«Хьуыдыйады хуызтæ сæ загъды нысанмæ æмæ интонацимæ гæсгæ».
план-конспект урока (5 класс)

«Хьуыдыйады хуызтæ сæ  загъды нысанмæ æмæ интонацимæ гæсгæ».

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл 5klas.docx19.68 КБ

Предварительный просмотр:

5кълас  

 Урочы темæ.

«Хьуыдыйады хуызтæ сæ  загъды нысанмæ æмæ интонацимæ гæсгæ».

Ныхасы  темæ. Фæззæг.

Урочы хуыз. Ног  æрмæг амоныны  урок.

Урочы нысан. 1. Ахуырдзауты зонындзинæдтæ хъуыдыйады тыххæй фæарфдæр кæнын.

        2.Ныхасы рæзтыл бакусын.

        3.Гуырын кæнын цымыдисдзинад нæ адæмон сфæлдыстадмæ.

Цæстуынгæ æмæ æххуысгæнæн æрмæг:  тæгæры сыфты баст алы стъолыл, музыкæ, презентаци, сюжетон нывтæ.

Эпиграф.                                                             Фæззæгæй зæрдæ буц у.

        Урочы цыд .

  1. Хæдзармæ куыст  сбæрæг кæнын. Фæлхат кæнын рацыд æрмæг.

 Фæрстытæ:                                                                                                                                             1)Дзырдбаст конд у…                                                 4) сæ мидисмæ гæсгæ  æмæ грам. æгъдауæй                       2)Фарст цы дзырдæй лæвæрд фæцæуы

дзырдбæстыты…                                                          3) уый хуыйны дæлбар дзырд.

3)Фарст цы дзырдмæ фæхауы дзырдбæстыты…               2)уый хуыйны сæйраг.                           4)Дзырдбæстыты мидæг дзырдтæ баст цæуынц…

                                                                                        1) дыууæ кæнæ фылдæр сæрмагонд дзырдæй              

5)Хъуыдыйад арæзт у…                                                       5)дзырд кæнæ дзырдты къордæй.

6)Хъуыдыйад æвдисы …                                                   7) грамм. æгъдауæй æмæ хъæлæсыуагæй

7)Хъуыдыйады мидæг дзырдтæ баст сты…                      6) æххæст хъуыды.

 1.Мотивацион уавæр. Бакæсын текст.

 Тæгæрбæлас.

     Æрызгъæлдысты уазал зæхмæ тæгæрбæласы сырх сыфтæртæ. Лæппын рувас сæ æруагъта æмæ сæ равæрдта, йæ хæдзармæ цы къахвæндаг згъордта, ууыл. «Уадз æмæ мæ уазджытæн æхсызгон уа»,- загъта йæхинымæр рувас. Фæлæ йæм ничи æрбацыд тæгæры сыфтæй æмбæрзт фæндагыл.

     -Уæд цæмæн, цæй тыххæй?- бафарста рувас саг-сæгуыты. - Диссаджы рæсугъд фæндаг. Афтæмæй йыл ничи цæуы.

    -Эх! Тæгæры сыфтæр зæрдæйы æнгæс у! Æмæ мæ бон нæу ныллæууын фæззæджы зæрдæйыл.

-Цæмæй фæцыд уæ зæрдæмæ ацы текст?

-Цавæр сæргонд ма раттæн ис текстæн?

-Йа сæйраг хъуыды цæй мидæг ис?

-Сымахмæ та куыд кæсы,æцæгæйдæр тæгæрбæласы сыфтæ зæрдæйы æнгæс сты?

-Цæуылнæ уыди сагæн йа бон фæззæджы «зæрдæйыл» ныллæуын?

-Цавæр миниуджытыл дзурæг у саджы дзуапп?

Ах.- г.  Уæдæ ма мын загъут фæззæджы рæсугъддзинад цæй мидæг ис?

        2. Къордтыл куыст.                                                                                                                                                      

1къорд.    Бацамонут дзырдтæ æмæ дзырдбæстыты нысаниуджытæ, синонимтæ сæм ссарут:

æрызгъæлдысты, æруыгъта,æхсызгон уыд , зардæйы æнгæс уæвын.

2 къорд.   Рæфыссут вазыгджын дзырдтæ. Сæ арæзт сын бацамонут.

         

Хæс. Цы дзырдтимæ   бакуыстат, уыдонмæ  ма æркæсут æмæ зæгъут,цавæр хъуыдыйæдты  сты.

Зæгъæм:  Дзырд  æрызгъæлдысты ис фыццаг  хуымæтæг хъуыдыйадыды. Йæ арæзтмæ гæсгæ у ацы хъуыдыйад  хуымæтæг даргъ, таурæгъон … æ. а. д.   Ис  радзырды фарстон хъ.- д  дæр.

Ах.-г.   Уæдæ абон нæ ныхас цæудзæни хъ.- ды  хуызтыл сæ загъды нысанмæ æмæ интонацимæ гæсгæ.

Афтæ хуыйны нæ абоны урочы темæ.(12-æм урок)

Фæнысан кæнæм абоны нымæц æмæ темæ.    

II.     Ног æрмæгыл куыст.

 1. Чиныгимæ  куыст.

        1.Бакæсын 2-аг фæлтæрæны цы радзырд ис, уый.

        Сæххæст кæнын фæлтæрæнмæ цы хæслæвæрдтæ лæвæрд ис, уыдон.    Хъ-дты арæзтыл æрдзурын.

2-аг фæлтæрæн. Хæслæвæрдтæ:

    1.Бакæсут радзырд.

    2.Рафыссут вазыгджын дзырдтæ. Бамбарын сын кæнут сæ арæзт.

    3.Рафыссут дыууæ таурæгъон хъ-ды, саразын сæ разæнгардгæнæн æмæ фарстон хъ-дтæ.

1. Дзырдуатон куыст.

      Мæкъуыл-фæмæкъуылджын

       Хил-зачъетæ

       Уыгæрдæнтæ-хуымтæ.

2. Хъулон-мулон

     Бур-бурид

     Алыхуызон

     Кæрдæгхуыз.

3.    -Хъулон-мулон фæззæг æрбалæууыд.

      .-Хъулон-мулон фæззæг æрбалæууыд?

   .  -Хъулон-мулон фæззæг æрбалæууыд!

      -Сæууон æртæх хъазы фæззыгон хуры тынтæм.

       -Сæууон æртæх хъазы фæззыгон хуры тынтæм?

      -Сæууон æртæх хъазы фæззыгон хуры тынтæм!.                                                                        

     Урочы нысантæ сбæрæг кæнын.         /Целеполагание)                                                                                            

1.Зонын - куыд арæзт вæййынц хуымæтæг хъ-дтæ?                                                                      2.Цавæр 3 хуызыл дих кæнынц хъ-дтæ сæ загъды нысанмæ æмæ интонацимæ гæсгæ.                                    

3.Цæмæн хъæуынц мах уыцы зонындзинæдтæ?

          (   Цæмæй арæхсæм:        -Хъ-дтæ иртæсын сæ хуызтæм гæсгæ)

3.Æрмæг бафидар кæнынæн ма  баххæст кæнын ф. 3-аг.  «Зæрватыкк дзуры дæумæ»

Стыр  цымыдисаг у дунейон мифологийы зæрвæтыччы фæлгонц. Ирон адæмæн дæр у зæды æмсæр æмæ табуйаг маргъ.    Уый у ног царды фидиуæг, хæдзары бæркад æмæ амондхæссæг. Кæд уалдзыгон цъиу у, уæддæр ын ис фæззæджы хуызæн бæркады нысаниуæг.

    Хъ.-дты хуызтæ сбæрæг кæнын.

     Фæрстытæ равзарын.

      Кæмæн  уайдзæф кæны зæрватыкк?

      Цæвæр миты тыххæй?

     Æмбисæндтæ зæрватыччы тыххæй.

     Зæрватыкк  у Хуыцауы минæвар, уалдзæджы фидиуæг.  

     Зæрватыкк ахстон амондджын хæдзары аразы.

                Уырнæнтæ- приметы.

Зæрватыччытæ бæрзæндты куы тæхой, уæд хорз боныхъæд уыдзæн.

                4.Релаксаци.     Сывæллæттæ  компьютерæй  зæрватыччы  цъыбар- цъыбурмæ хъусынц, афтæмæй урочы эпигрæфмæ рахизын æмæ йыл æрдзурын.

          Цæуыл у нæ эпиграф?    Фæззæгæй зæрдæ буц у.

Æмбисæндтæ мæ ныффыссын фæззæджы тыххæй æмæ сæ равзарын хъ-ды уæнгтæм гæсгæ

    Фæззæг хъæздыг у.  

    Фæззæг - магусайы удхæссæг.

    Фæззæг дзаджджын у.

    Фыццаг мæкъуыл куы фæзыны, фæззæг уæд райдайы

     Фæззæг царды къæбиц у.

5. Рефлекси.

Цы зыдтон хъуыдыйады тыххæй?  Цы базыдтон?

   -Æз зыдтон…

   -Базыдтон…

   -Урочы мæ зæрдæмæ фæцыд…

   -Зын мын уыд…

   -Урочы мæм сæвзæрд ахæм хъуыды…

6. Бæрæггæнæнтæ.

7. Х/куыст.  7-æм фæлтæрæныл  æрдзурын. Бамбарын æй кæнын.

   Райдайæнмæ гæсгæ радзырд кæронмæ ныффыссын. Спайда кæнын таурæгъон, разæнгардгæнæн, фарстон хъ. - дтæй.


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

"Сценарий проведения нетрадиционного урока по музыке по теме "Интонация"

В игровой форме даю общие представление о том, что такое интонация, какое значение она имеет в музыке. Раскрываю смысл понятий: "Ритм", "Темп", "Тембр", "Динамика", "Мелодия", "Выразительность", "Изоб...

"Интонация"

Интегрированный урок "Интонация" и рабочий материал к нему в 5 классе....

Бафæрсты хуызтæ ирон æвзаг æмæ литерæтурæйы урокты.

Мæ куыстыты темæ у « Бафарсты хуызтæ ирон æвзаг æмæ литературæйы урокты»...

Хъуыдыйады хуызтæ сæ загъды нысан æмæ интонацимæ гæсгæ(открытый урок)

Хъуыдыйады хуызтæ сæ загъды нысан æмæ интонацимæ гæсгæ(открытый урок)...

Доклад "Текстыл кусыны хуызта"

Доклад "Текстыл кусыны хуызта"...

Загъинаджы хуызта

Ирон авзаджы урок 8 къласы...

Синтаксис.Загъинаджы хуызта

Урок родного языка в 8 классе....