Урок - викторина в 8 класс по осетинской литературе Йӕхӕдӕг чи нӕ судзы , уый иннӕйы дӕр не ссудзын кӕндзӕн.» (Брытъиаты Е. цард ӕмӕ сфӕлдыстадыл афӕлгӕст)
план-конспект урока (8 класс) на тему

Ситохова Зара Бебоевна

Урочы хӕстӕ :

 

 

1)    Сбӕрӕг  кӕнын  ахуырдзауты зонындзинӕдтӕ Брытъиаты Елбыздыхъойы цард ӕмӕ сфӕлдыстадӕй;

2)    Сывӕллӕтты  ахуыр кӕнын раст хатдзӕгтӕ кӕнын, анализ кӕнын ,сӕ хъуыдытӕ раст цӕмӕй дзурой уацмысты архайджытӕн ӕмбӕлон характеристикӕ дӕттой ;

3)    Ирон дроматургимӕ цымыдисдзинадмӕмӕ уарзондзинад гуырын кӕнын,ирон классикты уацмыстӕ кӕсынмӕ сӕ амидин кӕнын.

 

Урочы ӕрмӕг : фыссӕджы портрет , фотоальбом , чингуыты равдыст, фонохрестоматитӕ , сывӕллӕтты конд иллюстрацитӕ уацмыстӕм , гӕхӕттӕй аразт зӕрдӕтӕ : урсытӕ ,сырхытӕ ӕмӕ буртӕ: иттӕг хорз дзуаппӕн - сырх , хорз дзуаппӕн - бур , лӕмӕгъ дзуаппӕн-урс .

 

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл elbyzdyho_gom_urok.docx71.69 КБ

Предварительный просмотр:

Урок-викторинæ

(8 –æм кълас)

(1881-1923)

.

http://allingvo.ru/images/elbyzdyko.jpg

Темӕ: «Йӕхӕдӕг чи нӕ судзы , уый иннӕйы дӕр не ссудзын кӕндзӕн.»

(Брытъиаты Е. цард ӕмӕ сфӕлдыстадыл афӕлгӕст)

                                                                                                   15- ӕм астӕуккаг скъолайы

                                                                                                    ирон ӕвзаг ӕмӕ литературӕйы

                                                                                                    ахуыргӕнӕг Ситохаты З.Б

                             

                              Дзӕуджыхъӕу, 2015 аз

 

Урочы хӕстӕ :

  1. Сбӕрӕг  кӕнын  ахуырдзауты зонындзинӕдтӕ Брытъиаты Елбыздыхъойы цард ӕмӕ сфӕлдыстадӕй;
  2. Сывӕллӕтты  ахуыр кӕнын раст хатдзӕгтӕ кӕнын, анализ кӕнын ,сӕ хъуыдытӕ раст цӕмӕй дзурой уацмысты архайджытӕн ӕмбӕлон характеристикӕ дӕттой ;
  3. Ирон дроматургимӕ цымыдисдзинадмӕмӕ уарзондзинад гуырын кӕнын,ирон классикты уацмыстӕ кӕсынмӕ сӕ амидин кӕнын.

Урочы ӕрмӕг : фыссӕджы портрет , фотоальбом , чингуыты равдыст, фонохрестоматитӕ , сывӕллӕтты конд иллюстрацитӕ уацмыстӕм , гӕхӕттӕй аразт зӕрдӕтӕ : урсытӕ ,сырхытӕ ӕмӕ буртӕ: иттӕг хорз дзуаппӕн - сырх , хорз дзуаппӕн - бур , лӕмӕгъ дзуаппӕн-урс .

Эпиграф :                                    

 «Ахӕм гуырдтӕ цы адӕмӕн вӕййы , уыдон –фидӕнджын ,уыдоны                                                                               истории йӕ фӕсдуар нӕ амбӕхсдзӕн»
(
Джусойты Нафи)

Урочы цыд .

  1. Орг.хай.
  2. Ахуыргӕнӕджы цыбыр разныхас абоны урочы тыххӕй , темӕ , хӕстӕ, куысты хуыз.(Зӕгъы эпиграфы ныхӕстӕ)
    (Скъоладзаутӕ адих кӕнын 2 къордыл. Жюрийы уӕнгтӕ сбадынц сӕ бынӕтты .Ахуыргӕнӕг амоны ,хъазт куыд цӕудзӕн ,уый.)
  3. Викторинӕйы цыд.

  1. Елбыздыхъойы царды хабӕрттӕ куыд зонӕм:

А) –Чи уыд Брытъиаты Елбыздыхъо?
( фыссӕг,ӕхсӕнадон кусӕг  )
Б) –Ноджы дӕр ма?
(Ирон драматургийы ӕмӕ тиатыры бындурӕвӕрӕг)

А) –Кӕд ӕмӕ кӕм райгуырд Брытъиаты Елбыздыхъо?
(23ӕм мартъийы, 1881 азы ,Куырттаты комы,Дӕллагхъӕуы.)

Б) –Цал уыдысты Елбыздыхъойы  бинонтӕ?
(5 хойӕн уыд сӕ кӕстӕр ӕмӕ сӕ иунӕг ӕфсымӕр)

А) –Йӕ фыды бинонтӕ та?
(25 адӕймаджы, Елбыздыхъойы фыд – сӕ хистӕр)
Б) –Кӕмыты ахуыр кодта Елбыздыхъо?
(Дӕллагхъӕуы райдиан скъолайы, Дзӕуджыхъӕуы реалон скъолайы)

А) –Кӕд  ӕмӕ кӕмыты куыста Елбыздыхъо ахуыргӕнӕгӕй?
(Дӕллагхъӕуы, Дзуарыхъӕуы)
Б) –Кӕм ма куыста Елбыздыхъо?
(Журныл «Горская жизнь»-ы редакторӕй)

А) –Кӕм ма ахуыр кодта Елбыздыхъо?
(Бетъырбухы психоневрологон институты)
Б) –Ноджы ма кӕм?
(Бетъырбухы университеты юристон факультеты)

А) –Кӕд ӕмӕ цӕй тыххӕй ӕрцыд ахст?
(Йӕ революцион куысты тыххӕй, 1905,1908азты)
Б) –Кӕм бадт ахӕстоны?
(Дзӕуджыхъӕуы,стӕй та Назраны фидары 2азы)

А) –Цавӕр журнал уадзын райдыдта ӕмӕ кӕд?
(1912, журнал «Хуры тын»)
Б) –Цы хуынд Елбыздыхъойы фыд?
(Цопан)

А) –Цавӕр газеты редакцийы ма куыста Елбыздыхъо ӕмӕ кӕд ?
(1917, газет  «Горская жизнь» -редактор )
Б) –Кӕд амард Елбыздыхъо?
(25 сентябры,1923азы)

А) –Кӕм ныгӕд ис Елбыздыхъо?
(Дзоеуджыхъоеуы.Уӕллаг Ирыхъӕуы уӕлмӕрдты)
Б) –Чи ма ис йӕ фарсмӕ ныгӕд?
(Йӕ бинойнаг , Хъазбегты Олгъӕ)
 


2. Брытъиаты Елбыздыхъойы сфӕлдыстад:

А) –Цавӕр уацмыстӕ зонут Елбыздыхъойӕн?
(Радзырд «Цад» , пьесӕтӕ «Уӕрӕседзау», «Маймули  рухсаг, ӕгас цӕуӕд ирон тиатр!», «Худинаджы бӕсты-мӕлӕт»)
Б) –Цавӕр драмӕтӕ ныффыста Елбыздыхъо?
(«Хазби», «Амран» , «Дыууӕ хойы»)

А) –Цы у драмӕ?
(Драмӕ у аив литературӕйы сӕйрагдӕр хуызтӕй иу,фыст вӕййы сценӕйы равдисынӕн )
Б) –Цӕмӕй арӕзт у драмӕ?
(Диалогӕй ӕмӕ монологӕй)

А) –Цавӕртӕ вӕййынц драмон уацмыстӕ?
(Трагеди,драмӕ,комеди,водевиль…)
Б) –Цавӕр драмӕтӕ зонут уырыссаг литературӕйы ?
(Фонвизин «Недоросль» , Гоголь «Ревизор»)

А) –Иннӕ адӕмы хаттӕй та?
(Шекспир «Ромео и Джульетта» , «Гамлет», «Король Лир»)
Б) –Чи уыд Шекспир?
(Англисаг фыссӕг , Елбыздыхъо йын йое ныв федта фыццаг хатт реалон скъолайы куы ахуыр кодта,уоед)


А) –Цавӕр уацмысы ӕвдыст цӕуынц хӕдзарон цӕрӕгойтӕ ӕмӕ мӕргътӕ?
(Радзырд «Цад»-ы)
Б) –Цавӕр уацмыстӕн ис нӕлгоймаджы нӕмттӕ?
(Драмӕтӕ «Амран» , «Хазби»)

А) –Кӕд ныффыста Елбыздыхъо йӕ трагеди «Хазби»?
(1906-1907азты)
Б) –Кӕд ӕрцыд сценӕйы ӕвӕрд?
(августы,1908аз)

А) –Цавӕр историон цаутӕ ӕвдыст ӕрцыд  трагедийы?
(1830азы, Уӕрӕсейы паддзах сфӕнд кодта Ирыстоны  ӕххӕстӕй йӕ дӕлбар бакӕнын)
Б) –Чи ӕрлӕууыд бабырсӕг ӕфсады ныхмӕ? Кӕм?)
(Алыккаты Хазби , иу чысыл хъоебатыр къордимое хъобангомы)


А) –Цы у трагедийы сӕйраг идейӕ?
(патриотизм , райгуырӕн бӕстӕ, адӕмы сӕрибар ӕмӕ намыс  хъахъхъӕнын)
Б) –Чи уыдысты Хазбийы тохы ӕмбӕлттӕ ?
(Хъӕссай ӕмӕ Агуыбечыр)

А) –Цавӕр фӕтӕг  уыд  Хазби?
(Зондджын , хъаруджын ,хъӕбатыр)
Б) –Кӕй фӕдонтӕ сты Хазбийы хуызӕттӕ?
(Нарты фӕдонтӕ, уыдоны фӕрцы Ирыстон у ныфсджын ӕмӕ фидар )


А) –Елбыздыхъойӕн уыд фӕсномыгтӕ,зӕгъут сӕ
(Хазби, Го(йӕ руволюцион)
Б) –Назраны фидары бадгӕйӕ цы ныффыста?
(Драмӕ «Дыууӕ хойы)

А) –Елбыздыхъо  сценӕйы кӕй ролы ахъазыд?Кӕд ? Кӕм?
(Хазбийы  ролы, 1908 , Бакуйы, «Дыууӕ хойы» , Хъамболаты ролы, Дзӕуджыхъӕуы)  
Б) –Сценӕйы кӕд  ӕмӕ кӕм ӕвӕрд ӕрцыдысты йӕ пьесӕтӕ фыццаг хатт?

(1905азы,Ольгинскӕйы, Ардоны, «Уӕрӕседзау», «Худинаджы бӕсты –мӕлӕт»)

3.Кӕцӕй ист  сты ацы рӕнхъытӕ?  

А) – «Йа цӕрджытӕ ӕфсӕст , хъӕлдзӕг , хӕфсытӕй фӕстӕмӕ!»
(Радзырд «Цад»)
Б) –«Молчи , иди домой, сакли спи надӕ!»
(«Уӕрӕседзау»)


А) –«Хъӕвдыны зонгӕ у, дзӕуджыхъӕуккаг . Хицӕутты раз вӕййы. Уымӕй фылдӕр ӕз дӕр ницы зонын»
(«Хазби»)
Б) –«Диссаджы ран , талынг ран, куыд ӕхгӕд у алырдыгӕй? Зӕрдӕ дзы мӕгуыр кӕны . Ноджы арвмӕ хӕстӕг...»

(«Амран»)

4. Конкурс «Мах - сымахӕн , сымах –махӕн»

(Командӕтӕ кӕрӕдзимӕ дӕттынц фӕйнӕ 1-2 фарсты) 
5. Хӕдзармӕ куыст :  

1.ӕмдзӕвгӕтӕм байхъусын Елбыздыхъойы тыххӕй.

2. Зындгонд адӕмы ныхӕстӕ .

 «Елбыздыхъо уыдта йӕ уарзон адӕмы хъизӕмар цард , рынчын цыд йӕ адӕмы низӕй , агуырдта уыцы тыхст цардӕй фервӕзыны фадат, раппар –баппар кодта йӕхи» (Калоты Хазби)

 

«Аз уый хуызӕн культурон , уӕздан , хиуылхӕцгӕ адӕймагыл мӕ цард – цӕрӕнбонты фыццаг хатт фембӕлдтӕн» (Тотраты Бесӕ)


«Уый уыд зондджын , намысджын, ахуыргонд лӕг, ӕмбалыл иузӕрдион ӕмӕ ӕнувыд , ӕгъдауджын»(Къесаты Георги)


«Елбыздыхъо цы сарӕзта, уый дӕр фаг у , цӕмӕй йӕ ном сыгъзӕрин дамгъӕтӕй фыст ӕрцӕуа ирон рӕзгӕ ӕхсынады сторийы Къостайы номы фарсмӕ»(Тыбылты Алыксандыр)

6.  Равдисын сценкӕ

(Елбыздыхъойы пьесӕтӕй искӕцыйӕ сценкӕйы хуызы равдисын скъуыддзаг.)

7. Урокӕн хатдзӕгтӕ скӕнын: (Ахуыргӕнӕг аргъ кӕны иумӕйагӕй абоны хъазтӕн , зӕгъы йӕ фиппаинӕгтӕ . Жюри нымайынц сӕ бӕрӕггӕнӕнтӕ ӕмӕ бӕстон хатдзӕгтӕ кӕнынц . Чи рамбылдта , уыдонӕн раттын Кады Гӕххӕтт , чи фембылд , цыдонӕн дӕр исты гыццыл приз.)

   (хъуысы музыкӕ, ӕмӕ сывӕллӕттӕ ацӕуынц.)

Джыккайты Шамил

Хӕрзгӕнӕг хорз йӕ афоныл нӕ ары :

Уыди йӕ фӕндаг сыгъд ӕмӕ уарыд…

Мах тар ӕхсӕвы зонды цырагъ хъуыд,

Ды нын ыссыгътай Ногбоны арт тары.

Нӕ бон нӕ уыд уӕлмонц ныхас ӕмбарын,

Пехуымпарӕн цӕмӕй ыскӕнӕм цыт?

Дӕ уды рухс ӕгӕр куырыхон уыт,

ӕмӕ дын уый нӕ лӕмӕгъ зонд нӕ бары.

Уыдтӕ нӕ дзырды сау ӕрмадзы куырд

ӕмӕ куыстӕй. Амраны туг-цӕссыгӕй

ӕхсыстыты дӕ хъуыды мӕ дӕ дзырд…

Хуыгаты Уасила

Хазбийы хуызы бацыди йӕ уд,

Цӕмӕй уыдаид сахъ лӕппутӕ бирӕ.

Амраны Ныфс дӕр мифы нӕ Ирӕн.

Нӕ хӕхтыл тыгъд Амран нӕ уыд ,уый уыд

Дӕ уд йӕхӕдӕг , тохмондаг йӕ домдта…

Лӕгхор цӕргӕс Амыранмӕ нӕ цыд ,-

Дӕ игӕр дын тугмондагӕй хордта…

Елбыздыхъо –цӕугӕ мӕсыг. Ныр та,

Дӕ кӕсдӕрау ,лӕууын уырдыг дӕ разы.

Дӕ цӕст цӕргӕсау ,тынг дардмӕ уыдта,-

Нӕртон фидӕн дӕ ирд цӕстытыл хъазыд…

Лӕууын дӕ разы. Бахъавын ,цӕмӕй

Чысыл мӕ уырзтӕ авӕрон дӕ кӕрцыл,

Кӕд исты райсин зонды фарн дӕуӕй –

Чысыл мӕ къахыл ацӕуин дӕ фӕрцы.

Букуылты  Майрӕм

Зынаргъ фыссӕг ,Елбыздыхъо,нӕ зӕрдӕ,

Нӕ дзыллӕтӕй ды никуы кӕнис рох,

Кӕд нал дӕ ныр,-дӕ аив фыст фӕлӕйттӕ,

Дӕ кадджын ном цӕрынц уӕддӕр ӕдзух.

Кӕд ахаста дунейы тар ингӕнмӕ ,

Елбыздыхъо ,дӕу нафоны мӕлӕт,

Уӕддӕр , уый зон ,фӕлтӕрӕн ног фӕлтӕрмӕ

ӕрфӕны фӕдау баззайдзӕн дӕ фӕд.


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Урок-викторина 5 класс

Повторительно-обобщающий урок к первому разделу Истории Древнего мира. Проводится в виде игры....

Урок - викторина по русскому языку и литературе "Русское народное творчество"

Занимательный урок для учащихся 5 класса содержит вопросы по русскому языку и литературе и может быть обобщающим по темам "Лексика", "Словообразование", "Русские народные сказки", "Пословицы и поговор...

"ВЕЛИКИЕ ТВОРЦЫ РЕНЕССАНСА" урок- викторина 8 класс

увлекательное  путешествие  в  историю  эпохи. захватывающие  сюжеты, интересные  подробности  из  жизни  знаменитых  людей  -  и  все ...

Литературная викторина 5 класс "В мире литературы"

Воспитание читательской культуры, любви к слову, формирование познавательного интереса....

Открытый урок в 10 классе по осетинскому языку на тему "Боциты Б. « Саст рæхыс». Цæлыкк- ног цардаразæг."

Открытый урок в 10 классе по осетинскому языку на тему "Боциты Б. « Саст рæхыс». Цæлыкк- ног цардаразæг."...

Открытый урок в 6 классе по осетинской литературе Адæмон героикон зарæг. «Чермены зарæг»

Технологон картæ ирон литературæйы урокмæ 6-æм кълассыОткрытый урок в 6 классе по осетинской литературе....