Урочы тема: «Царды скъола.» Хетӕгкаты Къостайы поэмӕ «Чи дӕ?» - мæ гæсгæ.
план-конспект урока (8 класс)

Конспект урока осетинской литературы во владеющей группе.

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл urok_3.docx21.27 КБ

Предварительный просмотр:

Урочы тема: « Царды скъола.»(Хетӕгкаты Къостайы поэмӕ»Чи дӕ?                

Эпигрӕф  «Фӕхӕссон-ма,загътон уӕддӕр мӕ иунӕджы сӕр    

Мӕ Ирмӕ,мӕ райгуырӕн бӕстӕм…»

Урочы нысанта: 1)Райхалын уацмысы мидис,йӕ сӕйраг идейӕ.

                               2)рӕзын кӕнын  цымыдисдзинад,сарыстырдзинад  фыссӕджы цард ӕмӕ сфӕлдыстадмӕ.

                                3)бакусын ныхасы рӕзтыл.

Уӕ бон хорз,сывӕллӕттӕ! Уӕ фенд мын ӕхсызгон у!

-фӕйнӕгыл слайд(хъуысы музыкӕ,Къостайы къам.)

-Уӕдӕ куыд хъуыды канут,урочы цӕуыл дзурдзыстӕм?
-Урочы мах дзурдзыстӕм Къостайы сфӕлдыстыл дарддӕр.
-Раст загътат. Нӕ урокӕн эпиграфӕн « Ракӕс» - ӕй скъуыддзӕг. Бакӕсӕм- ма йа.
 

Скъоладзау кӕсы:
                               « Фӕхӕссон-ма, загътон, уӕддӕр
                                  Фӕстӕмӕ мӕ иунӕджы сӕр
                                  Мӕ Ирмӕ, мӕ райгуырӕн бӕстӕм…»


- Рахицӕн кодтон дзырд иунӕг.
 Цымӕ цӕмӕн? Куыд хъуыды  кӕнут?

- Ӕвӕццагӕн мах дзурдзыстӕм поэмӕ « Чи дӕ?» -йыл, уымӕн ӕмӕ уым ӕвдыст ӕрцыд « иунӕджы» царды хъысмӕт.

- Раст загътат. Сымах зонут поэмӕйы мидис, уый тыххӕй ӕмӕ уын  хӕдзармӕ куыстӕн лӕвӕрд уыд.
 Ӕмӕ ма зӕгъут, цы равдыста Къоста йӕ поэмӕйы? Цы хъуамӕ бамбарӕм урочы ?

-Поэмӕ « Чи дӕ?» -йы ӕвдыст цӕуы хӕххон мӕгуыр лӕппуйы цӕрд, йӕ бӕллицтӕ, йӕ зӕрдӕйы сагъӕстӕ. Ӕрыгон лӕппу йӕхӕдӕг каны йӕ царды хабарттӕ. Уый хъомыл кодта зын ӕмӕ ӕвадат уавӕрты. Уӕззау уыдысты йӕ сывӕллоны бонтӕ. Хӕрз сабийа  баззадис сидзӕрӕй, ӕнӕ мадӕй.

-Ӕмӕ цӕмӕй хицӕн кӕны ацы поэмӕ йӕ иннӕ уацмыстӕй ?

-Ацы поэмӕ нын нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта Къостайӕн йӕхи царды хабӕрттӕ.



Къордтимӕ куыст.

Ахуыргӕнӕг:  Уӕдӕ цӕмӕй поэмӕйы идейон хъуыды арфдӕр бамбарӕм,уацмысы хъайтарты фӕлгонцтӕн хуыздӕр характеристикӕтӕ раттӕм, уый тыххӕй кусдзыстӕм къордты.

1къорд.Сымах  дзурдзыстут Къостайы царды ӕмӕ иунӕджы царды хъысмӕты иумӕйаг цы ис,ууыл.

2 къорд.Сымах та дзурдзыстут,цӕмӕй хицӕн кӕнынц Къостайы цард ӕмӕ поэмӕйы хъайтары цард.Кусдзыстӕм,хӕдзары уацмысӕн цы прълан сарӕзтад,уымӕ гӕсгӕ.

-Уӕдӕ уӕ чингуытӕ байгом кодтат ӕмӕ дарддӕр кусӕм. Ӕмӕ 1-аг къорд ӕркӕсут-ма фыццаг рӕнхъытӕм(ахуырдзау кӕсы)

-Уӕдӕ цӕмӕй райдайы поэмӕ.Цы дз ис иумӕйагӕй лирикон геройы цард ӕмӕ Къостайы царды.Цы дз ис хицӕндзинадӕй.

-ахуырдзаутӕ:

1.Лирикон герой райгуырд скъӕты.Къоста дӕр уым райгуырд.

2.Хӕрз сабийӕ баззадис сидзӕрӕй,ӕнӕ мадӕй.

3.Лирикон геройы мадӕн нӕ уыдис нӕдӕр файнуст,нӕдӕр тиу.Къостайы мадӕн дӕр нӕ уыдис.Леуан уыдис иунӕг лӕппу йӕ фыдӕн.

4.Лирикон геройы фӕхаста иу ус.(Къостайы дӕр схъомыл кодта Чендзе)

-Раст.Дыккаг къорд,разы стут фыццаг къордимӕ?Ницыуал бафтаудзыстут уӕ ныхӕстыл?

-Къоста стыр аргъ кодта Чендзейӕн.

2-аг къорд

1.Лирикон геройӕн йӕ фыд хуындис Хӕмӕт(Къостайы фыд та –Леуан.)

2.Лирикон геройы фыд ӕрхаста дыккаг ус.Уый нӕ бауарзта сывӕллоны,ӕппынӕдзух ӕй ӕфхардта

Йӕ цард дӕр ысхуыстӕй,

Йӕ рӕвдыд дӕр-над.

Йӕ «цу-ма»,рӕхуыстӕй-

Гъе уый,дам,дын-мад!

(Къостайы дӕр фыдыус нӕ бауарзта,фӕлӕ йӕ нӕмгӕ нӕ кодта,Леуаны иунӕг бындар афтӕ ӕнцон асхойӕн нӕ уыдис.)

3.Лирикон геройӕн йӕ фыд уыдис цуанон лӕг ӕмӕ цуан кӕнгӕйӕ кӕмдӕр амард.Йӕ ус хистытӕ фӕкодта,ауӕй кодта зӕхх.Куыддӕр афӕдз ацыд,афтӕ чындзы фӕцыд.(Къостайӕн йӕ фыд цуанон лӕг нӕ уыд,уый уыдис афицер,адӕмы астӕу нымад ӕмӕ кадджын лӕг.Къостайӕн йӕ фыдыус нал ацыд чындзы йӕ фыды мӕлӕты фӕстӕ.)

4Лирикон герой хӕрз сабийӕ бацыдис кӕмӕдӕр ӕххуырсты гуыбыны дзагыл,ӕнахъом сабийӕ бавзӕрста ӕххуырст фыййауы хъизӕмар цард.(Къоста  ӕнахъом сабийӕ гуыбыны дзагыл нӕ куыста.Рӕзыд уӕнгрог,ӕнӕниз ӕмӕ хъӕлдзӕг сывӕллонӕй.)

1-аг къорд.

Лирикон герой бауарзта хъӕздыг ӕмӕ бонджын лӕджы чызджы,чызг дӕ ӕй уарзы.Лӕппу ирӕдӕн цы хъуыди,уый ӕрцӕттӕ кодта ӕххуырсты мыздӕй,фӕлӕ фыд йӕ сӕрмӕ нӕ хӕссы,йӕ чызджы мӕгуыр ӕххуырст лӕппуйӕн  раттын:

Мӕгуыр лӕгмӕ – схъӕлдзырд.

Ӕнӕбарвӕссон:

Хъӕубӕсты – хъӕды сырд,

Хӕдзары – Сырдон

2. Фыд йӕ чызджы фӕндон ницӕмӕ дары. (Къоста дӕр бауарзта хъӕздыг лӕджы чызджы Аннӕ Поповӕйы. Фӕлӕ Къоста мӕгуыр кӕй уыд, уый тыххӕй фыды нӕ бӕфӕндыд, цӕмӕй йӕ чызг моймӕ фӕцӕуа.)

3. Чызг йӕхӕдӕг дӕр архӕйдта йӕ амондыл. Йӕ хъару цас уыд, уый бӕрц тох кодта фыдимӕ, фӕлӕ уӕддӕр йӕ бон ницы уыд.

4. Мад дӕр сагъӕс кодта йӕ чызджы ӕнамондзинадыл. Фӕлӕ уӕддӕр уӕды рӕстӕджы ирон талынг  ӕгъдӕуттӕй  фидар бас т уыдысты сылгоймаджы къухтӕ ӕмӕ йӕ бон нӕ уыди нӕлгоймагимӕ тох кӕнын. Фыд никӕмӕ байхъуыста  ӕмӕ йӕ чызджы ӕвӕндонӕй радта моймӕ ӕндӕр лӕппумӕ. (Къоста дӕр фӕхицӕн йӕ уарзон чызгӕй, фӕлӕ уый чындзы нал ӕцыд.)

-Уӕдӕ цавӕр рӕнхъытӕй фӕуыд кӕны поэмӕ?

«Фӕрсыс ма мӕ: чи дӕ?

Уӕд иунӕг мӕ ном!»

-Уӕдӕ ацы уацмыс ис рахонӕн «Царды скъола»? Радтам дзуапп фарстӕн.Куыд хъуыды кӕнут? ( Скъол-тӕ дзуаппытӕ дӕттынц.)

-Сывӕллӕттӕ, иунӕджы проблемӕ ныртӕккӕйы рӕстӕджы, царды ис?

-Къоста ацы поэмӕ куы ныффыста, гъе уӕдӕй нырмӕ 130 азы бӕрц рацыд. Абон актуалон у? Абон ма ацы проблемӕ ис царды?

-Иунӕг адӕм нӕм ис? Чи сты?

-Абон нӕм сидзӕртӕ ис?

-Кӕм сты уыцы сидзӕртӕ, адӕм сӕм цы цӕстӕй кӕсынц?

Скъоладзау.
- Нӕ хицауад сын  хӕдзӕрттӕ дӕтты. Абон сӕм тынг хъусдард цӕуы, фӕлӕ уӕддӕр ныййарӕг мады узӕлд ничи баивдзӕн.

-Сымах та куыд хъуыды кӕнут  ахӕм ныййарджыты тыххӕй,сӕ сывӕллӕтты чи ныууадзы?

-Цы зӕгъиккат сымах ахӕм ныййарджытӕн?

 Дзуӕппытӕ.

Хӕдзарма куыст: сочинени «Иунӕджы хъысмӕт.»


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Хетæгкаты Къостайы. Ирон æвзаг æмæ литературæйы бындурæвæрæг

Не верь, что я забыл родные наши горы,Густой, безоблачный, глубокий небосвод, Твои задумчиво-мечтательные взорыИ бедный наш аул, и бедный наш народ.Нет, друг мой, никогда! Чем тягостней изгнанье,Чем д...

Темæ урока: Хетæгкаты Къостайы цард æмæ сфæлдыстад,æмдзæвгæ «Сагъæс»

Темæ урока: Хетæгкаты Къостайы цард æмæ сфæлдыстад,æмдзæвгæ «Сагъæс»...

Доклад Хетæгкаты Къостайы 160 азы бонмæ «Къостайы нывгæнæджы курдиат».

Къостамæ стыр нывгæнæджы курдиат кæй уыд, уый йæ ноджы тынгдæр разæнгард кодта поэзимæ....

Темæ: «Хорзгæнæг хорз ары?»-Хетæгкаты Къостайы басня «Бирæгъ æмæ хърихъупп»-мæ гæсгæ

1. Басняйы текст равзарын.           2. Ныхасы рæзтыл, аив кастыл бакусын. 3. Æрдзурын, æгъдау, æфсарм, уæздандзинад адæймаджы фæзминаг миниуджытыл нымад кæй с...

«Цæстмæхъус ныхас фыдбылыз хæссы...» (Хетæгкаты Къостайы басня «Халон æмæ рувас»-мæ гæсгæ).

Урок литературы по произведению К. Хетагурова "Ворона и лисица"...