урок осетинского языка по теме Осень
план-конспект урока на тему

Атаева Фатима  Юрьевна

урок осетинского языка в начальной школе 4 класс по теме Фаззаг- Осень

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл tema_fazzag_4_klass_seminar.docx488.68 КБ

Предварительный просмотр:

Урочы ныхасы  темæ: Фæззæг. Грамматикон темæ: Номдар.

Урочы тип: Рацыд æрмæг зæрдыл æрлæууын кæнын æмæ бафидар кæнын.

Урочы нысантæ:

  • Рацыд æрмæг зæрдыл æрлæууын кæнын.

Урочы хæстæ:

Ахуырадон хæс:

  • Рацыд темæйæ дзырдтæй пайда кæнын дзургæ ныхасы.

Рæзынгæнæн хæс:

  • Ахуыр кæнын чингуытæй хъæугæ информаци исын, уæлмхасæн æрмæг агурын,  кæй базыдтой , уыцы информацийæн аргъ кæнын æмæ хатдзæгтæ кæнын.

Хъомыладон:

  • Хибарæй кусынын æфтауын

Урочы пълан:

  • Ахуырмæ сразæнгард кæнын.

Орг момент.

Уæ бон хорз, ахуырдзаутæ!

Æгас цу ахуыргæнæг!

Салам раттæм нæ уазджытæн.

Речевая зарядка. Дзургæ ныхасыл куыст.

Радгæсы ныхас.

Абон æз радгæс дæн. Мæ ном….Мæ  мыггаг….Абон дыццæг у. Ныртæккæ нæм ирон æвзаджы урок ис. Абон къласы не  сты ………….. Нæ къорд цæттæ у урочы кусынмæ.

Слайд № 1

Цавæр зæрдæйы уагимæ æрбацыдыстут абон урокмæ, уый базонын мæ фæнды. Уæ  разы цы сыфтæ ис, уыдоныл сныв кæнут ацы нывтæй уæ зæрдæмæ кæцы цæуы фылдæр.

Слайд №2        

Абон нын нæ урочы æххуыс кæндзæн гыццыл Нывгæнæг.

Ах.-Райста лæппу ахорæнтæ æмæ райдыдта ныв кæнын. Сныв кодта бæлæстæ, бæлæсты æрæппæрста сыфтæртæ. Йæ зæрдæмæ тынг цæуынц сырх, бур, кæрдæгхуыз ахорæнты хуызтæ. Йæ куыст куы фæци, уæд ын рауадис мæнæ ахæм ныв.

Æрбакæсут-ма йæм цы дзы рауадис? Фæззæг, хъæд, фæззыгон хъæд

Гыццыл нывгæнæг сныв кодта ФÆЗЗÆГ. Уæдæ абон нæ урочы дзурдзыстæм фæззæгыл. Нæ зæрдыл æрлæууын кæндзыстæм цы æрмæг рацыдыстæм, уый. Цы базыдтам фæззæджы тыххæй, цавæр ног дзырдтимæ базонгæ стæм.

Райдайæм мыртæ раст æмæ сыгъдæгдзурыныл куыстæй.

Слайд № 5, 6, 7, 8

Цавæр афæзы афон уынут нывы?

Ныртæккæ та цавæр афæдзы афон у?

Боныхъæд та цавæр  у абон?

Цæмæй базонæм фæззæг ралæууыд, уый?

Иннæ афæдзы афонтæй цæмæй хицæн кæны?

(Сывæллæтты дзуæппытæ) бæлæсты сыфтæр фæбур вæййы, сыфтæ згъæлынц зæхмæ, бон фæцыбырдæр вæййы, фæуазалдæр вæййы,  мæргътæ атæхынц хъарм бæстæм…….

Цæмæй нæ куыст æнцондæр æмæ хъæлдзæгдæр цæуа, уый тыххæй иугыццыл аулæфæм æмæ нæ зæрдæтæ бахъæлдзæг кæнæм зарæгæй.

Слайд № 10

Зарæг «Фæззæг». Ацы зарæджы ныхас цæуыл цæуы? Фæззæгыл.

Æрлæууын ма кæнæм нæ зæрдыл фæззæджы мæйтæ.

Слайд  №5

Слайд № 6 Иухатт ма сæ зæгъæм иумæ

Сентябрь   рухæны мæй

Октябрь    кæфты мæй

Ноябрь      Джеоргуыбайы мæй

Цал сты фæззæджы мæйтæ?

Ныртæккæ цавæр мæй у? Джеоргуыбайы мæй.

Цæмæн схуыдтой ацы мæй Джеоргуыбайы мæй?

Адæм бафснайынц сæ фæллой сæ куыстытæ  конд  фесты æмæ сæ равдæлы куывдтæ æмæ чындзæхсæвтæм.

Рацыд  лексикæ зæрдыл æрлæууын кæнын.

Хæдзармæ куыст бафæрсын. 1 къордæн лæвæрд уыдис ахæм хæс: Ссарын цыбыр хъусынгæнинæгтæ фæззæджы тыххæй, куыд аивы æрдз, куыд цæттæ кæнынц сæхи хъæды цæрæгойтæ фæззæджы зымæджы æрцыдмæ.

Сывæллæттæ кæсынц сæ цыбыр радзырдтæ.

Текстимæ кусын.

Æркæсут- ма нывмæ.

Куыд уæм кæсы цæуыл цæудзæн ныхас тексты?

    ____________________________________________________________

Иухатт хъӕды сывӕллӕттӕ ссардтой ӕхсӕрӕджы фӕззыгон ӕвӕрӕнтӕ. Амбырд сӕ кодтой ӕмӕ сӕ семӕ рахастой. Уалынмӕ бӕласы цъуппыл фӕзынди ӕхсӕрӕг. Бӕласӕй дуры сӕрмӕ ӕргӕпп кодта, стӕй та фӕстӕмӕ бӕласмӕ. Афтӕ цалдӕр хатты. Стӕй уӕд мардӕй сӕ цурмӕ ӕрхауди. Йӕ ӕвӕрӕнтӕ йын ахастой, уый куы бамбӕрста, уӕд йӕ гыццыл зӕрдӕ атыдта.

______________________________________________________________________________________________________________________________________________________________________________________________________________________________________________________________________________________________________________________________________________________________________________________________________________________________________________________________________________

Цавæр цæрæгойыл цыди ныхас тексты? Уæ хъуыдытæ раст разындысты…..

Æхсæрæг йæхи зымæгмæ куыд цæттæ кæны?

Цы базыдтам ногæй ацы текстæй? Æхсæрæгыл цы æрцыди?

Æрдзы мидæг алцыдæр у бæлвырд фæткæвæрдмæ гæсгæ арæзт, æмæ уыцы фæткæн халæн нæй. Куыд уæм кæсы сывæллæттæ барæй рахастой æхсæрæджы æвæрæнтæ? Нæææ…..нæ йæ зыдтой…..Цæмæй ахæм æнæрхъуыды хабæрттæ ма кæна адæймаг, уый тыххæй цы хъæуы? Ахуыр кæнын….

Æмæ уæм æрдззоныны уроктæ куы вæййы, уæд лæмбынæгдæр ахуыр кæнын цæрæгойты царды тыххæй æрмæг

Æрхъуыды ма йын кæнæм сæргонд.

Грамматикон хæслæвæрд

Ссарут тексты ахæм дзырдтæ, кæцытæ дзуапп дæттынц фæрстытæн Чи? Цы?

Цавæр ныхасы хæйттæ сты?

Æрлæууын ма кæнæм нæ зæрдыл цы базыдтам номдары тыххæй.

Слайд № 13 - 17

Номдар дзуапп дæтты фæрстытæн

Номдарæн ис дыууæ нымæцы

Номдар тасындзæг кæны хауæнтæм гæсгæ

Фысгæ куыст

Ссарут  тексты номдартæ бирæон нымæцы – сывæллæттæ, æвæрæнтæ

Ссарут –ма тексты номдартæ номон иууон æмæ бирæон нымæцы   – зæрдæ сывæллæттæ, æвæрæнтæ

Ссарут –ма тексты номдартæ гуырынон хауæны - хъæды, бæласы, дуры.

Ссарут тексты номдар  æддагбынатон хауæны – цъуппыл

Ссарут тексты номдар иртæстон хауæны – бæласæй

Ссарут тексты номдартæ арæзтон хауæны – бæласмæ

Урочы кæрон:

Цавæр афæдзы афоныл дзырдтам абон  нæ урочы?

 Слайд № 18

Фæззæджы фæстæ та цавæр афæдзы афон ралæудзæн?

Уæдæ иннæ урочы та дзурдзыстæм афæдзы афон ЗЫМÆГЫЛ, зонгæ кæндзыстæм ног дзырдтимæ æмæ ног цымыдисаг хабæрттимæ.

Хæрзбон зæгъæм фæззæгæн. Иннæ аз та нæ дзæбæхæй æрæййафæд æмæ та нын нæ фынгтæ йæ бæркадæй срæсугъд кæнæд.

Абон нæ урок фæци. Æмæ уæ куыстæн уæхæдæг аргъ скæнут. Уæ сыфтыл сныв кæнут. Цавæр зæрдæйы уагимæ цæут урокæй.

Æрцауындзут сæ фæйнæгыл.

Слайд №1


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

презентация урока немецкого языка по теме: Осень

Обучение лексике – один из важнейших аспектов обучения иностранному языку, т.к. полноценная коммуникация не может происходить при отсутствии лексики.    Я пытаюсь най...

Урок немецкого языка по теме "Осень"

Цель урока "Осень" - формировать и развивать коммуникативную культуру учащихся. Задачи урока: 1. Развивать навыки и умения аудирования,  диалогической и монологической речи...

урок немецкого языка по теме "Осень"

Урок – соревнование по немецкому языку в 6 классе по теме «Осень». Урок комплексного применения знаний, умений и навыков является заключительным по данной теме. Цель урока - воспитание у детей чувства...

Урок немецкого языка по теме "Осень"

Конспект урока немецкого языка в 3 классе...

Урок осетинского языка на тему "Путешествие в страну "Лексика"".

Целью этого урока является повторение темы "Лексика";  обогащзение словарного запаса учащихся; работа над развитием речи; воспитание любви к родному языку....