Уыдысты фыццæгтæ... Тугъанты Махарбег
методическая разработка (9 класс)

Урочы темæ: :  Тугъанты Махарбег (Рацыд лексикон æрмæджы фæлхат, диалогон æмæ монологон ныхасы рæзт)

Грамматикон æрмæг: вазыгджын хъуыдыйады бæттæгтæ; номдары тасындзæг; амад нымæцонтæ (фæлхат).

Урочы нысантæ:

Хъомыладон: ахуырдзауты эстетикон дуне фæхъæздыгдæр кæнын, патриотон хъуыдытæ сæм гуырын кæнын; амонын сын царды æцæг нысантæ.

Ахуырадон: 1)фæцалх кæнын ахуырдзауты рацыд лексикон æрмæгæй ныхасы мидæг пайда кæныныл; диалогон æмæ монологон ныхас аразыныл бакусын; дзурын сфæлдыстады темæйыл; сфæлхатын рацыд грамматикон æрмæг (амад нымæцонтæ; номдары тасындзæг; бæттæгтæ: та; фæлæ; уый тыххæй; уымæн æмæ);

Райрæзтон: ирон æвзагмæ тырнындзинад рæзын кæнын; интеллектуалон миниуджытæ рæзын кæнын; хатдзæгтæ кæнын; аргъ дæттын хи зонындзинæдтæ æмæ кæрæдзийы зонындзинæдтæн.

Куысты хуызтæ: лексикон диктант; лексикон æмæ грамматикон фæлтæрæнтæ; диалогон æмæ монологон ныхас аразыныл  куыст; ныхасы ситуацитæ; аудировани; æмбисæндтимæ куыст; хъомыладон беседæ.

Урочы фæлгонц: фæйнæгыл фыст; интерактивон фæйнæгыл презентаци; текстытæ.

Цитатæ: «Хорз адæймаг вæййы зондамонæг æмæ пайдахæссæг адæмæн».

 

Скачать:

ВложениеРазмер
Microsoft Office document icon tuganty_maharbeg.doc63.5 КБ

Предварительный просмотр:

Уыдысты фыццæгтæ…                    Тугъанты Махарбег

           

9-æм кълас (лæмæгъ къордтæ)

 Ахуыргæнæг Цæллагкаты С.Ю.


Урочы темæ: :  Тугъанты Махарбег (Рацыд лексикон æрмæджы фæлхат, диалогон æмæ монологон ныхасы рæзт)

Грамматикон æрмæг: вазыгджын хъуыдыйады бæттæгтæ; номдары тасындзæг; амад нымæцонтæ (фæлхат).

Урочы нысантæ:

Хъомыладон: ахуырдзауты эстетикон дуне фæхъæздыгдæр кæнын, патриотон хъуыдытæ сæм гуырын кæнын; амонын сын царды æцæг нысантæ.

Ахуырадон: 1)фæцалх кæнын ахуырдзауты рацыд лексикон æрмæгæй ныхасы мидæг пайда кæныныл; диалогон æмæ монологон ныхас аразыныл бакусын; дзурын сфæлдыстады темæйыл; сфæлхатын рацыд грамматикон æрмæг (амад нымæцонтæ; номдары тасындзæг; бæттæгтæ: та; фæлæ; уый тыххæй; уымæн æмæ);

Райрæзтон: ирон æвзагмæ тырнындзинад рæзын кæнын; интеллектуалон миниуджытæ рæзын кæнын; хатдзæгтæ кæнын; аргъ дæттын хи зонындзинæдтæ æмæ кæрæдзийы зонындзинæдтæн.

Куысты хуызтæ: лексикон диктант; лексикон æмæ грамматикон фæлтæрæнтæ; диалогон æмæ монологон ныхас аразыныл  куыст; ныхасы ситуацитæ; аудировани; æмбисæндтимæ куыст; хъомыладон беседæ.

Урочы фæлгонц: фæйнæгыл фыст; интерактивон фæйнæгыл презентаци; текстытæ.

Цитатæ: «Хорз адæймаг вæййы зондамонæг æмæ пайдахæссæг адæмæн».

                                 Рене Декарт, 1590-1650, францаг философ

Урочы цыд:

I. Организацион хай.

1.Проблемон ситуаци. Ахуыргæнæг фæрсы скъоладзауты, куыд æмбарынц фæйнæгыл фыст цитатæ, куыд ис бабæттæн цитатæ  урочы темæ æмæ урочы нысантимæ, æвæры ахуырдзауты размæ хæстæ. 1 слайд

II. Кусæн хай.

1.Сгаргæ куысты хуыз. Лексикон диктант (ахуыргæнæг дзуры дефиницитæ, скъоладзаутæ та сын фыссынц се ‘мбарынæдтæ).

Исты фарста кæнæ проблемæ лæмбынæг æвзарын , ахуыр æй кæнын (иртасын)

Истæмæ тынг хорз арæхсын; арæхстдзинад (дæсныйад)

Нæ рагфыдæлтæй нæм чи рхæццæ, уыцы уацмыстæй иу (таурæгъ)

Дыууæ предметы кæнæ фæзынды кæрæдзимæ хæстæг куы фæлæууынц (бастдзинад)

Уый вæййы фыццаг, скæны фæндаг иннæтæн (бындурæвæрæг)

Ис æм бирæ зонындзинæдтæ; фыссы зонадон куыстытæ (ахуыргонд)

Аивады хуызтæй иу (нывкæнынад)

Искæй æххуысæй (руаджы)

Цард искæмæн кæнæ истæмæн раттын (снывонд кæнын)

Адæмы царды уаг, хи дарыны культурæ (æгъдау)

Эпикон таурæгътæ (кадджытæ)

2.Логикон рæхыстæн сæ кæрæттæ баххæст кæнын (интерактивон фæйнæгыл куыст). 3 слайд

Иртасын 🡪 æрдзы сусæгдзинæдтæ иртасын🡪Ахуыргонд иртасы æрдзы сусæгдзинæдтæ🡪

Руаджы 🡪Репины руаджы🡪Репины руаджы Тугъанты Махарбег райста бæрзонд дæсныйад🡪

Кадджытæ🡪нарты кадджытæ🡪Мæ зæрдæмæ тынг цæуынц нарты кадджытæ🡪

Снывонд кæнын🡪цард снывонд кæнын🡪Къоста йæ цард снывонд кодта йæ райгуырæн бæстæйæн🡪

…фæлæ ма нывкæнынадыл дарддæр ахуыр кодта Германы.

…уый тыххæй никуы ферох уыдзæн ирон адæмæй йæ ном.

…уымæн æмæ сты тынг цымыдисаг.

…æмæ йын уыцы хъуыддаджы æххуыс кæны йæ ахуыргæнинæгтæй иу.

3.Саразын хи логикон рæхыстæ дзырдтимæ:

бындурæвæрæг; æгъдау; баст сты.

4.Бабæттын нымæцтæ Тугъанты Махарбеджы царды хабæрттимæ (хæслæвæрды размæ сфæлхатын амад æмæ рæнхъон нымæцонтæ) 4 слайд

1881 азы… (райгуырдис нывгæнæг)

1901 азы… (бацыд Бетъырбухы Аивæдты Академимæ)

1903 азы… (ацыд Германмæ)

1948-1952 азы онг… (куыста ныв «Нарты куывд»-ыл)

5.Нывтыл афæлгæст (интерактивон фæйнæгыл æвдыст цæуынц Тугъанты Махарбеджы нывтæ: «Ацæмæз», «Фæндыр куыд фæзындис», «Тотрадзы мæлæт» æмæ æнд) 6-9 слайдтæ

6.Нывимæ куыст.  «Нарты куывд» 10 слайд

 Фæрстытæ:

1.Куыд уæм кæсы, цæмæн хонынц ацы ныв эпикон?

2.Кæй базыдтат нарты хъайтартæй нывы? Куыдæй?

3.Чи кафы бæгæныйы къусыл?

4.Цавæр ахорæнтæй фыст у ныв?

6.Скъоладзаутæ цыбырæй дзурынц баст текст нывмæ гæсгæ.

7.Аудировани.

                   Фæндыр куыд фæзындис (адаптацигонд текст)

Иухатт Сырдон Хæмыцмæ смæсты ис æмæ йын йæ хъуджы адавта. Хъуг та уыдиc диссаджы  нард хъуг. Агурынтæ райдыдта Хæмыц йæ хъуджы, фæлæ – ницы. Ацыдис къулыбадæг усмæ (к ведунье), æмæ йын уый радзырдта, Сырдон кæм цæры, уый.

Бацыдис Хæмыц Сырдоны хæдзармæ, кæсы, æмæ стыр аджы йæ хъуджы фыд фыцы. Рамæсты ис Хæмыц, рацахста Сырдоны фыртты æмæ сæ аджы ныккалдта, йæхæдæг ныхасмæ æрцыд.

Бамбæрста Сырдон, цыдæр фыдбылыз кæй æрцыд, æмæ йæ хæдзармæ фæтагъд кодта. Дзуры бинонтæм, фæлæ йæм ничи кæсы. Агмæ ныккасти ,- æмæ де знаг дæр афтæ.

Уæд райста Сырдон йæ хистæр фырты цонг æмæ дзы сарæзта фæндырæн тигътæ, иннæ фыртты зæрдæты тæгтæй та скодта фæндырæн тæнтæ. Ныззарыдис, ныццагъта  Сырдон йæ фæндырæй æмæ йæм дуне ныхъхъуыста.

Æрхаста  уыцы фæндыр æмæ йæ Нартæн балæвар кодта. Уый фæстæ сын афтæ : -  Уемæ мæ цæрын бауадзут.

Æмæ загътой Нарты адæм : - Ахæм хæзна нын чи слæвар кодта, уый не ‘хсæн æфсымæрау цæрæд. Ацы фæндыр та, мах куы нал уæм, уæддæр  нæ царды хабæрттæ дзурдзæн.

8.Фæрстытæ:

Цæмæн сарæзта Сырдон фæндыр? Цæмæй йæ сарæзта? Цы ма зонут фæндыры тыххæй?

9. Х/куыст сбæрæг кæнын.

Скъоладзаутæ тæлмац кæнынц дзырдбæстытæ:

выставка работ именитого осетинского художника;

музей имени М. Туганова;

пойду завтра;

интересные картины;

сегодня не могу пойти;

потому что заболел;

мне понравилось;

около месяца;

близко к чему-то;

9.Саразын ныхасы ситуацитæ, ацы дзырдбæстытыл æнцойгæнгæйæ.

1)2 собеседника говорят о том, где находится музей им.

М.Туганова, что там экспонируется и как долго.

-Тугъанты Махарбеджы музей кæцы ран ис?

_-Сабырдзинады проспекты.

-Æмæ дзы ныртæккæ цавæр равдыст ис?

-Мæнмæ гæсгæ, нырыккон ирон нывгæнджыты равдыст.

-Æмæ  кæдмæ уыдзæнис?

-Иннæ къуырийы кæронмæ.)

2)Один из собеседников собирается идти в музей и  спрашивает другого, не желает ли он пойти с ним. Тот объясняет причину, по которой он не может пойти.

-Абон Театралон музеймæ цæуæм. Цæуыс немæ?

-Нæ, абон мын гæнæн нæй.

-Цæуыннæ?

-Мæскуыйæ нæм уазджытæ æрцæудзысты æмæ сæ размæ вокзалмæ ацæуын хъæуы.

-Уæ хæстæджытæ сты?

-Нæ, мæ мады хорз зонгæтæ.

3)Один из собеседников ходил вчера в музей. 2 уточняет, с кем именно. Спрашивает, что видел в музее и что ему понравилось больше всего.

-Знон Тугъанты Махарбеджы музейы уыдтæн.

-Кæимæ?

-Мæ къласимæ.

- Цымыдисагæй дзы цы федтай?

-Диссаджы рæсугъд нывтæ.

-Дæ зæрдæмæ дзы тынгдæр кæцы фæцыдис?

-Бедойты Шалвæйы ныв «Аргъау».

10.Диалогон ныхас монологон ныхасæй баивын. 11 слайд

Æрæджы журнал «Национ колорит» -ы бакастæн Тугъанты Махарбеджы номыл музейы тыххæй.

  • Æмæ дзы цы фыссынц?
  • Бирæ цымыдисаг хабæрттæ…  Зоныс, ацы музейыл сæдæ азæй фылдæр кæй цæуы, уый?
  • Æцæгæй дæр ахæм рагон у?
  • О, сарæзтой йæ 1903 азы зындгонд архитектор Рябикины проектмæ гæсгæ.
  • Æмæ дзы райдианæй дæр музей уыд?
  • Нæ. Фыццаг уæладзыджы уыдысты дуканитæ æмæ зæрингуырдты (ювелиры) æрмадз, дыккаг уæладзыджы та цæргæ кодтой.

11.Æмбисæндты ‘хсæн  равзарын, йæ хъуыды кæмæн ис бабæттæн урочы цитатæимæ, ахæм 12слайд

Æвзæрæн хорз ма ракæ – нæ йæ бамбардзæн.

Зондджын сæрæй архайы, æдылы та – тыхæй.

Хорз лæг адæмы у, æвзæр та – йæхи.

Чи цас фены, уыйас зоны.

Адæм кæрæдзи руаджы цæрынц.

12.Саразын хъомыладон беседæ «Кæй хонæм æцæг патриот» (Тугъанты М. царды бындурыл). Бамбарын кæнын ахуырдзаутæн царды æцæг бæрзонд нысантæ. 2 слайд

13. Кæронбæттæн. Рефлекси. (Цавæр ног нæмттæ базыдтой ахуырдзаутæ урочы; цы сæм фæкастис цымыдисаг; сæ зæрдæмæ цы фæцыдис (цы нæ фæцыдис); кусгæйæ сæм цавæр къуылымпыдзинæдтæ уыдис)

14.Скъоладзаутæ сæхи æмæ кæрæдзийы зонындзинæдтæн аргъ дæттынц.

15.Х/куыст: диалог сахуыр кæнын кæнæ саразын хи диалог (ахуырдзаутæ æв зарынц сæхæдæг)

                               

                               

                                    Тугъанты Махарбег (текст)

          Тугъанты Махарбег нымад у ирон нывкæнынады бындурæвæрæгыл. Фæлæ йæ ном канд нывкæнынадимæ баст нæу – уый уыд ахуыргонд, этнограф, археолог, аивадиртасæг.

  Тугъанты Махарбег райгуырд 1881 азы. 1901 азы бацыдис Бетъырбухы Аивæдты академимæ. Ахуыр кодта номдзыд уырыссаг нывгæнæг Репинмæ æмæ йæ руаджы райста бæрзонд дæсныйад. 1905 азы , академи каст нæ фæцис, афтæмæй ацыд Германмæ нывкæнынадыл дарддæр ахуыр кæнынмæ.

  Махарбег тынг хорз зыдта ирон адæмы æгъдæуттæ æмæ традицитæ, йæ рагон истори, уарзта нарты кадджытæ, таурæгътæ, æмбырд сæ кодта. Ирон нывгæнæгæн ном скодтой  нарты кадджытæм нывтæ – иллюстрацитæ: «Ацæмæз», «Куырдалæгон», «Фæндыр куыд фæзынд», «Тотрадзы мæлæт» æмæ бирæ æндæртæ. Уыдоны ‘хсæн сæйраг бынат ахсы йæ эпикон ныв -«Нарты куывд». Махарбег ацы ныв куы ныффыста , уæд ыл сæвæрдтой адæмон нывгæнæджы ном – ахæм арф бастдзинад ын уыд ирон фольклоримæ.

  Нывгæнæг дæсны уыд кафынмæ,  йæхæдæг æвæрдта сценæйыл рагон ирон кæфтытæ.

  Тугъанты Махарбег уыд æцæг патриот, йæ цард йæ адæмæн чи снывонд кодта, ахæм адæймаг.


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

«Фыдгӕнӕг ӕви амӕттаг. Тугъанты Батырбеджы радзырд «Бӕхдавӕг»-мӕ гӕсгӕ.

Ахуыргӕнӕджы куысты нысантӕ1 Базонгæ кæнын скъоладзауты Тугъанты Батырбеджы царды хабæрттимæ,  йе сфæлдыстадæй иуæй-иу зонинæгтимæ.2.Ǽрдзурын адæймаджы хæрзудон миниуджытыл,нæ фыдæлты царды æнæуа...

Технологон картæ ирон литературӕйы урокмæ 7-æм къласы Темӕ: Тугъанты Батырбеджы радзырд «Бӕхдавӕг»

1 Сӕйраг хъайтары архайдӕн аргъ скӕнын.2.Скъоладзауты размӕ цы проблемон фарста  ӕвӕрд ӕрцӕудзӕн, уый алыг кӕнын базонын.3. Скъоладзауты сфӕлдыстадон потенциал сбӕрӕг кӕнын, рӕзын кӕнын.4 Логикон...

Нарт Нарт уæд уыдысты…

КВН на тему Нарт   Нарт   уæд  уыдысты&helli...

Темæ: Чи уыдысты нæ рагфыдæлтæ?

Урочы  нысантæ.1. Нæ рагфыдæлты царды тыххæй æрдзурын.2.Æнæзонгæ  дзырдты  мидис  хъуыдыйæдты  мидæг  бæрæг  кæныныл    фæлтæрын.3. Кæсынмæ арæхстдзин...