Хъамбердиаты Мысот
план-конспект урока (6 класс)

Агкацева Жанна Тотразовна

По творчеству Мысоста Камбердиева, урок в 6 классе.

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл iron_literaturaeyy_urok_6_klassy_hamberdiaty_mysost.docx28.3 КБ

Предварительный просмотр:

Ирон литературæйы урок 6-æм къласы.

Ахуыргæнæг: Æгкацаты Жанна

Урочы темæ: «Дæуæн, мæ Ирыстон,

                         Мæ цард

                         Мæ амæлæтмæ баст»…

(Хъамбердиаты Мысосты æмдзæвгæ «Хурмæ курдиат».)

Урочы тип: Ног зонындзинæдтæ радтыны урок.

Эпигрæф урокмæ:

    Искæд бон мæ фыст куы сива

Æз фæзардзынæн уæддæр:

Абон уарзын-ног фæсивæд,

Абон уарзын-ног фæлтæр. (Хъамбердиаты М.»Уарзын»).

Урочы нысантæ:

1. Равзарын Хъамбердиаты Мысосты æмдзæвгæ «Хурмæ курдиат».

2. Гуырын кæнын сывæллæтты зæрдæты патриотизм, уарзондзинад  

    Райгуырæн бæстæмæ, адæммæ.

3. Бацархайын, цæмæй сæ хъуыдытæ аив дзурой, раст кæсой, хатдзæгтæ кæнынмæ арæхсой.

Урочы фæлгонц: Чингуытæ,презентаци, проектон куыст, æмбисæндтæ, къухмæдæтгæ æрмæг, компьютерыл тест, видео поэты тыххæй (скъуыддзаг).

Урочы цыд:

  1. Бацæттæгæнæн рæстæг.

Мотивацион уавæр.

- Зæгъут ма, уæ хорзæхæй, цæй фæрцы цæрæм нæ дарæг зæххыл, æнæ цæмæй нæ бон не суыдзæн?

Мемæ уын æрбахастон хуры нывтæ, алкæмæн дæр дыгæйттæ. Иуы дзы хур мидбылты худы,иннæйы та æнкъардæй кæсы. Урочы кæрон уæ алчи йæхицæн аргъ скæндзæн, куыд куыста уымæ гæсгæ æмæ йæ риуыл бакæндзæн йæхи равзæрст хуры ныв.

Æз дæр мæ уæлæ дзæгъæлы нæ бакодтон хуры «фæлгонц».

  1. Проектон куыст

- Нæ урок райдайдзыстæм пректон куыстæй. Бацæттæ йæ кодта Гаглойты Кристинæ.

  1. Урочы темæйыл куыст.

1.- Бамбæрстат æй цæуыл дзурдзыстæм, уый?

Бæлвырддæр та, базонгæ уыдзыстæм йæхæдæгдæр хуры 'нгæс чи уыди удыхъæдæй,уыцы курдиатджын поэт Хъамбердиаты Мысост æмæ йæ цардбæллон æмдзæвгæимæ «Хурмæ курдиат».

Ирон адæмы хуры цот цæмæ хонынынц, цымæ?

Æрбайхъусут ма:

Дзырдтой нæ буц фыдæлтæ раджы: «Мæнг дуне дам уыди фынæй, æмыр æмæ саудалынг. Стæй арвыл фæзынди мæйы зынг, стъалыты æрттывд æмæ кæрæй-кæронмæ нывæндгæ рацыд  Æрфæны фæд. Уый фæстæ ссыгъди сæуæхсид æмæ цъæх арвыл фæзынди хуры цалх, стæй арвæй фесхъиудта зынджы стъалфæн æмæ сау фæнык фестади зæххыл. Хуыцау сфæлдыста уыцы æрвон арты сыгъдонæй Нарты…»

Гъе, уымæн стæм хурау тыхджын,рæсугъд, зæрдæхæлар адæм.

Хъамбердиаты Мысост дæр æнæкæрон бирæ уарзта нæ чысыл Ирыстон, мадæлон æвзаг.

Хъуыстгонд ирон поэт Нигер дзы афтæ загъта: «Мысост цы уыдис,уымæй уафт уыдис аивады хæрдгæ хæлттæй. Аив йæ ацыд, аив йе 'рбацыд, аив йе сныхас, йе схудт, аив, бынтон аив та йæ зард. Мæ зæрдæ мæм афтæ дзуры, æмæ Ирыстоны хæхтæ Мысосты зардæй аивдæр зарæг нæма фехъуыстой…»

Джыккайты Шамил та йæ схуыдта: «Бонвæрнон сæууон стъалы…»

Æмæ уыцы стъалыйау хæрз цыбыр уыди йæ цард-дыууæ æмæ ссæдз азы. Фæлæ уæддæр сси Ирæн йæ цин æмæ йæ уалдзæджы «зарæггæнæг».

Фыццаджыдæр, мæн фæнды, цæмæй Мысосты бауарзат куыд адæймаг æмæ уæ  йæ царды хабæрттимæ зонгæ кæнын райдайдзынæн мысинæгтæй.

(Уалыты Т.чиныг «Уæлæмхасæн æрмæг ирон литературæйы уроктæм» ист æрмæгæй спайда кæнын ф.51-54)

Мысинæгты фæстæ равдисын видео (скъуыддзаг)поэты цард æмæ сфæлдыстады тыххæй.

- Мысост, йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй фыссын райдыдта дыууадæсаздзыдæй. Йæ поэзи алывæрсыг у, йæ цины зарджытæ кодта ног советон цардыл, тох кодта æнæхъæугæ æгъдæутты ныхмæ, фæсивæды зæрдæйы уарзондзинад тауын ног дугмæ. Уымæн æвдисæн йе 'мдзæвгæтæ: «Хъама», «Ног æфсад», «Ныстуан Дзерассæмæ», «Фæндон» …

Æцæгæйдæр, тагъд кодта цæрынмæ. Мæскуыйы дæр йæ ахуыр æртæ азмæ уымæн фæци, кæй фæрынчын, уый аххосæй. Кæд бирæ фæтох кодта йæ низимæ Мысост, уæддæр йæ бон ницы баци. Бамбæрста йæ уавæр, тыхстис йæхимидæг, фæлæ йæ æддæмæ не 'вдыста. Фæндыдис æй, цæмæй йæ бахъуыды кæной цин æмæ амонд æфсæст поэтæй.

Йæ зæрдæ кусынæй банцад 1931 азы, 5-æм декабры.

Ныгæд æрцыд Дзæуджыхъæуы, ирон аргъуаны кæрты цы уæлмæрдтæ ис, уым.

Фæлæ Мысосты хуызæн поэтæн мæлæн нæй, уымæн райстон нæ урочы эпигрæфæн ацы рæнхъытæ.

- Цавæр æнкъарæнæй дзаг сты ацы рæнхъытæ, стæй ног фæлтæр та кæй хоны?

  1. Æмдзæвгæйыл куыст.

-Поэтæн йæ алы рæнхъ дæр у бæллиццаг, цардæй æфсæст. Ныртæккæ бакæсдзыстæм æмдзæвгæ «Хурмæ курдиат» Цæмæй йын йæ мидис хуыздæр бамбарат,уый тыххæй зынæмбарæн дзырдтæ равзарæм.

1. Дзырдуатон куыст

  • Бæллын-тырнын
  • Ризгæ зард- зæрдиаг зард
  • Хъæстæтæ – тугхæстæг

2. Ахуыргæнæг йæхæдæг дзуры æмдзæвгæ

Æмдзæвгæйы анализ:

  • -Фæцыдис уæ зæрдæмæ? Уæдæ мæн фæнды раздæр смахмæ байхъусын.
  • -Куыд бамбæрстат æмдзæвгæйы мидис?
  • -Цæмæн схуыдта поэт йе 'мдзæвгæ «Хурмæ курдиат»?
  • -Кæмæ здæхт у лирикон хъæбатыры ныхас?
  • -Цы нысан кæны хур æмдзæвгæйы?
  • Афтæ тынг æм цæмæн бæллы поэт?

- Æцæгæй дæр, ацы æмдзæвгæйы лирикон хъайтар цæттæ у, йæхи рæзгæ цард æмæ сфæлдыстад адæмы сæрвæлтау æрхæссынмæ. Хур та у Мысостæн сæрибар æмæ рухсы нысан. Нæ поэт цин кæны ног дуджы ралæудыл. Йæ зæрдæ дзаг у алы рæсугъд фæндтæй.

  1. Чиныгимæ куыст.

Сывæллæттæ радыгай кæсынц æмдзæвгæ(хъус дарын ,цæмæй аив кæсой,уымæ)

- Цавæр литературæ аивгæнæн мадзæлттимæ сæмбæлдыстут тексты?

Цы хонæм эпитет, олицетворени?

3. Интерактивон фæйнæгыл куыст. (Хуры тыххæй æмбисæндтæ «сæмбырд» кæнын)

Хур алкæуылдæр æмхуызон кæсы.

Хурæй ничи хъаст кæны.

Хур дæр йæ афоныл скæсы.

Хурмæ дæр кæсын зонын хъæуы.

Хур кæцырдыгæй тавы,адæймаг йæ цæсгом уыцырдæм дары.

Хур стъалытæй зынг нæ куры.

Хур тавы зæхх,лæджы зонд та-зонындзинад.

Хур фынæй чи кæны,уый нæ фæрсы.

Хурыл дæр алчи нæ цин кæны.

Хурыл дæр нæй аууæндæн.

4. Къордты куыст

Сывæллæттæн лæвæрд цæуы уыци-уыцитæ,сæ мидисмæ гæсгæ урочы темæмæ хæстæг

Хъуамæ сæ базоной æмæ ма уыцы дзырдтимæ æрхъуыды кæной æмбисæндтæ.

Уыци-уыцитæ

Æрмæст мæ ном дæр адæмæн зынаргъ у!

Рæсугъд фидæнмæ алкæддæр мæ каст.

Фæтох кæнынц, мæ фенынмæ фæбæллынц.

Фæзынын сæм æнæнхъæладжы, вваст! (сæрибар).

Ирон дзырдтæн сæ хуыздæр дæн ,бæгуыдæр

Куывд уа,чындзæхсæв-рохгæнæн мын нæй!

Нæ фидауы нæ дзырдуат дæр æнæ мæн,

Нæ чысыл Ир,сæрыстыр у мæнæй.(фарн).

Ирон лæгæн æнæ мæн нæй цæрæн.

Фыдæлтæй нырмæ семæ дæн кæддæрид,

Кæд иуæй-иутæй ферох дæн,

Уæддæр, уырны мæ,

Фæсмон сæм кæд æрцæуид.(æгъдау).

Ирон хæдзар æнæ мæнæй мæгуыр у.

Куывды сæр дæн дзаджджын фынгыл ,бæгуы.

Зæрдиаг куыст,æнæ хинæй-мæ бындур,

Кæндзынæн уæд,фылдæ æмæ фылдæр.(бæркад).

  1.  Кæронбæттæн.

Урочы цы зонындзинæдтæ райстат, уый сбæрæг кæнæм тесты фæрцы.(сывæллæттæ кусынц пультытимæ).

-Æз  уæ абон разыйæ баззадтæн, уæхæдæг та?

-Уæ хуры нывтæ уæ нæ ферох сты?

-Бакæнут ма сæ уæ риутыл æмæ нæ буц уазджытæм уе 'ргом раздахут. Уадз æмæ нæ кълас хуры рухсæй байдзаг уа!

-Мæ зæрдæ уын зæгъы, цæмæй, Хъамбердиаты Мысостау, суат Ирыстонæн фæзминаг хъæбултæ, уыйау амондмæ, ногдзинæдтæм тырнат! Уарзат ирон дзырд!

  1. Хæдзармæ куыст:

Æмдзæвгæ «Хурмæ курдиат» сахуыр кæнын зæрдывæрдæй.