Темæ:«Номдзыд лӕг зынаргъ у» ( Фӕрнион Къостайы очерк « Хъӕбатыр цӕргӕс» -мӕ гӕсгӕ).
план-конспект урока (7 класс)

Битарова Диана Ильинична

Технологон картæ ирон литературæйы  урокмæ7 –æм къласы

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл habatyr_tsargastehnol.karta_.docx39.86 КБ

Предварительный просмотр:

Технологон картæ ирон литературæйы  урокмæ7 –æм къласы

Темæ:«Номдзыд лӕг зынаргъ у» ( Фӕрнион Къостайы очерк « Хъӕбатыр цӕргӕс» -мӕ гӕсгӕ).

Ахуыргæнæджы куысты   нысантæ

  1. Скъоладзауты фӕлтӕрын хъуыды кӕныныл, хи хъуыдытӕ дзурыныл, хибарӕй хатдзӕгтӕ кӕнын.
  2. Ахуырдзаутӕм патриотон ӕнкъарӕнтӕ гуырын кӕнын,лӕджы хуыздӕр миниуджытӕ фӕзмыныл сӕ ахуыр кӕнын.
  3. Ныхасы хӕрзхъӕддзинадыл бакусын.

Урочы хуыз

Ног æрмæг бафидар кæныны урок.

Урочы ахуырадон фæстиуджытæ

Предметон: очеркы тыххæй зонындзинæдтæ зæрдыл æрлæууын кæнын.

Очеркæн анализ скæнын.

Метапредметон: уацмысы персонажты архайдæн æмæ ныхасæн аргъ кæнын;  хи хъуыдытæ раст дзурын, хатдзæгтæ кæнын.

Удгоймагон:  æрдзурын адæймаджы æппæрццаг æмæ æвæрццаг миниуджытыл.

Фыдыбæстæм уарзондзинад гуырын кæнын

Гуырын кæнын ахуырдзаутæм цымыдисдзинад нæ историмæ, сæрыстырдзинад Ирыстоны хъæбатыр хъæбултæй.

Ахуыры методтæ æмæ формæтæ

Иртасæн метод, индивидуалон, къордгай куыст,проектон метод.

Æххуысгæнæг фæрæзтæ

компьютер, интерактивон фæйнæг, презентаци, чингуытæ.

Урочы эпиграф:

Цыфӕнды зын уавӕрты дӕр-иу куы бахауд ирон лӕг,

Уӕддӕр сыл уӕлахиз кодта йӕ хъӕбатыр зӕрдӕ

ӕмӕ фидардзинадӕй.

Гӕбулты Мелитон

Урочы организацион структурæ

 

Урочы сæйраг этаптæ æмæ структурæ

Ахуыргæнæджы архайды мидис

Скъоладзауы архайды мидис

Универсалон ахуырадон архайд (УАА)

Бацæттæгæнæн хай.

Мотиваци.

(скъоладзаутæ сæхæдæг ссардтой, ног темæ бамбарынæн æххуыс чи у,ахæм æрмæг

Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын

Актуализаци

(зæрдыл æрлæууын кæнын рацыд æрмæгæй дарддæрыкуыстæн цы хъæуы, уыцы зонындзинæдтæ)

Ног æрмæгыл куыст.Очеркæн

анализ скæнын, текстыл æнцойгæнгæйæ.

Рефлекси

Хæдзармæ куыст

Организационхай.

Фӕйнӕгыл лӕвӕрд дзырдтӕй  « ӕрӕмбырд кӕнын»  ӕмбисӕндтӕ:

1.Хъуамӕ, лӕг, ӕндӕра, гӕдыйыл, ис, лӕг, дӕр, рихитӕ, лӕгдзинадӕй, уа.

 2. Зӕххыл, лӕджыхъӕд, ис, хъӕуы,  фӕлӕ, йӕ, зонын, сисын.

Фарст:

ӕ абоны урочы цӕуыл ныхас кӕндзыстӕм?

- Раст зӕгъыс, нӕ ныхас уыдзӕн таурӕгъты дзуринагДзӕрӕхохтыХадзы-Мураты сгуыхтдзинад, лӕгдзинадыл. (Фӕйнӕгыл темӕ).

Сывæллæттæ, хæдзармæ куыст уын уыдис:

1.  Хъуыдис бакӕсын кӕронмӕ Фӕрнион Къостайы очерк      «Хӕххон  цӕргӕс».

2. Бацӕттӕ кӕнын хъусынгӕнинӕгтӕ Хадзы-Мураты  тыххӕй.

Дыккагхӕслӕвӕрдылбакуыстойкъордгай:

ИутӕХадзы-Мураты  биографии бацӕттӕ кодтой, иннӕтӕ историон цаутыл бакуыстой, ӕртыккӕгтӕ та презентации сарӕзтой.

- Бузныг, тынг цымыдисаг ӕрмӕг нын фехъусын кодтат.

Хӕс

- Уӕ хъусынгӕнинӕгты загътат, зӕгъгӕ,  Хадзы-Мурат хорзӕхгонд уыд

 2 Георгийы дзуарӕй, Сырх Тырысайы орденӕй. Уӕ хӕс у интернеты ссарын ӕрмӕг уыцы хӕрзиуджыты тыххӕй ӕмӕ нын сӕ радзурын.(кусынц дыууæ къордæй)

Иннӕтӕ та кусынц синквейныл.

Темӕ: Хадзы-Мурат.

Очеркы анализ:

1.Кӕдӕм фӕхуыдтой 1934-ӕм азы Хадзы- Мураты?  

2.Цӕмӕн уыд зӕрдӕйӕн ӕхсызгон  « ӕнкъард ӕрдзы уӕззау худт»?

3. Цы радзырдта архангельскаг нывгӕнӕг Давидов?

4. Куыд байстой Хадзы- Мураты ӕфсӕддонтӕ интервенты хӕдтӕхӕг?        

Бакӕсын тексты.

5. Куыд сӕмбӕлдысты Архангельскы вагзалыХадзы-Муратыл?

6. Цӕмӕн кӕнынц Хадзы- Муратӕн ахӕм стыр кад дард цӕгаты?

7. Цавӕр ныхӕстӕ дзурӕг стыХадзы- Мураты сгуыхтытыл? Бакӕсын тексты.

8. Хадзы–Мураты хъысмӕт хӕсты фӕстӕ куыд рауад?

Зæгъут-ма ,сывæлæттæ:

  1. Цы базыдтат ногӕй урочы?
  2. Тынгдӕр уӕ зӕрдӕмӕ цавӕр куысты хуызтӕ фӕцыдысты?
  3. Цавӕр хъуыдытӕ уӕм сӕвзӕрын кодта Хадзы -Мураты фӕлгонц?
  4. Зын уӕм цы фӕкаст урочы?  

Бæрæггæнæнтæ сæвæрын

1.Ссарын ӕрмӕг, Хадзы- Мураты  номыл кӕм ӕмӕ цыи с, уый тыххӕй.

2. Йӕ уацмысы мА чи ссардта Хадзы–Мураты ном, уый тыххӕй ӕрмӕг бацӕттӕ кӕнын.

Дзуаппытæ:

1.Лӕг хъуамӕ лӕгдзинадӕй лӕг уа, ӕндӕра рихитӕ гӕдыйыл дӕр ис.

2.Лӕджыхъӕд зӕххыл ис, фӕлӕ йӕ сисын зонын хъӕуы.

Дзуапп:

- Нӕныхасуыдзӕнлӕгдзинадыл.

Цыбыртӕй дзурынц очеркы сюжет.

Дыккаг хӕслӕвӕрдыл бакуыстой къордгай:

Иутӕ Хадзы-Мураты  биографии бацӕттӕ кодтой, иннӕтӕ историон цаутыл бакуыстой, ӕртыккӕгтӕ та презентации сарӕзтой.

Дзуаппытӕ:

1.Дзӕрӕхохты  Хадзы-Мурат  райгуырд Зилгӕйы хъӕуы  1875 азы. 1906-ӕм азы  хуыздӕр цардагур афтыд Маньчжуримӕ, уырдыгӕй –Мексикӕмӕ. Уым кодта сау куыст, хъӕды арӕзта фӕндаг, къӕвдайӕ хурӕй ӕнцой нӕ зонгӕйӕ. Уырдыгӕй алыгъд Амырыкмӕ, бафтыдАляскӕмӕ, мингай адӕм сӕ амондагур цы Аляскӕмӕ цыдысты,уырдӕм. Стыр зӕххы гӕппӕл рахицӕн кодта йӕхицӕн, ныссагъта дзы къӕбӕл ахӕм фыстимӕ: « Ацы зӕхх у хохаг лӕгХадзы-Мураты». Фӕлӕ дзы сызгъӕрин нӕ, фӕлӕ мингай ӕмӕ мингай адӕймӕгты стӕгдартӕ йеддӕмӕ ницӕуыл фембӕлд.  Фӕразон у ирон лӕг зынтӕн. Тыххӕй ма раирвӕзт уыцы зындонӕй. 12 азы фӕрахау-бахау кодта Хадзы- Мурат  ӕцӕгӕлон бӕстӕты. Хъӕздыгдзинад кӕд не ссардта, уӕддӕр бамбӕрста царды ӕцӕгдзинад: ацы мӕнг дунейы мӕгуырӕн нӕй амонд ссарӕн. Ӕмӕ дард Аляскӕйӕ Бетъырбухмӕ ныффыста мӕстӕйдзаг фыстӕг уырыссаг паддзахмӕ, стӕй ӕнӕхъӕн дунейы паддзӕхтӕм. 1914-ӕм азы сыздӕхт Ирыстонмӕ.

2-аг дзуапп: Ӕз цыбыртӕй зӕгъдзынӕн историон уавӕры тыххӕй. 1914-ӕм азы райдыдта фыццаг дунеон хӕст. Знаджы ныхмӕ сыстадысты ӕппӕт Уӕрӕсейы адӕм. 1917-ӕм азы та Петрограды райдыдта революци. Фӕуӕлахиз сты большевиктӕ. 1918-ӕм азы  та райдыдта мидхӕст. Меньшевикты фарсмӕ ӕрбалӕууыдысты бирӕ империалистон паддзахӕдтӕ. Сӕ ныхмӕ ӕрлӕууыдысты кусӕг ӕмӕ зӕхкусӕг адӕм. Бирӕ туг фӕкалд уӕлахизыс ӕраппонд. Урсгвардионты, интервенты ныхмӕ хъӕбатырӕй тох кодтой ирон лӕппутӕдӕр.

3-аг дзуапп: Фӕсте нӕ баззад Хадзы-Мурат дӕр. 1914-ӕм азы  фыццаг дунеон хӕсты рӕстӕг архайдта  « хъӕддаг дивизийы». Йӕ хъӕбатырдзинады тыххӕй хорзӕхгонд ӕрцыд  2 Георгийы дзуарӕй. 1917-ӕм  азы архайдта Петрограды ӕдгӕрзтӕ растады. Уыдис мидхӕсты хъӕбатыр архайӕг, Ирыстонӕй дард цӕгаты, Архангельскы облӕсты. Йӕ ном дӕр стыр тас уагъта знӕгты. Йе сгуыхтдзинӕдты тыххӕй йын лӕвӕрд ӕрцыд Сырх Тырысайы орден. Мидхӕсты фӕстӕ сыздӕхт йӕ райгуырӕн Зилгӕмӕ , куыста милицӕйы. 1945-ӕм азы  йӕ фыдгӕнджытӕ Дзӕуджыхъӕуы амардтой.

4-ӕм ахуырдзау ӕвдисы йӕ презентаци «Дзӕрӕхохты Хадзы- Мурат» .

Зӕгъы киноныв « Жизнь, ставшая легендой» -йы тыххӕй дӕр.

Дзуаппытӕ.

1-аг дзуапп:

Георгийы дзуарӕй хорзӕхгонд цыдысты паддзахы ӕфсады салдаттӕ ӕмӕ дӕлдӕр цины афицертӕ 1807-1917-ӕм азмӕ. Уыдысты 4 къӕпхӕны. Фыццаг дыууӕ къӕпхӕны хӕрзиуджытӕ уыдысты сызгъӕринӕй, иннӕ дыууӕ та-ӕвзистӕй. 1992-ӕм азы Уӕрӕсейы Президенты  указӕй уыцы хӕрзиуӕг сног.

2-аг дзуапп:

Сырх Тырысайы орден  уыд ӕрыгон Советон хицауады хӕрзиуӕг (1918-ӕм аз). Фыццаг уыцы орденӕй хорзӕхгонд ӕрцыд  Константин Блюхер. Тынг кадджын уыд уыцы хӕрзиуӕг.

Дзуаппытæ дæттынц

Дзуаппытæ дæттынц

 


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Урок подготовки к изложению по очерку С. Т. Аксакова "Очерк зимнего дня"

Это урок обучающего изложения при подготовке к написанию сочинения-описания природы. Урок построен на основе дифференцированного подхода...

Урок. Сæрибар æмæ намыс куыд зоны хъахъхъæнын ИРОН". (Фæрнион Къостайы очерк "Хъæбатыр цæргæсмæ гæсгæ).

1918-1922 азты Уæрæсейы цыдис мидхæст, революци фæуæлахиз, кусæг адæм сæ бартæ сæхимæ райстой. Уыцы хæсты кусджытæ рахæцыдысты, сæрибар цард сын чи радта, уыцы коммунистты партийы фарс, æмæ знæгтæ дæр...

Доклад Хетæгкаты Къостайы 160 азы бонмæ «Къостайы нывгæнæджы курдиат».

Къостамæ стыр нывгæнæджы курдиат кæй уыд, уый йæ ноджы тынгдæр разæнгард кодта поэзимæ....

Технологическая карта урока родного (русского) языка в 9 классе Тема урока: «Виды очерков. Портретный очерк. Особенности портретного очерка. Работа с очерком Б. Полевого «Полководец Конев». Портретный очерк нашего современника»

Технологическая карта урока родного (русского) языка в 9  классе Тема урока: «Виды очерков. Портретный очерк. Особенности портретного очерка. Работа с очерком Б. Полевого «Полководец ...

Темæ: Райгуырæн бæстæ зынаргъ у.

Урочы  нысантæ.1.Мырты растдзурынадыл куыст.2.  Æнæзонгæ  дзырдты  мидис  хъуыдыйæдты  мидæг  бæрæг     кæныныл фæлтæрын.  3. Диалогон  æмæ...