Технологон картæ ирон литературӕйы урокмæ 7-æм къласы Темӕ: Тугъанты Батырбеджы радзырд «Бӕхдавӕг»
план-конспект урока (7 класс)

Дзгоева Валентина Тотрбековна

1 Сӕйраг хъайтары архайдӕн аргъ скӕнын.

2.Скъоладзауты размӕ цы проблемон фарста  ӕвӕрд ӕрцӕудзӕн, уый алыг кӕнын базонын.

3. Скъоладзауты сфӕлдыстадон потенциал сбӕрӕг кӕнын, рӕзын кӕнын.

4 Логикон хъуыдыкӕнынад рӕзын кӕнын.

 

5.Фӕлтӕрын скъоладзауты арӕхстдзинад ӕрмӕджы бындурыл хатдзӕгтӕ кӕнын, аив дзурын ӕмӕ кӕсын.

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл tehnolog.karta_7_kl_literat.docx33.49 КБ

Предварительный просмотр:

Технологон картæ ирон литературӕйы  урокмæ 7-æм къласы

Темӕ:  Тугъанты Батырбеджы радзырд «Бӕхдавӕг»

Ахуыргӕнӕг: Дзгойты Валентина.

 Урочы куысты нысантӕ

1 Сӕйраг хъайтары архайдӕн аргъ скӕнын.

2.Скъоладзауты размӕ цы проблемон фарста  ӕвӕрд ӕрцӕудзӕн, уый алыг кӕнын базонын.

3. Скъоладзауты сфӕлдыстадон потенциал сбӕрӕг кӕнын, рӕзын кӕнын.

4 Логикон хъуыдыкӕнынад рӕзын кӕнын.

5.Фӕлтӕрын скъоладзауты арӕхстдзинад ӕрмӕджы бындурыл хатдзӕгтӕ кӕнын, аив дзурын ӕмӕ кӕсын.

Урочы тип

Урок-тӕрхон

Пъланы ахуырадон фӕстиуджытӕ

 

Метапредметон: Урочы ахуырадон хæс æмбарын æмæ йæ зæрдыл дарын, хатдзæгтæ кæнын, архайды пълан аразын, фæстиуджытæн рагацау прогноз кæнынмæ арæхсын, хи хъуыдыты бындурыл иумæйаг хатдзæгтæ кæнын, иннæты хатдзæгтимæ сæ барын.

Удгоймагон: ӕмбарын мадӕлон ӕвзаджы стыр ахадындзинад  интеллектуалон ӕмӕ сфӕлдыстадон миниуджытӕ рӕзын кӕныны мидӕг, йӕ нысаниуӕг иумӕйагахуырадон процессы; ныхасы аивдзинадыл кусын.

Ахуыры методтӕ ӕмӕ формӕтӕ

Индивидуалон, фронталон, къордгай куыст

Метапредметон бастдзинӕдтӕ

Литературӕ, ӕхсӕнадон царды зонындзинӕдтӕ

Техникон фӕрӕзтӕ

  Компьютер, мультимедийон  проектор

Цӕстуынгӕ ӕрмӕг

 Презентаци урокмӕ  

Урочы организацион структурӕ

Урочы сӕйраг этаптӕ ӕмӕ нысантӕ

Ахуыргæнæджы архайды мидис

 Скъоладзауы архайды мидис

Универсалон ахуырадон архайд

Зонындзинæдтæ райсыныл архайды мотиваци

 

Разныхас:

   Абон нӕ размӕ лӕууы стыр хъуыддаг. Уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ цӕттӕ уӕм иумӕйагӕй кусынмӕ . Уый тыххӕй та ӕнӕмӕнг хъуамӕ кӕрӕдзимӕ хӕларзӕрдӕ дарӕм, кӕрӕдзи ныхасӕн аргъ кӕнӕм.  

Урокмӕ цӕттӕдзинад ӕвдисынц

Нысан: зӕрдӕхӕлар ахаст кӕрӕдзимӕ

Зонындзинæдты актуализаци

Сывӕллӕттӕ, ӕвӕццӕгӕн, уӕ фӕнды базонын, абон цӕуыл дзурдзыстӕм, уый? Цымӕ куыд ӕнхъӕл стут, цавӕр стыр хъуыддаг нӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы? Ныртӕккӕ йӕ уӕхӕдӕг сбӕрӕг кӕндзыстут. Ракӕсут-ма фӕйнӕгмӕ. Слайдыл ис хӕслӕвӕрд.  

СЛАЙД 2.

Слайдыл хуызистытӕ. Алы хуызистмӕ  гӕсгӕ дзырд ссарын.

 (Тӕрхондон, адвокат, сӕрылдзурӕг, ӕвдисӕнтӕ, суды лӕг, суд, фыдгӕнӕг, аххосджын,)

Лӕвӕрд дзырдты мидис равзарын.

 Хатдзӕгтӕ.

Уӕдӕ абон нӕ урок баст уыдзӕн суд кӕныны темӕимӕ. Бӕлвырддӕр та куы зӕгъӕм, уӕд нӕхӕдӕг абон уыдзыстӕм тӕрхондоны кусджыты ӕмӕ уырдӕм чи бахауы, уыдоны ролы. Хуыцау нӕ бахизӕд алкӕй дӕр фыдгӕнӕджы бынаты ӕрлӕууын. Фӕлӕ абоны царды домӕнтӕ афтӕ сты, ӕмӕ хъуамӕ ӕхсӕнады терминтӕ ӕмӕ ӕгъдӕуттӕ дӕр зонӕм,  цӕмӕй  царды мидӕг нӕхи хъахъхъӕнӕм алы ӕнӕрӕстдзинадӕй.

Хъусынц ахуыргӕнӕгмӕ, аразынц ахуыргӕнӕгимӕ диалог.

Дзырдты нысаниуӕг ӕмбарын кӕнынц.

Хатдзӕг кӕнынц ,царды  цавӕр уавӕры пайдагонд цӕуынц ацы дзырдтӕ.

 

Скъоладзаутӕ  урочы темӕ дзурынц.

 

 

Зонадон: ӕмбарынц ахуырадон-зонадон хӕс.

Регулятивон: пълан кӕнынц хъӕугӕ архӕйдтытӕн .

КоммуниКоммуникативон  :ныхасы раст пайда кӕнынц ӕрбайсгӕ дзырдтӕй.

Хӕдзармӕ куыст сбӕрӕг кӕнын.

3. Урочы ӕрмӕгыл бакусын

Фразеологон куыст

Рефлекси.

 Урочы хатдзӕгтӕ.

 

Бӕрӕггӕнӕнтӕ сӕвӕрын

Хӕдзармӕ куыст  .

 

 

Бакӕсӕм ма фӕйнӕгыл  

  СЛАЙД 3

 «Аххосджын дӕ - дзуапп ратт».

Куыд уӕм кӕсы, ацы фразӕ абоны онг никуы фехъуыстат? Фехъуыстат, уӕлдай дӕр ма ӕхсӕнадон царды тыххӕй зонындзинӕдтӕ цы урочы ахуыр кӕнут, уым. Уӕ чиныджы дӕр ис хибарӕй ацы темӕйыл ныхас.

 Ацы хъуыдымӕ ма раздӕхдзыстӕм урочы кӕрон.

Сывӕллӕттӕ, уӕдӕ нӕ куыст райдайӕм.

Хӕдзармӕ куыст уын уыди бакӕсын Тугъанты Батырбеджы радзырд «Бӕхдавӕг», рафыссын ӕнӕмбаргӕ дзырдтӕ. Табуафси, цавӕр дзырдтӕ рафыстат? Чи зоны уӕ исчи  бамбарын кӕндзӕн искӕцы дзырды нысаниуӕг.

СЛАЙД 3

Ӕгуыдзӕг-

Мӕзджыт-

…..

Фронталон фарст радзырды мидисӕй. СЛАЙД 4

1.Чи у радзырды сӕйраг архайӕг?

2. Цӕуыл сагъӕс кӕны Гуйман?

3. Цы нымайы Сабан сӕрӕндзинадыл?

4.Куыд фӕфыдӕнхъӕл ис Гуйман?

Хорз, нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодтам радзырды мидис.   Ныртӕккӕ сымах ӕртӕ къордыл фӕхицӕн уыдзыстут.  Фыццаг къордмӕ  хауынц тӕрхонгӕнджытӕ, суды лӕг, йе ххуысгӕнӕг, прокурор, фыдгӕнӕджы чи зылын кӕны, уыцы ӕвдисӕнтӕ.

Дыккаг къорды сты ӕвзӕргӕнӕг, ам Гуйман, ӕмӕ йын чи тӕригъӕд кӕны, йӕ фарс чи хӕцы, уыцы ӕвдисӕнтӕ, йӕ адвокат.

Ӕртыккаг къорд уыдзысты  хӕдбар эксперттӕ. Уыдон ӕппын фӕстагмӕ сӕ тӕрхон рахӕсдзысты дыууӕ къорды архайджыты ныхасмӕ куы байхъусой, уӕд. ( Ацы къорды 2-3 скъоладзауӕй фылдӕр хъуамӕ ма уа).

Табуафси, сывӕллӕттӕ, хорз ахъуыды кӕнут ӕмӕ уӕ алчи дӕр равзарӕд йӕхицӕн роль, кӕцы къорды йӕ фӕнды йӕ тӕрхон рахӕссын абон.

 1-аг къорды архайджытӕ сбадут сырх стъолы уӕлхъус,

2-аг къорд цъӕх стъолы уӕлхъус, эксперттӕ та урс стъолы.

Ахуыргӕнӕг уыдзӕн суды секретары ролы.

Ах-г: Табуафси, райдайӕм. Абон мах тӕрхон кӕнӕм бӕхдавӕг Гуйманӕн. СЛАЙД 5

Суды лӕг байгом кодта суды ӕмбырд ( йӕ къухы «хъӕдын дзӕбуг», ӕрхойы дзы партӕ)

Ныхасы бар прокурорӕн ӕмӕ йӕ къорды архайджытӕн.

Прокуроры раныхасы фӕстӕ скъоладзаутӕ дӕттынц харктӕристикӕ Гуйманӕн, йӕ ӕппӕрццӕг миниуджытӕ йын агурынц тексты ( чиныгимӕ куыст)

СЛАЙД 6

…бавзарон…Давын райдайон…(сразы ис ӕвзӕр хъуыддагыл);

 Хатдзӕгтӕ :

Цӕмӕн рахастат Гуйманӕн зылындзинады  тӕрхон.

 Ныхасы бар «Гуйманӕн». ( Йӕ зылындзинадыл сӕтты)

Ныхасы бар адвокат ӕмӕ сӕрылхӕцӕг ӕвдисӕнтӕн.

  Фыццаг ӕвдисӕн-скъоладзау  куры, цӕмӕй тызмӕг тӕрхонгонд ма рцӕуа Гуйман.Аххосджын кӕны Сабаны. (Тексты ссарын Сабан куыд дӕлдзиныг кодта Гуйманы ӕппынӕдзухдӕр).

СЛАЙД 7

…Гъе ныр дӕуӕй цӕй усгур лӕппу ис! Ӕгуыдзӕг, ӕндӕр дӕ цы загъдӕуа?

…ды дӕ ӕдзӕллаг…

…фаджысы аныгъуылдтӕ ӕмӕ ӕмбийыс. Тӕригъӕддаг дӕ, Хуыцауыстӕн, тӕригъӕддаг;

…сылгоймаг дӕ, тӕппуд сылгоймаг, ӕндӕр ницы..

Дыккаг ӕвдисӕн дӕр Гуйманы сӕрыл хӕцы. Уый дӕр Сабаны аххосджын кӕны, кӕй йӕ амидин кодта, цӕмӕй давыны къахыл ӕрлӕууа.

Гуйманы сӕрылхӕцӕг ӕвдисӕнтӕй иу хатдзӕг скодта ӕмӕ уарзондзинады сӕрыл кӕй бакодта ацы ӕвзӕр хабар. Афтӕ йӕм фӕкасти ӕмӕ бӕхдавӕг куы суа, уӕд ын йӕ уарзон чызг бакомдзӕн. Уымӕ гӕсгӕ ма адвокаты къордмӕ ис иу аргумент.

Иннӕ ӕвдисӕн дзуры Базджейы бӕх ӕй  давын нӕ фӕндыди, тӕригъӕд ын кодта ( чиныгимӕ куыст, уыцы ныхӕстӕ бакӕсын ).

Хӕслӕвӕрд :

 СЛАЙД 8

 Фразӕологизмтӕ текстӕй ист,сбӕрӕг кӕнын кӕй дзыхӕй ссыдысты.

…дӕ хуызӕтты доны къусы дӕр доны бын фӕкӕндзӕн;

…нӕ мӕ ӕвдӕлы демӕ дзӕнгӕда цӕгъдынмӕ;

…демӕ иумӕйаг дзыкка не сфыцдзыстӕм.

Адвокат хатдзӕг кӕны: ахӕм ныхӕсты фӕстӕ уӕдӕ Гуйман дӕр куыд хъуамӕ не сразы уыдаид.

 

Фӕстаг ныхасы бар аххосджынӕн. (Скъоладзау- Гуйман йӕ аххосыл сӕтты, иннӕтӕн зонд амоны)

Бакӕсын радзырды фӕстаг абзац.

Суды лӕг тӕрхон рахаста.

Хӕдбар  эксперттӕ байхъуыстой дыууӕ къордмӕ дӕр ӕмӕ сӕ хатдзӕгтӕ скодтой.

Хатдзӕгтӕ кӕнынц скъоладзаутӕ.

Ахуыргӕнӕг урочы эпиграфмӕ фӕстӕмӕ аздӕхт

 «Аххосджын дӕ – дзуапп ратт»

Хатдзӕг : кӕд ӕмӕ адӕймаг искӕйы аххосӕй баззд азымджыны бынаты , уӕддӕр йӕ архайдӕн хъуамӕ дзуапп ратта йӕхӕдӕг. Дӕу нӕ фӕндыди уыцы ӕвзӕр хъуыддаг бакӕнын, чидӕр дын загъта, йе та дӕм Сабаны  хуызӕн чидӕр  ӕнӕрвӕссон цӕстӕй касти, цыфӕнды фӕуа, закъоны размӕ дзуапп дӕтдзынӕ дӕхӕдӕг. Хъуамӕ сымахӕй алчи дӕр уый ӕмбара, ӕмӕ йӕхи хъахъхъӕна ӕвзӕр хъуыддӕгтӕй.

 

 

 

 Абон тынг хорз бакуыстат иууылдӕр!

Хӕдзармӕ куыст уын уыдзӕн радзырдӕн ӕндӕр кӕрон ӕрхъуыды кӕнын.

 Скъоладзаутӕ дӕттынц фӕрстытӕн дзуапп.

Скъоладзаутӕ архайын  дзырдты нысаниуӕг сбӕрӕг кӕнын

Скъоладзаутӕ дӕттынц фӕрстытӕн дзуапп.

 

Скъоладзаутӕ ӕвзарынц рольтӕ, бадынц     3 къордӕй.

Скъоладзауты импровизаци

Прокурор-скъоладзау хи ныхӕстӕй дзуры, цы аххосджын кӕны Гуйманы.

Скъоладзаутӕ радыгай дзурынц сӕ хъуыдытӕ.

Хатдзӕг кӕнынц

 

Чиныджы текстимӕ кусынц

Скъоладзауты дзуӕппытӕ

Чиныджы текстимӕ кусынц

Зонадон: ахуыргӕнӕджы ныхасӕй исынц сӕхицӕн ног информации, сӕхи зонындзинӕдтӕн бӕрӕггӕнӕн дӕттынц,ахуырадон хӕстӕ сӕххӕст кӕныныл архайынц анализы фӕрцы ,абарсты фӕрцы.

 Коммуникативон: фӕрстытӕ дӕттынц, иннӕты фӕрстытӕн дзуапп дӕттынц.

Удгоймагон: ӕмбарынц сӕ зындзинӕдтӕ ӕмӕ сыл фӕуӕлахиз кӕныныл архайынц.

Зонадон:   хатдзӕгтӕ кӕнынц

 Регулятивон: ӕмбарынц сӕ зонындзинӕдтӕ фаг кӕй не сты.

Коммуникативон: дӕттынц фӕрстытӕ, цӕмӕй  райсой хъӕугӕ зонындзинӕдтӕ проблемӕ бахынцынмӕ.

 

 

 

Регулятивон: скъоладзаутӕ ӕрцӕуынц хатдзӕгмӕ цы бамбӕрстой, ӕмӕ   сӕ куыд дарын хъӕуы хи ӕхсӕнадон царды мидӕг ;

  аргъ кӕнынц сӕйраг хъайтары архайдӕн

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 .


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

«Фыдгӕнӕг ӕви амӕттаг. Тугъанты Батырбеджы радзырд «Бӕхдавӕг»-мӕ гӕсгӕ.

Ахуыргӕнӕджы куысты нысантӕ1 Базонгæ кæнын скъоладзауты Тугъанты Батырбеджы царды хабæрттимæ,  йе сфæлдыстадæй иуæй-иу зонинæгтимæ.2.Ǽрдзурын адæймаджы хæрзудон миниуджытыл,нæ фыдæлты царды æнæуа...

Технологон картӕ ирон ӕвзаджы урокмӕ 8 -ӕм къласы . Урочы темӕ: Иувӕрсыг хъуыдыйӕдтӕ.

Ныхасы темӕ: Ӕфсарм кӕм нӕй, уым ӕгъдау дӕр нӕй.Урочы темӕ: Иувӕрсыг хъуыдыйӕдтӕ....

Технологон картæ ирон æвзаджы урокмæ 4-æм къласы. Урочы темӕ: Нæртон дзырдтæн сæ фæлмæндæр у МАД.

Темӕ:   Нæртон дзырдтæн сæ фæлмæндæр у МАД.Грамматикон темӕ:Кæронбæттæн урок номдар æмæ миногонæй....

Технологон картæ ирон æвзаджы урокмæ 5-æм къласы Темæ: «Æххæстгæнæн»

Хъуыдыйады уæнгтæ сфæлхат кæнын;  æххæстгæнæн зæрдыл æрлæууын кæнын æмæ йыл бæстон бакусын. Рацыд æрмæг фæлхат кæнын.     Предметон:  фæарфдæр кæнын хъуыдыйады фæрсс...

Технологон картæ ирон æвзаджы урокмæ 8-æм къласы Урочы темæ: « Хъуыдыйады æмхуызон уæнгтæ»

Рацыд æрмæг хъуыдыйады уæнгтæй зæрдыл æрлæууын кæнын; хъуыдыйады æмхуызон уæнгты тыххæй зонындзинæдтæ фæарфдæр кæнын.Ныхасы рæстыл бакусын.Уарзондзинады æнкъарæнтæ взæрын кæнын Райгуырæн бæстæмæ, ирон...

Технологон картæ ирон æвзаджы урокмæ 5-æм къласы Урочы темæ: «Номдар куыд сæмагонд ныхасы хай»

Ныхасы хæйттæзæрдыл æрлæууын кæнын; номдары тыххæй зонындзинæдтæ фæарфдæр кæнын.Ацы ныхасы хайæ парахатæй пайда кæныны арæхстдзинад рæзын кæнынНомдары , куыд ныхасы хай, æмбарыныл бакусын....

Технологон картæ ирон æвзаджы урокмæ 5-æм къласы (дифф.къорды)

Темæ: «Бæллицтæ. Чи цæмæ бæллы. Номдарты тасындзæг.» Урочы  нысантæЦыбыр тексты  руаджы сфæлхат кæнын  зонындзинӕдтӕ;   зæрдыл æрлæууын кæнын æмæ  бæстон...