Нымӕцонтæ æмæ сæ арæзт. Дихон нымæцонтæ.
план-конспект урока (6 класс)

Урочы нысан:

 1) Морфологийы рацыд ӕрмӕг сфӕлхат кӕнын.

2) Бацамонын, ахуырдзауты зӕрдыл ӕрлӕуууын кӕнын, цы хонӕм нымацон, цавар хуызтӕ вӕййы нымӕцонтӕн.

3) Бакусын нымӕцонты аразтыл.

4) Хъомыладон хӕс: скъоладзаутӕм сывзӕрын кӕнын разӕнгарддзинад нымайынад ӕмӕ нымайӕджы дӕсныйадмӕ.

 

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл nymatson_6_kl.docx401.97 КБ

Предварительный просмотр:

Темӕ:  Нымӕцонтæ æмæ сæ арæзт.Дихон нымацонтæ.

Урочы нысан:

 1) Морфологийы рацыд ӕрмӕг сфӕлхат кӕнын.

2) Бацамонын, ахуырдзауты зӕрдыл ӕрлӕуууын кӕнын, цы хонӕм нымацон, цавар хуызтӕ вӕййы нымӕцонтӕн.

3) Бакусын нымӕцонты аразтыл.

4) Хъомыладон хӕс: скъоладзаутӕм сывзӕрын кӕнын разӕнгарддзинад нымайынад ӕмӕ нымайӕджы дӕсныйадмӕ.

Урочы цыд:

1.   (Райуарын карточката дзырдуатон куыстæн æмæ паспортта,фæйнæгыл бакæнын хæдзæрттæ)

2.  Рацыд ӕрмӕг зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнын.

3.НЫФФЫССЫН  НЫМÆЦ.

4.Дырдуатон куыст: карточкæтимæ куыст æмæ кæрæдзийы куыстытæ бæрæг  кæнынц,смайликтæ æвæрынц .    

Ахуыргӕнӕджы разныхас:

-Номдар,миногон,мивдисаг……

-Цы ранымадтон?

-Æвзаджы цавæр раздел ахуыр кæны ныхасы хайттæ?

-Уæдæ абон дзурдзыстæм морфологийы цæрджытыл.

2.(Файнагыл 3 хадзары

-Адон сты морфологийы цæрджытæ.

- Сымах зонут номдар ӕмӕ миногон , сӕ иу ӕвдисы предмет, иннӕ та предметы ас, хъӕд,конд,хуыз,сты кӕрӕдзиуыл ӕнгом баст, ома фӕлӕууынц иу хауӕны, иу нымӕцы. Уый хорз,фӕлӕ ма номдарӕн зонын хъӕуы йӕ бӕрц , ома цал нӕм ис лӕппутӕ,  чызджытӕ, хъӕутӕ.

-Предметы бæрц æмæ рæнхъæвæрд та цавæр н.х. æвдисы?(Нымæцон).

Ах-г та ныхасы фæйнæгыл нымацоны хæдзар.

-Цы æвдисынц нымæцонтæ?предметы бæрц æмæ рæнхъæвæрд

-Сæ нысаниуæгмæ гæсгæ цавæртæ вæййынц?

Бæрцон

Рæнхъон

Дихон

Мурон

-Са аразтма гасга та?

Хуымæтæг

Вазыгджын

Амад

-Алы хадзары цараган дар ваййы паспорт.Мах дæр нæ хадзары цæрджытæн паспорт скæнæм.

3.-Райсут паспорттæ æмæ сæ баххæст кæнут

4.Къордты куыст.

Ирон нымады хуызта зардыл арлаууын канын.

1-аг къорд.

Нымацонты сæрмæ  ныффыссын амбалга нымацта.

     Фондз æмæ ссæдз,æхсæз æмæ дыууиссæдзы,æвддæс æмæ дыууиссæдзы,æртындæс æмæ æртиссæдзы,дыууæ æмæ цыппарыссæдзы,æхсæрдæс æмæ цыппарыссæдзы,æртæ æмæ фондзыссæдзы,æртындæс æмæ фондзыссæдзы,дыууæ æмæ дыууæ фондзыссæдзы,фондзфондзыссæдзы æмæ иуæндæс.

2-аг къорд

 Нымацонты сæрмæ  ныффыссын амбалга нымацта.

     Дыууын æртæ,цыппор фараст,фæндзай фараст,æртын æртæ,фондз æмæ фондзыссæдзы,дæс æмæ æртæ фондзыссæдзы,дыууадæс  æмæ цыппарыссæдзы,æхсæрдæс æмæ æртиссæдзы, æвдай аст,фынддæс æмæ цыппарыссæдзы.

-Уæдæ цаварта сты ирон нымады хуызта?

      НОГ ÆРМÆГ

Абон бæлвырддæр æрлæудзыстæм дихон нымæцонтыл.

-Дзырд –дихон-дзырды хæйттæм гæсгæ равзарын

Дзырд-дихон-дих- ирон æвзаджы амоны фæдих кæнын.

_ахъуыды ма кæнут,цы ис фæдих кæнæн?(халсартæ,дыргътæ)

-Арæх уæ урочыты адих кæнынц къордтыл

-Слæуут иугæйттæй,дыгæйттæй,цыппæргæйттай-ома,фадихта уæ кæнынц.

Ахæм нымацонтæ хонæм дихон нымацонтæ.

-Цавæр иумæйаг дзырды хай ис ацы нымæцонты? (гай)

-Уæдæ цæй руаджы рауайынц дихон нымæцонтæ?  фæсæфтуан-гай-ы руаджы.

     Чиныгима куыст.

Чиныджы армаг касынц 88 фарсыл.

Куыд тасындзаг кæнынц  дихон  нымæцонтæ уымæ  хъус æрдарын.

-Тетрæдты куыст:

Фæлт.241.фæйнæгыл.

Фæлт243 (самост.)

      Рефлекси:

Урочы базыдтон……..

Урок мам æнцон (зын)амбарæн фæкаст,уымæн æмæ…..

Бæрæггæнæнта сæвæрын.

     Х/к.ныффысын цыбыр хъусынганинаг,спайда кæнын нымæцонтæй(Ирыстоны хæхтæй иуы, кæнæ мæ уарзон горæты,сырды,зайæгойты тыххæй)

Хинӕйдзаг фарст:  

    Ссыгътой 15 мыдадзын цырагъы, фӕстӕмӕ дзы ахуыссын кодтой 10. Цал ма баззад цырагътӕй ӕнӕсыгъд?


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Урочы темӕ:Ныууагътой нын нӕ фыдӕлтӕ хӕзна... Грамматикон темӕ:Нымӕцонты растфыссынад.

Бӕркадджын сты ирон адӕмы сфӕлдыстадон бынтӕ, ахъаззаг у сӕ историон ӕмӕ эстетикон нысаниуӕг.Джыккайты Шамил...

Урочы темӕ:Ныууагътой нын нӕ фыдӕлтӕ хӕзна... Грамматикон темӕ:Нымӕцонты растфыссынад.

Нымӕцонты растфыссынадыл дарддӕр бакусын; скъоладзаутӕм рӕзын кӕнын цымыдисдзинад иронау нымайынмӕ,ирон адӕмон сфӕлдыстадмӕ,нӕ адӕмы ӕгъдӕуттӕм....