Темæ урока: Хетæгкаты Къостайы цард æмæ сфæлдыстад,æмдзæвгæ «Сагъæс»
план-конспект урока (8 класс)

Агкацева Жанна Тотразовна

Темæ урока: Хетæгкаты Къостайы цард æмæ сфæлдыстад,æмдзæвгæ «Сагъæс»

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл zhanna_18.10.2017.docx101.34 КБ

Предварительный просмотр:

Филиал МБОУ СОШ с. Суадаг в с. Хаталдон

Темæ урока: Хетæгкаты Къостайы цард æмæ сфæлдыстад,æмдзæвгæ «Сагъæс»

                  Хæтæлдоны скъолайы ирон æвзаг

                                                                       æмæ литературæйы ахуыргæнæг.

. Æгкацаты Жаннæ

Вариант 1 копия 

18.10.2017 аз.


Ног зонындзинæдтæ раттыны урок. 8-æм кълас.

Темæ: Хетæгкаты Къостайы цард æмæ сфæлдыстад,æмдзæвгæ «Сагъæс.»

Нысантæ: 1.Хетæгкаты Къостайы цард æмæ сфæлдыстадимæ бæстондæр базонгæ кæнын ахуырдзауты.

2.Равзарын æмдзæвгæ «Сагъæсты» мидис.

3.Гуырын кæнын уарзондзинад ирон аив ныхасмæ,поэты сфæлдыстадмæ.

4.Бацархайын, цæмæй урочы ахуырдзаутæ фылдæр кусой сæхæдæг.

                      Эпигрæф: Кæд искуы ирон литературæ размæ рацæуа, уæд уыцы ран Къстайы  æмдзæвгæтæ æрцахсдзысты фыццаг бынат…

Къоста уыд талынг дунейы рухсы тынау. (Дзасохты Гиго.)

                                                          Урочы цыд:

  1. Мотиваци.

-Нæ урок мæ райдайын фæнды комкоммæ ныхæстæй. Кæй ныхæстæ сты æмæ сæ чи загъта,уый та хъуамæ уæхæдæг базонат.(ныхæстæ бакæсын)

«Мæ иунæг сидзæр уд нывонд кæнын нæ Иры дзыллæйæн, мæ зонд, мæ зæрдæ куыд амонынц,афтæ. Ме стджытæ судзынмæ лæвæрдтон, мæ фыд- хæрынмæ.»

-Уæдæ цымæ кæй ныхæстæ сты?(урочы темæ дæр ахуырдзаутæ хъуамæ зæгъой сæхæдæг)

Дарддæр бакæсын эпигрæф.

-Æвæццæгæн,цасфæнды куы дзурай Къостайы тыххæй , уæддæр дзы сфæлмæцæн нæй. Смах дæр ,1-æм къласæй абоны онг, зонгæ стут Къостайы сфæлдыстадимæ.

-Æрлæууын ма йын кæнут йе мдзæвгæтæ уæ зæрдыл.(Дзуæппытæм байхъусын)

-Æгас зæххы къорийы нæ уарзон Къостайы зонынц æмæ йын аргъ кæнынц.Уымæн æвдисæн хъуыстгонд адæймæгты ныхæстæ.

                   « Къостайæн йæ зæрдæйы хæххон рæсугъд суадæттау баиу сты нæ дуджы дзырддзæугæдæр адæймæгты тæккæ хуыздæр миниуджытæ æмæ зæрдæргъæвдзинад,тæккæ раззагдæр зондахаст бирæвæрсыг курдиаттимæ. Дзырд дæр ыл нæй-Хетæгкаты Къоста йæхирдыгонау уыдис ирон адæмы Леонардо да Винчи.»(А.А. Фадеев)

                      «…Мæнмæ афтæ кæсы, æмæ Къостайы æмдзæвгæтæй бирæтæ хъуамæ суой æппæтадæмон хæзнатæ, кæд ныронг нама систы, уæд…»(В.Ф.Миллер)

                                      Афæлгæст Къостайы цардыл ерысы хуызы.(Кълас дихгонд цæуы дыууæ къордыл,афтæмæй дзуаппытæ дæтдзысты ахуырдзаутæ.)

                                         1.Кæд æмæ кæм райгуырди Къоста.

                                         2.Чи уыдысты йæ ныййарджытæ?

                                         1.Йæ фыды усы ном æмæ мыггаг зæгъын.

                                        2.Амар æй фæлтау фыр надæй,акъах ын йæ цæст, фесаф æй бынтон æгадæй ,-Бафсад æй æрмæст.(Цавæр басняйæ ист сты ацы ныхæстæ?)        

                                                          1.Стъараполы гимназмæ та кæд бацыдис ахуыр  кæнынмæ?

2.Кæцы аз ацыди Петербургмæ æмæ цæмæн?

1.Цавæр æмдзæвгæ ныффыста Петербургæй куы сыздæхт,уæд?

2.Базонын æмдзæвгæйы ном.

1.Строфа кæронмæ радзурын,æмдзæвгæйы ном зæгъын.(Йæ фыды фæндиаг кæм вæййы фырт дæр…?)

                                       Ахуыргæнæг:

-Бæгуыдæр,рæдийгæ алчидæр кæны,фæлæ рæдыдтытæ дæр алыхуызæттæ сты. Къоста сабийæ уыд тынг сæрæн,зæрдæхæлар,хъæлдзæг лæппу.Никуы –иу фæлмæцыд зæронд лæгтæм сæ таурæгътæм хъусынæй,уыдонæн лæггад кæнынæй. Æмæ суанг йæ мæлæты онг дæр «уырдыг фæлæууыд æнæкæрон бирæ кæй уарзта,уыцы ирон адæмæн.Кæй нæ зонут, ахæм цымыдисаг цаутæ уын радзурдзынæн йæ цардæрфыстæй.

    2.Поэты сурæт,æддагбакаст.

Уый уыдис цæсгомæй рæсугъд: стыр сау-сауид цæстытæ чысыл æнтъыснæгæй,фæлæ лæмбынæгæй кастысты дунемæ. Иттæг хорз фидыдтой йæ саулагъз цæсгомыл. Куы байрæзт,уæд дарын райдыдта рихитæ, йæ сæрыхъуын  та уыд къæбæлдзыг æмæ бæзджын.

Асæй-рæстæмбис,фæлæ хохаг цуанонау, цырд, æвзыгъд æмæ хъаруджын. Йæ буар фæлтæрд æмæ аив конд. Уый уыдис ахæм дæсны гимнаст,æмæ йæ иу хатт чысыл ма бахъæуа профессионалон гимнасты къорд йемæ акæна.

            Къоста тынг дæсны уыд кафынмæ,стæй зарынмæ. Иттæг хорз зыдта ирон адæмы ҅гъдауттæ æмæ сæ аивæй кодта кæмдæриддæр. Чи йæ зыдта,уыдон куыд зæгъынц, афтæмæй,Къоста цы фынгæн лæвæрдта гъдау , ууыл  адæм бадынæй не   ҅фсæстысты҆-сæ уд, сæ зонд сын рæвдыдта йæ дæсны куывдæй, йæ зондджын ныхæстæй.

3.Æмдзæвгæ «Сагъæс» бакæсын æмæ равзарын.

Ахуыргæнæг.

-Къостайы хъуыдымæ гæсгæ,поэт фыццаджыдæр у æмбæстаг,йæ адæмы хъæбул,уымæ гæсгæ дзы домы ҅йæ адæмæн истæмæй балæггад кæнын, фæндыди йæ цæмæй мæгуыр адæмæн сæ бартыл тохгæнгæйæ уыдаид раздзог æмæ сæ кодтаид иудзинад æмæ амондмæ. Æмдзæвгæ «Сагъæсы» дæр  уыдæттыл дзуры.(æмдзæвгæ бакæсыны размæ скæнын дзырдуатон куыст)

                                    Дзырдуатон куыст.

Хъоди(хъоды)-рагон ирон æгъдау,адæмон тæрхон:фыдгæнæг æмæ æгъдаухалæгыл кодтой хъоды,сыртдой йæ се ҅҅хсæнæй,хъæубæстæй,никæмæн уыд уымæн æххуыс кæныны бар.

Зæнæг-цот,сывæллæттæ.

Зæхмæдзыд-хуымæтæг,мæгуыр

Бæсты сæрвæлтау-Райгуырæн бæстæйы сæраппонд

Удыл хæцæг-зæды хай.

Цагъайраджы дуг-æбар рæстæг.

4.Чиныгимæ куыст.

Радыгай касынц æмдзæвгæ æмæ сæ аивдæр чи бакаст,уый сæхæдæг бæрæг кæнынц.

Ахуыргæнæг:

-Цавæр æнкъарæнтæ уæм сæвзæрын кодта ʼмдзæвгæ?Зæгъут ма уæ хъуыдытæ.

5.Презентаци . (Бацатта йа кодта   8-æм кьласы ахуырдзау Дзотты Аннæ.)

6.Рефлекси.

Урок мæ зæрдæмæ …

Фыццаг хатт фехъуыстон…

Тынг диссаг мæм фæкаст…

7.Хæдзармæ куыст:

Æмдзæвгæ сахуыр кæнын зæрдывæрдæй.


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Урок - викторина в 8 класс по осетинской литературе Йӕхӕдӕг чи нӕ судзы , уый иннӕйы дӕр не ссудзын кӕндзӕн.» (Брытъиаты Е. цард ӕмӕ сфӕлдыстадыл афӕлгӕст)

Урочы хӕстӕ :  1)    Сбӕрӕг  кӕнын  ахуырдзауты зонындзинӕдтӕ Брытъиаты Елбыздыхъойы цард ӕмӕ сфӕлдыстадӕй; 2)    Сывӕллӕтты  ахуыр кӕнын раст ха...

Ахуыргæнæгæн æххуысæн Картотекæ Плиты Гришы цард æмæ сфæлдыстад æвзарынæн.

Картотека.Материалы, которые находятся в данных источниках, будут способствовать более быстрому сбору необходимого материала по изучению жизни и творчества известного осетинского поэта Плиева Гриша....

Урок по теме"Къостайы сфæлдыстады рацыд æрмæг фæлхат кæныны урок"

Урок повторение по творчеству Коста Хетагурова....

Доклад Хетæгкаты Къостайы 160 азы бонмæ «Къостайы нывгæнæджы курдиат».

Къостамæ стыр нывгæнæджы курдиат кæй уыд, уый йæ ноджы тынгдæр разæнгард кодта поэзимæ....

Урочы тема: «Царды скъола.» Хетӕгкаты Къостайы поэмӕ «Чи дӕ?» - мæ гæсгæ.

Конспект урока осетинской литературы во владеющей группе....

Викторинӕ «Къостайы цард ӕмӕ сфӕлдыстад».

Викторина,посвящённая жизни и творчеству Коста Хетагурова....