Темæ: «Хорзгæнæг хорз ары?»-Хетæгкаты Къостайы басня «Бирæгъ æмæ хърихъупп»-мæ гæсгæ
план-конспект занятия (5 класс)

Солтанова Джульета Мухтаровна

 1. Басняйы текст равзарын. 

          2. Ныхасы рæзтыл, аив кастыл бакусын.

 3. Æрдзурын, æгъдау, æфсарм, уæздандзинад адæймаджы фæзминаг миниуджытыл нымад кæй сты, ууыл.   

Скачать:


Предварительный просмотр:

Кълас:  5-æм

Ахуыргæнæг: Солтанты Д.М.

Темæ: «Хорзгæнæг хорз ары?»-Хетæгкаты Къостайы басня  «Бирæгъ æмæ хърихъупп»-мæ гæсгæ

Урочы  нысантæ.

1. Басняйы текст равзарын.  

     2. Ныхасы рæзтыл, аив кастыл бакусын.

     3. Æрдзурын, æгъдау, æфсарм, уæздандзинад адæймаджы фæзминаг миниуджытыл нымад кæй сты, ууыл.  

Урочы хуыз.

ног зонындзинæдтæ райсыны урок

Урочы ахуырадон фæстиуджытæ.

Предметон: текстæн йæ сæйраг хъуыды сбæрæг кæнын, анализ скæнын.

Коммуникативон: хи хъуыдытæ раст æмæ æххæстæй дзурын, алыхуызон хъуыдытæ хынцын æмæ сæ бæлвырд уагыл аразын.

Удгоймагон: адæймаджы хуыздæр миниуджытыл æрдзурын

Ахуыры методтæ æмæ формæтæ.

Архайды технологийы метод, , индивидуалон, къордгай куыст.

Æххуысгæнæг фæрæзтæ.

презентаци «Хетæгкаты Къостайы баснятæ»,  

нывтæ баснятæм, Д.Ожегов «Энциклопедия для детей»,

Абайты Васойы дзырдуæттæ, чингуытæ.  

Урочы структурæ

Урочы этаптæ

Ахуыргæнæджы архайд.

Скъоладзауты куыст.

УАА

Мотиваци.

(ахуыргæнæг дæтты ног темæ бамбарынæн æххуыс чи у ахæм æрмæг.)

- Сусæгæй уын æз зæгъон

Иу цымыдисаг хабар:

Царды хин æмæ фæлывд

Ма хъуамæ уа мачи!

Науæд худинаджы гакк

Махыл дæр сбаддзæн.

хъусынц

дзуапп дæттынц

Регулятивон

(ахуырадон нысан æвæрын),  

удгоймагон

(иумæйаг хъуыддаджы бæрнондзинад æмбарын)

Актуализаци

(къуылымпытæ кæм æмæ цæмæн æййафдзысты, уый сбæрæг кæнын.)

   - Интонацийы  фæрцы нæ бон баци геройты характер равдисын?

   - Зæрдыл   æрлæууын кæнæм, цавæр жанрæй фыст у уацмыс? (литературон аргъау).

    - Цы хонæм  аргъау?  Цæмæй хицæн кæны литературон аргъау?

2) басняйы тыххæй зонындзинæдтæ сфæлхат кæнын:

а)  - Цавæр жанртимæ ма стут зонгæ?  

- Цавæр баснятæ зонут, æмæ чи у сæ автор?

- Басня радзырдмæ хæстæгдæр лæууы  æви аргъаумæ? (аргъаумæ)

- Цæмæй  хицæн кæнынц баснятæ?

- Абарæм-ма уæ зонындзинæдтæ сывæллæтты энциклопеди «Что такое? Кто такой?»-   йы цы фыст ис, уыимæ  

           

Хатдзæг: 

- Уæдæ цы хонæм басня?

б)  -Мæн фæнды сымах «басняйы фыд» Эзопимæ базонгæ кæнын,  æмæ-иу зæгъут,  цы  нымадта сæйрагдæрыл йæ царды. 

Ахуыргæнæг:  Лæмбынæг  бакæсæм  ацы ныхæстæ.

  - Уæдæ цы нымадта Эзоп  царды æппæтæй зынаргъдæрыл?

басняйæн йæ хъуыды цæй мидæг ис?  Иу хъуыдымæ цæуылнæ æрцыдыстут? (Нæ зонæм раст аргъ кæнын басняйы хъуыдыйæн)

(Хетæгкаты Къоста, «Лæскъдзæрæн»). Аив ма йæ бакæсæм (скъоладзаутæй иутæ кæсынц, иннæтæ та сын æвæрынц бæрæггæнæнтæ).        

(И.Крылов «Стрекоза и Муравей», Л.Толстой «Старый дед и внучек» и др.)

(Кæсæм  с.134–135, том 1).

(Басня – асæй чысыл таурæгъон уацмыс. Фылдæр хатт фыст вæйййы æмдзæвгæйы хуызы, æвдыст дзыæ фæцæуынц адæймаджы  фауинаг  миниуджытæ, йæ хъæндзинæдтæ.                                            

    - Цæмæй хицæн кæны басня литературæйы иннæ жанртæй ?      

 (Басняйæн йæ райдайæны кæнæ йæ кæроны вæййы исты зондамынд- мораль. Уацмысы хъуыды  баст вæййы уыцы зондамондимæ. Басняйы архайджытæ вæййынц цæрæгойтæ æмæ суанг æнæуд предметтæ дæр).  

                Эзопы тыххæй зонындзинæдтæ–

-инсценировкæ  басня «Халон æмæ рувас»-æй)

   - басняйæн йæ хъуыды цæй мидæг ис?  

1.  Давæггаг фарсыл нæ хæцы.

2. Цæстмæхъус ныхас фыдбылыз хæссы, æмæ а.д.

Зонадон

(зонындзинæдтæ æмæ арæхстдзи-нæдтæ иумæйаг кæнын, класифи-каци; проблемон фарст æвæрын, æнкъарын ирон æвзаджы ахадын-дзинад нæ адæмы царды)

коммуникативон

(алыхуызон хъуыдытæ хынцын æмæ координаци кæнын; быцæу фæрстытæ лыг кæнын)

Ног æрмæгыл куыст.

Чиныгимæ куыст

 (алы скъоладзаумæ дæр ис басняйы анализы схемæ)

 - Куыд уæм кæсы, нæ урочы нысан цавæр у?

  (Басняйы хъуыды раст æвзарын).

 - Цы басня   бакастыстут, уым автор адæймагæн  йæ цавæр аиппытыл худы?  

- Цы зæгъынмæ хъавыд автор?  

- Скæнæм ма хатдзæг.

 

       -  Уæ бон баци басняйы мораль раст сбæрæг кæнын? Цы уын феххуыс, раст хатдзæг скæнынæн? (Баснямæ байхъуыстам, автор цы аиппытæ æмæ хъæндзинæдтыл худы, уыдон сбæрæг кодтам, ахъуыды кодтам, цы зæгъынмæ хъавыд, ууыл).

        Скъоладзаутæ чиныгæй  кæсынц басня «Бирæгъ æмæ хърихъупп».

        - Цавæр ныхæстæй райдайы басня?

        - Цавæр бæллæхы бахауд бирæгъ æмæ куыдæй?

        - Чи фервæзын кодта бирæгъы мæлæтæй?

        - Цы агуры хърихъупп?

        - Цы дзуапп радта бирæгъ?

        - Цавæр адæймæгтыл фыст у басня?

        -  Цавæр ирон æмбисæндтæ  уын уæ зæрдыл æрлæууын кодта Къостайы басня?

            -Разы стут æмбисæндты хъуыдыимæ?

            - Цавæр хъуыдытæ уæм сæвзæрд, басня кæсгæйæ?  

            - Кæцы рæнхъыты æвдыст æрцыд басняйы хъуыды?

 

хъусынц

Скъоладзаутæ сæхи хъуыдытæ барынц авторы хъуыдыимæ

кæсынц

(Баци.)

       -

хæслæвæрд æххæст кæнынц

кæсынц пълан.

Къорды куыст.

æвзарынц дзырдтæ æмæ сæ тæлмац

хъусынц аудиоæрмæгмæ

дзуапп дæттынц

кæсынц æмæ æххæст кæнынц хæслæвæрдтæ

кæсынц æмæ алы абзацæн дæттынц сæргонд.

«Хорз ма ракæн,  æмæ фыд ма ссарай»,  «Хæрзгæнæг хорз нæ ары»,  «Хорз бæсты нæ цæуы»

Дыгæйттæй куыст.

Аив кæсынц цæсгæмттæм гæсгæ

-Скъоладзаутæ кæрæдзийæн дзурынц сæ хъуыдытæ

Зонадон

(хи ныхас раст рацаразын зонын; хъæугæ информаци ссарын зонын),

коммуникативон

(фæрстытæ æвæрын,

хи хъуыдытæ æргом кæнын)

удгоймагон

(этикон æмæ моралон домæнтæ æххæст кæнын хъуыды бавæрын; иумæйаг хъуыддаджы бæрнондзинад æмбарын).

Регулятивон

(ахуырадон нысан æвæрын, ахуырадон архæйдтытæ сбæрæг кæнын,

ахуыры фæстиу-джытæ рагацау сбæрæг кæнын),

Ног зонындзинæдтæ дзургæйæ фидар кæнын.

  -- Чи сты басняйы сæйраг архайджытæ?

- Архайджыты нæмттæ стыр дамгъæйæ фыст цæмæн сты?

- Ранымайын сæйраг архайджыты миниуджытæ?

- Басняйы мораль зæрдыл æрлæууын кæнын.

- Уæ зæрдæмæ фæцыд баснятæ кæсын?

-Сымах дæр  уæ царды ахæм уавæры бахаудтат?

Ацы уавæрмæ гæсгæ уæхæдæг ныффыссиккат басня?

дзуапп дæттынц текстæй пайдагæнгæйæ

Зонадон

(хи ныхас раст рацаразын зонын; хъæугæ информаци ссарын зонын),

Рефлекси.

Æрмæг бафидар кæныныл куыст.

Хатдзæгтæ скæнын.

 Цы у басня?

          - Басняйы   хицæндзинæдтæ цæй мидæг сты?

          - Куыд ис басняйы мораль (зондамонæн) сбæрæг кæнæн?

– Бæрæггæнæнтæ сæвæрут уæхицæн ацы дыууæ хъуыдыйадæй иуæй пайда

кæнгæйæ:

   

   Æз ацы урочы бакуыстон хорз.  

  Æз ацы урочы бакуыстон тынг хорз.

дзуапп дæттынц

аргъ кæнынц сæ куыстæн

Зонадон

(анализ,алыхуызон хъуыдытæ ныма-йын æмæ афтæ-мæй æмгуыст кæнын),

коммуникативон

(бæлвырд æмæ биноныг дзурын хи хъуыдытæ; иумæйаг уынаф-фæмæ æрцæуын иумæйаг хъуыддаг аразгæйæ)

удгоймагон

моралон æмæ этикон домæнтæ æххæст кæнын)

Хæдзармæ куыст.

Басня наизусть сахуыр кæнын

Бæрæг кæнынц сæхимæ хæслæвæрд.


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Доклад Хетæгкаты Къостайы 160 азы бонмæ «Къостайы нывгæнæджы курдиат».

Къостамæ стыр нывгæнæджы курдиат кæй уыд, уый йæ ноджы тынгдæр разæнгард кодта поэзимæ....

«Цæстмæхъус ныхас фыдбылыз хæссы...» (Хетæгкаты Къостайы басня «Халон æмæ рувас»-мæ гæсгæ).

Урок литературы по произведению К. Хетагурова "Ворона и лисица"...

Темæ: «Цæстмæхъус ныхас фыдбылыз хæссы» Хетæгкаты Къостайы басня «Халон æмæ рувас» æмæ Иван Андреевич Крыловы басня «Ворона и Лисица»- мæ гæсгæ.

Сравнительный анализ произведений двух гениев русской и осетинской литературы И.А.Крылова и К.Л. Хетагурова...

Ӕнӕфсис ӕмӕ гуыбындзӕлдзинад Хетæгкаты Къостайы басня «Марходарӕг» - мæ гæсгæ

Технологон картӕ ирон литературӕйы урокмӕ "Ӕнӕфсис ӕмӕ гуыбындзӕлдзинад Хетæгкаты Къостайы басня «Марходарӕг» - мæ гæсгæ"...