагур ацыди, фæлæ хъæздыгдзинад не сардта. Базыдта æрмæст цардæн йæ ад. Хадзы-Мурат æрцыди ахæм хатдзæгмæ: «Ацы чъизи дунейы, нæй бынат мæгуыр лæгæн». Аххосджын та у паддзах. Хорз куы уаид, уæд зæххыл æндæр цард уаид. Æмæ сыстад Уæрæсейы, стæй иннæ паддзæхты ныхмæ карз фыстæгимæ Аляскæйæ Бетъырбухмæ. 1914 азы сыздæхт Хадзы-Мурат Ирыстонмæ куыд мæгуыр уыд афтæмæй. Æрмæст уыд фæлтæрджын æмæ стыр зонды хицау адæймаг. Уалынмæ райдыдта Фыццаг Дунейон хæст. Хадзы-Мурат та ам дæр ис хæстæн йæ тæмæны. Бахаудта зындгонд «хъæддаг дивизимæ», кæцы рвыст æрцыд Архангельскмæ интервенттæй суæгъд кæныны фæдыл.

17 слайдГъе, ам равдыста Хадзы-Мурат йе стыр тых æмæ зонд. Уымæн æвдисæн очерк «Хъæба

Гъе, ам равдыста Хадзы-Мурат йе стыр тых æмæ зонд. Уымæн æвдисæн очерк «Хъæбатыр цæргæс». Уацмысы фыццаг кæм фембæлдыстæм нæ геройыл? Хадзы-Мурат æмæ Архангельскы адæмы фембæлд. Нывгæнæг Давыдовы мысинæгтæ. Раздæр цæй бынат уыд Архангельск? (бакæсын чиныгæй). Цæуыл уыд йæ дис авторæн? Хадзы-Мурат æмæ йæ балы мысинæгтæ: « Усть-Волæйы байст æмæ нæ геройы стыр зонд. Хадзы-Мураты балы уæлахиз ихы уæлæ урсгвардионтимæ. Фембæлд урсгвардионты инæлар Петренкæимæ. (бакæсын чиныгæй). Петренкæйы тарст Хадзы-Муратæй. (кæсын чиныгæй).

18 слайдЦæгаты фронт фæци. Цыппæрдæс паддзахы интервенцион æфсад басастысты, æмæ тагъ

Цæгаты фронт фæци. Цыппæрдæс паддзахы интервенцион æфсад басастысты, æмæ тагъд-тагъд бадтысты науты сæ баззайæццæгтæ. Архангельскы сæрттывта советон сырх тырыса. Хадзы-Мурат Архангельскмæ нæ бацыд, фæлæ йæ хъус дардта контрреволюцийы баззайæццæгтæм. Байгом 1920 азы Польшæйы фронт. Хъуыдис лæджыхъæд æмæ æхсар. Куыд æвдыст æрцыдысты ацы миниуджытæ Хадзы-Мурат Сред-Мехренгæ-йы? Польшæйы фронтæй йæ цухъхъайы мидæг æрбафтыд Уæрæсемæ? Уым ма чи уыд? Цы кад ын уыд Цæгаты бæстæйы? (бакæсын чиныгæй). Куыд цард Ирыстоны та? (бакæсын чиныгæй). Урочы кæронбæттæн. Цавæр хъуыдытæ уæм сæвзæрди очеркмæ гæсгæ? (Дзурынц сæ хъуыдытæ).

19 слайдХъыгагæн, йæ рæстæджы, йæ зæронды бонтæ мæгуырæй æрвыста нæ хъайтар, уæвгæ аф

Хъыгагæн, йæ рæстæджы, йæ зæронды бонтæ мæгуырæй æрвыста нæ хъайтар, уæвгæ афтæ арæх вæййы. Йæ хабæрттæ йын уæды Ирыстоны зонгæ дæр ничи кодта, уымæн æмæ уыди фырнымд адæймаг, йæхицæй никуы раппæлыд, абон куыд æппæлынц, афтæ. Уымæй худинагдæр ницы каст Хадзы-Муратмæ. Йæ кауын къæсы цард мæгуыр æмæ сабырæй, иннæты æмрæнхъ. Никуы никæд равдыста йæхи иннæтæй уæлдæр. Афтæмæй та се хсæн цард легендарон хъайтар. Мард æрцыд хæсты фæстæ бандитты къухæй. Гъе ахæм хуымæтæг лæгæй баззад царды, зилгæйаг хъæбатыр цæргæс-Дзæрæхохты Хадзы-Мурат. Йæ цард легендæ кæмæн сси, уый - Дзæрæхохты Хадзы-Мурат у адæмы уарзондæр хъæбатыртæй иу, цæры æмæ цæрдзæн адæмы зæрдæты.

20 слайдhttps://ds02.infourok.ru/uploads/ex/12ed/000235cc-f63315ed/310/img19.jpg

21 слайдhttps://ds02.infourok.ru/uploads/ex/12ed/000235cc-f63315ed/310/img20.jpg

22 слайдhttps://ds02.infourok.ru/uploads/ex/12ed/000235cc-f63315ed/310/img21.jpg

23 слайдhttps://ds02.infourok.ru/uploads/ex/12ed/000235cc-f63315ed/310/img22.jpg

24 слайдhttps://ds02.infourok.ru/uploads/ex/12ed/000235cc-f63315ed/310/img23.jpg


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Разработка урока по географии 6 класс "Природные зоны"

Урок посвящен теме "Природные зоны мира",при изучение природных зон детям читаются стихи русских поэтов о разных природных зонах, которые предают уроку ноты лирики. Урок был показан учителям географам...

Урок обобщающего повторения по теме "Природные зоны Африки".

Урок обобщающего повторения в игровой форме по теме "Природные зоны Африки"....

Разработка урока географии в 6 классе Природные зоны Земли

Размещение большенства природных комплексов на Земле подчинено закону широтной зональности...

Урок по географии на тему "Природные зоны Австралии"

Урок-исследование. Учащиеся работают в группах и самостоятельно с помощью карт и дополнительного матриала исследуют природу природных зон материка Австралия....

Интегрированный урок по географии и экологии «Природные зоны Австралии»

Разработка урока  поможет всем, кто хочет интересно рассказать о Автралии своим ученикам....

Опорные конспекты на уроках географии. Урок географии в 6 классе "Природные зоны Земли"

В данной методической разработке показано использование технологии опорных конспектов по методике В. Ф. Шаталова на уроках географии.  Тема урока: Природные зоны Земли - зональные природные ...

Темæ:«Номдзыд лӕг зынаргъ у» ( Фӕрнион Къостайы очерк « Хъӕбатыр цӕргӕс» -мӕ гӕсгӕ).

Технологон картæ ирон литературæйы  урокмæ7 –æм къласы...