Ӕнӕфсис ӕмӕ гуыбындзӕлдзинад Хетæгкаты Къостайы басня «Марходарӕг» - мæ гæсгæ
план-конспект урока (6 класс)

Технологон картӕ ирон литературӕйы урокмӕ "Ӕнӕфсис ӕмӕ гуыбындзӕлдзинад Хетæгкаты Къостайы басня «Марходарӕг» - мæ гæсгæ"

Скачать:


Предварительный просмотр:

ГОСУДАРСТВЕННОЕ БЮДЖЕТНОЕ ОБЩЕОБРАЗОВАТЕЛЬНОЕ УЧРЕЖДЕНИЕ

«ОБЩЕОБРАЗОВАТЕЛЬНАЯ ШКОЛА-ИНТЕРНАТ СРЕДНЕГО ОБЩЕГО ОБРАЗОВАНИЯ г.ВЛАДИКАВКАЗ»

ПОДГОТОВИЛА

учитель осетинского языка и литературы

Тотрова З.Х.


Технологон картӕ ирон литературӕйы урокмӕ

Нымӕц: 24.11. 2020 аз

Кълас, ахуыргӕнӕг:  6 «А», Тотраты Заремӕ        

Темæ: «Ӕнӕфсис ӕмӕ гуыбындзӕлдзинад Хетæгкаты Къостайы басня «Марходарӕг» - мæ гæсгæ»

Урочы  нысантæ.

1. Ахуыр кӕнын басняйы архайджытӕн характеристикӕ дӕттын.

2. Абарын Хетӕгкаты Къостайы басня «Марходарӕг » ӕмӕ И.А.Крыловы басня «Лисица и виноград».

Урочы хуыз.

Ног æрмæг бафидар кæныны урок.

Урочы ахуырадон фæстиуджытæ.

Предметон: басняйы тыххæй зонындзинæдтæ зæрдыл æрлæууын кæнын.

Басняйæн анализ скæнын, райхалын ын йæ зондамынд.

Метапредметон: уацмысы персонажты архайдæн æмæ ныхасæн аргъ кæнын;  хи хъуыдытæ раст дзурын, хатдзæгтæ кæнын.

Удгоймагон:  æрдзурын адæймаджы æппæрццаг æмæ æвæрццаг миниуджытыл.

Ахуыры методтæ æмæ формæтæ.

Иртасæн-абарсты метод, индивидуалон, къордгай куыст.

Æххуысгæнæг фæрæзтæ.

компьютер,интерактивон фæйнæг,презентаци,чингуытæ, карточкатæ.


Урочы эпиграф:

«Бердзенаг хуыцӕутты Хуыцау-Зевсы бардзырдмӕ гӕсгӕ Прометей ӕлыгӕй сарǣзта адӕм ӕмӕ цӕрӕ -гойтӕ. Зефс куы федта, ӕнӕзонд цӕрӕгойтӕ адӕмӕй фӕфылдӕр сты, уӕд ын загъта, цӕмӕй цӕрӕгойтӕн сӕ иу хаййӕ фӕстӕмӕ адæм рацараза. Прометей йӕм байхъуыста, фӕлӕ хъуыддаг ӕндӕрырдӕм рауад. Цӕрӕгойтӕй арӕзт адӕм райстой адӕймаджы хуыз, фӕлӕ сӕ удтӕ баззадысты сырдты удтау…».

                                                                                                                                                              Бердзенаг миф

Урочы организацион структурæ

Урочы сæйраг этаптæ æмæ структурæ

Ахуыргæнæджы архайд.

Скъоладзауты куыст.

Универсалон ахуырадон архайд УАА

Мотиваци.

(ахуыргæнæг дæтты ног темæ бамбарынæн æххуыс чи у ахæм æрмæг.)

- Уӕ бон хорз, сывӕллӕттӕ!  (1- Слайд)

-Уӕ бон хорз, нӕ зынаргъ уазджытӕ ӕмӕ арфӕгод ут!

Цард нӕу аразгӕ хӕлӕгӕй,                      Зон дӕ уайдзӕфӕн бынат.                                  Ма кӕс алкӕмӕ уӕлвонгӕй,                Скӕндзӕ цардудӕн – зынад.

Хинӕй ма цӕут ӕмбӕлттыл,

Алкӕуыл ӕнувыд ут.

Ма кӕнут фӕсмон уӕ хӕрзтыл,

'Нустӕм фарнимӕ цӕрут!

- Куыд ӕмбарут ацы ӕмдзӕвгӕйы рӕнхъытӕ?

-Нæ урокæн  эпиграфæн райстон скъыддзаг бердзенаг мифологийӕ:                       (2- Слайд) «Бердзенаг хуыцӕутты Хуыцау-Зевсы бардзырдмӕ гӕсгӕ Прометей ӕлыгӕй сарǣзта адӕм ӕмӕ цӕрӕгойтӕ. Зефс куы федта, ӕнӕзонд цӕрӕгойтӕ адӕмӕй фӕфылдӕр сты, уӕд ын загъта, цӕмӕй цӕрӕгойтӕн сӕ иу хаййӕ фӕстӕмӕ адæм рацараза. Прометей

йӕм байхъуыста, фӕлӕ хъуыддаг ӕндӕрырдӕм рауад. Цӕрӕгойтӕй арӕзт адӕм райстой адӕймаджы хуыз, фӕлӕ сӕ удтӕ баззадысты сырдты удтау…». (3-Слайд)

-Чи сты ацы адæм? Цы сæм ис иудзинадæй?

( Фæйнæгыл Эзоп, Лафантен æмæ Крыловы портреттæ)

-Уæдæ, куыд уæм кæсы, абон цæуыл дзурдзыстæм?

Салам дæттынц.

-Аӕймаг фыццаджыдӕр хъуамӕ уа рӕстуд, сыгъдӕгзӕрдӕ, алкӕуыл ӕнувыд, ма уа хӕлӕггӕнӕг, хинӕйдзаг. Уӕд арвитдзӕн йӕ цард рӕсугъдӕй.

Дзуапп дӕттынц.

-Сырдтӕн, мӕргътӕн адӕймаджы хуыз нӕй, фӕлӕ  сын ис сӕхи ӕвзаг, сӕхи миниуджытӕ, сӕхи миддуне.

Фыстой баснятæ.

 

 Басняйыл.

Регулятивон:

ахуырадон нысан æвæрын.  

Удгоймагон:

иумæйаг хъуыддаджы бæрнондзинад æмбарын.

Актуализаци

(зæрдыл æрлæууын кæнын рацыд æрмæгæй дарддæры куыстæн цы хъæуы, уыцы зонындзинæдтæ)

- Цы у басня?

- Чи вæййынц басняйы архайджытæ?

- Баснятæ фыст цæуынц адæмон сфæлдыстады бындурыл, æмбисæндты бындурыл, æмæ уымæ гæсгæ сты æнцонæмбарæн æмæ зæрдæмæдзæугæ. Крылов дæр уымæн  загъта:

«Æмбисæндтæ æмбарынц сывæллæттæ дæр æмæ ас адæймæгтæ дæр».

- Ирон литературæмæ фыццаг чи бахаста басняйы жанр?

-Басняйы вæййы мораль. Уый та цы у?

-Басняйы кæм вæййы?

     -Цавӕр баснятӕ зонут,чи у сӕ автор?

- Фæсномыг мидис кæмæн ис, ахæм къаннæг прозæйæ кæнæ æмдзæвгæтæй фыст уацмыс.

- Фылдæр хатт цæрæгойтæ, æнæуд предметтæ дæр вæййы.

- Хетæгкаты Къоста.

Скъоладзаутæ дæттынц дзуаппытæ.

- Зондамынд.

 - Йæ райдайæны кæнæ йæ кæрон.

И.Крылов «Стрекоза и Муравей», Л.Толстой «Старый дед и внучек» и др.)

Зонадон:

зонындзинæдтæ æмæ арæхстдзи-нæдтæ иумæйаг кæнын, класифи-каци. Коммуникативон:   хи хъуыдытæ æргом кæнын.

Удгоймагон: æнкъа- рын басняйы ахадындзинада царды.

Ног æрмæгыл куыст.

Басняйæн анализ скæнын, текстыл æнцойгæнгæйæ.

1) Радзурын таурæгь адæймаджы ӕнӕфсис æмæ гуыбындзӕлдзинады тыххæй . (4- Слайд )                                                       Байхъусут Хетæгкаты Къостайы басня «Марходарæг»-мӕ. Кæсы йæ актёр Битаты Роберт.                                              

2) Дзырдуатон куыст: (4-Слайд)

марходарӕг – комдарæг адæймаг. Динылхӕцӕг адæймагæн афæдз иу мæйы дæргъы сойаг хæрын не‘мбæлы. Уыцы бæрæгбон хуыйны мархо.

Мархо чи дары, уый та - марходарæг.

урсаг –ӕхсыр æмæ æхсырæй конд хæринæгтæ

мӕхъи - хохы фæхстæй хос цæмæй ластой, ахæм хъилтæ.

уӕрдӕх - здыхст лыстæг уис, бæттæн, синаг

гуыдынхъус - чъынды, гуыбындзæл, бирæхæраг.

-Уæдæ ма мын зæгъут, басня «Марходарӕг» - ы зондамынд кæм ис?

- Куыд æй æмбарут?

3) Басняйы анализ

-Чи сты басняйы архайджытæ?

-Цæмæ у сæ каст сæ дыууæйæн дæр?

-Цавæр сусæгдзинад æмбæхсынц cӕ кӕрӕдзийӕ куыдз æмæ гæды?                

-Басняйы тексты кæцы рæнхъытæй бæрæг у?

-Цавæр æмбисæндтæ æрхæссын у уæ бон ацы баснямæ?

 

- Крыловы баснятæй уын уæ зæрдыл кæцы æрлæууын кодта? (5-Слайд)

- Æнгӕс сюжет ма ис Жан де Лафонтенмæ 

-Ныр та абарæм Къостайы æмæ Иван Крыловы баснятæ - цы сæм ис иумæйагæй æмæ цæмæй хицæн кæнынц кæрӕдзийæ. (6-Слайд)

Хетӕгкаты Л.К. «Марходарӕг»

 Крылов А. И. «Лисица и виноград»

Дих кӕнӕм дыууӕ къордыл.                    Къорды куыст                                         1-аг къорд сæхимæ бæрæг кæндзысты æнгæсæй сæм цы ис, уый.

2-аг къорд - сæ хицæндзинæдтæ. Æххуысæн уæ разы уыдзысты басняты тексттæ. Алы къорды номæй дæр дзуапп дæтдзæн 1 ахуырдзау:

(рæстæг 5 мин.)

  • Хъазт
  • -Ныр та иучысыл ахъазæм. Нæ хъазт хуыйны «Разы стут ...?». Алы партæйыл дæр ис сыфтӕ таблицӕтимӕ Цифрæтæй бæрæггнод сты фӕрстыты нымæцтæ. Мæ алы фарст дæр райдайдзынæн : «Разы стут...?» Кæд разы уат, уæд цифрӕты ныхмӕ фыссут «о», кæд нæ, уад та «нӕ» .

Хъусынц.

 

- Райдайæны:

«Лӕг кӕрдзынӕй дӕр ӕфсӕды гутоны фӕстӕ».

Скъоладзаутæ дзурынц сæ хъуыдытæ.

 

Дзуапп дӕттынц.

Куыдз æмæ гæды.

Сæ каст у фиумæ, сæ бæллиц- сæххæссын æм, фæлæ уыцы хъуыддаг сæ иуы къухы дæр не‘фты).                     Сæ былыцъæрттæ хæрынц фиумæ, фӕлӕ уыцы хабарыл сæ иу дæр нæ сæтты .                        

Уый бæрæг у куыдзы уайдзæф: «Скастæ та йæм, цы?» æмæ гæдыйы дзуаппæй: «Ма тæрс, æз мæ цардæн базыдтон æгьдау... Æз нал дæн мархохор дæуау».

«Гуыбын дӕ куыд фӕхудинаг кӕна, афтӕ - ницы».

«Бирæгъӕн йе сӕфт-йӕ гуыбын».

«Ӕнӕфсис лӕг-бирӕгъдзарм».

«Гуыбындзӕлдзинад-ӕгадгӕнӕг».

« Гуыбындзæлыл йæ гуыбын комдзог цæуы».

«Гуыбын дæлейӕ,сӕр уӕлейӕ»

«Лисица и виноград».

Ахуырдзау дзуры басня.

Къордтæ цæттæ кæнынц цалдæр минуты æмæ дзуаппытæ дæттынц.          

Ӕххӕст кӕнынц хӕслӕвӕрд.

Зонадон: 

хи ныхас раст рацаразын зонын; хъæугæ информаци текстты ссарын æмæ радзурын зонын.

Коммуникативон:   хи хъуыдытæ æргом кæнын.

Удгоймагон: 

этикон æмæ моралон домæнтæ æххæст кæнын.

Ног зонындзинæдтæ  фидар кæнын.

Тест

-Æрмæг куыд бамбæрстат, уый сбæрæг кæнынæн сæххæст кæнут хибарæй тест. Фæнысан кæнут раст варианттæ æмæ уæ карточкатӕ радæттут (2 мин).

1) Басня у...

а) цыбыр радзырд

б) зондамонæн радзырд

в) цыбыр фæсномыг ныхасæй фыст уацмыс зондамындимæ

2) Басняйы архайджытæ сты...

а) адæм

б) цæрæгойтæ, мæргътæ, зайæгойтæ

в) адæм, сырдтæ

3).Баснятæ фыстой...

а)адæмы аиппытыл ахудыны тыххæй

б)хирастдарын куыд хъæуы, ууыл

в)ахудыны тыххæй

4) Йæ формæмӕ гæсгæ басняйæн вæййы...

а)комкоммæ нысаниуæг

б)фæсномыг ахæсгæ нысаниуæг

5) Басняйы вæййы...

а)хатдзæг

б)хатдзæг дзы нæй, алчи йæ æрхъуыды кæны йæхæдæг

в)хатдзæг дзы нӕ хъæуы

Ӕххӕст кӕнынц хӕслӕвӕрд.

Зонадон: 

зонын, цы æрмæгыл бакуыстой, уымæй зонындзинæдтæ равдисын.

Коммуникативон:   хи хъуыдытæ æргом кæнын, къордты архайын арæхсын, иумæйаг уынаффæмæ æрцæуын иумæйаг хъуыддаг аразгæйæ; искæй куыст аргъ кæнын зонын.

Удгоймагон:

адæймаджы æвæрццаг æмæ æппæрццаг миниуджæтæ зонын.

Рефлекси.

Æрмæг бафидар кæныныл куыст.

-Раздæхæм ма нæ  таблицæмæ. Ногæй дзуапп раттæм нæ фарстатæн æмæ баххæст кæнæм 2-аг рæнхъ.

-Кæцы фарстатæм гæсгæ уæ хъуыдытæ фæхицæн сты?

-Цæмæн?

-Нæ урочы дзуапп цавæр фæрстытæн нæ райстат?

Цавæр хатдзæгтæ скодтат уæхицæн ацы урочы?

-Ссарут басняйы зондамынд рӕнхъытӕ.

-Цавӕр цардуагон уавӕртыл дзуры автор?

Дзуапп дӕттынц.

-Ӕнӕфсис ӕмӕ гуыбындзӕл адӕймаг ӕгадгӕнӕг у.

Дзуапп дæттынц текстæй пайдагæнгæйӕ.

Зонадон:

басняйы мидис зæрдыл æрлæууын кæнын; аххос æмæ фæстиуджыты бастдзинад сбæлвырд кæнын.

Коммуникативон:

хи хъуыдытæ бæлвырд нæнын.

Удгоймагон:

хорз æмæ æвзæр æвзарын.

Хатдзæгтæ скæнын.

-Уæ зæрдæмæ фæцыд урок? Цæмæй?       -Куыд ис басняйы мораль (зондамонӕн) сбӕрӕг кӕнӕн?

-Алчи йӕ куыстӕн йӕхӕдӕг саргъ кӕнӕд (хорз,тынг хорз)

Дзурынц сæ хъуыдытæ.

Аргъ кæнынц сæ куыстæн.

Коммуникативон:     хи хъуыдытæ бæлвырд нæнын.

Удгоймагон:             æнтыстытæ бæлвырд кæнын; ахуырадон архайды къухы цы бафтыд, уый бæрæг кæнын.

Хæдзармæ куыст.

1. Аив кӕсын басня «Марходарӕг».

-Уӕ зӕрдыл дарут!    

Ӕмбӕлтты ‘хсӕн хӕлардзинад куы нӕ уа,

Уӕд се ‘хсӕн рауадзӕн хъуырдухӕн.

Бæрæг кæнынц сæхимæ хæслæвæрд.

Удгоймагон УАА: зонындзинӕдтӕм тырнын.


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Доклад Хетæгкаты Къостайы 160 азы бонмæ «Къостайы нывгæнæджы курдиат».

Къостамæ стыр нывгæнæджы курдиат кæй уыд, уый йæ ноджы тынгдæр разæнгард кодта поэзимæ....

Темæ: «Хорзгæнæг хорз ары?»-Хетæгкаты Къостайы басня «Бирæгъ æмæ хърихъупп»-мæ гæсгæ

1. Басняйы текст равзарын.           2. Ныхасы рæзтыл, аив кастыл бакусын. 3. Æрдзурын, æгъдау, æфсарм, уæздандзинад адæймаджы фæзминаг миниуджытыл нымад кæй с...

«Цæстмæхъус ныхас фыдбылыз хæссы...» (Хетæгкаты Къостайы басня «Халон æмæ рувас»-мæ гæсгæ).

Урок литературы по произведению К. Хетагурова "Ворона и лисица"...

Темæ: «Цæстмæхъус ныхас фыдбылыз хæссы» Хетæгкаты Къостайы басня «Халон æмæ рувас» æмæ Иван Андреевич Крыловы басня «Ворона и Лисица»- мæ гæсгæ.

Сравнительный анализ произведений двух гениев русской и осетинской литературы И.А.Крылова и К.Л. Хетагурова...