Темæ: «Уды хъизæмаррухсдзинадыл - фæндагрæсугъд фидæнмæ.»
план-конспект урока (9 класс)

Маргиева Циала Абрамовна

 

Урочынысантæ.

Равдисынхæххонадæмытрагеди

Уарзондзинадгуырынкæнынрайгуырæнбæстæмæ

Урочыхуыз.

Урок беседæ.

Урочыахуырадонфæстиуджытæ.

Предметон: сбæрæгкæнынтекстæнйæсæйрагхъуыды,скæнын анализ  Метапредметон:персонажтыархайдуацмысыаргъкæнынсæныхасæн

Удгоймагон:æрдзурынлæгдзинадыæууæлтыл, рæзынкæнынудыхъæдыхорзминиуджытæ

Ахуырыметодтææмæформæтæ.

Иртасæн-абарсты метод, проектон метод, индивидуалон, къордгайкуыст.

Æххуысгæнæг фæрæзтæ.

Карточкæтæ, презентаци, интерактивонфæйнæг.

 

Урочы эпиграф:

                             «Покинув Родину –теряешь все.»

(Кавказская пословица

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл bynylzad_uybyhag.docx57.92 КБ

Предварительный просмотр:

Технологонкартæиронлитературæйыурокмæ 9 Бкъласы

Ахуыргæнæг: МæргъитыЦиалæ

Темæ: «Уды хъизæмаррухсдзинадыл -  фæндагрæсугъд фидæнмæ

(ЦæлыккатыАхмæтырадзырд  «Фæстагуыбыхаг» -мæ гæсгæ)

Урочынысантæ.

Равдисынхæххонадæмытрагеди

Уарзондзинадгуырынкæнынрайгуырæнбæстæмæ

Урочыхуыз.

Урок беседæ.

Урочыахуырадонфæстиуджытæ.

Предметон: сбæрæгкæнынтекстæнйæсæйрагхъуыды,скæнын анализ  Метапредметон:персонажтыархайдуацмысыаргъкæнынсæныхасæн

Удгоймагон:æрдзурынлæгдзинадыæууæлтыл, рæзынкæнынудыхъæдыхорзминиуджытæ

Ахуырыметодтææмæформæтæ.

Иртасæн-абарсты метод, проектон метод, индивидуалон, къордгайкуыст.

Æххуысгæнæг фæрæзтæ.

Карточкæтæ, презентаци, интерактивонфæйнæг.

Урочы эпиграф:

                             «Покинув Родину –теряешь все.»

(Кавказская пословица)

Урочыструктурæ

Урочыэтаптæ

Ахуыргæнæджыархайд.

Скъоладзаутыкуыст.

УАА

Мотиваци.

(ахуыргæнæг дæтты ног темæбамбарынæнæххуысчиуахæмæрмæг.)

- Уæ бонтæ хорз, сывæллæттæ.

- Уæ бонтæ хорз, нæ зынаргъ уазджытæ æмæ фарн уæ хæдзæртты. (слайд 1)

- Байхъусутзарæгæйскъуыддзагмææмæдзуаппраттутфарстæнцæй тыххæй у зарæг?

(слайд 2)

-Растзæгъут.

салам дæттынц

хъусынцзарæгмææмæдзуапп дæттынц

(Райгуырæн бæстæйы тыххæй)

Регулятивон

(ахуырадоннысанæвæрын),  

Актуализаци

(къуылымпытæ кæм æмæцæмæнæййафдзысты, уыйсбæрæгкæнын.)

- Райгуырæн бæстæ....

Райгуырæн зæхх!

Цас хорз æнкъарæнтæ æмæ хъуыдытыл æфтауы адæймаджы. Уайтагъд зæрдæ айдзаг вæййы цыдæр æхсызгондинадæй, цæстытыл ауайынц нæ урссæр хæхтæ, нæ диссаджы цъæх фæзтæ æмæ быдыртæ. Адæймаг сулæфы арфдæр æмæ уæндондæр. Райгуырæн бæстæ алкæмæндæр зынаргъ у. (слайд 3)

- Мæнæн дæр, сымахæн дæр æмæ нæ абоны ныхасы хъайтар уыбыхаг Хатажукæн дæр.

Мах абон равзардзыстæм Цæлыккаты Ахмæты радзырд «Бынылзад уыбыхаг», скæндзыстæм хатдзæгтæ.

кæсынц видеороликмæ

Зонадон

(зонындзинæдтæ æмæ арæхстдзинæдтæиумæйагкæнын, класификаци,

хи куыстæнпъланаразын)

удгоймагон

(æнкъарыниронæвзаджыахадындзинаднæадæмыцарды)

Ног æрмæгылкуыст.

Цæлхдуртæаиуварскæнынылкуыст.

Чиныгимæкуыст

- Ӕркæсæмтексты композицион арæзтмæ.

- Цы у композици?

- Цал хайæ арæзт у ацы радзырд?

- Цы æвдыст цæуы 1 хайы?

-Чимаравдыстауыцытрангедийынывтæ?

-Нæ зæрдыл нынчиæрлæууын кæндзæн уыцыазтытрагедийыцаутæ?

- Ӕркæсæм уал Ахмæт йæ радзырды куыд равдыстауыцытрагеди.

-Сæ маст ныхъуыргæйæ ныууагътой сæ райгуырæн хæхтæ, сæ фыдæлты ингæнтæ, бонрухс кæм федтой, уыцы хæдзæрттæ, сæ фосы рæгъæуттæ сæ тугæмæ хидæй æлхæд зæххытæ, ныууагътойсæ фыдæлты бирæ фæлтæрты мулк æмæ фæллой.

( слайд 4)

- Тексты ссарут лыгъд адæмы хъизæмæрттæ кæм æвдыст цæуынц, уыцы рæнхъытæ æмæ сæ абарæм Темырболатысфæлдыстадимæ.

- Ацы цаутæ уын уæ зæрдыл цавæр уацмыс æрбалæууын кодтой?

- Абарæм – масæТемырболатыуацмысимæ.

-  Кæсыæмдзæвгæйæскъуыддзаг.

(слайд 5)

   -Цы сæм ис иумæйагæй æмæ цæмæй хицæн кæнынц?

- Ахæм зынтæ æвзаргæйæ æрбахæццæ сты сæ былыцъæрттæ кæмæ хордтой, уыцы денджызыбылмæ.

- Цавæр уавæры уыдысты денджызы раз?

- Уыцыадæмимиæ бадыуырыссæгтимæ -иумæлæтдзаг тохычибацыд, мæлæты цæстытæм ком-коммæ чи каст, уыцыуыбыхаглæппу Хатажук.

- ЧиуыдиХатажук?

- ЦыбазыдтатХатажучытыххæй?

- Цымæ цæмæн?

(слайд 6)

дзуаппдæттынц

Радзырдарæзт у 3 хайæ

Кавказагадæмы трагедии

МамсыратыТемырболат

- 1774 азы Ирыстонбарвæндонæй баиуУæрæсейы паддзахадимæ. Уый сын фæпайда фыссынадсаразынæн, скъолайыкъæсæрæй бахизынæн, иннæ адæмты æхсæнмæ цæуын, дунейы цивилизацийы рæзтæй хайджын фæуын. Ӕцæг, паддзах, нæ колониалон режим куы æрæвæрдта Кавказы, уæд бирæ адæмтæ растадысты нæ ныхмæ, уæлдайдæр та пысылмон диныл лæуд адæмтæ. Хæст ныддаргъ ис дæс æмæ ссæдзазæй фылдæр. Ӕргом хæст фæци, фæлæ сæ зæрдæйы хæрам нæ байсысти. Састы бынаты чи баззад, уыдонæй иутæ сæ мастисыныфæдыл, протесты хуызы лыгъдысты се ᾽мдин Туркмæ, иннæтæ сæ кæрдтæ цыргъ кодтой.

- Уыцы уавæры Турчы хицæутты дæр æмæ Уырысы паддзахы дæр фæндыд, хæрам адæм, Уырысы паддзахады хицауиуæгæй разы чинæ у, уыдон Туркмæ куы алидзиккой, уый. Туркæн пайда уыд ацы хабар, Кавказагадæм кæддæриддæр цæттæ уыдысты Уæрæсейы ныхмæ хæцынмæ. Уырысыпаддзахадæн дæр пайда уыд, уымæн æмæ хæрам адæмæй сцух уыдаид, æнæнцой тохы лæуд Кавказы адæмтæ ныссабыр уыдаиккой. Дыууæрдыгæй дæр кодтой ардауæн куыст. Ардауджытæй иу уыд Куындыхаты инæлар Муссæ, Темырболаты мады фсымæр. Уый бирæ адæм алидзын кодта йемæ Туркмæ 1865 азы.

- Тагъддæр лидзын хъæуы ацы æнаггæгтæй, зæрæдтæ, сывæллæттæ æмæ сылгоймæгтæн дæр хатыр чи нæ зоны, мард æмæ дзуар кæмæн нæй. Цалынмæ рухс кувæндæттæй нæ фæхынджылæг кодтой, чызджытæ æмæ лæппутæй нæ фæхъазыдысты, сæхи закъонтæ æмæ æгъдæуттæ не ᾽рæвæрдтой, уæдмæ хъуамæ нæ сæрæн истыхос скæнæм, кæннод байрæджы уыдзæн.

Адæм хъомпалæй размæ лæгæрстой. Тагъд кодтойиууылдæр... Алырдыгæй хъуысти къамбецты æмбу, бæхты мыр-мыр, фысты уасын, куыйты ниуын æмæ рæйын, сылгоймæгтæ æмæ сывæлæтты æрдиаг, топпыгæрæхтæ. Хатгай-иу адæмы æхсæнæй райхъуыстысты æнкъард зарæджы мыртæ. Бирæты рустыл судзаг цæссыгтæ уадысты, афтæмæй цыдысты, сæ райгуырæн хæхтæй сæ дарддæрæй - дарддæр чихуыдта, уыцы æнамонд фæндагыл.

Бирæ хъизæмæрттæ бавзæрстой лыгъд адæм фæндагыл, фондзыссæдзгæйттæй цагъды кодтой. Мардысты сæ фос æнæ холлаг, æнæ донæй. Фæндаг стæгдарæй нал зынд.

Цалынмæ денджызы былмæ хæццæ кодтой, уæдмæ Хатажук баныгæдта йæ мад æмæ йæ фыды. Амы уазал ,æххормаг, æнæкæрон хъизæмæрттæн- нæ бафæрæзтой йæ дыууæ кæстæр æфсымæры æмæ хо.

«Дыууæ æмбалы»

хъусынц

Ахмæт нын йæ радзырды æвдисы иу бинонты хъысмæт. Темырболат та равдыста йæ æмдзæвгæты зæххыл цы бирæ сайд адæмтæ уыд, Кавказы хæхтæй алидзгæ, уыдон.

Мардæрцыд мацы у - алыхуызоннизтæ сарæх сты. Адæмыл емынæ сыстад.

Хатажукуыдифæлмæнзæрдæ адæймаг, йæ мастныхъуыргæйæ ныууагътайæ райгуырæн хæхтæ, йæ фыдæлты ингæнтæ, ныууагъта йæ фыдæлты бирæ фæлтæрты мулк æмæ фæллой.

Стамбулмæ! Стамбулмæ!..-зæгъгæ, æнкъард кæмттæ æмæ сæрбæрзонд къæдзæхтыл кæйдæр фæдисхъæр куы айхъуыст, уæд Хатажучызæрдæ æнахуыр рæхуыст скодта.

   Æнхъæлмæ кæсы Хатажук дæр. Кæд ын цыфæнды зын у, уæддæр йæ тыхст уавæр æддæмæ не вдисы. Лæг кæмдæриддæр хъуамæ лæг уа. Цæрæгойты бафынæйы размæ, Хатажук, бæхтæ кæм хизынц, уырдæм ацæуы æмæ йæ диссаджы рæсугъд æнæрцæф æфсургъмæ кæсынæй нал фефсæды..

 Йæиузæрдион æмбалы уынд æй ивгъуыд бонты балæууын кæны, æмæ йæ зæрдæмæ хуры тын ныккæсы.

Алцæмæй дæр бавдæлон Хатажук. Йæ иунæг ныфс ма уыдис йе'нæрцæф æфсургъ, йæ иузæрдион хæлар, гадзрахатæй йыл чи никуы рацыд, бирæ хæттыты йæ чи фервæзын кодта.

Зонадон

(хи ныхасрастрацаразынзонын;хъæугæинформациссарынæмæрадзурынзонын),

коммуникативон

(хи хъуыдытææргомкæнын),

удгоймагон

(этиконæмæморалондомæнтæ æххæст кæнын).

Регулятивон

(ахуырадоннысанæвæрын, ахуырадонархæйдтытæ сбæрæг кæнын,

ахуырыфæстиу-джытæрагацаусбæрæг кæнын),

коммуникативон

(фæрстытæ æвæрын,

хи хъуыдытææргомкæнын),

удгоймагон

(хъуыдыбавæрын; иумæйагхъуыддаджы бæрнондзинад æмбарын).

Ног зонындзинæдтæдзургæйæфидаркæнын.

- Бæх æмæ адæймаг -  уыдон æрдз кæрæдзийæн æххуыссæн сфæлдыста, бæхы зондджын æмæ æмбаргæ зæрдæ. Цал æмæ цал æфсæддоны фервæзын кодтой тохы быдыры, уымæн бирæ дæнцæгтæ ис.

- Нæ зæрдыл ма дзы иу цалдæр æрлæууын кæнæм.

- Уæдæ –Æрмæст Ирыстоны нæ, фæлæ ма фæсарæнты дæр Хъантемыраты Алыбеджы кой чи нæ фехъуыста, ахæм адæймаг стæм разындзæн. Ӕрмæст ыл нæуæдз азы куы сæххæст, уæд æрхызт йæ бæхæй. Абон Алыбеджыфарн дарддæр хæссынц йæ фæдонтæ. Уæлдай тынгдæр ын æххæст кæнынц йæ сæйрагдæр фæдзæхстытæй иу «Бæх у, адæймаджы зæрдæ æппæтæй тынгдæр чи ᾽нкъары æмæ æмбары, ахæм цæрæгой æмæ йæ зæрдæхудты макуы бацæут». Йæ фырт Ирбегæй никуы рох кодта мæнæ ацы хабар.

- Байхъусæм æм.

- Хатажук æмæ йæ бæхы ᾽хсæн дæр ахæм ахастдзинæдтæ уыди æмæ ныр райсом хъуамæ фæхицæн уой.

- Цæмæн?Тексты дыккаг хайæ пайдагæнгæйæ  дзуапп раттут.

- Цæмæн суынгæг йæ зæрдæ Хæтæжукæн?

- Куыд хицæн кæны йæ бæхæй?

Тексты æртыккаг хайæпайдагæнгæйæ ма дзуапп раттут.

- Цавæр маст ын бауагътой йæ зæрдæйы æмæ цы сфæнд кодта?

- Бæх йæ иузæрдион æмбал кæмæн у, уый уæм цавæр фæкаст?

-Ракæсут фæйнæгмæ æмæ абарут уæ дзуæппытæ. (слайд 7)

Удæй сыгъдæг,

фæлмæнзæрдæ,

æцæг æмбал,

хъаруджын,

хъæбатыр,

ныфсджын,

сæрыстыр,

хиуылхæцгæ.

Мачъыдон Алыксандры бæх - Буцефал;

Нарты кадджытыбæх – Æрфæн;

Плиты Иссæйы бæх.

Алыбеджыкæсгон бæхæн йæ ном хуынди Терк. Æхсæв-иу цы бæхдоны уыд, уымæн йæ рудзынг асаст. Алыбег цалдæр хаты бæхдоны кусæгæн загъта, цæмæй уыцы саст рудзынг раивтаид ногæй. Фæлæ йын уый абон-райсом кодта Иухатт Алыбег тынг смæсты æмæ йын карзæй загъта, цæмæй æвæстиатæй бæхдоны рудзынджы сæвæрдтаид авг. Уыцы рæстæг Алыбегбахызт бæхдонмæ æмæ джихæй кæсгæйæ баззад йæ бæхмæ. Уый-иу дзыхы дзаг хъæмп систа æма иу æй саструдзынджызыхъыры батъыста. Иæ «куыст» куы фæцис, уæд Алыбегмæ æнкъард цæстытæй ракаст, цыма йын афтæ зæгъынмæ хъавыд, ома, сымахмæ куы кæсон, уæд мæ ам уазал дымгæтæ фæхойдзысты, зæгъгæ.

Райсом хъуамæ Хатажукы дæр нау аласа цытджын падишахы бæстæмæ. Фæлæ уымæй Хатажукæн нæ фенцондæр. Йæ катайыл ма бафтыд. Иæ бæхы йын ласын нæ бауагътой, бынæттæ адæмæн нæ фаг кæны, зæгъгæ.

Куырталынг, уæд йæ бæхы цурмæ бацыд. Фаста йæ. Удæй хæстæг уыдысты Хатажукæмæ йæ бæх, уый йеддæмæ йын ничиуал ис. Хатажукæн йæ царды цыдæриддæр æхсызгондзинадæй æрцыд, уыдоныл иууылдæр йæ бæхимæ æрцыдысты. Æмæ мæнæ ралæууыд сæ фæхицæны рæстæг. Йæ царды тæккæ уæззаудæр сахат. Зыбыты иунæгæй куы баззад, уæд Хæтæжукы зæрдæ суынгæг æмæ бæхы бæрзæйæ йæ æмыр кæуын райхъуыст.

Йæ бæхæй кæй хицæн кæны, уымæн.

Ныхсадта йæ сабыргай араст.

Хатажук бæхы фæрстæ æрбацавта.

Тæхгæ-тæхын - хъримаг аивтыгъта.

Хатажукйæ сæрмæ не'рхастайæ цæдисон æмбалæн ын æндæр аргъ кæй не скодтой, тынг æфхæрдыл æй банымадта. Ӕмæ йæ масты фæдыл ацыд, йæхи æд бæх денджызы баппæрста.

дзуапп дæттынц.

кæсынц

Зонадон

(хи ныхасрастрацаразынзонын;хъæугæинформациссарынзонын),

коммуникативон

( æмгуыстдзинадаразынахуыргæнæгæмææгæрттимæ)

удгоймагон

(мадæлонæвзаджыаивдзинад;

Фыдыбæстæм æмæмадæлонæвзагмæуарзондзинадгуырынкæнын)

Зонадон

(анализ, синтез, абарст; хъуыдытæлогиконæгъдауæйаразынæмæбæлвырдкæнын; алыхуызонхъуыдытæнымайынæмæ афтæмæй æмгуыст кæнын),

коммуникативон

(бæлвырдæмæбиноныгдзурын хи хъуыдытæ; иумæйаг уынаффæмææрцæуыниумæйагхъуыддагаразгæйæ)

удгоймагон

(хи бæрнондзинадæмбарыниумæйагхъуыддаджы; моралонæмæэтикон домæнтæ æххæст кæнын)

Рефлекси.

Æрмæгбафидаркæнынылкуыст.

Хатдзæгтæ скæнын.

- Цы нысан кæны Хатажук æмæ бæхы сæфт?

- Уæдæ нæ урочы темæ дæр уый нысан кæны.

- Кæд символы кой скодтам, бамбарын кæнæм цыу символ?

- Нæ цæст ахæссæм текстыл æмæ ма æрхъуыды кæнæм, цавæр ныхæстæй райдыдта?

- Туркмæ чи ацыд, уыцы адæмæй уыбыхæгтæй æнамонддæр ничи разынд. Нæ баци сæ бон бахъхъахъæнын се ᾽взаг, сæ культурæ, сæ традицитæ. Иуæй-иу ахуыргæндты хъуыдымæ гæсгæ убыхæгты нымайынц абхазты æмæ адыгты фыдæлтæй.

- Абон нæ урочы эпиграф хуымæтæджы нæ райстон уырыссагау, уымæн æмæ ацы æмбисонд Кавказы адæмтæм се ᾽ппæтмæ дæр ис, алыæвзæгтыл алыхуызон хъуысы.

(слайд 9)

- Бакæсут видеоæрмæгмæ.

- Уыбыхæгтæ фесæфтысты. Фæстаг уыбыхаг Тевфик Эсенчы тыххæй ныффыста Баграт Шинкуба йæ роман «Последний из ушедших»-ы.

Уыйцард Турчы, хорз зыдта йæ адæмы культурæ æмæ традицитæ, уыбыхаг æвзаг. Фехъуыста сæ фыды фыд Ибрагимæй, зыдтаФранцузаг лингвист Ж. Дюмезилы. 1992 азы амард, уыимæ амард уыбыхаг æвзаг дæр.

(слайд 10)

- Хъыгагæн, абон ЮНЕСКО бахаста ирон æвзаг, сæфгæ чи кæны, уыцы æвзæгты къордмæ.

Ныртæккæ мах цы царды цæрæм, уый арæзт æрцыди тынг раджы, бирæ фæлтæрты зондæй. Уыцы хъæздыгдзинадæй мах пайдакæнæм  дунейы рухсмæ куы рахизæм уæдæй нæ амæлæтмæ. Нæ фыдæлты æгъдауыл чи хæцы, уыдоны кад, æфсарм æмæ уæздандзинад зынаргъ кæмæн не сты, йæ мадæлон æвзагыл стырзæрдæ чи у, уый цæй ирону?

 - Цавæр хъуыдытæ уæм сæвзæрын кодта нæ абоны урок?        

- Уæ зæрдæмæ хæстæгдæр цы айстат?

- Зæгъут – ма уæ хъуыдытæ.

- Цæмæй мах дæр уыбыхæгты хъысмæт ма баййафæм, уый тыххæй нæ хæс у нæ рагфыдæлты рæсугъд æгъдæуттæ фидар кæнын æмæ сæ дарддæр хæссын фæлтæрæй фæлтæрмæ.Æвзаг сафын ма бауадзæм, фылдæр ыл дзурæм æмæ йын кад кæнæм.

Уыбыхаг адæмы национ трагедии. Фæстаг адæймаджы онг Туркмæ кæй фæлыгъдысты, уымæ гæсгæ сæ фæд фесæфт. УыбыхагХатажукйæхи денджызыкæй баппæрста, уый у нацийы сæфты символ. Уыйразмæ æппæт хиуæтты æмæ хæстæджыты амæлæты æвдисæн кæй уыд, уымæй та скæнæн ис хатдзæг - фæдонтæ йын нал ис æмæ фыдæлты фарн мæрдтæй ничиуал раздахдзæн.

Символ у - уæрæх арф нысаниуæг чирайсы, ахæм фæлгонц. АцырадзырдыХатажукæмæ йæ бæх сæхи денджызыкæй баппæрстой, уый унацийысæфты символ.

Иæхимæ ныхъхъуыста уыбыхаг лæппу. Уыцы хъуыдыйы нын Ахмæт бамбарын кодта, зæрдæ кæмæй фæриссы, ахæм цаутæ кæй æрцæудзæн. Афтæ мæм кæсы, цыма адæмы трагедии уыцыцыбыр хъуыдыйады бавæрдта.Уый у уацмысы экспозици.

(слайд 8)

.

кæсынц

дзуаппдæттынц

Зонадон,

(архæйдтытæ зæрдыллæууынкæнын; аххосæмæфæстиуджытыбастдзинад сбæлвырд кæнын, архайдтытæ алгоритмæ гæсгæ кæнын),

коммуникативон

(хи хъуыдытæбæлвырднæныналыхуызонкритеритæйпайдакæны; ахуырадыæмгуыстдзинадæнфæткаразын),

удгоймагон

(æнтыстытæбæлвырдкæнын; ахуырадонархайдыкъухыцыбафтыд, уыйбæрæгкæнын).

Хæдзармæкуыст

Ныффыссыннывæцæн« Мæмадæлонæвзаджысомбон»

Бæрæг кæнынц сæхимæ хæслæвæрд.