Муз лит композ.
материал

Литературон – музыкалон равдыст «Куыд кадджын, адджын дӕ мӕ цӕсты, мӕ ирон мадӕлон ӕвзаг!»

Ӕппӕтдунеон мадӕлон æвзаджы бон.

Цель: познакомить ребят с малоизвестным праздником – Международным днем родного языка, формировать бережное отношение, как к родному, так и другим языкам, гордость за свой родной русский язык, чувство принадлежности ксвоим предкам, народу, культуре, воспитывать патриотизм, толерантность, развивать речь детей, память, мышление, ораторское искусство, раскрывать таланты ребят.

1 амонæг: Уæ бонхорз, зынаргъ æмбæлттæ!

2 амонæг: Уæ бон хорз, нæ зынаргъ уазджытæ! 

1 амонæг: Абон уæ мах æрбахуыдтам Ӕппӕтдунеон мадӕлон æвзаджы бӕрӕгбонмӕ. Нӕ мадӕлон ӕвзаг – ирон ӕвзаг дӕр ис уыцы ӕппӕтдунеон ӕвзӕгтимӕ.                                                                                  Аланӕ 1. Сегодня мы поговорим о языке, как о средстве общения. Неслучайно, ведь 21 февраля – Международный день родного языка! Он был учреждён в 1999 году.

Рустам. 2. В Международный день родного языка все языки признаются равными, поскольку каждый из них уникальным образом отвечает предназначению человека и каждый представляет живое наследие, которое нам следует оберегать.

Чариков 3. Я люблю свой родной язык!

 Он понятен для всех,

 Он певуч,

 Он, как русский народ, многолик,

 Как держава наша, могуч…

Герасименко Н.4. Он – язык Луны и планет,

 Наших спутников и ракет,

 На совете

 За круглым столом

 Разговаривайте на нём:

 Недвусмысленный и прямой,

 Он подобен правде самой.

Аланӕ . Международный день родного языка, прежде всего, направлен на защиту языков, которые исчезают. И задача эта важная, ведь в наши дни каждый месяц в мире исчезает два языка.

Рустам В Международный день родного языка все языки признаются равными, поскольку каждый из них уникален. В России государственным является один язык – русский. Но Россия – многонациональное государство. И в состав этого государства входим и мы – осетины.

Родной язык!

Он с детства мне знаком,

 На нем впервые я сказала «мама»,

На нем клялась я в верности упрямой,

И каждый вздох понятен мне на нем.

Манукьянц Л. Родной язык!

Он дорог мне, он мой,

На нем ветра в предгорьях свищут,

На нем впервые довелось услышать

Мне лепет птиц зеленою весной…

(Бæрæгбоны райдианы сценæйыл æвдыст цæуы презентаци Ирыстоны тыххæй, ирон фысджытæй æмæ ирон хæхты диссаджы æрдзæй).

1 амонæг: Ӕмӕ у, нæ фыдæлтæ нын цы фӕрнджын бынтӕ ныууагътой, уыцы хæзнатӕн сӕ ахъаззагдӕр хæзна.

2 амонæг:Хонæм уæ цы мадзал бацӕттӕ кодтам ацы стыр бӕрӕгбоны фӕдыл, уымӕ: литературон – музыкалон  равдыст «Куыд кадджын, адджын дӕ мӕ цӕсты, мӕ ирон мадӕлон ӕвзаг!»

Бикойты Лаурӕ Кæсæг: «Мадæлон æвзаг» (Хъайтыхъты Азæмæт)

О, мадӕлон ӕвзаг, дӕуӕн та цы зӕгъон!

Дӕу аккаг хӕзна дзырд зӕххы цъарыл нӕй,

Мӕ уды быцъынӕг куы хауид мӕ хъуырӕй,

Уӕддӕр дӕ ӕвдадзыл нӕ акӕнин уӕй.

Куыннӕ ис дунейыӕвзӕгтӕ та бирӕ,

Къуымыхдӕр дзы се ᾿хсӕн иу иннӕмӕй нӕу.

Мӕ мадӕлон ӕвзаг, хӕрын дын ыстыр ард,

Ӕз се ᾿ппӕтыл иумӕ нӕ баивин дӕу.

Ӕнӕ дӕу ӕз уаин куысыфтӕгау афтид,

Цӕрдудӕй дын мардау ӕз уаин фынӕй.

Мӕн сусӕны мӕй дӕр ӕнӕ дӕу нӕ бавид,

О, мадӕлон ӕвзаг, цӕй диссаг дӕ, цӕй!

Плиты Вадим  «Мадæлон æвзаг»

Фыдæлты буц æвзаг – нæ зæрдæ.

Нæ зонд, нæ цыт æмæ нæ намыс,

Дæу радта Хуры цот, цæхæртæ

Зынг хурау уый тыххæй ныр калыс.

Фæлмæн дæ булæмæргъы зардау,

Хъæздыг – ныййарæг мады уарзтау,

Æнæсайд – дард аланты ардау,

Цæры нæ зæрдæты дæ уаз тау.

Рæдау æфсинау нæм æрхастай

Æфсарм, Æгъдау æмæ  Сæрыстыр.

Дæу дугты уадтымыгътæ хастой –

Æндонау нарты гуырдтау сæрст дæ.

Ды дæ нæ хæзнадон, нæ хъуыды,

Нæ цин, нæ хъыгтæ дыл æууæндæм.

Дæуæн дæ алы дзырд налхъуыт у,

Æмæ сæ зарджытæ нывæндæм.      ( Уалыты Лаврент)

2 амонæг: Нæ фыдæлтæ нын хорзæй цы ныууагътой, уыцы хæзнатæй иу у нæ мадæлон æвзаг. Ирон æвзаг у аргъæуттæ, таурæгътæ, æмбисæндтæ, Нарты кадджыты æвзаг, Къоста, Васо, Секъа æмæ иннæ куырыхон лæгты æвзаг.

1 амонæг: Мадæлон æвзаг нæ туджы ахъары мады æхсыримæ, йæ алолайы зарджытимæ, хистæрты аргъæуттæ æмæ таурæгътимæ.

Кæсæг. Мӕрзойты Олег

Не взаг – ирон лæджы царды бындур.

Не взагимæ ныл ыскæсы  нæ хур.

Не взаг нæ цардæн у фидар гæнах!

Не взаг – нæ къонайы судзгæ цырагъ.

Не взаг – Къостайы фæдонты хъысмæт.

Æмæ йыл бакæнут, ба, мæ хур, мæт!

Уый нын нæ хæхтау æнусты цæрдзæн!

Арвау цæхæркалгæ дардыл нæрдзæн!

       Не взаг – хæзнадон, бæркадджын къæбиц.

       Не взаг – нæртон лæджы рагон бæллиц.

       Не взаг – Васойы хъуыдыты цæхæр.

       Не взаг – у не гъдау, нæ амонды сæр.

Не взаг – дыууæ Иры иугæнæг хид.

       Не взаг! Ирон лæджы уæнгты æхсид !

       Ма уæд ирон тугæн фесæфæн, ма !

       Не взаг æнгомдæр, уадз, Иры бæтта !

Не взаг – нæ фыдæлты фарн æмæ кад.

       Не взаг – нæ намыс, нæ уыдзæн æгад.

       Арвыл кæй ном фыст æрцыдис, кæс-ма!

    Сгъалыты дзыгуыр ысхуыдтам «Къоста!»

3 амонæг: Ирон æвзаг, нæ фыдæлты хæзна, у тынг рагон æмæ хъæздыг. Æнусæй æнусмæ алы рæтты цæугæйæ ирон адæмæн уыди бирæ алыхуызон сыхæгтæ. Уымæ гæсгæ не ᾿взаг у бирæвæрсыг, къабазджын. Ирон æвзаг у, зæххы къорийыл рагондæр цы фондз æвзаджы ис, уыдонæй иу.

Венерӕ «Уæ мæ ирон æфсымæр.»

       Уæ мæ ирон æфсымæр,

       Абон булæмæргъ зарыди хъæды.

       Уый йæ зарæг нывæзта

       Йæ фыдæлты уагыл.

       Уæ мæ ирон æфсымæр,

       Абон булæмæргъ зарыди таджы

       Зарæг афтæ мыдамæст, рæсугъд уыд,

       Цыма зæлыд нæ ирон æвзагыл.   ( Уалыты Лаврент)

4 амонæг: Мæнæ куыд зæгъы ирон номдзыд поэт Дзанайты Иван – Нигер  мадæлон æвзаджы тыххæй: «Ахуыргонд адæймаг æппæты фыццагдæр йæ мадæлон æвзаг базоны, уый фæстæ та – иннæ  адæмты æвзæгтæ».

3 амонæг: Ахсджиаг у мадæлон æвзаг, хъуамæ алы ирон адæймаг дæр зона йæ мадæлон æвзаг. Уый афтæ куы нæ уаид, уæд мах абон куыд хъусиккам, æмбариккам ирон адæмы уарзон поэт, нæ сæрхъуызой Хетæгкаты Къостайы уацмыстæ?

4 амонæг: Æвæдза, ирон адæм тынг амондджын сты, уымæн æмæ нын ис æмбисонды тырыса – Къоста. Къоста скадджын кодта ирон адæмы ном, сыгъзæрин дамгъæтæй йæ ныффыста Кады тырысайыл. Махæй æнамонддæр уæд нæ уыдзæн, æмæ искуы тырыса дæлæмæ куы ‘руадзæм.

Кӕсӕг. Цӕгӕраты Максим. Сагъӕстӕ(Къостайӕн).

Дудайты КамиллӕРыст лӕджы хъуыдытӕ – мӕ нывӕрзӕн базӕн,

Рыст лӕджы хъуыдытӕн – мӕ зӕрдӕ сӕ авдӕн.

Фыййауы уадындзӕн йӕ зарӕг – мӕ риуы.

Нӕ сидзӕрты кӕуын мӕ зӕрдӕйы ниуы.

Салдаты нӕмыгдзӕф мӕ зӕрдӕйы дуды,

Хӕстоны уӕлахиз мӕ зӕрдӕйы схуды.

Ныййарӕджы цӕссыг мӕ цӕстытӕй гуыры.

Мӕ сагъӕсты сагъӕс – ӕдзухдӕр мӕгуырыл.

Нӕ хӕхты бӕркадӕн йӕ рантыст – мӕ тыхы,– 

Лӕг райгуыры раздӕр йӕ хӕдзар, йӕ сыхы.

Фыццаг хурыскастӕн йӕ йӕ худын – мӕ худын.

Сыгъдӕг удты сидын – ӕдзуждӕр мӕ сидын.

Мӕ бӕсты сагъӕстӕ – мӕ нывӕрзӕн базӕн,

Мӕ бӕсты бӕллицтӕн – мӕ зӕрдӕ сӕ авдӕн.

Кӕм дӕ, Къоста, ды не стыр ныфс, нӕ уарзт дӕ.

Ӕнӕ дӕу сидзӕр Иры зӕхх – ӕдзыт.

О, Хетӕджы – фырт, чи загъта, ды мард дӕ?

Фӕзын, ӕрвнӕрӕгау, азӕла дӕ дзырд.

Кæсæг:         Битеты Дианӕ «Нæ Иры намыс»

Къоста, Къоста, Ирыстоны кад,

Ирон æвзаджы цæстуынгæ бæркад,

Дæ зарæг ногæй нæ хъустыл ауад,

Дæ ныфс фæлтæртæн дæнцæгæн баззад.

Къоста, Къоста, нæ Иры стъалы,

Мæйдар æхсæв дæр цæхæртæ калы.

Дæ «Ирон фæндыр»-не стырдæр хæзна,

Дзыллæты фарнæн бонногдæр кæна.

Къоста,Къоста,нæ Иры намыс,

Адæмты ныр дæр дисы æфтауыс,

Дæ зарæг кæмтты æдзух нæрдзæн,

Дæ ном æнустæм немæ цæрдзæн!

1 амонæг: Æвзаг у адæмы хъуыдыйы хотых, мадзал, культурæйы хæзнаты цыртдзæвæн. Æвзаг цас хъæздыгдæр уа, цас хуыздæр таса адæймаджы домæнтæм гæсгæ, цас тынгдæр иу кæна адæмы, уыйас хуыздæр æххæст кæны йæ социалон хæстæ.

Кæсæг:          Бязырты Ангелинӕ«Мадæлон æвзаг»

Уадз, равзæрæд сæдæ взаджы мæ комы,

Хуыцау мын раттæд минмырон хъæлæс,

Цæмæй дæттон сæдæ нуазæны куывды,

Цæмæй ныззарон булæмæргъау æз.

Цæмæй нæ хæхтæм хорз уазæг куы рцæуа, –

Æфсымæр ын йæхи взагыл зæгъон.

Цæмæй, фыдгæнæг мах бæстæм куы цæуа, –

Йæ ныхмæ кард йæхи взагыл цæгъдон!

Фæлæ уæддæр, уæззау тохтæм цæугæйæ,

Нæ фыдæлтæ цы взагыл хордтой ард,

Цы взагыл хъусын Терчы ирд уылæнтæм,

Кæй фæрцы ис нæ хорз аргъæуттæн цард,

Цы взагыл кодта хъарджытæ ныййарæг,

Йæ дарæгæй йæм сæу гæххæтт куы рцыд,

Цы взагыл дзурæм: «Фесгуыхт та ирон лæг!»

Зæгъут-ма, уый куыд бамыр уыдзæн, куыд?

Кæсæг:         Остъаты Маринӕ  «Ирон æвзаг»

Сабийæн авдæнмæ дзидзи мад дары.

Мидбылты худгæ йын «А-лол-лай» зары.

Саби дæр раст цыма зарæг æнкъары,

Мады ныхæстимæ не взаг æмбары.

Байрæз мын, байрæз, мæ зæрдæйы уидаг,

Сомбон нæ Ирæн куыд уай ды ысуинаг

Макуы сив мады æвзагыл дæ зæрдæ,

Ничи дыл зæгъдзæн, мæ хур, уæд «æвзæр дæ».

Дар-иу дæ зæрдыл нæ рагфыдæл Нарты !

Уыдон Куырдалæгон бахсыста й арты.

Уыдоны фарнæй мын хайджын куыд фæуай,

Ирæн мын разагъды сахъгуырд куыд ысуай!

Кæсæг:        Есенаты Снежанӕ«Фыдæлты хæзна»

Нæртон фæндыр, дæ рæсугъд зæлтæ

Сты лæджы удæн зынаргъ.

Ирон лæппутæ æмæ чызджытæ,

Зард, кафтæй фидаут сымах.

Нæртон фæндыр, зæрдæйы тæгтæй

Дæу сарæзта Сырдон кæддæр.

Гъе, уымæн агайыс мæ зæрдæ,

Кæд не мбарыс мæ рыст, уæддæр.

Ды ног чындзау ирон хæдзарæн

Йæ фидыц, йе хсинаг куы дæ.

Дæу фæрцы уарзæттæ сæ сæнттæ

Фæцæгъдынц зарджыты, бæргæ.

Нæртон фæндыр, дæ кад, дæ намыс

Æнустæм цардамонд хæссæнт,

Дæу фæрцы базыртæ æрзайынц,

Ды дæ æвдадзы хос мæнæн.        ( Гæбуаты Галинæ )

Фæндырдзæгъдæг ацагъта ирон цæгъдтытæ .

1 скъоладзау: Ирон æвзагыл бирæ бакуыста академик Андрей Шегрен. Цард 1794-1855 азты. Шегрен дыууæ азы фæцард Ирыстоны æмæ сахуыр кодта ирон æвзаджы диалекттæ. Дзырдта сыгъдæг ирон æвзагыл. Сæрдæй зымæгæй зылди ирон хъæутыл, ахуыр кодта ирон адæмы истори æмæ æвзаг. Ныффыста чиныг «Ирон грамматикæ». Мыхуыры рацыд 1884 азы.

2 скъоладзау: Ирон æвзаг æмæ культурæйы рæзтыл ноджы фылдæр хæрзты бацыд академик Всеволод Миллер. Цард 1848- 1915 азты. Фыццаг хатт Ирыстонмæ сæфтыд 1879 азы хæрз æрыгонæй. Уæдæй фæстæмæ Ирыстоныл фæзылд цыппар сæрды дæргъы. Ирон адæмы цардыуаг Миллеры зæрдæмæ ноджы тынгдæр бахызт. Не ‘взагимæ ахуыр кодта фольклор, этнографи, археологи, истори. Уыйас хорз базыдта ирон æвзаг, æмæ æнцонæй дзырдта ирон куырыхон зæрæдтимæ, лæмбынæг хъуыста кадджытæм, аргъæуттæм, æмбисæндтæм.

3 скъоладзау: Францаг стыр ахуыргонд Жорж Дюмезиль цард 1898- 1987 азты.Ирыстоны зæххыл никуы æрлæууыд, фæлæ бындуронæй сахуыр кодта кавказаг адæмты филологи, уыдонимæ туркаг ирæтты æвзаг, истори æмæ адæмон сфæлдыстад, уæлдайдæр та- Нарты кадджытæ. Нарты кадджытæ кæд ахуыргæндты иу къорд нымайынц Кавказы адæмты иумæйаг сфæлдыстадыл, уæд Жорж Дюмезиль фидарæй загъта: «Уыцы диссаг дзырддаг нæу, уымæн нæу, æмæ æвзаг æмæ фольклорæй  ирæттæ разындысты æппæтæй хæдзардзиндæр индоевропæйаг адæмты традицитæ бахъахъхъæнынмæ»

4 кæсæг: Абайты Васо уыд стыр ирон ахуыргонд. Райгуырд 1900 азы хæххон хъæу Къобы, Арвыкомы фæндаджы был. 1925 азы каст фæци Ленинграды университет. Уæдæй фæстæмæ куыста æвзагзонынады æмæ ахуыры алы къабæзты, раиртæста бирæ ахсджиаг æмæ вазыгджын фарстатæ. Йæ куыстытæй уæлдай ахадгæдæр сты «Ирон æвзаг æмæ фольклор», «Нарты эпос», ирон æвзаджы грамматикон очерк», «Уырыссаг-ирон дзырдуат», «Ирон æвзаджы историон- этимологон дзырдуат». Васойы зонынц алы бæстæты æмæ йын стыр аргъ кæнынц йæ зонадон куысты тыххæй. Абайты Васо  нымад у ирон æмæ ирайнаг æвзагзонынады тæккæ зындгонддæр æвзаг иртасæгыл.

Нæ зындгонд ирон ахуыргонд  Абайты васо фыста: «Алы æвзæг дæр йæ адæмæн стыр у. Ахуыргонд адæймаг æппæты фыццаг йæ мадæлон æвзаг сахуыр кæны стæй æндæр адæмы æвзæгтæ. Мадæлон æвзагыл нæ дзурын – ныййарæг мады ныууадзынæй уæлдай нæу».

5 скъоладзау: Ирон удыхъæдæй уынгæг хæхты цъæстæй бирæ дарддæрмæ чи касти æмæ нæ фидæн чи уыдта, ахæм куырыхонтæ уыдысты Æгъуызаты Иуане, Хъаныхъуаты Инал, Хетæгкаты Къоста, Гæдиаты Секъа, Дзасохты Гиго, Гæдиаты Цомахъ, Нигер æмæ бирæ æндæртæ.

 Мах абон ныллæг кувæм нæ сæртæй, не ‘взаг абон кæй руаджы зæлы, нæ уыцы разагъды лæгтæн.

Кæсæг:  Мая «Ирон дзырд»

Дæ зæрдæйы бынæй цы бæстæ уарзыс,

Уый у дæ хъысмæт, дæ ном.

Ирон дзырд махæн – фыдæлты намыс

Ирон дзырд – Иры цæсгом.

Æз балбæлас федтон дидинæг калгæ,

Ног чындзау дардмæ зындис.

Сæууон рухс уагъта бæрзонд уæларвмæ, –

Уый кæд ирон дзырд уыдис.

Ирон дзырд, ирон дзырд тæхгæ цæргæс у,

Рагæй йæ агуырдтон æз.

Ирон дзырд мады фæлмæн хъæлæс у,

Ирон дзырд – мады æнгæс.

Ирон дзырд – хурдзæсгом, зæххыл нæ уды,

Арв та – йæ базырты бар.

Уалдзыгон бонау мидбылты худы,

Гом кæны зæрдæйы дуар.

Ирон дзырд мæн абон йæ куывдмæ хоны,

Цин ма цы вæййы æндæр?

Абон, ирон дзырд, дæ бæрæгбоны

Хъуамæ фæзарон æз дæр.

О, ацы уалдзæджы фыццаг арвнæрдæн,

Ирон дзырд басгуыхт æмбал.

Дзырдаивады æрвхуыз уыгæрдæн,

Дидинæг, дидинæг кал!

Дæ зæрдæйы бынæй цы бæстæ уарзыс,

Уый у дæ хъысмæт, дæ ном.

Ирон дзырд махæн – фыдæлты намыс

Ирон дзырд – Иры цæсгом. ( Чеджемты Ахсар )

3 амонæг: Фæлæ, хъыгагæн, бирæтæ ирон æвзаг сæ сæрмæ нал хæссынц. Ахæм адæймаг у æнæфенд, цыбыр зонды хицау. Йе взагыл былысчъил, уæлæхох чи кæны, уымæй хорз адæймаг никуы рауайдзæн, уымæ хорз фидæн не ‘нхъæлмæ кæсы, мæнæ, бæласыл бадгæйæ, къалиу йæ быны чи лыг кæны, уый хуызæн.

Дзагъиаты Екатеринӕ Кӕсӕг.  «Уайдзæф»

Ирон æвзаг,

Ирон кæрдзын

Уæ сæрмæ дæр куы нал хæссут !

Дзæбæх мын ут, фæлæ тыхстæй

Иронау дæр куы нал хъæрзут.

Йæхи дурæй,

Йæ бындурæй

Æргъау мæсыг цæмæ хæлы?

Мæ сау нымæт, мæ сау саргъыл

Мæ цæстысыг цæмæ згъæлы?

Нæй фесæфæн ирон æвзагæн, нæй,

Ирон адæм уæд фесæфдзысты демæ.

Ирон æвзаг мæ зæрдæ у мæнæн,

Куы мæла уый, уæд амæлдзынæн йемӕ.   ( Чеджемты Ахсар)

2  амонӕг: Бакæсæм сценкæмæ «Ирон чызджытæ».

Сценкæ«Ирон чызджытæ».

(Дыууæ чызджы æрбауайынц. Хъæуы уазæг сæм хæстæг бацыд, æмæ сæм дзуры)

(Арсен)Уазæг: - Уæ бон хорз чызджытæ!

(Ладӕ) Фатик: - Здрасте!

(Данӕ) Светик: Привет!

Уазæг: Иронау нæ зонут, ацы хорз чызджытæ?

Фатик: - Æз зонын. Скъолайы дæр ирон проходит кодтон. Фæлæ мæнæ Светик хорз нæ зоны, уый половина осетинка у.

Уазæг: Ома куыд половина?

Фатик: - Йæ мад уырыссаг у.

Уазæг: Æмæ уæд ды та цахæм осетинка дæ? Стæй дæ ном цы хуыйны?

Фатик: Æз та целая осетинка дæн. Стæй мæ ном та Фатик.

Светик: Фатикæн йæ родителтæ осетинтæ сты дыууæ дæр.

Уазæг: Æмæ ахуыр та кæм кæнут?

Светик: Æз Владикавказский техникумы, первый курсы.

Фатик: Æз дæр Светикы однокурсница дæн.

Уазæг: Æмæ цæргæ та кæм кæнут?

Фатик: Æз Ардонский дæн.

Светик: Æз та Владикавказский.

Уазæг: О, оооо! Уæдæ уæ иу горæттаг у, нæ?

Светик: О, о ! Æз Владикавказаг горæттаг дæн.

Уазæг: Уæдæ мæм хъусут, целая осетинка æмæ половина осетинка.

Иронау дæ ном хуыйны Светланæ, кæнæ Ацырухс. Дæуæн та Фатимæ. Стæй уæ иу Дзæуджыхъæуккаг у, иннæ та Æрыдойнаг. Стæй уæ целый æмæ половина дæр ничи у, Фатимæ у сыгъдæг ирон, кæцы Светикæй ницæмæй хицæн кæны.

Светланæ дæр ирон, фæлæ ахæмы фæхонæм æрдæг ирон.

Смахмæ та куыд фæкаст, истæмæй хицæн кæнынц кæрæдзийæ Фатимæ æмæ Светланæ?

Мæнмæ гæсгæ дыууæ дæр æмхуызон сты. Светиктæ æмæ Фатиктæ дæр , уымæн хуыйнынц.

4 амонæг: Мах хъуамæ бахъахъхъæнæм цæстыгагуыйау нæ фыдæлты хæзна – мадæлон æвзаг, уæм сæрыстыр нæ Ирыстонæй, не’гъдæуттæй, нæ адæмæй.

3 амонæг: Адæймаг цал æвзаджы зона, уал лæджы у. Фæлæ цасфæнды æвзæгтæ ма базонæм, уæддæр сæ бындурон хъомыс вæййы мадæлон æвзаг.

КæсæгГуырцъыты Аминӕ  Ирон æвзаг – нæ хæзнаты хæзнадæр,

        Æвидигæ, æлутонау, йæ тых.

        Нæй махæн уымæй а зæххыл зынаргъдæр,

        Æнустæм у æнæмæлгæ, хъæддых.

       Нæ зарджытæ ирон æвзагыл зарæм,

       Нæ истори ирон дзырдтæй фыссæм.

       Нæ «Кадджыты» дунейы хæрзтыл барæм,

       Сæ хъайтарты нæ зæрдæмæ хæссæм!  ( Цомартаты Дунетхан)

4 амонæг: Ирон æвзаджы хъысмæт аразгæ у не’ппæтæй дæр, æмæ йыл хъуамæ иумæ зæрдиагæй кусæм.

Багаты В.Б. Сты зондæн уацхæссæг æппæт дунейы ᾿взæгтæ,

Нæ дзы ᾿взæры хæстæг æмæ дæрддаг.

Фæлæ ныххойыс зæрдæйы къæсæртæ,

Æрмæстдæр ды, нæ мадæлон æвзаг.

Куы нæ уа не ᾿взаг, нал уыдзыстæм мах дæр,

Нæхи сæфтмæ цæмæ бæллæм, зæгъ-ма!

Фæдисонау цæгъдæм дзæнгæрæг Ирыл:

О, бахъахъхъæнæм не стырдæр хæзна !

Амонӕг : Нæ абоны бæрæгбон кæронмæ æрхæццæ.

Амонӕг: Нæ буц уазджытæ, цины бæрæгбæтты æмбæлут!

Дзантиаты Арсен «Нӕ кӕстӕртӕм»(Хуытыгаты Хъазыбег)

                                    Тебиаты Артур « Ракуывд»(Соттиты Риммæ).

О, Дунескæнæг Стыр Хуыцау!

Де сконд адæм стæм, æмæ нын дæ хорзæх, дæ арфæйæ бахай кæн!

Адæмы сфæлдыстай а зæххыл кусынæн, цæрынæн, радтай сын æвзаг æмæ сын ноджыдæр хорздзинæдтæ дæ цæст бауарзæд!

О, намысджын æмæ хъæбатыр ирон  адæм!

Курæм уæ! Уарзут æмæ дзурут уарзон мадæлон æвзагыл! Ахуыр кæнут уæ сабиты ирон æвзагыл æмæ ирон æгъдæуттыл! Уарзын кæнут уæ хъæбултæн Райгуырæн бæстæ, Фыдыбæстӕ – Ирыстон!

 Уыдон сты Ирыстоны райсомы ныфс.  Нæрæд ирон æвзаджы кад.

1 – кæсæг: Дунейы фарн зæгъæд, æмæ алы ирон адӕймаг дæр куыд уа хайджын ирон фарнæй, Къостайы ӕвзагæй!

Цард рæсугъд уæд у, æмæ хъæбул куы хъуса алыбон йæ мады фæлмæн хъæлæс, йæ мадæлон æвзагыл куы зæлой ирон дзырдтæ.

Нӕ куырыхон хистӕр, Ирыстоны адӕмон поэт

Ходы Камал куыд зӕгъы, афтӕмӕй: «Уадз ӕмӕ алы ирон хӕдзарӕй дӕр ирон куывд хъуысӕд».

          Иумӕ: «Мæлæн дын нæй, мæ фыдæлты æвзаг,-

Дæ зæронд мад у ацы зæххы къори,

Æмæ куы сæфай, ма зæгъæд ызнаг,-

Дæуимæ сæфы дунейы истори!»

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл muz_lit_kompoz.docx30.16 КБ

Предварительный просмотр:

Кæсæг:  Гуырцъыты Аминӕ  Ирон æвзаг – нæ хæзнаты хæзнадæр,

По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Музыкально-литературная композия "Вечный огонь - вечная слава"

Стихи, сценки, исторические факты времен Великой Отечественной войны, рассказы детей о своих предках - участниках сражений....