Цæсгомон номивджытæ.
план-конспект урока (6 класс)

Конспект урока

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл tehnologicheskaya_karta_uroka._nomivag2.docx990.81 КБ

Предварительный просмотр:

Урочы темæ: Цæсгомон номивджытæ.

Грамматикон темæ: Адæймаг æмæ цæрæгойтæ.

Урочы хæстæ: 

Ахуырадон: 1)фæарфдæр кæнын скъоладзауты зонындзинæдтæ номивджыты тыххæй; ахуыр кæнын раст пайда кæнын алыхуызон хауæнты номивджыты формæтæй; номивджыты æххæст æмæ цыбыр формæтæ иртасын.

Райрæзтон: бакусын УАА аразыны сфæлдыстадон гæнæнтыл æмæ ныхасы рæзтыл; лæмбынæг хъусыны арæхстдзинадыл бакусын; хи хъуыды дзурын æмæ бæлвырд кæнын.

Хъомыладон: хъомыл кæнын уарзондзинад нæ алыварс дунемæ, æрдзмæ, цæрæгойтæм; аргъ кæнын сын зонын;  ахуыр кæнын æрдз хъахъхъæныныл, бæрнон уæвыныл.

Урочы хуыз: ног бавæрæн нæ зонындзинæдтæм.

Урочы формæ: урок –акци (урок-сидт)

Урочы æрмæг: компьютерон презентаци, карточкæтæ, цæстуынгæ æрмæг, кусæн тетрад, пульттæ Mimio studio.

Фӕстиуджытӕ

предметон

метапредметон

удгоймагон

Фӕцалх  кӕнын :

-диалогон æмæ монологон ныхасыл кусыныл;

-дзургӕ ныхас ӕмбарыныл;

-хи хъуыдытӕ раст дзурыныл нырыккон æмæ  ивгъуыд афоны мивдисджытæй пайда кæнгæйæ

Фӕцалх  кӕнын :

-хибарӕй хатдзӕгтӕ кӕныныл;

-хи куыстӕн аргъ кӕныныл;

- лӕвӕрд хӕстӕ хибарӕй ӕххӕст кӕныныл

Фӕцалх  кӕнын :

Хи ӕнӕниздзинадмӕ хъус

дарын; цымыдисдзинад гуырын кæнын.

                                                             

Урочы     цыд:

Мотивацион уавæр .

1.Бацæттæгæнæн хай.

Ахуыргæнæджы ныхас: Ныртæккæ мах бакæсдзыстæм видеоæрмæгмæ. Бакæсут æм æмæ лæмбынæг байхъусут.

- Цавæр цæрæгойтыл цæуы ныхас нæ видеойы?

-Сымахæн та бæхтæ цæуынц уæ зæрдæмæ?

Мæнæн дæр тынг цæуынц, фæлæ йæм хæстæг бацæуын дæр нæ уæндын.

Сымах лæмбынæг байхъуыстат æмæ ныртæккæ бакæндзыстæм ахæм куыст. Фæйнæгыл хъуыдыйæдтæ.

Тынг уарзын ____ бæхтæ. _____ сты адæймаджы хуызæн зондджын. Ис сын æмбаргæ цæстытæ.

Ныртæккæ цы бæхимæ кусын, ___ æз тынг уарзын. ____ æмбæлттæ стæм. Æнцон сæм нæу зилын, кусын семæ.

Уым цухгонд æрцыдысты дзырдтæ (карточкæтыл фыст дзырдтæ, фæйнæджы раз иннæрдæм фæлдæхтæй).

Цавæр дзырдтæ дзы цухгонд æрцыдысты? Зæгъут сæ.

Дзæбæх-ма сæм бакæсут. Цы сæ иу кæны? (Уыдон сты номивджытæ)

Æмæ цы хонæм номивджытæ та?

-Цавæр къордтыл дих кæнынц номивджытæ?

(цæсгомон номивджытæ)

     

Уæдæ-ма мæнæ фæйнæгмæ ракæсут æмæ сæвæрут номивджытæ сæ бынæтты. Цæсгомон номивджытæ сæхи бынаты, номивджыты иннæ къордтæ та сæхи бынаты.

Нæ голладжы сæ куыд ныккалдтам афтæ æмхæццæ сты, фæлæ сæ сæ бынаты сæвæрын хъæуы æмæ ма сæ авæрæм.

Куыд хъуыды кæнут, абон нæ урочы темæ цавæр у?

(Цæсгомон номивджытæ)

Зонындзинæдты актуализаци.

Куыд федтам, афтæмæй цæсгомон номивджытæн ис цæсгæмттæ, нымæцтæ.

Æмæ уæд хауæнтæ та уæ размæ цæмæ рахастон?

 (уымæн æмæ номивджытæ ивынц æрмæст нымæцтæ нæ, фæлæ хауæнтæм гæсгæ дæр)

Ныр байгом кæнут уæ разы цы кусæн тетрæдтæ ис, уыдон. Фыццаг текстмæ –ма æркæсут. Бакæсæм-ма йæ.

I.

Ардæм мæн æрбахуыдта мæ мад. Абон æз уымæн зæгъын бузныг. Мæныл уæд 10 азы цыд.

Тынг бирæ уарзын æз бæх. Уый адæймаджы хуызæн у зондджын. Уымæн ис æмбаргæ цæстытæ.

Ссарут тексты номивджытæ, сæ хауæнтæ сын сбæрæг кæнæм

Мæн – г.х.

Ныр та кæсæм дыккаг текст

II. Ардæм мæ æрбахуыдта мæ мад. Абон ын зæгъын бузныг. Уæд мыл цыди 10 азы.

Тынг уарзын мæ бæхы. Уый адæймаджы хуызæн у зондджын. Ис ын æмбаргæ цæстытæ.

Зæгъут-ма,  II- аг текстæн йæ хъуыды аивта? Уæдæ цæмæй хицæн кæны фыццаг текстæй? Уыдон æндæр номивджытæ сты, æви уыцы-иу номивджыты æндæр формæтæ? Куыд уæм кæсы?

Баххæст кæнут таблицæ.

Н.х

Г.х.

Д.х.

Ар.х.

Ир.х

Æд.-б.х.

Ц.х.

Х.х.

æххæст

цыбыр

мæн

мæ

мæныл

мыл

Хатдзæг скæнæм.

Номивджытæн хауæнты формæтæй уæлдай ис дыууæ хуызы: æххæст æмæ цыбыр. Мах уый сбæрæг кодтам: цыбыр номивджытæ, æххæст номивджыты хуызæн ивынц хауæнтæм, нымæцтæм æмæ цæсгæмттæм гæсгæ.

Хъуыдыйады синтаксисон æвзæрст.

Абон æз уымæн зæгъын бузныг.

5. Улæфты минут

Хорз акуыстам, ныр-та æрцыд рæстæг аулæфынæн дæр.

Зонут Ирыстоны цæрæгойты хуызтæ!

Уарзут æмæ хъахъхъæнут Ирыстоны æрдз!

Зилут лæмæгъ цæрæгойтæм!        

Аргъ кæнут æрдзы рæсугъддзинадæн!

Æнувыд ут зымæгиуæггæнæг мæргътыл!

Аразут цъиутæн хæдзæрттæ!

Ш. Чиныгимæ куыст.

Фæлтæрæн

Ахуыргæнæг кæсы текст.

Æвæдза, цавæр диссаджы хабæрттæ æрцæуы хаттæй-хатт адæймаг æмæ цæрæгойы `хсæн.

Арæх фехъусæн ис, цæрæгойæн, дам, уд нæй, ницы, дам, æмбары, зæгъгæ. Фæлæ нын цард æндæр хабæрттæ хъусын кæны. Мæнæ уын иу ахæм хабар. Хъантемыраты Алыбеджы цирчы бæхæн æмбал нæ уыдис: йæ буар урс-урсид, æрмæст йæ ныхыл уыдис чысыл тар тæлм. Уый тыххæй йæ хуыдтой «Звездочка» («Стъалы»). Тынг æмбаргæ бæх уыдис,  иннæ бæхты `хсæн бæрæг дардта; цирчы-иу йæ хицауы хъæлæс куы фехъуыста, уæд-иу хъæрæй ныммырмыр кодта,.

Фæлæ базæронд ис бæх, программæ дæр баивтой, архайдтой дзы ног бæхтæ. Номдзыд барæг йæ зæрдæ не сивта йæ лымæныл: алы бон дæр æм цыдис егъау горæты иу кæронæй иннæмæ; лæвæрдта йын холлаг, сыгъдæг ын кодта йæ бынат.

Иу ахæмы Алыбег уæззау фæрынчын ис. Бæхмæ кастысты бæхдоны кусджытæ. Фæлæ мæнæ диссаг…

(Скъоладзаутæ дзурынц сæ хъуыдытæ бæхы уавæры тыххæй. Пайда кæнынц 3-аг цæсгомы  иу.н номивджытæй)

æмбаргæ цæрæгой никæй къухæй иста хæринаг, дон дæр нал нуæзта, бæхдоны къуымты æнкъардæй разил-базил кодта, йе `нкъард цæстытæй-иу бæхдоны рудзынгмæ скастис…

IV. Тест пульттыл.

1. Номивæг у

  • сæрмагонд ныхасы хай
  • æххуысгæнæг ныхасы хай

2. Цæсгомон номивджыты рæнхъ у

  • мæхицæн, дæхи, ацы, уыцы, алчи
  • ды, уый, æз, мах,сымах

3. Цæсгомон номивджытæн ис:

  • æрмæст æххæст формæ
  • æххæст æмæ цыбыр формæ

4. Цæсгомон номивджыты цыбыр формæтæ

  • хауæнтæм гæсгæ нæ ивынц
  • хауæнтæм гæсгæ ивынц

5. Цыбыр формæйы номивæг ис рæнхъы:

  • сымах, мын, æз
  • уый, мах, уыдон

6. Цæсгомон номивджыты æххæст æмæ цыбыр формæтæ раст æвæрд сты рæнхъы:

  • мæныл – мын, дæуæн – дыл
  • мæныл – мыл, дæуыл – дыл

V. Кæронбæттæн хай.

1. Урокæн хатдзæгтæ скæнын.

Байхъуыстат æмæ ныр зæгъут

-Цы нын фæдзæхсы?

Уый уыд нæ уазæджы фæдзæхст.

Алчи-ма йе стъолмæ æркæсæд, цыдæр конверттæ уæм ис. Цы сты цымæ? Сæ мидæг цы ис? Байгом сæ кæнут.

Уыдон сты цæрæгойты нывтæ. Цавæр цæрæгойтæ сты? Цæрæгойты нывтæй уæлдай ма уын дзы номивджытæ ис. Цымæ цæмæн? Ныртæккæ йæ уæхæдæг зæгъдзыстут.

Мæн фæнды, цæмæй сымах ныффыссат уæхи фæдзæхстытæ нывтыл. Æмæ сæ нæ картæйыл бакæндзыстæм. Уæ ныхасы та спайда кæндзыстут лæвæрд номивджытæй.

Мæнæ нын цы рæсугъд рауад. Уæ зæрдæмæ дæр цæуы?

Ацы картæ уыдзæн уæ къласы. Æмæ уыдзæн нæ сидт се `ппæтмæ.

«Уарзут, æмбарут æмæ хъахъхъæнут цæрæгойты! Сæ зæрдæхудты макуы бацæут!»

Куыд федтат, афтæмæй цæсгомон номивджытæ баххуыс кодтой махæн нæ сидт саразынæн.

Сымахæн мæ фæнды чысыл лæвар скæнын, нæ урочы чысыл зæрдылдаринаг хай.

2.Бæрæггæнæнтæ сæвæрын.

Абон хорз бакуыстат.

VI. Рефлекси.

VII. Хæдзармæ куыст.

265-æм фæлтæрæн. Цæрукъаты Алыксандры æмдзæвгæйы скъуыддзаджы хъæуы баххæст кæнын уæгъд бынæттæ цæсгомон номивджыты цыбыр формæтæй амынд хауæнты, æмæ йæ афтæмæй рафыссын.


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

«Ныууагътой мын нǽ фыдǽлтǽ ǽвзаг.Рацыд ǽрмǽг фǽлхат кǽнын.Номивджытǽ» открытый урок

Технологон картæ ирон æвзаджы  урокмæ 9-æм къласы (дифф.къорды)12.05.2022г.Темæ: «Ныууагътой мын нǽ фыдǽлтǽ ǽвзаг.Рацыд ǽрмǽг фǽлхат кǽнын.Номивджытǽ» Урочы  нысантæСфæлхат ...