Доклад Хетæгкаты Къостайы 160 азы бонмæ «Къостайы нывгæнæджы курдиат».
учебно-методический материал

Козаева Фатима Ивановна

Къостамæ стыр нывгæнæджы курдиат кæй уыд, уый йæ ноджы тынгдæр разæнгард кодта поэзимæ.

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл kosta.docx26.39 КБ

Предварительный просмотр:

Къостамæ стыр нывгæнæджы курдиат кæй уыд, уый йæ ноджы тынгдæр разæнгард кодта поэзимæ. Херсоны ахæстоны куы бадти, уæд уырдыгæй цы писмотæ фыста, уым бакæсæн ис ахæм рæнхъытæ: «…Жду не дождусь моих красок…», «Когда я получу свои краски?», «Такой художественный зуд чувствую, когда выхожу из хаты, что и сказать не могу… Так все и просится на полотно».

Нывтæ кæнынмæ Къостайы цы сразæнгард кодта ,зæгъгæ, уыцы фарстæн нæ бон у ахæм дзуапп радтын. Зæгъæн ис афтæ, æмæ Къостайæн йæ туджы уыд нывгæнæг суæвын. Уымæ гæсгæ уый ахуырмæ бацыд Санкт-Петербурджы Нывкæнынады академимæ. Фæахуыр дзы кодта1881 азæй 1884 азмæ. Уым базыдта æмæ йæ зæрдæмæ арф айста нывгæнынады профессионалон зонындзинæдтæ.

Академийы размæ Къоста ахуыр кодта Стъараполы классикон гимназийы. Фыццагдæр банкъардта уæд Къоста, нывкæнынады аивад æй йæхимæ кæй æлвасы, уый. Нвыкæнынады предметæй йæ ахуыргæнæг уыд Василий Иваны фырт Смирнов (1840-1922). Уый уымæй размæ йæхæдæг каст фæцис Санк-Петербурджы Нывкæнынады академи. Уый сразæнгард кодта Къостайы дæр, цæмæй дарддæр ахуыр кæнынмæ бацыдаид   Санкт-Петербурджы Нывкæнынады академимæ.

Къостайы   бафиппайдта æмæ йын зæрдиагæй æххуыс кодта Академийы зындгонд педагог,профессор Павел Чистяков. Уыцы рæстæджы Къостаимæ академийы ахуыр кодтой, фæстæдæр, XIX æнусы зындгонд чи ссис, уыцы номдзыд нывгæнджытæ Серов, Врубель, Самокиш, Гинзбург, Беклемишев.

Академийы студентты профессионалон ахуыры æййафындзинадæн аргъгонд цыд баллтæм гæсгæ. Къостайы конд нывтæн ахуыргæнджытæ фæлварæнты рæстæг æвæрдтой æппæты уæлдæр баллтæ.

Æрыгон Къоста-иу Петербурджы нывгæнджыты равдыстытæм, нывты галереймæ, Эрмитажмæ куы бафтыд, уæд-иу æй уыцы диссаджы нывтæм кæсгæйæ йæ къах æддæмæ нал хаста. Уый тыххæй мæнæ куыд фыста йæ писмотæй иуы: «Картинных выставок открыто здесь видимо-невидимо. Скитаюсь по ним до одурения, пока прислуга, перед тем, как запереть выставку, не берет меня за шиворот и, как загипнотизированного, не спускает с лестницы».

Йæ фыссæн блокноты фыстытæй иуы ссарæн ис номдзыд уырыссаг нывгæнæг В.В. Верещагины ном æмæ мыггаг (1840-1904), ноджы- Ян Ционглинский (1858-1912) æмæ Л. Е. Дмитриев Кавказаджы (1849-1916) мыггæгтæ.

Петербурджы Нывкæнынады академии кастфæуæг Ционглинский бирæ хæттыты балцыты уыд Азийы, Африкæйы, ахуыр кодта æмæ йæ зæрдæмæ арф айста Уæрæсейы æмæ Ныгуылæн Европæйы æрдз, Дмитриев-Кавказаг та уыд зындгонд нывгæнæг-гравер. Академийы ахуыр кæнгæйæ, Къоста рауагъта дыууæ альбомы. Уыдон баст уыдысты кавказаг тематикæимæ.

Верещагин Кавказ бирæ кæй уарзта , уымæ гæсгæ йын хæлар ахастдзинæдтæ уыд Къостаимæ дæр. Верещагин 1860 азы райдайæны балцы ссыд Цæгат Кавказмæ. Уырдыгæй йемæ сласта бирæ куыстытæ – сæдæйы бæрц. Уым ирд æмæ бæлвырдæй равдыста хохаг адæмы уæззау царды уавæртæ, сæ бæрзонд культурæ æмæ рæсугъд æгъдæуттæ сæ диссаджы алæмæты æрдз. Уым Верещагинимæ хæстæгмæ базонгæ Къоста. Верещагин ын ахорæнтимæ цы этюдник балæвар кодта, уый йын ссис тынг зынаргъ лæвар. Фæлæ йын уыцы зынаргъ лæвар 1896 азы Дзæуджыхъæуы адавдæуыд. Къоста йыл тынг фæмаст кодта .Бынæттон газетмæ дæр радта ахæм хъусынгæнинаг: «13 сентября , около 10 часов вечера, с открытого окна в квартире художника Коста Хетагурова, проживающего в доме Михайловой по Воронцовской улице, похищен неизвестно кем ящик с масляными красками, подаренный г. Хетагурову известным художником В.В. Верещагиным».

Фæлæ йын уыцы хъусынгæнинаг дмр ницы феххуыс. Нал разынд, Верещагин ын цы зынаргъ лæвар ракодта, уый.

Академийы ахуыр кæнын æнцон нæ уыд æрыгон Къостайæн. Гимназы ахуырад йеддæмæ йæм кæй ницы уыд, уымæ гæсгæ йе’мкурсонты ’хсæн нымад уыд хуыздæр студенттæй иуыл.

Фæлæ Къостайæн йæ ахуыр фæкъуылымпы, Кубаны облæстæй йын стипенди кæй нал æрвыстой, уый  тыххæй. Къоста æхцайæ тыхст кæй аййæфта, уымæ гæсгæ фæсахуыр наулæууæнты кодта алыхуызон уæззау куыстытæ. Æхсæвæддæ Дæр- иу баззад уым. Материалон æгъдауæй тыхст кæй æййафта æмæ йæ бон ахуырæн æхца фидын кæй нæ уыд, уымæ гæсгæ Къостайы бахъуыд академии ныууадзын.

1886 азы сæрды Къоста Петербургæй ссыд Ирыстонмæ. Ам баххуырста фатер. Уым ныв кæнынæн радих кодта иу чысыл æрмадз. Зæгъæн ис афтæ, æмæ йæ хуыздæр нывтæ скодта уыцы рæстæг ацы æрмадзы кусгæйæ. Сфæлдыстадон куыстæй уæлдай активонæй архайдта æхсæнады хъуыддæгты дæр: бынæттон нывгæнджыты æрбаввахс кодта йæхимæ, арæх арæзтой сæ иумæйаг куыстытæ, равдыстытæ, Дзæуджыхъæуы театрæн йæхæдæг фыста декорацитæ. Фæлæ йын уыцы куыстытæн фыстой капеччытæ. Æмæ йæхæдæг куыд фыста, афтæмæй уый æхца сфæлдыстадон куыстæй уæлдæр никуы æрæвæрдта. Къоста стыр кæттагыл скодта æмæ 1887 азы Дзæуджыхъæуы адæмы размæ рахаста йе стыр куыстытæй иу «Святая равноапостолькая Нина, просвятительница Грузии». Йæ хæдфæстæ та Къоста аивадуарзджыты размæ рахаста йæ иннæ куыст «Хъыггæнæг зæд».Уыцы аивадон уацмысы тыххæй газет «Терские ведомости» фыста: «Картина как живая и положительно приводит всех в восторг. Произведения г.Хетагурова может удовлетворить любой изящный вкус. «Скорбящий ангел» была написана художником в 29 лет, в полном расцвете творческих сил. Это было одно из более выразительных, возвышенно-романтических полотен Коста-живописца.

Аивадуарзджытæ йын стыр аргъ скодтой йæ иннæ уацмыс «Сывæллæттæ-дурсæтджытæ» -йæн дæр. Къоста уым ирдæй, зæрдæмæхъаргæ æнкъарæнтимæ равдыста дыууæ хохаг чысыл лæппуйы сурæттæ. Ацы ныв Къостайæн йæхи зæрдæмæ дæр тынг цыд. Стыр аргъ ын скодта йæ рæстæджы номдзыд нывгæнæг Тугъанты Махарбег дæр. Уыцы уацмысы, зæгъæн ис афтæ, æмæ нывкæнынады æппæты жанртæ дæр иумæ баиу сты: портрет, пейзаж, натюрморт…

Тугъанты Махарбег дзырдта, зæгъгæ, ныв «Сывæллæттæ-дурсæтджытæ» у Къостайы «Додой»-йы халдих. Уыцы дыууæ сывæллоны уæззау куысты уавæртæм, сæ скъуыдтæ дзаумæттæм кæсгæйæ, цæстыты раз ирдæй сысты æппæт хохæгты, тынгдæр та сæ цоты хъизæмайраг царды уавæртæ. Фæлæ ацы сабитæ кæд цыфæнды цардæфхæрд сты, уæддæр сæ алыварсмæ се ’нæхин цæстытæй  кæсынц сæрыстырæй, се’ взонг зæрдæты стыр ныфсы æнкъарæнтæ сæ зынынц ирдæй æмæ бæлвырдæй.

Хохаг сывæллæтты царды уæззау нывтæ ирд æмæ бмлвырдæй зынынц Къостайы иннæ ныв «Дон хæссынмæ»-йы дæр. Автор уыцы нывы бавæрдта йæ зæрдæйы хъарм. Уынæм дзы хуры хуызæн рæсугъд, аив, хæрзконд æрыгон сылгоймаджы æмæ фырыхъулы хуызæн, цардбæллон сывæллоны сурæттæ. Сывæллонæн ис стыр, рæсугъд, æнæхин цæстытæ. Уый йæ чысыл къухы æнгуылдзтæй фидар хæцы йæ мады фæдджийыл æмæ ныфсджын къахдзæфтæй цæуы йæ мадимæ хохаг зындзæуæн гакъон-макъон фæндæгтыл. Ацы нывмæ кæсгæйæ, адæймаг ахъуыды кæны афтæ, æвæццæгæн, æмæ Къоста ацы ныв скодта йæ уæззау сабидугыл хъуыды кæнгæйæ. Нывы цы æрыгон, хæрзконд, рæсугъд сылгоймаджы уынæм, уымæй та нын равдыста, уый хæстæгмæ кæй нæ зыдта, афæдз дæр ыл нæма цыд, афтæмæй цы ныййарæг мадæй фæхицæн, уый сурæт.

Хохаг адæмы социалон царды уæззау уавæртæ автор бæлвырдæй равдыста йм иннæ куыст «Арахъуадзджытæ»-йы дæр.

Къостайы нывтыл цæст лæмбынæг ахæсгæйæ, адæймаг æрцæуы ахæм хъуыдымæ: йе ’ппæт куыстытæ дæр ист сты цардæй , сæ бындур у царды рæстдзинад, æмæ зæрдæмæ дæр афтæ тынг уымæн хъарынц. Уый нывкæнынады аивады хуызтæй йе ’ргом тынгдæр здæхта портреты жанрмæ. Хуымæтæджы йын йæ хуыздæр куыстытæ аивадирдасджытæ нæ барынц Гольбейны æмæ Дюреры уацмыстимæ. Номдзыд нывгæнæг, Нывкæнынады академийы уæнг-уацхæссæг Евгений Кацманта, Хетæджы-фырты тыххæй ахæм зæрдæмæхъаргæ ныхæстæ ныффыста: «Тропинины портреттæ уырыссаг адæмæн куыд зынаргъ сты, Къостайы конд портреттæ дæр ирон адæмæн- афтæ». Къостайæн  йæ фæстæ баззад фараст конд портреты. Уыдонæй фондзы равдыста нæлгоймаджы сурæттæ, цыппары та-сылгоймаджы. Абоны онг бæрæг нæу, цал ын дзы фесæфт, уый.

Къоста ма Санкт-Петербурджы куы ахуыр кодта, уæд фыццагдæр кæй скодта, уыцы нывтæй иу у «Жукъаты Косерханы портрет» (1882). Дзæуджыхъæуы цæргæйæ та, 1887-1889 азты, кæй скодта, уыдонмæ хауынц Аннæ Поповайы Гуытъиаты Мысырбийы, Тхостаты Туттийы, Байаты Хуысинæйы портреттæ.

Къоста аив, зæрдæмæ арф чи хъары, ахæм æнкъарæнтæ равдыста æрыгон, цардбæллиц рæсугъд чызг Аннæ Поповæйы сурæты. Уымæн йæ  сыгъдæг зæрдæйы уаг бæлвырдæй зыны йæ хæлар, уарзæгой цæстæнгасыл.

Аннæ Поповæ Къостайæн стыр аргъ кæй кодта, уый бæрæг у йæ боныгæй ист мæнæ ацы фыстыты дæр: «Мæ царды мидæг æз æппæты тынгдæр бæллыдтæн уымæ, æмæ куы фембæлдаин зондджын, хæларзæрдæ адæймагыл, кæцы мын йæ арф зонындзинæдтæй фæхъæздыгдæр кодтаид мæ миддуне, мæ удыхъæд, зын рæстæжы мын уыдаид ныфсдæттæг, æмæ йæ схуыдтаин, мæ зæрдæмæ хæстæгдæр чи уыдаид, ахæм иузæрдион æмбал. Æмæ, Хуыцауæй разы, мæ царды фæндагыл фембæлдтæн ахæм адæймагыл. Уый уыд Къоста. Фæлæ хъысмæты, цæмæдæр гæсгæ, нæ бафæндыд, нæ фæндаг куы баиу уыдаид, уый. Хъыгагæн, алкæйдæр нæ цæуын бахъуыд йæхи фæндагыл»…

Аннæ Поповайы уарзты сыгъдæг æнкъарææтæн дзуапп дæтгæйæ, Къоста уый тыххæй  иу æмæ дыууæ хаты нæ  ныффыста æмдзæвгæтæ, лæвар ын кодта йæ конд нывтæ, суанг мæ йын йæ арæзт портрет «Хъыггæнæг зæд»-ы дæр равдыста йæ сурæт.

 «Мах зындоны дзæмбытæй дæр ратондзыстæм нæ амонд», -фыста Къоста йæ иу писмойы Аннæ Поповамæ. Фæлæ… Уыцы амондæй сæ дыууæ дæр æнæхай фесты.

Къостайы нывты ’хсæн уæлдай зынгæдæр бынат ахсы «Цæлыккаты Аннæйы портрет». Уыцы нывы Къоста ирд æмæ бæлвырдæй равдыста йæ сыгъдæг, æнæкæрон уарзондзинады æнкъарæнтæ Аннæмæ куыд тыхджын уыдысты, уый. Къоста йын йæ хуыз скодта ирон аив рæсугъд къабайы, йæ риуыл сыгъзæрин камаритæ, йæ уæхсчытыл цыллæ кæлмæрзæн æппæрст, афтæмæй. Ацы портрет ахæссæн ис, мæнæ «параднодекоративон» кæй хонынц, уыцы портретон хуызмæ.

Аивадуарзджыты арф хъуыдытыл бафтауы Къостайы конд «Автопортрет». Конд æрцыдаид, æвæццæгæн, 1900 азы. Уыцы портреты уынæм Къостайæн æрмæстдæр йæ сæр. Тымбыл сау фæлгæтæй нæм кæсынц Къостайы æнкъард цæстытæ,  уынæм Хетæджы-фырты зондджын, дардмæуынаг цæстæнгас. Цыма нын уый зæгъынмæ  хъавы йæ цавæрдæр сусаг ныхас, æууæнды, фæлæ нæм нæ хъуысы йæ зæрдæйы мидхъарæг.

Къостайы конд «Автопортрет»-мæ кæсгæйæ, зæрдыл æрбалæууынц, уый йæ хæстæг къабаз Гайттаты Иналыхъмæ йæ иу писмойы цы рæнхъытæ фыста, уыдон: «Нет! Я не могу прожить только вечно тревожную и неизменно трудовую жизнь, полную смысла и целесообразности, проникнутую горячей любовью не только к семье и родственникам, но и к бедной нашей родине, ко всему страждущему, униженному и оскорбленному».

Къоста йæ Ирыстоны цы æнæкæрон уарзтæй уарзта, нæ урссæр айнæг къæдзæхтæ, нæ диссаджы алæмæты  æрдз йæ зæрдæйы цы стыр бынат ахстой, уый бæлвырдæй равдыста йæ конд нывтæ «Зикъарайы æфцæг»,, «Æрдзон хид», «Тебердайы ком»-ы.

Къоста нывкæнынады аивады æппæт хуызты дæр: портреты, пейзажы, графикæйы… Уыцы хуызтæй алкæцыйы архайгæйæ дæр йæхи равдыста дæсны, курдиатджын, стыр нывгæнæгæй æмæ йæ алы конд ныв дæр зæрдæмæ арф уымæн хизы.

Доклад

Хетæгкаты Къостайы 160 азы бонмæ

«Къостайы нывгæнæджы курдиат»

Автор: ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Козаты Ф.И.

2018 аз


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Хетæгкаты Къостайы. Ирон æвзаг æмæ литературæйы бындурæвæрæг

Не верь, что я забыл родные наши горы,Густой, безоблачный, глубокий небосвод, Твои задумчиво-мечтательные взорыИ бедный наш аул, и бедный наш народ.Нет, друг мой, никогда! Чем тягостней изгнанье,Чем д...

Темæ урока: Хетæгкаты Къостайы цард æмæ сфæлдыстад,æмдзæвгæ «Сагъæс»

Темæ урока: Хетæгкаты Къостайы цард æмæ сфæлдыстад,æмдзæвгæ «Сагъæс»...

Темæ: «Хорзгæнæг хорз ары?»-Хетæгкаты Къостайы басня «Бирæгъ æмæ хърихъупп»-мæ гæсгæ

1. Басняйы текст равзарын.           2. Ныхасы рæзтыл, аив кастыл бакусын. 3. Æрдзурын, æгъдау, æфсарм, уæздандзинад адæймаджы фæзминаг миниуджытыл нымад кæй с...

«Цæстмæхъус ныхас фыдбылыз хæссы...» (Хетæгкаты Къостайы басня «Халон æмæ рувас»-мæ гæсгæ).

Урок литературы по произведению К. Хетагурова "Ворона и лисица"...

Сценари Хетӕгкаты Къостайы райгуырӕн бонмӕ « Мӕ хӕрзӕггурӕггаг – Иры сывӕллӕттӕн»

Сценарий открытого мероприятия ко Дню рождения Коста Хетагурова....