Биография Бритаева Елбыздыхъо
план-конспект урока (8 класс) на тему

Кайтмазова Марина Беказаевна

Вводный урок по творчеству Бритаева Елбыздыхъо в 8 классе

Скачать:

ВложениеРазмер
Microsoft Office document icon brytiaty_e._biografi._8_klas.doc57.5 КБ

Предварительный просмотр:

Темӕ: Брытъиаты Елбыздыхъойы царды хабӕрттӕ.

8 кълас.

9.11.2016 аз.

Урочы нысан: Фыссæджы цард æмæ сфæлдыстад ахуыргæнгæйæ рæзын

                         кæнын скъоладзауты критикон хъуыдыкæнынад.

Урочы хæстæ: 1. Базонгæ кæнын скъоладзауты Елбыздыхъойы цардæй ист

                              хабæрттимæ.

                         2. Рæзын кæнын сывæллæтты хъуыдыкæнынад лæджыхъæд

                            бæрæггæнæг миниуджытыл .  

                         3. Хъомыладон фарст: «Адæймаг йæ номы тыххæй цæры».

Фæйнæгыл фыст урочы темæ.

                       Эпиграф:   …Дардыл хæсс дæ цæнгтæ,

                                          бæрзонд дæ сæр: цæргæ-

                                          уæд лæджы цард, мæлгæ,

                                          уæддæр-афтæ.

                                                                        Нафи

                 

                    Проблемон фарст:  Цы у адæймагæн номдæттæг?

Урочы пълан: 1. Бацæттæгæнæн рæстæг.

                          2. Ног æрмæгыл куыст:

                             а) разныхас

                             æ) беседæ ирон адæмы ивгъуыд æмæ абоны царды

                                  æгъдæуттыл;

                             б) беседæ проекторæй равдыст æрмæгмæ гæсгæ æвзаргæ  

                                  кастæй спайдагæнгæйæ;

                             в) фысджыты сфæлдыстады темæты æмбастдзинад

                             г) хибарæй куыст

                             д) дзырдуатон куыст

                             е) æмбисæндты мидисыл куыст

                           3. Урочы кæронбæттæн.

                              а) проблемон фарст райхалын

                              б) кæронбæттæн æмдзæвгæ

                           4. Хæдзармæ куыст.

                           5. Бæрæггæнæнтæ, комментаритæ бæрæггæнæнтæм.

Урочы цыд.

1. Бацæттæгæнæн рæстæг.

 

 - Абон урочы равзардзыстæм, ирон лæгæн номдæттæг чи у, ахæм миниуджытæ  Иры номхæссæг лæгтæй иуы цардвæндагыл æрдзургæйæ.

2. Ног æрмæгыл куыст.

   а) Разныхас:

   

   - Куырттаты ком… Ирыстоны рæсугъддæр кæмттæй иу… Фыдæлты мæсгуытæ рагон цыртдзæвæнтау лæууынц хохы рындзыл.

          Æгæрон цъæх арвы хъæбысы бандзыг хæххон цæргæс æмæ цæмæдæр лæмбынæг кæсы зæхмæ. Цы дзы агуры цымæ? Æви уый дæр дисы бафтыдта æрдзы рæсугъддзинад? Чи зоны…

         Зæгъынц цæргæс, дам, сæдæ азы цæры. Кæд æй, мыййаг, зæрыбонты йæ царды фæндагмæ акæсын æрфæндыд æмæ агуры йæ рагбонты бæрджытæ? Кæд уымæн æркодта цалдæр зылды, доны фаллаг фарс цы рагон хæдзæрттæ æмæ мæсгуыты хæлддзæгтæ баззад, уыдоны сæрмæ?

       Æви уый уыцы мæсгуытæ æмæ хæдзæртты 'хсæн агуры адæм кувæндонмæ цæуæгау кæдæм цæуиккой, уыцы хæдзар.

       Мæнæ сæрыстырæй лæууы фыдæлты мæсыг, йæ фарсы стырдæр дуртæй иу дзуры æмыр хъæлæсæй: «Брытъиаты мыггаджы мæсыг дæн».

       Уæртæ гыццыл æддæдæр та цы хæдзар агуры, уый- Брытъиаты Цопаны хæдзар.

       Ацы хæдзары 1881 азы 10 мартъийы фондз чызджы фæстæ райгуырд лæппу-Елбыздыхъо.

       Лæггаг лæппуйæ дæр бæрæг вæййы, зæгъгæ-иу дзырдтой нæ хистæртæ. Ацы ныхæстæ хауынц Елбыздыхъомæ. Асæй дæр, кондæй дæр- алцæмæй æххæст. Цæхæрцæст лæппу гыццылæй дæр нæ зыдта тæрсын.

       Чысылæй фæстæмæ дæр йæ уарзон бынæттæй иу уыд Дæллагхъæуы Ныхас.

æ)  - Цы у Ныхас?

      - Кæмæн уыд Ныхасмæ цæуыны бар?  

- Ахæм бынат раджы заман уыд сылгоймæгтæн дæр, хуынд Хурбадæн. Ам-иу ирон сылгоймæгтæ кодтой алыхуызон куыстытæ, æвдыстой се 'рмдæсныдзинад, уыдис сын царды скъола дæр. Ам æмбæрста ирон сылгоймаг æхсæнадон царды æууæлтæ.

- Абоны царды та цавæр бынат ис ирон Ныхасæн?

       

 Баххæст кæнын сывæллæтты дзуаппытæ.

          - Уыцы рæстæджы Ныхас уыд царды скъола. Ам хохæгтæ кæддæриддæр хъуыстой зонды ныхæстæ, рæзыд сæ дунеæмбарынад.

         Бирæ хъæздыгдзинæдтæ ахаста Елбыздыхъо йемæ ирон ныхасæй. Цардбæллон лæппуйæн арфæтæ куыд нæ кодтаиккой Ныхасы бадæг куырыхон хистæртæ

 -Сымахмæ гæсгæ, цавæр арфæтæ кодтой Елбыздыхъойæн хистæртæ йæ царды фæндагыл æрлæугæйæ?

- Ирон лæгæн дард фæндагыл цæугæйæ хуыздæр арфæ вæййы, хорзыл амбæл, зæгъгæ. Æмæ уыди хæрзæмбæлджытæ Елбыздыхъойы фæндагыл. Собиты Инал, Тыбылаты Ципо, Тугъанты Махарбег, Николай Виддиновы æххуысæй архайдта царды бынат равзарыныл æмæ уый фæдыл фыста: «Æз мæхи нæма базыдтон, нæма равзæрстон бынат царды. Æз разы нæ дæн ницæййаг хъысмæтыл. Хъуамæ царды исты фæд ныууадзон. Уыцы фæдыл цæугæйæ фæлтæртæ æхсызгонæй мысой мæн- мæхи тыххæй нæ, фæлæ æндæрты разæнгард кæнынмæ»!

     

 б) Ацы ныхæстæ равдисын интерактивон фæйнӕгыл æмæ сæ бындурыл скæнын беседæ. Беседæйы спайда кæнын æвзаргæ кастæй.

        - Цавæр нысан æвæры йæ размæ Елбыздыхъо?  Бакæсут уыцы хъуыды æвдисæг рæнхъытæ.

        - Цæмæ бæллы, ног фæлтæртæ йæ мысой, уымæ? Бакæсут уыцы хъуыды æвдисæг рæнхъытæ дæр.

        -Цавæр адæймагæн нæ вæййы рох йæ ном, баззайы адæмы зæрдæты æмæ зонды?

        - Кæй нæмттæ бахæсдзыстæм ацы номхыгъдмæ?

     

         Балхынц кæнын сывæллæтты дзуаппытæ хатдзæгтæй.

   

       - Æрыгон лæппу агуырдта фæндаг цардмæ, адæмы зæрдæтæм. Уыцы фæндагыл къахдзæфтæ кæнын райдыдта, реалон училищæйы ма куы ахуыр кодта, уæд. Сарæзта ахуыргæнинæгтæй драмон къорд æмæ æвæрдта къанæг пьесæтæ.

     

        Ныхас дарддæр ахæццæ кæнын слайдтæ æвдисгæйæ.

     

       - Тынгдæр æй йæхимæ æлвæста сыгъдæг гæххæтты сыф. Æмæ уал ыл фæзынд фыццаг æнарæхст къухы фæд- немыцаг философ Ницшейы ныв. Мæнæ æндæр сыфтæ Елбыздыхъойы къухæй фыстæй. Фыццаг сыфыл стыр дамгъæтæй фыст: «Комеди- «Уæрæседзау», йæ бынмæ «Хъæлдзæг ныв».

        - Вазыгджын нысаныл нымадта, адæймаг æмæ нацийы ном бæрзонд æвæрыны хъуыддаг.

       

         Интерактивон фæйнӕгыл равдисын æмæ бакæсын: «Цыфæнды фыд уавæрты дæр адæймаг хъуамæ тырна уды сæрибардзинадмæ, ма фесафа лæджы ном рæсугъдгæнæг миниуджытæ, бæрзонд хæсса йæ ном, йæ хорз æгъдæуттæ. Уыдон не сты, уæд та худинаджы бæсты мæлæтыл дæр разы уæвын».

     

         в) Абарын ацы ныхæсты хъуыды фæйнæгыл фыст Къостайы æмдзæвгæйы рæнхъыты хъуыдыимæ. Сбæрæг кæнын сæ иумæйаг идейон мидис.

          Цæйнæфæлтау, сæрибар адæм,

          Цагъарæй туг калæм æлдарæн,

          Фæлтау нын амæлын хуыздæр.

 - Цавæр аргъ кæнынц ацы ныхæсты автортæ сæрибардзинадæн?

 - Цы нымайы Елбыздыхъо уды сæрибар бахъахъхъæныны ахсджиаг æууæлыл?

 - Куыд бабæтдзыстут ацы ныхæстæ Нарты адæмы цардимæ? (сывæллæтты зæрдыл æрллæууын кæнын таурæгъ «Нарты сæфт»).

Фыссæджы цардимæ бабæттын хатдзæгтæ.

         Бакæсын урокмæ равзæрст эпиграф, абæттын æй Елбыздыхъо æмæ Къостайы хъуыдытимæ, сбæрæг кæнын фæлтæрты хъуыдыты æмбастдзинад. Нафи- нырыккон фыссæг-хъуыдыгæнæг.

         

        - Ацы ныхæстæ систы йе 'хсæнадон куыст æмæ сфæлдыстады сæйрагдæр нысан. Фидарæй лæууыд уыцы фæндагыл, цыфæнды зын уавæрты дæр. Суанг æй йæ революцион куысты тыххæй ахæстоны куы бакодтой, уæддæр. Йæхи зылынджыны бынаты не 'рывæрдта, фæлæ уыдис зылынгæнæг.

   

         г) Байуарын сывæллæттæн сыфтæ Елбыздыхъойы фыстæгæй скъуыддзагимæ, бакæсын æй æмæ равзарын йæ хъуыды.

     

        д)  Текстыл æнцойгæнгæйæ бакæнын дзырдуатон куыст.

   

       -Цавæр миниуæг бæрæг кæны авторæн ацы фыстæгæй?

                    (Дзуапп: Лæгдзинад, хъæбатырдзинад, ныфс…)

       

         Хатдзæгтæ бафидар кæнын ног æрмæгæй.

       

        -Елбыздыхъойы фыстæг бакæсгæйæ нæ хъустыл ауайы цæхæрцæст Хазбийы ныхæстæ, æрыхъуысы нæм æрра фыййау Бесæйы хъæлæс, нæ цæстытыл ауайы Амыраны хъизæмар, Хансиат æмæ Асиаты æнæмæлгæ сурæттæ…

       -Елбыздыхъо Къостайау æнæкæрон уарзтæй уарзта Ирыстон, ирон адæмы. Уыдта йæ адæмы хъизæмар æмæ агуырдта уыцы тыхст цардæй фервæзыны фадат.

     

        Равдисын слайд.

   

      «Кæмæй цы риссы, уый кой кæны. Мæнæн мæ риссаг хъуыдытæ сты адæмы мæгуыр цард æмæ гæвзыкдзинад, æмæ дзурын уыдоныл… Мæ хъыг, мæ сагъæс у удхайраг адæймаг…»  

   

      -Цæуыл уыд йæ тох Елбыздыхъойæн ацы рæнхъыты хъуыдымæ гæсгæ?

     

        Дзуаппытæ ныффидар кæнын хатдзæгæй:

- Уыцы цардарæзтимæ тох сси йæ царды сæйрагдæр нысан. Мыздæн та йын фылдæр хатт уыдысты Дзæуджыхъæу æмæ Насраны ахæстæтты уазал къуымтæ, фыдызæххæй хаст лæджы ном… Фæлæ нæ фæтарст уæддæр Елбыздыхъо царды зындзинæдтæй. Дардæй дæр архайдта Ирыстоны æмæ йе 'фхæрд адæмы батавыныл.

       

е) Равзарын æмбисæндты хъуыды:

    Хорз лæг адæмæй хæс дары.

    Кад æмæ лæджыхъæд зæххыл сты, æргуыбыр сæм кæн æмæ сæ сис.

-Куыд сæххæст кодта Елбыздыхъо йæ хæс адæмы размæ, цæмæй сси йæ ном кадджын?

- Фыссæг равзæрста, чи нæма уыдис, уыцы ирон театры сценæ, æрсагъта йыл ирон аивады тырыса. Йæ зæрдæйы тугтæй йыл ныффыста: «Рæстдзинад, Уарзондзинад, Сæрибар»!

(равдисын слайдтæ).

     

        -Æмæ цыдис Елбыздыхъо йе сгуыхт хъайтартимæ Иры уæзæгыл. Цыд æмæ сидтис Хазбийы дзыхæй ирон адæммæ иудзинадмæ; ард хордта, йæ адæмы сæрвæлтау равзæрст фæндагæй иуварс кæй никуы ахиздзæн, уый фæдыл.

       

     

 3. Урочы кæронбæттæн.

   

       -Цыд Елбыздыхъо æмæ амыдта ног фæндаг, ног зонд, ног хъуыдытæ. Йæ зæрдæйæ цыд уарзондзинад, зонд та йын фæндагамонæг уыд. Рæсугъд æмæ уарзон царды тыххæй дзырдта йæ кæстæртæм…

       Æмæ сæххæст йæ царды сæйраг нысан, фæлтæртæ йæ зонынц æмæ йæ мысынц. Йæ ном сси ирон культурæйы ирддæр нæмттæй иу: ирон драматургийы бындурæвæрæг, ирон лæджыхъæды ирд æвдисæн.  

       

         а)Раттын проблемон фарст:

- Цы у адæймагæн номдæттæг?

(Дзуапп: Адæймаг царды цы фæд ныууагъта, уый.)

       

б) Радзурын æмдзæвгæ, спайда кæнын музыкæйæ.

                    Елбыздыхъо-цæугæ мæсыг. Ныр та,

                    Дæ кæстæрау, лæууын уырдыг дæ разы,

                    Дæ цæст, цæргæсау, тынг дардмæ уыдта,-

                    Нæртон фидæн дæ ирд цæстытыл хъазыд.

                    Хазбийы хуызы бацыди дæ уд,

                    Цæмæй уыдаид сахъ лæппутæ бирæ.

                    Амраны Ныфс дæр мифы чызг кæм у,-

                    Уыдтæ дæхæдæг уыцы ныфс нæ Ирæн.

                    Нæ хæхтыл тыгъд Амран нæ уыд, кæй уыд

                    Дæ уд йæхæдæг, тохмондаг æй домдта…

                    Лæгхор цæргæс Амранмæ нæ цыд,-

                    Дæ игæр дын уый тугмондагæй хордта.

                    Хатыр, дæу хъавыд чидæртæ бырсын,

                    Дæ сыгъдæг удыл сау хахуыртæ калдтой.

                    Фæлæ нæй сайæн адæмæн, ныр сын

                    Сæ мæнг тауыстæ дымгæмæ ысдардтон.

                    Лæууын дæ разы. Бахъавыдтæн, цæмæй

                    Чысыл мæ уырзтæ авæрон дæ кæрцыл,

                    Кæд исты райсин зонды фарн дæуæй-

                   Чысыл мæ къахыл ацæуин дæ фæрцы.  

 4. Хæдзармæ куыст.

  -бацӕттӕ кӕнын Елбыздыхъойы царды хабӕрттӕ. 

5.  Бæрæггæнæнтæ æмæ комментаритæ дзуаппытæн.


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Портрет как один из способов знакомства с биографией и творчеством автора

Портрет как один из способов знакомства с биографией и творчеством автора      Появление портрета на уроках по биографии писателя не новость в нашей школе. В школах все ...

"Клуб знактоков" по биографии А.И.Солженицына, по рассказам «Матренин двор» и «Один день Ивана Денисовича»)

Мероприятие может быть внеклассным, а можно провести и как итоговый урок по творчеству А.И. Солженицына....

Опрос по биографии и творчеству Л.Н.Толстого

Проверочная работа по биографии и творчеству великого писателя....

Тема: «Вся моя биография -- в моих сочинениях". Жизнь и творчество И. С.Тургенева.Урок по модульной технологии.

Технологическая карта урока помогает обучающемуся самостоятельно организовать работу по биографии Тургенева И.С....

Биография и творчество И.А.Крылова Презентация содержит информацию о биографии И.А. Крылова, о жанре басня, о понятиях аллегории и морали

Презентация содержит информацию о биографии И.А. Крылова, о жанре басня, о понятиях аллегории и морали...

Брытъиаты Елбыздыхъо – сӕрибар цардмӕ сидӕг

Технологон картæ ирон литературæйы урокмæ «Брытъиаты Елбыздыхъо – сӕрибар цардмӕ сидӕг»...