Скъоладзауты проектон куыст ирон литературæй урокты
статья

Солтанова Джульета Мухтаровна

 

"Проект" – бæлвырд куыстытæ, документтæ æмæ текстты иудзинад; предмет, объект кæнæ теоретикон продукт саразыны фæнд. Кæддæриддæр баст у сфæлдыстадон куыстимæ.

 

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл proekt_nog.docx68.88 КБ

Предварительный просмотр:

Солтанты Д.М.

38-æм скъолайы ирон æвзаг

æмæ литературæйы ахуыргæнæг

                   

            Скъоладзауты проектон куыст ирон литературæй урокты

"Проект" – бæлвырд куыстытæ, документтæ æмæ текстты иудзинад; предмет, объект кæнæ теоретикон продукт саразыны фæнд. Кæддæриддæр баст у сфæлдыстадон куыстимæ.

Проектон куыст - педагогикон технологи. Йæ нысан у зонындзинæдтæй царды мидæг пайда кæнын æмæ сæ хæдахуырæй фылдæр кæнын. Ацы метод  ахуыргæнæджы æмæ скъоладзауты разæнгард кæны иумæйаг сфæлдыстадон куыстмæ. Скъоладзаумæ ахæм хъуыды фæзыны: "Æз зонын, цы ахуыр кæнын, уый мæ кæй хъæуы, æмæ зонын, кæм æмæ дзы куыд  куыд спайда кæндзынæн, уый".

Проекты фæрцы ахуыргæнинæгтæ сахуыр вæййынц сæ зонындзинæдтыл æфтауын, фæзыны сæм ахуыр кæныны фæлтæрддзинад. Ахуырдзау, цы хъусы æмæ цы кæсы, уымæн анализ кæнын, йæ  сæйраг хъуыды цæй мидæг ис, уый уынын, алыхуызон факттæ кæрæдзиимæ барын æмæ хатдзæгтæ кæнын куы сахуыр уа, уæд ын царды мидæг дæр æнцондæр уыдзæн, раст равзардзæн фидæны дæсныйад. Æнæмæнг хъæуы технологи, æмæ алы ахуыргæнæгмæ дæр цасдæр рæстæджы фæстæ фæзыны. Ис дыууæ варианты:

1) ахуыргæнæг хъуамæ йæхи технологи скæна;

2) иннæты фæлтæрддзинадæй спайда кæна.

Проекты методæн æппæты фыццаг йæ кой ракодта æмæ йыл бæстон æрдзырдта америкаг педагог Уильямом Килпатрик, 20-æм æнусы райдиан. Килпатрик хæст уыди  Джон Дьюийы философон концепцитыл. Дьюийы хъуыдымæ гæсгæ, адæймаджы йæ сабидуг æрмæст фидæны цардмæ нæ цæттæ кæны. Сабидуг у адæймаджы царды ахсджиаг къæпхæн. Ахуыргæнæг хъуамæ сывæллæттæн, æрмæст ас адæймаджы цы зонындзинæдтæ бахъæудзысты, ахæмтæ ма дæтта. Цы сын амонынц, уыдон сын хъуамæ сæ кары дæр фæпайда уой. Скъола, фидæны ас адæмы кæм цæттæ кæнынц, ахæм бынат нæу. Уым сывæллон цæргæ кæны, стæй дзы ахуыр кæны йæ алыварс дунейы цæрын, кусын, адæмимæ ныхас кæнын. Кæй зæгъын æй хъæуы, скъолайы сывæллæттæ, æнæмæнг сæ цы цы зонындзинæдтæ хъæуынц, уыдоныл дæр фæцалх вæййынц. Скъоладзау йæхæдæг цæуыл цымыдис кæны, цæмæ тырны, йæхи фæлтæрддзинад — уыдæттæ нымады куы уой, уæд ахуыры процесс арæзт уыдзæн нывыл.

Дзырд «проект» нысан кæны "кæй фехстой кæнæ размæ кæй ауагътой, ахæм цыдæр». Фæстаг рæстæджы ацы дзырд тынг арæх фехъусæн ис. Адæймаджы интеллектуалон æмæ практикон куысты исты ногдзинад кæнæ оригиналонæй исты куы фæзыны, уæд, æнæмæнг, æрымысæм дзырд проект. Проектты методы сæйраг миниуæг у ахуыргæнинæгты хæдбар куыст. Скъоладзаутæ ахуыры процессы активон архайджытæ свæййынц.

Проектон ахуырæн йæ нысан у ахæм фадæттæ скæнын:

1) хæдбарæй æмæ фæндонæй алыхуызон æрмæгимæ бакусын;

2) зонындзинæдтæй практикон хуызы пайда кæнын;

3) ахуырдзаутæм, къордты архайгæйæ,  фæзыны коммуникативон фæлтæрддзинад;

4) фæцалх вæййынц иртасæн наукон куыстыл (проблемæ раиртасын, информаци æрæмбырд кæнын, эксперименттæ аразын, гипотезæтæ,  хатдзæгтæ кæнын);

5) скъоладзаутæ ахуыр кæнынц бæлвырд фæткæвæрдмæ гæсгæ хъуыды.

Проектон куысты сæйраг домæнтæ:

1. Хъуамæ уа иртасыны кæнæ сфæлдыстан куысты аккаг хæс кæнæ проблемæ.

2. Куысты проблемæ хъуамæ уа оригиналон (кæд ахæм нæ уа, уæд та йæ хъæуы оригиналон хуызы райхалын).

3. Куыстæн йæ бындуры хъуамæ уа ахуырдзауты хæдбар куыст (индивидуалон, къæйттæй, къордæй).

4. Иртасæн методтæй пайда кæнын.

5. Проектон куыстæй хъуамæ бæрæг уа, автор  иртасынæн цы  сферæ равзæрста, уый хорз кæй зоны.

6. Формалон критеритæй нæй иуварс хизæн, куыст хъуамæ æвдиса авторы теоретикон  (практикон) æнтыстдзинæдтæ.

Проектон куысты организаци  литературæйы урокты.

1.1. Ахуыргæнæг æмæ скъоладзауты куыст проектон ахуыры технологийы.

Куысты стадитæ (къæпхæнтæ)

Куысты мидис

Ахуырдзауты куыст

Ахуыргæнæджы куыст

1. Цæттæгæнæн

Проекты темæ æмæ хæстæ сбæрæг

Темæ равзарын æмæ йыл æрныхас кæнын

Проектты темæтæ  ранымайын

Проекты темæйы дæлтемæтæ рахицæн кæнын

Дæлтемæ равзарын кæнæ ног дæлтемæ зæгъын

Проекты дæлтемæтыл имæ æрныхас кæнын

Сфæлдыстадон къордтæ саразын

Чысыл къордтæ саразгæйæ, алы къорды ’хсæн хæстæ адих кæнын

Организацион куыст: скъоладзаутæн къордтæ аразын феххуыс кæнын

Иртасæн куысты æрмæг бацæттæ кæнын

Иумæйаг куыст: хæслæвæрдтыл кусын, иртасæн фарстытыл æрныхас кæнын, чингуыты æрмæг равзарын

Сфидар кæнын, куысты фæстиуæг цавæр хуызы лæвæрд æрцæудзæн, уый              (отчеты формæтæ); куыст æмæ йæ фæстиуджытæн аргълæвæрды критеритæ

Куысты фæстиуджытæ цавæр хуызы лæвæрд æрцæудзысты, ууыл æрныхас кæнын;  аргълæвæрды критеритыл æрдзурын

Отчеты формæтæ æмæ аргълæвæрды критеритæ фехъусын кæнын

2. Пълан скæнын

Сбæрæг кæнын иртасæн куысты æрмæг; цы хуызы æмбырд цæудзæн æмæ информацийæн анализ куыд кæнын хъæудзæн, уыдæттæ

Ахуыргæнæгджы ныхасмæ хи хъуыдытæ бафтауын (корректировкæ)

Ранымайы сæйраг литературæ, информаци æмбырд кæныны мадзæлттæ

3.Проектыл куыст

Литературæимæ кусын, информаци æмбырд кæнын, анкетæтимæ куыст, эксперимент

Æрмæг агурын; систематизаци;  информаци баиу кæнын

Консультацитæ; ахуырдзаутæн сæ куысты æххус кæнын

4.Фæстиуджыты формæтæ

Фæстиуджыты формæтæ банывыл кæнын (отчеты формæмæ гæсгæ)

Фæстиуджыты формæтæ банывыл кæнын отчеты формæмæ гæсгæ

Консультацитæ; ахуырдзаутæн сæ куысты æххус кæнын

5. Презентаци

Куыст раттын

Куысты фæстиуджытыл доклад скæнын

Экспертизæ скæнын, скъолайы ахуыргæнджыты æмæ хистæр кълæсты ахуырдзауты ’рбахонын

6. Аргълæвæрд

Критеритæм гæсгæ куыстытæн аргъ скæнын

Аргълæвæрды иумæ архайын, хи куыстæн аргъ скæнын

Экспертон къордимæ аргълæвæрды архайын, цы мадзæлттæй не спайда чындæуыд æмæ ма дарддæр цы бакусæн ис, уыдæттæ сбæрæг кæнын

Проектты методæн литературæйы урокты йæ хæс, фыццаджыдæр, уый мидæг ис — мидисæн йæ практикон здæхт фæарфдæр кæнын. Сæ ахадындзинад фылдæр у интерактивон, хъазæн æмæ лабораторон методтæн, иртасæн куыстæн, сфæлдыстадон методы фæрцы авторы миддуне раргом кæнынæн. Проблемон-мотивацион фæзуат урочы мидæг арæзт æрцæуы алыхуызон фомæты руаджы: ныхас, дискусси, сæрмагонд куыст,  "тымбыл стъол", консультаци, семинар, лабораторон куыст,  иумæйаг куыст,  ролтæм гæсгæ хъæзтытæ. Ахуыргæнджытæ арæх сæмбæлынц ахæм проблемæтимæ: ахуырдзаутæ чиныг кæсын нæ уарзынц, сæ дунембарынад у къуындæг, анализ æмæ хатдзæгтæ кæнын нæ зонынц. Къордты мидæг цымыдисаг куыст кæнгæйæ, сывæллæттæ предмет банкъарынц, ног зонындзинæдтæ райсынц, æмæ ахуыргæнæг ранымад проблемæтæ  аиуварс кæны.

5 – 7  кълæсты ахуыргæнинæгтæн уæлдай зындæр вæййы проектыл кусынммæ фыццаг хатт куы бавналынц, уæд. Сывæллæттæ фæтæрсынц æбæрæгдзинадæй, къорды кусын кæй нæ зонынц, уымæй, алкæй дæр дзы æрмæст йæхиуыл нæ, фæлæ къорды алы уæнгыл дæр хъуыды кæнын кæй хъæудзæн, уымæй. Уымæ гæсгæ ахуыргæнæг раздæр скъоладзаутæн бамбарын кæны проекты методы мидис, сразæнгард сæ  кæны куыстмæ. Ахæм куыст фыццаг хатт чи кæны, уый хъуамæ хицæн папкæйы æрæмбырд кæна æнæмæнг хъæугæ æрмæг, зæрдылдаринæгтæ æмæ методикон рекомендацитæ. Уыдæттæ хынцгæйæ, ахуыргæнæджы бахъæуы ахуырдзауты документтæ хицæнæй æрæмбырд кæнын. Документты ’хсæн хъуамæ уой:

  1. Проекты куыстимæ баст зæрдылдаринаг.
  2. Проекты формæйы домæнтæ.
  3. Проекты аргълæвæрды критеритæ  (портфолио, йæ хъахъхъæныны домæнтæ).
  4. Консультацион бонты график.
  5. Проектон куысты паспорт

Практикæ куыд æвдисы, уымæ гæсгæ, ахуырдзауты проекты документтимæ зонгæ кæнын хъæуы суанг 5-æм къласæй.  Уый фæрцы сывæллæттæ, цæй кой сын кæнынц, уый бамбарынц, сæ хъус æрдарынц куысты алыхуызон къæпхæнтæм, сæ рæстæг æмæ сæ хæстæн бæлвырд æмгъуыдтæ сбæрæг кæнынц æмæ рагацау базонынц, сæ куыстæн сын  аргъ цавæр критеритæм гæсгæ кæндзысты, уый. Цавæр документтæ сæ бахъæудзæн, уый скъоладзаутæ æххæстæй базонынц  8-æм къласы райдиан (ивддзинæдтимæ, проект баххæст чындæуы, афтæмæй), цалынмæ ахуыр аз фæцæуы, уæдмæ.

          Уымæй уæлдай, ахуыргæнæджы хъæуы ахуыры азы размæ проекты темæтыл бакусын æмæ сын сæ номхыгъд къласы къулыл бакæнын, цæмæй лæмæгъдæр ахуырдзаутæ исты темæтæ равзарой, хуыздæр чи ахуыр кæны,  уыдон та сæхи æвзæрст темæтыл кусой. Зæгъæм, скъолайы иувæрсыгæй кæй раргом кæнынц кæнæ исты фæзынд иумæйагæй æвдыст кæм цæуы, ахæмтыл. Гæнæн ис, æмæ уа ахæм темæ, ахуыргæнæн чиныджы бæстон кæй нæ райхæлдтой æмæ æрмæг чысыл кæуыл ис.  

Проектыл кусгæйæ, цавæр документтæй пайда кæнын хъæудзæн, уыдонимæ ахуыргæнæг рагацау базонгæ кæны æмæ фæзæгъы, хæслæвæрд сæххæст кæнынæн цас рæстæг лæвæрд цæуы, уый. Уый фæстæ, проекты архайын кæй фæнды, уыдоны нæмттæ ныффыссы æмæ документты пакеттæ байуары (Уæлæмхасæн 1).

Темæ равзарыны фæстæ æрныхас кæнынц хæслæвæрдтыл. Ахуыргæнæг сывæллæттæн æххуыс фæкæны, фæзæгъы сын йæхи варианттæ. Арæхдæр ахуырдзаутæ равзарынц къæйттæй кæнæ къордæй кæм кусын хъæуы, ахæм проекты типтæ. Афтæмæй сæм ахуыр кæнын æмæ сæ зонындзинæдтыл æфтауын процесс цымыдисагдæр фæкæсы.

Фæндзæм къласæй фæстæмæ, цæмæй скъоладзаутæ фæцалх уой, уый тыххæй фæлварын хъæуы чысыл проекттæ, цыбыр рæстæг кæнæ къуыри чи ахæссы, ахæмтæ. Ахæм проектмæ бирæ цæттæ кæнын нæ хъæуы, уымæн æмæ сывæллæттæй арæх ферох вæййы кæнæ йæ фæстаг бонмæ аргъæвынц. Æнæмæнг хъæуынц консультацион бонтæ  (сæ нымæц  аразгæ у, проект цас рæстæг бацахсдзæн, уымæй, стæй расписанийæ (ранывæзтæй). Хуыздæр у райдайын продукцион проектæй (Ахуырдзаутæ сæхи къухтæй исты куы саразой, уæд райгондæй баззайдзысты). Райдианы ма спайда кæнæн ис информацион проектæй  (нæ заманы исты информаци базонын зын нæу, æрмæст æй хъæуы аккаг æмвæзыл рæгъмæ рахæссын).

Проектты къорд ахæм темæйыл:  «Д.Ролинг – нырыккон англисаг фыссæг; йæ чингуытæ Гарри Поттеры цард æмæ сфæлдыстады тыххæй». Фыццаг проектыл фæкусынц, фыссæджы цард æмæ сфæлдыстадимæ зонгæ кæнгæйæ (3 урочы). Дыккаг æмæ æртыккаг проекттæ – 4, 5 урочы,  темæ иртасыны уроктæ (уацмысыл бæстондæр æрдзурыны тыххæй  ма ис æддæкъласон уроктæй спайда кæнæн).

Иумæйаг чиныг саразын скъоладзаутæн зын нæ уыдзæн, ахуыргæнæг сын къухдариуæг куы кæна, уæд. Дыккаг проект – экспресс-музей – иу боны музей. Ахуырдзаутæ урочы рæстæг ацæуынц музеймæ зæгъæм 9«а»), улæфæн рæстæджы (переменæйы) та – се ’мхуызон кълæстæ ( 9«б», 9«в»). Ацы проектæн йæ хæс у проектон куыстыл ахуыр кæнын, исты базонынмæ тырнындзинæд гуырын кæнын, скъоладзауты дунеæмбарынад фæуæрæхдæр кæнын. Музей куысты рæстæг фехъусын кæнынц фыццаг урочы.

        Проекты хæстæ:

  • Ахуыргæнинæгты зонындзинæдтæ фæуæрæхдæр кæнын,  Д.Ролингы уацмыстæ куыд хорз зонынц, уымæ хъус æрдарын,
  • Æрмæг æмбырд кæнын æмæ йæ рæгъмæ хæссын сахуыр кæнын, сывæллæтты фæлдыстадон миниуджытæ райрæзын кæнын.

Урокмæ цæттæ кæнын.

Экспозицийы рекомендацигонд хæйттæ: поттероведени, Д.Ролингы чингуытæ, киноныв, къамтæ сывæллæтты архивтæй.

Амынд экспонаттæ: чингуытæ; журналтæ, газетты статьятæ ( Г. Поттер æмæ йе ’мбæлтты тыххæй); чиныгкæсджыты хъуыдытæ; къамтæ журналтæй, газеттæй, наклейкæтæ, чысыл къæлиндартæ, закладкæтæ, тетрæдтæ хъайтарты нывтимæ; чиныджы хъайтарты æмæ цæрæгойты гуыртæ,  мæсыджы макет; видеокассетæтæ…

Хæйтты æмæ экспонатты формæты домæнтæ: гæххæттыл ныффыссын хъæуы, кæй экспонат у, уый, ватманыл – сæргонд: «Экспресс –  Гарри Поттеры музей»;  музейы залтæ.

Экспозици æрæмбырд кæнынц стъолыл переменæйы рæстæг (гæнæн цæмæн ис, уыдон – фæйнæгыл), урочы размæ.

6-æм къласы ахуыргæнинæгтимæ проекттыл фæкусынц дарддæр, фæлæ проектты типтæ, чи зоны, ивд æрцæуой æмæ сывæллæттæм фæлтæрддзинад фæзына ацы методимæ кусгæйæ. Зæгъæм, Къостайы æмбисæндтæ ахуыр кæнгæйæ, цыбыр рæстæгмæ бакусын хъæуы ахæм проектыл – инсценировкæ. Ахуыргæнæг урочы кълас 3–4 къордыл адих кæны. Уыдон равзарынц æмбисæндтæ,  персонажтæ, равдисыны вариант (аууæтты театр, куклаты театр, хуымæтæг театр), равзарынц костюмтæ, декорацитæ Архæйæг къордты ’хсæн рахицæн кæнынц, проект чи сæххæст кæны æмæ йæ иннæ урочы чи равдисы, ахæм къордтæ.

Цыбыр рæстæгмæ бакусын фæхъæуы проект «Æдзæрæг сакъадах»-ыл дæр. Ацы проектыл кусгæйæ, скъоладзаутæн сæ бон у сæйраг хъайтары зындзинæдтæ банкъарын, царды фæразондæр суæвын.

Скъоладзауты размæ æвæрд ис ахæм хæстæ:

  • Д.Дефойы чины «Робинзон Крузо»-йы тыххæй æрмæг æрæмбырд кæнын (хæдзары дзаума хи къухæй куыд арæзта, хор куыд æрзайын кодта æмæ йæ куыд  бафснайдта, фос куыд дардта æмæ йын уыцы куыстытыл цас рæстæг бахардз ис, уыдæттæ).
  • Бандоны модель саразын æмæ йын йæ аразыны пълан ныффыссын.

Хъæуынц чызг æмæ лæппу. Сбæлвырд кæнынц проекты æмгъуыд: уацмыс кæронмæ раиртасынæн ма дыууæ урочы куы баззайа, уæд. Хæстæ адих кæнын (сæвæллæттæн сæ бон у сæ хæстæ фæивын, сæхи фæндонмæ гæсгæ):

- Информаци æмбырд кæны, проекты формæ ныффыссы чызг.

- Сфæлдыстадон куысты автор  – лæппу. Уый бандон саразы.

        Фæстиуджыты формæ: бандон саразæн ис цæмæйфæндыдæр, стыр æви гыццыл у, уый ахсджиаг нæу. Информаци æмæ куысты процесс ахуыргæнæгмæ лæвæрд æрцæуынц мыхуыргондæй кæнæ къухфыстæй. Проекты презентаци – урочы. Презентацийы рæстæг скъоладзауæн йæ боны радзурын у йе ’нтыстдзинæдты тыххæй, стæй, проектыл кусгæйæ, зынæй цы уыдис, уыдæттæ дæр.

        Ахуырдзаутæ арæх куысты арæнтæ фæуæрæхдæр кæнынц, фæзæгъынц сæхи варианттæ. Зæгъæм, иу сывæллон проектыл кусыны рæстæг загъта, бандон аразыны бæсты мæнæу байтауын хуыздæр кæй уаид, зæгъгæ. Ацы ран скъоладзауы хъуыды у раппæлыны аккаг.

        Чысыл проект. Иуырдыгæй, ацы проект у урокæн йæ иу хай саразыны æнцон вариант, иннæмæй та тæссаг у, урочы нысан æххæстгонд кæй не ’рцæудзæн, уымæй. Фыццаджыдæр, чысыл рæстæг ын лæвæрд кæй цæуы, уый тыххæй. Ноджы ма вæййы ахæм зындзинæдтæ: скъоладзаутæ лæмбынæг кусын нæ фæзонынц, къордæй кусгæйæ, сæ куыстæн бæлвырд фæстиуæг куыд уа, уымæ нæ фæарæхсынц. Уымæ гæсгæ, чысыл проектимæ 6-æм къласæй  раздæр зонгæ кæнæн нæй. Уыцы кары скъоладзаутæ фæцахуыр вæййынц, астæуккаг скъолайы дыккаг къæпхæнмæ кæй рахызтысты, ууыл, стæй ахуыргæнджыты домæнтыл, проекттимæ куысты сæйраг принципт базонынц. Æмæ ныр æнтыстджын хъуамæ суа ахæм чысыл проект: «Лæвар литературон хъайтарæн», уацмысмæ гæсгæ. Æндæрхуызон дæр æй ис схонæн: «Чиныгкæсæджы æрвитæггаг».

        Проекты хæстæ:

  • Ахуыргæнæг скъоладзауты ахуыр кæны хæларзæрдæ уæвын, искæмæн тæригъæд кæнын, искæуыл мæт кæнын.
  • Адæймаджы æнæмæнг цы хъæуы, уыдæттыл хъуыды кæнын, æмæ йын, уый хынцгæйæ, царды зын уавæрты баххуыс кæнын.

Хæслæвæрдтæ:

  • Хæсты фæстæ горæты æмæ хъæуты цы стонг заман уыд, уымæн анализ скæнын (текстимæ куыст), сæйраг хъайтарæн лæварæн равзарын  «хæринæгтæ» .
  • «Хæринагæн» формæ скæнын, æмæ йæ цæмæн равзæрстай, уый бамбарын кæнын.

Азы дæргъы кусынц чиныг   «Нæ поэтикон æмбырдгонд»-ыл  («Ме ’мбисонд»), фæлæ æрмæгæн йæ тип ивд æрцæуы. Хæслæвæрд фæвазыгджындæр вæййы: ахуырдзауты хъæуы æвзаджы темæ райхалын, фольклоры элементтимæ – сæ бон у сæхи аргъæуттæ æрымысын дæр, æвзаджы хæйтты тыххæй. Ацы проектыл кусгæйæ бахъæуы литературæйы урокты цы фæлтæрддзинад райстой, уымæй спайда кæнын. Проектыл кусгæйæ, сывæллæттæ сæмбæлынц ахæм зындзинæдтыл:

- раздæр цы зонындзинæдтæ райстой, уыдон баиу кæнын сæ бон нæу;

-  литературæ æмæ æвзагæй  сæм зонындзинæдтæ фаг нæй;

Æххусмæ фæдзурæн ис хистæр кълæсты ахуыргæнинæгтæм. Уыдоны сочиненитæм гæсгæ, кæстæртæ дæр сæ куыст сæххæст кæнынц. Уырыссаг æвзаджы урокты ацы методæй пайда кæнын æнцон нæу, уымæн æмæ уавæртæ нæ амонынц, стæй урочы фылдæр хай ацæуы сæрмагонд зонындзинæдтæ ныффидар кæныныл.

 7  къласы ахуырдзаутæн сæ гæнæнтæ уæрæхдæр сты, сæ бон у индивидуалон проекты темæ сæрибарæй равзарын, фæлæ ахуыргæнæг уæддæр хъуамæ æнæзынгæйæ къухдариуæг кæна. Темæйы сæргонд, хæслæвæрдтæ, литературæ — уыдæтты фæдыл ахуыргæнæг хъуамæ йæ хъуыды зæгъа. Урокты рæстæг проекттыл кусынц дарддæр. Ахуыры азы кæрон ис ахæм чысыл проектыл аныхас кæнæн: «Цыртдзæвæн литературон хъайтарæн». Уыцы кары сывæллæттæ проекттимæ кусын сахуыр вæййынц, сæ бон æй у урочы дæр саразын (уæлдайдæр та кæд къордтæй кусын сахуыр сты, уæд),  ис сæм сæхи фæндтæ, хъæугæ фæлтæрддзинад.

Ацы проекты хæстæ ахуыргæнæг адих кæны афтæ:

- уæлфыстæн æрмæг равзарын;

- хъайтарæн цыртдзæвæн сныв кæнын (гæнæн ис, символы хуызы);

- цыртдзæвæн байгом кæнын бонмæ раныхас бацæттæ кæнын;

- чысыл презентаци бацæттæ кæнын.

7-æм къласы ахуырдзауты сфæлдыстадон проект –радзырдты æмбырдгонд саразын цæрæгойты тыххæй. Йæ ахадындзинад уый мидæн ис, æмæ скъоладзаутæ ахуыр кæнынц хъуыды кæнын, уæрæхдæр кæнынц се сфæлдыстадон гæнæнтæ, сæ курдиæттæ рабæрæг вæййынц. Автортæ архайынц цæрæгойтæм æмæ мæргътæм сæ ахаст равдисын. Ацы проект ис раттæн  6-æм къласæн дæр.

8  къласы уацмыстæ ахуыр кæнгæйæ  ……  ахуырдзаутæн сæ бон у сæхи, поэзи арф чи æнкъары, ахæм адæмы хуызы равдисын, стæй баиу кæнын литерæтурæ æмæ къамты аивад, уыцы иудзинадæн та формæтæ скæнын.

Алы сывæллоны бон нæу рубаи, хокку æмæ танкайы философон хъуыды бамбарын, стæй сын иллюстрацитæ æмæ къамтæ равзарын. Ахæм индивидуалон проектæн йæ зындзинад уый мидæг ис, æмæ сывæллæтæм, зонындзинадтæй уæлдай, хъуамæ уа эстетикон цæстæнгас. Арæхдæр скъоладзаутæ бафиппйынц, хорз цы зыны, уый (ирд фæлгонцтæ), фæлæ уацмысы арф мидисыл нæ ахъуыды кæнынц. Уымæ гæсгæ ахæм проектты «налхъуыт-налмастæ» арæх нæ сæмбæлынц. Фæлæ уæддæр ахуыргæнæг хъуамæ сывæллæтты разæнгард кæна, суанг сын иуæй-иухатт сæ балтæ дæр фæуæлдæр кæна, фæлæ, афтæ цæмæн бакодта, уый хъуамæ бамбарын кæна. Уыцы рæстæг ма ис проекты элементтыл бакусæн дæр, портфолиойы мидисмæ æркæсæн.

Кæд проекты куыстæн бæлвырд системæ ис, уæд 14 азмæ ахуырдзаутæ цыфæнды хæслæвæрдмæ дæр фæкæсынц проекты цæстæй. Уый, иуырдыгæй, хорз у, уымæн æмæ сæм фæзыны архайды алгоритм, иннæмæй та, ахуыргæнæджы хуымæтæг хæслæвæрд проект нæу. Уымæ гæсгæ, проблемæмæ æмæ йæ хæстæм хъæуы срæмагондæй æркæсын, стæй, цыхуызы йæ райхалын хъæуы, уымæ дæр.

Проектон хæслæвæрдтæ литературæйæ 5-7 кълæстæн тынг цымыдисаг сты, уæрæхдæр сын кæнынц сæ зонындзинæдтæ аивады алы сферæты.

 8-æм  къласы ахуырдзауты раз æвæрд ис вазыгджындæр хæстæ. Зæгъæм, ахæм проект:   «Литературæйы теори – тынг хуымæтæг». Ацы проекты фæзынд баст у, скъоладзаутæн литературæйы терминологи ахуыр кæнын зын кæй вæййы, уыимæ.  Ацы проект бацахсы къуыри (цалдæр къуырийы). Йæ хæс у, сывæллæттæн æрмæг æнцондæрæй куыд хъуамæ лæвæрд цæуа, уый раиртасын.

8-æм къласы размæ рахæссæн ис ахæм ахуыры проект — "Мæ бинонты истори Райгуырæн бæстæйы историйы." Ис æй раттæн В.Астафьевы радзырд "Чи мæм нæй, уыцы къам" иртасыны фæстæ. Эпиграфы хуызы райсæн ис радзырды фæстаг фразæ: "Хъæууон къам – нæ адæмы азфыст, йæ истори».

Хистæр кълæсты ахуырдзаутæ сæрибар сты, сæ бон у æрмæст проекты темæтæ æрхъуыды кæнын нæ, фæлæ æнтыстджынæй сæххæст кæнын сæ хæс дæр.

 9-æм къласы æппæты ахсджиагдæр æмæ стырдæр темæ у  "Хетæгкаты Къостайы цард æмæ сфæлдыстад." Уымæ гæсгæ ахуыры æрмæг баиу кæнынæн баххуыс кæндзæн ахæм проект: "Къостайы цыртдзæвæн". Ацы проекты фæрцы скъоладзаутæм сæвзæрдзæн сæхи фæлгонц æмæ фыссæджы фылдæр бауарздзысты.

Хистæр къласы ахуыргæнинæнтæн раттæн ис, цыбыр рæстæгмæ бакусæн кæуыл ис, ахæм проект: «Бакæс æмæ сныв кæн». Йæ нысан у, фыссæг цы загъта, уый «фенын», цавæр аивадон мадзæлтты фæрцы йæ сарæзта, уый бамбарын кæнын, цы уыныс, уый сныв кæнын (раздæр æмдзæвгæйæн анализ скæнын, æмæ уыцы анализы бындурыл ныв кæнын). Ноджы ма скъоладзауты размæ рахæссæн ис къорд проекты  ахæм темæйыл: «Мамсыраты Т. сфæлдыстад». Сæ бындурыл ис ахæм киноныв саразæн: «Джыккайты Шамилы сфæлдыстад æмæ ныры дуг»; компьютерон презентацитæ («19 æнусы ирæтты дарæс»), дидактикон карточкæтыл куыст, тестытæ, иллюстрацитæ скъоладзаутæн. Сæ фæстиуæг – хорз презентацитæ; ахурдзаутæ кæй бацæттæ кодтой, ахæм дидактикон æрмæг: уацымысы мидис цыбырæй, сочиненитæ уацмысы сæйраг темæтыл; иллюстративон æрмæг, литературон дзырдуæттæ, конкурсты сценаритæ, хъайтарты цыртыты макеттæ, эпиграфтæ  æмæ  пълантæ сочиненитæн, сочинениты хуызæгтæ, кроссвордтæ, библиографион бæрæггæнæнтæ.

        Проектты темæтæ  (къордтæ дзы сæхæдæг иу равзарынц) нымад цæуынц уæлдæр.

        Сфæлдыстадон куысты хуызтæ  (къордæй,  индивидуалон) – номхыгъдæй кæцыфæндыдæр, скъоладзауæн йæхи цы фæнды, ахæм куыст дæр йæ бон у равзарын, номхыгъды куы нæ уа, уæддæр; хахх кæй быны ис, уыдон æнæмæнг сæххæст кæнын хъæуы( 6 баллы онг):

  • кроссвордтæ, хъæзтытæ темæтæм, дæлтемæтæм гæсгæ,
  • фарстытæ  темæмæ, дæлтемæтæм гæсгæ, дзуæппытимæ,
  • сочинениты темæтæ (сæйраг темæ),
  • эпиграфтæ сочиненитæм,
  • сочинениты пълантæ,
  • сочинениты хуызæгтæ  (æрмæг фæнысан кæнын),
  • нывтæ – иллюстрацитæ,
  • таблицæтæ, схемæтæ,  дзырдуæттæ, литературон  диктанттæ темæмæ гæсгæ,
  • цырты макет  литературон хъайтарæн,
  • иннæ уацмыстимæ абарстытæ.

Ноджы ма ахуырдзаутæн лæвæрд æрцæуы портфолиойы цы хъуамæ уа, уыдоны номхыгъд:

  1. Темæ.
  2. Æрмæг ранымайын.
  3. Дæлтемæтæ  (Куысты къæпхæнтæ, цыбыр бæрæггæнæнтæ, текстæй скъуыддзæгтæ).
  4. Иллюстрацион æрмæг.
  5. Критикон литературæйæ скъуыддзæгтæ.
  6. Æрмæг йæхæдæг.
  7. Библиографи.
  8. Проекты архайджыты номхыгъд.

Гæнæн ис, æмæ презентацийы рæстæг къорд иумæ хъахъхъæна йæ проект; уæлдай цымыдисагдæр фрагменттæ хъахъхъæд цæуынц рекламæйы, инсценировкæйы хуызы кæнæ презентацийы (презентаци скæны къорды  координатор)

1.2. Æнтыстджын проектон куысты домæнтæ

1. Къорды хъуамæ лидертæ ма уа, се ’ппæтæн дæр ис иухуызон бартæ.

2.  Къордтæ хъуамæ кæрæдзиимæ ерыс ма кæной.

3. Къорды уæнгтæн иумæ кусын хъуамæ  æхсызгон уа.

4. Алчидæр хъуамæ æууæнда йæ хъарутыл.

5. Алчидæр хъуамæ активонæй архайа иумæйаг куысты

6. Куысты фæстиуæгæн дзуапп дæтты къорды алы уæнг дæр

1.3. Иумæйаг домæнтæ проекты структурæмæ:

1. Æдзухдæр райдайын хъæуы проекты темæ равзарынæй, йæ тип æмæ йæ архайджыты нымæц сбæлвырд кæнынæй.

2. Дарддæр æнæмæнг ахъуыды кæнын хъæуы проблемæты варианттыл, нысангонд темæйы ахсджиг чи сты, уыдоныл. Ахуыргæнæг æххуыс кæны скъоладзаутæн, цæмæй сæ сбæрæг кæной (дæтты фарстытæ, саразы хъæугæ уавæртæ, цæмæй проблемæ сбæрæг уа, равдисы видео-æрмæг æмæ æнд.). Уый фæстæ уыдæттыл иумæ æрныхас кæнынц.

4. Проекты архайджыты куыст сæ индивидуалон (къордты) иртасæн æмæ сфæлдыстадон хæстæм гæсгæ.

5. Куысты кæронмæ къордтæ хъуамæ сæхимидæг ныхас кæной, цы ’рмæг сæм фæзыны, уый фæдыл (урокты, наукон æхсæнады, иумæйаг куысты библиотекæйы, медиатекæйы æмæ æнд.).

6.Проекттæ хъахъхъæнын.

7. Коллективон ныхас, экспертизæ, аргълæвæрды фæстиуджытæ.

1.4. Проекты архайджыты куысты пълан

Проекты цы къордтæ архайынц, уыдонæй алкæцыдæр райсы «Проекты архайджыты куысты пълан»:

1. Проекты темæ равзарын.

2. Хæс сæвæрын. (Цæмæн кæнын ацы куыст? Цавæр фæстиуæгмæ æнхъæлмæ кæсын?) Дзуæппытæ ныффыссын.

3. Кæд иртасæн куыст у, уæд хъæуы гипотезæ скæнын (Цавæр уыдзæн куысты фæстиуæг æмæ цæмæн?) Дзуæппытæ ныффыссын.

4. Æвзарæм метод (Цы бакæнын хъæуы, цæмæй исты фæстиуæг разына, уый тыххæй?) Куыст куыд цæудзæн, уый фæд-фæдыл ныффысын, стæй алы къæпхæнæн дæр – йæ рæстæг.

5. Æмбырд кæнæм информаци (аразæм эксперименттæ, æрмæгæн – формæ; проектон куыст, йæ алы къахдзæфæн дæр ын цы рæстæг снысан кодтам, уыимæ барæм).

6. Фæстиуджытæ(Кæд исты нæ рауад, уæд уый дæр фæстиуæг у).

7. Фæстиуджытæн анализ кæнæм (Гипотезæимæ сæ барæм).

8. Хатдзæгтæ кæнæм (Дарддæры куыстæн пълан аразæм). Аргъ кæнæм къорды архайдæн.

9. Коллективы нæ фæстиуджытæ хъахъхъæнæм, иумæйаг аргълæвæрд райсæм.

Ацы зæрдылдаринæгтæ æххуыс кæнынц нысанмæ баххæссынæн — проект сæххæст кæнынæн. 

1.5. Ахуырдзауты куыстыты аргълæвæрды критеритæ

1. Проекты алыхуызон эапты сæрибарæй куыстой æви нæ.

2. Проекты къорд йæ куысты цас активонæй архайдта, къорды уæнгтæй алчидæр йæ хæс куыд æххæст кодта;

3. Скъолайы цы зонындзинæдтæ райстой, уыдонæй практикон хуызы куыд пайда кодтой;

45. Цы информаци сын баххуыс кодта, уый арф æмбарынц æви нæ;

6. Цы методтæ равзæрстой, уыдон цас вазыгджын сты æмæ сæм куыд сарæхстысты;

7. Идейæ æмæ проблемæ райхалыны мадзæлттæ цас оригиналон сты;

8. Проекты проблемæ æмбарын, йæ хæс ын æмбæлгæ хуызы бамбарын кæнын;

9. Презентаци цавæр æмвæзыл арæзт æрцыд: дзургæйæ, гæххæттыл фыстæй (мыхуыргондæй), иллюстративон æрмæджы фæрцы;

10. Рефлекси;

11. Презентацийы иллюстративон æрмæг –  эстетикон( сфæлдыстадон) цæстæнгас;

12. Фæстиуджыты социалон æмæ практикон ахадындзинад.

2 СÆР. Литературæйы проектты классификаци.

Проекты хуызтæ:

  • сæйраг метод кæнæ ахуырдзауты куыстмæ гæсгæ;
  • предметон куыстмæ гæсгæ;
  • проекты координацимæ гæсгæ;
  • проекты архайджытæм гæсгæ.

2.1. Проектты характеристикæ сæйраг метод кæнæ куысты хуызмæ гæсгæ

1. Иртасæн проекттæ. æнæхъæнæй дæр сты логикæйы дæлбар, нымад сты иртасæн куыстыл, кæд стыр не сты, уæддæр. Сæ структурæмæ гæсгæ æцæг наукон куыстмæ æввахс сты кæнæ та дзы ’ппындæр нæ хицæн кæнынц.

Иртасæн куыстыты структурæ:

  • иртасæн темæйы актуалондзинады аргументаци,
  • иртасæн куысты проблемæ, предмет æмæ объект сбæрæг кæнын,

хæстæ фæнысан кæны;

  • методтæ, информацион æрмæг сбæрæг кæнын;
  • проблемæ райхалынæн цы гипотезетæ ис, уыдон рæгъмæ рахæссын, йæ райхалыны мадзæлттæ сбæлвырд кæнын;
  • фæстиуджытыл æрныхас кæны, хатдзæгтæ скæнын, иртасæн куысты фæстиуджытæн формæ скæнын, ног проблемæтæ фæнысан кæнын дарддæры куыстæн.

2. Сфæлдыстадон проекттæн хъæуы хицæн формæтæ. Ахæм проекттæн сæ архайджыты иумæйаг куысты структурæ фыст æрцæуы æндæрхуызон, йæ алы къахдзæф ын нæ фæнысан кæнынц.

3. Информацион проекттæ. Ахæм проектты тип райдианæй здæхт у исты объект кæнæ фæзынды тыххæй информаци æмбырд кæнынмæ. Йæ архайджытæ хъуамæ уыцы информациимæ базонгæ уой, факттæн анализ æмæ хатдзæгтæ скæной. Ахæм проекттæн, иртасæн проектты хуызæн,  хъуамæ уа арф хъуыдыгонд структурæ.

Иформацион проекты структурæй  ис ахæм хуызы равдисæн:

  • проекты хæс,
  • информаци агуырыны предмет,
  • информацион æрмæг(СМИ, интервью, анкетæ, ),
  • информацийыл кусыны хуызтæ (анализ, хатдзæгтæ, зындгонд факттимæ абарст),
  • информаци агурыны фæстиуджытæ (статья, аннотаци, реферат, доклад, видео-æрмæг æмæ æнд.),
  • презентаци.

4. Практикон-ориентацион проекттæн сæ фæстиуæг райдианæй бæрæг вæййы. Æмæ уыцы фæстиуæг арæзт у архайджытæн сæхи социалон проблемæтæ райхалынмæ.

5. Хъазæн проекттæ. Ахæм проектты структурæ бæрæг нæ вæййы суанг проекты кæронмæ. Йæ архайджытæ бæлвырд ролтæ райсынц, проекты мидисмæ гæсгæ. Уыдон, гæнæн ис, литературон персонажтæ кæнæ æрхъуыдыгонд хъайтартæ уой. Ахæм проектæн йæ фæстиуджытæ фæзынынц райдианы дæр æмæ проекты кæрон дæр.

2.2. Предметон куыстимæ баст проекттæ:

1) культурологиимæ баст проекттæ (реферативон куыстытæ);

2) лингвистикон (сочиненитæ алы жанрты, таблицæтæ, æххуысгæнæн æрмæг);

2.3. Проектты хуызтæ йæ координаци æмæ архайджыты нымæцмæ гæсгæ:

1) гом координациимæ (дæрзæг), æхгæд координациимæ (тасаг);

2) индивидуалон, къæйттæй, къордæй.

Цæмæй скъоладзаутæ иумæ кусын сахуыр уой, информаци æмбырд кæныныл активонæй архайой æмæ йыл куысой, уый тыххæй арæзт æрцæуы иумæйаг куыст. Уый арæзт цæуы ахæм бастдзинæдтæй: "ахуыргæнинаг - ахуыргæнинаг", "ахуыргæнинаг - ахуыргæнæг", "ахуыргæнæг - ахуыргæнинаг", "ахуыргæнинаг - кълас". Ацы бастдзинæдтæ арæзт цæуынц ахæм методты руаджы: фарстытæ, дискусси, диспут,  информацийыл афæлгæст, инсценировкæ, ныхас.

3 СÆР. Ахуыры проектæй литературæйы урокты пайда кæнын

Ахуыргонд адæймаг ныры дуджы æрмæст зонындзинæдтæй хайджын нæу, фæлæ ма сæ фылдæр кæнын дæр æмæ сæ хъæугæ заман пайда кæнын дæр зоны. Уымæ гæсгæ ахуырады фæзынди ног проблемæтæ: ахуырдзаутæм информацион æмæ коммуникативон компетенци рæзын кæнын. Ног мадзæлттæ агургæйæ, ахуыргæнджытæ бамбарынц: хъæуынц къордтæй æмæ ролтæм гæсгæ архайын кæм хъæуы, ахæм методтæ, хъазæн, практикон, проблемон, рефлексивон æмæ ’ндæр формæтæ æмæ ахуыры методтæ.

Ацы проблемæтæ райхалыны хъуыддаджы йæ ахадындзинад стыр у ахуыры проектты методæн, фæстаг азты уый зындгонд сси ахуыргæнджыты ’хсæн.

Литературæ куыд ахуыры предмет проектон куыстæн у тынг цымыдисаг. Литературæйы ахуыргæнджытæ арæх сæмбæлынц ахæм проблемæтимæ: ахуырдзаутæ кæсын нæ уарзынц, сæ дунеæмæбакаст у къуындæг, анализ æмæ хатдзæгтæ кæнын нæ зонынц. Къорды цымыдисаг куысты архайгæйæ, сывæллæттæ предмет банкъардзысты, ног зонындзинæдтæ райсдзысты, ахуыргæнæгæн та ахæм проблемæтæ нал уыдзæн. Истори, дунейы аивадон культурæ – ацы дисциплинæтæ баст сты  литературæимæ æмæ стыр æххуыс сты литературон проектыл кусгæйæ.

Ахуыры проекты метод – индивиды ’рдæм здæхт технологитæй иу, ахуырдзауты хæдбар куыстмæ здахыны мадзал. Ацы методы баиу сты проблемон цæстæнгас, къордты методтæ, рефлексивон, презентативон, иртасæн, агурæн æмæ æндæр методикæтæ.

Алы проекты бындуры дæр ис проблемæ. Проектон куысты нысан у уыцы проблемæ райхалынæн мадзæлттæ ссарын. Ахуыры проекты алгоритм ис ахæм хуызы равдисæн:

Ахуыры проект

Проекты проблемæ

"Цæмæн?"

Проблемæйы актуалондзинад, мотивациаци

Проекты нысан

"Цæмæн?" (аразæм проект)

Нысан

Проекты хæстæ

"Цы?" (архайæм йæ сæххæст кæнынæн)

Хæслæвæрдтæ

Методтæ æмæ мадзæлттæ

"Куыд?" (у нæ бон уый саразын)

Мадзæлттæ æмæ методтæ равзарын, пълан скæнын

Фæстиуæг

"Цы дзы рауайдзæн?" (проблемæйы райхæлд)

Цавæр фæстиуæгмæ кæсæм æнхъæлмæ

Иумæйагæй, проектыл кусгæйæ, рахицæн кæнæн ис ахæм этаптæ: 

1. Проекты арф ахизын;

2. Куысты организаци;

3. Куыст;

4. Фæстиуджыты презентаци.

Афтæмæй, хæслæвæр сæххæст кæнынæн ахуырдзауты æрмæст уацмысы мидис зонын нæ хъуыд, фæлæ — сфæлдыстадон цæстæнгас, организацион, коммуникативон цæстæнгас.

Ахæм хæслæвæрдтæ ахуырдзаутæм тынг цымыдисаг кæсынц, хорз æм сарæхсынц. Ахуыргæнгæн та фадат вæййы сывæллæтты зонындзинæдтæ фæарфдæр кæнын, уымæн æмæ презентациты рæстæг ахуырдзаутæ æмбарын кæнынц, уацмысы бæлвырд сюжет цæмæн равзæрстой, уый, сæйраг хъайтартæн иумæйаг характеристикæ скæнынц. Ноджы ма ахуыргæнæг ахуырдзауты курдиæттæ сбæрæг кæны, сæ коллективон куыстмæ сын йæ цæст дары, интеллектуалон лидерты, стæй, æххуысхъуаг чи у, ахæм сывæллæтты сбæрæг кæны.

Кæй зæгъын æй хъæуы, ахуырдзауты 3-аг хай ахуыр кæнынмæ нæ тырнынц, ахуыр кæнын зоныц. Ахуыр кæнын сæ фæнды, зындгонд цы  мадзæлттæ сты, уыдоны фæрцы. Уыцы позицийæн бамбарæн ис, уымæн æмæ сæ ахуыры процесс фæфæнды рагацау зонын.

Абоны уавæрты ахуыргæнæг хъуамæ архайа ууыл, цæмæй скъоладзау йæ куыстæй райгонд уа, йе ’нтыстдзинæдтæй йæ зæрдæ барухс уа. Æмæ йæ зонындзинæдтæй, куы бахъæуа, уæд цыфæнды æнæзонгæ уавæры дæр спайда кæндзæн. Проекты методæн йæ ахадындзинад уый мидæг ис.

Проекты методæй пайда кæнын куыд хъæуы, уый сбæлвырд кæнæн ис æртæ фарстæй:

  • цæмæн?
  • цæй тыххæй (кæмæн)?
  • куыд?

Фыццаг домæн – ахуырдзауæн социалон æгъдауæй ахсджиаг чи у, ахæм проблемæ ссарын. Проектты методæй пайда кæнгæйæ, проблемæ ахуыргæнинæгтæн сæ разы цæттæйæ æвæрд не ’рцæуы, проблемон методты арæх куыд вæййы, афтæ. Ахуыргæнæг бацархайы ууыл, цæмæй скъоладзаутæ проблемæ сæхæдæг сбæрæг кæной æмæ йæ райхалынæн исты гипотезæ зæгъой. Ахæм хуызы дзуапп лæвæрд æрцæуы фыццаг фарстæн".

Дыккаг домæн: цы фæстиуджытæм æнхъæлæмæ кæсынц, уыдонæн æнæмæнг хъуамæ уа практикон, теоретикон æмæ зонадон ахадындзинад, ома, скъоладзау хъуамæ ’мбара, цы зонындзинæдтæ райста, уыдонæй кæм æмæ куыд спайда кæндзæн, уый.

Проектты методы баиу вæййынц проблемæ æмæ йæ райхæлды практикон реализаци, ахуырады системæйæн дæр ахæм бæллиццаг уый тыххæй у.

Проектты методты æртыккаг ахсджиаг характеристикæ – йæ хæдбардзинад. Уый фæрцы ахуырдзауæн йæ бон у йæ курдиæттæ раргом кæнын, хæслæвæрд сæххæст кæнынæн мадзæлттæ агурын.

Алы ног проект дæр, ахуырдзаутæ раздæры проектыл кусгæйæ, цы фæлтæрдздзинæд райстой, æрмæст ууыл не ’нцой кæны, фæлæ арæзт вæййы ног зонындзинæдтæ, ног фæлтæрддзинад раттынмæ.

Проектыл кусгæйæ, адæймаг рæзы, цæмæ тырны, уыдæттæ бамбарыны фæрцы, цы предметыл кусы, уым йæ хъарутæ равдисы. Нырыккон педагогикон технологиты ’хсæн скъоладзауты проектон куыстæн йæ ахадындзинад у стырдæр, уымæн æмæ:

  • ахсджиаг у, адæймаг цæмæ тырны, уый;
  • куыст куыд цæуы, афтæ кæны цымыдисагдæр;
  • алы этапыл дæр ахуыргæнæджы хæстæ сæххæст кæнынæн бар дæтты;
  • бар дæтты хи фæлтæрддзинады бындурыл ахуыр кæнын;
  • ахуырдзаутæ сæ куыстæй баззайынц райгондæй.

Проектон методтæй пайда кæныны фæстиуæг – предметмæ уарзондзинад гуырын кæнын, сæ зонындзинæдтæ фæарфдæр вæййынц.

Ацы куысты фæрцы ахуыры процесс кæны цымыдисагдæр, скъоладзаутæм, ахуыр кæнгæйæ, сфæлдыстадон цæстæнгас фæзыны. Проекттимæ куыст бирæ азты сывæллæттæй  нæ ферох вæййы.

Кæронæй зæгъæн ис: адæймаджы, куы нæ йæ фæнда уæд, сфæлдыстадон куыстыл ничи бафтаудзæн. Фантаст А.Азимов йæ диссаджы радзырд «Дæсныйад»-ы фыста, адæймаджы хъуамæ йæхи бафæнда агурын, фæлварын æмæ рæдийын, зæгъгæ. Сфæлдыстадон куыстæн ын бар ис, ууыл фидарæй чи ’ууæнды æмæ уый сæраппонд чи тох кæны, æцæг сфæлдыстад уымæ райгуыры. Ахуыргæнджытæн та сæ хæс у сывæллæтты разæнгард кæнын

.


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

«Ирон æвзаг æмæ литературæйы уроктæм цымыдисдзинад гуырын кæныны фæрæзтæ»

Кæд искæй ахуыр кæныс, уæд бирæ дзурыныл ма архай, цæмæй   коммæгæс зонд бамбара дæ ныхæстæ æмæ сæ ма ферох кæна. Уæлдай цыдæриддæр вæййы, уый зондæй рох кæны.  (Гораций)....

Афæдзы кæроны контролон куыст ирон æвзагæй

годовая контрольная работа по осетинскому языку для 9 класса...

Технологон картæ ирон литературæйы урокмæ 9-æм къласы Темæ: «Ирон адæмы психологи Хъаныхъуаты Иналы этнографион очерк «Ирон хъæуы».

Бакусын тексты мидис æмбарыныл, текстæн анализ кæныныл; уацмысы бындурыл æрдзурын ирон адæмы царды ног социалон фæзындтыл; скъоладзауты ахуыр кæнын  аив дзурын æмæ кæсыныл....

Доклад на РМО учителей родного языка и литературы. Тема:«Фæсурокты куыст ирон литературæйæ».

Доклад на РМО учителей родного языка и литературы. Тема:«Фæсурокты куыст ирон литературæйæ»....