«Цæстмæхъус ныхас фыдбылыз хæссы...» (Хетæгкаты Къостайы басня «Халон æмæ рувас»-мæ гæсгæ).
план-конспект урока (5 класс)

Урок литературы по произведению К. Хетагурова "Ворона и лисица"

Скачать:

ВложениеРазмер
Microsoft Office document icon urok_tsaestmaehus_nyhas_fydbylyz_haessy.doc55.5 КБ

Предварительный просмотр:

Урочы темæ:  «Цæстмæхъус ныхас  фыдбылыз хæссы...» (Хетæгкаты Къостайы басня «Халон æмæ рувас»-мæ гæсгæ).

Урочы нысантæ:

1.Скъоладзауты миддуне парахатдæр кæнын,сæ хъуыдыкæнынад сын бæрзонддæр кæнын .

2.Царды мидæг æгъдауджын уæвын,хорз æвзæрæй иртасыныл ахуыр кæнын.

3.Хи хъуыдытæ æргом кæныныл ахуыр кæнын, скъоладзауты ныхасы рæзтыл кусын.

Урочы эпиграф:

Люблю,где случай есть,

Пороки пощипать.

                                 И. А. Крылов

Урочы цыд:

Бацæттæгæнæн рæстæг. Мотивацион уавæр саразыныл куыст.

Ахуыргæнæджы ныхас: Сывæллæттæ, абон нæ урочы дарддæр дзурдзыстæм Хетæгкаты Къостайы баснятæй иуыл. Цавæр басня у, уый та уæхæдæг базондзыстут.Уæ разы гæххæттыл нывы хæйттæ. Уыцы хæйттæ раст куы сæмбырд  кæнат,уæд базондзыстут басняйы архайджыты.

Дзуапп: Цы ныв сæмбырд кодтам, уым уынæм рувас æмæ халоны. æвæццæгæн, Къостайы басняйы архайджытæ уыдон уыдзысты.

Ахуыргæнæг: Тынг раст зæгъыс.Нæ абоны урочы базонгæ уыдзыстæм Хетæгкаты Къостайы басня «Халон æмæ рувас»-имæ. (Равдисын темæ фæйнæгыл).

Фæлæ цæмæй басня æвзарынмæ бавналæм, уый тыххæй  нæ хъæуы цæлхдурты сæрты ахизын.

1-аг цæлхдур. Радзурын хъæуы, халон æмæ рувасы тыххæй уæ чи цы зоны,уый.(Фæйнæгыл  халон æмæ рувасы нывтæ).

1-аг дзуапп: Халон   цæры хъæды, быдырты. Адæмы цæрæнбынæттæм  æрбатæхы хæринагагур.Дардмæ тынг хорз уыны, йæ смудæнтæ дæр кусынц хорз.Холыйы тæф тæхгæ-тæхын дæр бамбары.Хонынц æй къæрных цъиу,уымæн æмæ æрттиваг исты куы фены, уæд æй давы йæ ахстонмæ.Халон у тынг зондджын æмæ хин цъиу.

2-аг дзуапп: Халоны рæсугъд схонæн нæй.Уæдæ йæ хъæлæс та цыдæр тас бауадзы адæймаджы.

3-аг дзуапп: Рувас у рæсугъд сырд.Ис ын даргъ фæлмæн къæдзил.У тынг къæрцхъус,йæ амæттаджы тæфæй дардмæ базоны.Цæры йæхи къахт  хуыккомы,фæлæ уарзы йæхицæй лæмæгъдæр сырдты цæрæнбынат байсын дæр.Тынг хин сырд у рувас,йæ фæдтæ йæ къæдзилæй асæрфы.

4-æм дзуапп:Рувас тынг цырд у,рæвдз. Уайтагъд къудзиты амбæхсы, исты уынæр куы фехъусы,уæд.Аргъæутты у хин,сайæгой.

Ахуыргæнæг: Уæ дзуаппæтæ сты æххæст, бузныг уын. 1-аг цæлхдуры сæрты уал æнтыстджынæй ахызтыстæм.

2-аг цæлхдур. Тексты цухгонд дзырдтæ баххæст кæнут(текст фæйнæгыл).

(Басня) у асæй чысыл таурæгъон уацмыс.Уымæн йæ райдайæны кæнæ йæ кæроны вæййы исты(зондамынд) . Басняты архайджытæ вæййынц (цæрæгойтæ) æмæ суанг(æнæуд) предметтæ дæр.Уыдоны хуызы æвдыст фæцæуынц (адæмы)  хъæндзинæдтæ. Къостайы баснятæй мах ахуыр кодтам(... ).

Ахуыргæнæг:Ацы цæлхдуры сæрты дæр та ахызтыстæм.(Фæйнæгыл эпиграф равзарын.Скъоладзаутæ дзурынц,И.А.Крыловы тыххæй цы зонынц,уый; йæ баснятæй йын цы ахуыр кодтой, уыдон дзурынц). Загътой, И.А. Крылов дæр кæй ныффыста басня « Халон æмæ рувас».

Ахуыргæнæг: Цыма чидæр дуар хойы,афтæ мæм кæсы.(Ӕрбахызтысты халон æмæ рувасы формæты хистæр къласы ахуырдзаутæ).

Халон: Сывæллæттæ, мах уæм тынг тагъд кодтам.Фæнды нæ, куы фениккат,кæддæр мыл цы рæдыд æрцыд,уый. Фæлæ ма ныр цы...

Инсценировка «Халон æмæ рувас».

Ахуыргæнæг:Бузныг уын,сбадут, нæ кадджын уазджытæ уыдзыстут.Ныр та басня бакæсæм.(Чиныгимæ куыст.Аив бакæсын басня,стæй та йæ кæсынц ахуырдзаутæ радгай, фæйнæгыл презентаци « Халон æмæ рувас»).

Дзырдуатон куыст (дзырдтæ фæйнæгыл):

1.Цæстмæхъус ныхас-стауæн ,зæрдæлхæнæн ныхас(угодливое восхваление) , синоним-козбау;

2.Хуыснæггаг-давæггаг(ворованный);

3.Минас-хæрд;

4.Къахы æлгътæ-къахы фындзтæ(носочки);

5.Къуди-къæдзил;

6.Фыдсыл-налат.

Ахуыргæнæг: Сывæллæттæ,Къостайы басня нæ куырыхон Абайты Васойы зæрдæмæ тынг цыди. Байхъусут-ма, куыд зæрдæмæдзæугæ каст æй кодта,уымæ.

Тексты æвзæрстмæ рахизын.Ахуырдзаутæ дзуапп дæттынц фæрстытæн:

1.Зæгъут-ма,сывæллæттæ, цы зæгъы Къоста цæстмæхъус ныхасы тыххæй?Бакæсын тексты.

Дзуапп: Цæстмæхъус ныхас

Фыдбылыз хæссы...

2. Куыд схонæн ис уыцы ныхæстæн?

Дзуапп: æмбисонд.

3.Уæдæ цы’ рцыди халоныл?

Дзуапп: Рувас ын йæ цыхты къæртт расайдта.

4.Æмæ йын кæм уыди уыцы цыхты къæртт?

Дзуапп: Фыййауæй йæ радавта.(Бакæсын тексты ).

5.Цымæ Къоста рувасы фыдсыл цæмæн хоны?

Дзуапп: Уымæн æмæ , рувас цы сфæнд кæна, уый йæ къухы бафтдзæн куыд -фæндыйæ дæр.

6.Бакæсын тексты, цавæр ныхæстæ кæны рувас халонæн.

7.Цымæ уыцы ныхæстæ зæрдæйæ дзырдта рувас?

Дзуапп: Рувасы ныхæстæ зæрдæйæ нæ уыдысты, сайгæ кодта халоны. Цæмæй цыхт йæ къухы бафта, уый тыххæй козбау,фæлитой ныхæстыл нæ ауæрды.

8. Зæгъут-ма, чи тæригъæддагдæр у, кадмондаг халон æви лæгъстиаг рувас?

 Аулæфт ( Физминутка).  

Къордты куыст.Алы къорд дæр хицæн фæрстытæн дзуаппытæ цæттæ кæны.

(Сыфтыл фыстæй сын сæ райуарын).

1-аг къорд. Цымæ халон æмбæрста,рувас ын  зæрдæлхæнæн ныхæстæ кæны,уый?

1-аг дзуапп: Махмæ гæсгæ йæ не’мбæрста, уымæн æмæ халон у æдылы,æууæндаг. Бауырныдтой йæ рувасы ныхæстæ, æмæ, цæй-ма ныззарон мæ диссаджы хъæлæсæй,зæгъгæ,куы ныхъхъуахъ-хъуахъ кодта,уæд ма нæ рувасы дæр æндæр цы хъуыд...Цæмæ бæллыд,уый йæ къухы бафтыд.

2-аг дзуапп:  Æз сымахимæ разы нæ дæн. Халон æмбæрстаид рувасы фæлитой ныхæстæ.Йæ бакаст дæр бæллиццаг кæй нæу,уæдæ зарынмæ дæр дæсны кæй нæу,уый зоны,фæлæ йæ зæрдæмæ цæуынц рувасы стауæн ныхæстæ.Уарзы козбау,æппæлæн ныхæстæ.

2-аг къорд. Цавæр аивадон мадзæлттæй спайда кодта Къоста,цæмæй халон æмæ рувасы фæлгонцтæ нæ цæстытыл бæлвырддæрæй ауайой?

Дзуапп: Кæсынц абарстытæ, эпитеттæ,рæвдауæн ныхæстæ.

3-аг къорд. Цы зæгъынмæ хъавыд Къоста ацы басняйæ? Цавæр адæмыл худы?

1-аг дзуапп: Махмæ гæсгæ,автор худы козбау,зæрдæлхæнæн ныхæстыл чи æууæнды,уыдоныл.Хъуамæ адæймаг æмбара,æцæгдзинад æмæ сайд кæм ис,уый.Хъуамæ дыл зæрдæлхæнæн ныхæстæй сайдæй мачи цæуа.

2-аг дзуапп: Къоста худы æдылы,æнæмбаргæ адæмыл,сайæгойтыл.Æвæццæгæн,ахæм адæм Къостайы рæстæджы уыд, ныр дæр  къаддæр нæ уыдзысты.

Ахуыргæнæг :Уæ хъуыдытæ раст сты, разы дæн уæ куыстæй,бузныг уын.Æцæгæйдæр,цæстмæхъус ныхас зæрдæйæ нæ цæуы,былалгъæй цæуы.

 

  Урочы хатдзæгтæ.

Ахуыргæнæг: Сывæллæттæ,  уæ разы ис телеграммæйы афтид сыфтæ.Сымахæй алчидæр хъуамæ йæ сыхагмæ тел ныффысса,абоны урокæй цы хатдзæгтæ кæнут,уый тыххæй.Уæ бон у райдайын афтæ(фæйнæгыл рависын):

Урок уыд цымыдисаг,уымæн æмæ...

Абоны урочы æз базыдтон...

Мæ зæрдæмæ тынгдæр фæцыд...

Хæдзары радзурдзынæн...

Урок мæнæн феххуыс уыдзæн мæ царды...

Урок мæ зæрдæмæ нæ фæцыд...

Хæдзармæ куыст дæтты халон:

-Сывæллæттæ, мæ худинаджы кой ма мын незаманты дæр фæкодтой.Уый уыд рагон грекъаг басняфыссæг Эзоп, зындгонд уырыссаг басняфыссæг И.А. Крылов, уырыссаг поэттæ А.П.Сумароков æмæ В.К.Тредиаковский, францусаг поэт Лафонтен. Фæнды мæ, цæмæй  уæ иутæ иннæ урокмæ  ацы поэттæй дыууæйы тыххæй  цыбыр хъусынгæнинæгтæ бацæттæ кæной, иннæтæ та Къостайы басня найзусть  сахуыр кæной. Æз та уæм æнæмæнг æртæхдзынæн урокмæ, рувасæн нæ зонын...

Ах-г: Сывæллæттæ, мæ зæрдæ уын зæгъы,цæмæй уæ царды мидæг хызт уат рувасы хуызæн адæмæй,халоны хуызæн суæвын та комгæ ма бакæнут.Бузныг.

Бæрæггæнæнтæ сæвæрын.


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Доклад Хетæгкаты Къостайы 160 азы бонмæ «Къостайы нывгæнæджы курдиат».

Къостамæ стыр нывгæнæджы курдиат кæй уыд, уый йæ ноджы тынгдæр разæнгард кодта поэзимæ....

Темæ: «Хорзгæнæг хорз ары?»-Хетæгкаты Къостайы басня «Бирæгъ æмæ хърихъупп»-мæ гæсгæ

1. Басняйы текст равзарын.           2. Ныхасы рæзтыл, аив кастыл бакусын. 3. Æрдзурын, æгъдау, æфсарм, уæздандзинад адæймаджы фæзминаг миниуджытыл нымад кæй с...

Темæ: «Цæстмæхъус ныхас фыдбылыз хæссы» Хетæгкаты Къостайы басня «Халон æмæ рувас» æмæ Иван Андреевич Крыловы басня «Ворона и Лисица»- мæ гæсгæ.

Сравнительный анализ произведений двух гениев русской и осетинской литературы И.А.Крылова и К.Л. Хетагурова...

Ӕнӕфсис ӕмӕ гуыбындзӕлдзинад Хетæгкаты Къостайы басня «Марходарӕг» - мæ гæсгæ

Технологон картӕ ирон литературӕйы урокмӕ "Ӕнӕфсис ӕмӕ гуыбындзӕлдзинад Хетæгкаты Къостайы басня «Марходарӕг» - мæ гæсгæ"...