«Сыхъуыст дардӕй Ирыстонӕй зард, Кад, цӕрӕнбоны зарӕг». (Гаглойты Федыр поэмӕ «Зарӕг цӕрӕнбоныл»-мӕ гӕсгӕ)
план-конспект урока (7 класс)

конспект урока

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл gafez_zarag_tsaranbonyl.docx22.24 КБ

Предварительный просмотр:

Научно - методическая разработка урока

Урочы темӕ:

«Сыхъуыст дардӕй Ирыстонӕй зард,

Кад, цӕрӕнбоны зарӕг».

 (Гаглойты Федыр поэмӕ

«Зарӕг цӕрӕнбоныл»-мӕ гӕсгӕ)

                     

                       Урочы нысантӕ:

1.Зонгæ кæнын ахуырдзауты Гафезы цардæрфыстимæ.

2.Ӕрдзурын поэмӕйы сӕйраг мидисыл, йӕ аивадон ӕууӕлтыл.

3.Ӕвзӕрын кӕнын ахуырдзаутӕм хъӕбатырдзинад, кад ӕмӕ намысӕн аргъ кӕныны ӕууӕлтӕ.

                       

 Урочы эпиграф: «Ӕз, ныфсхаст цӕргӕс, мӕ базыртӕ ысцагътон

Ӕмӕ тымыгъмӕ ӕнхъӕлмӕгӕс лӕууын».

                                Калоты Хазби

                                                 Урочы цыд:

1.Скъоладзауты сразӕнгард кӕнын урочы архайынмӕ.

-Ахуыргӕнӕг:

Цыд 1906 аз. Либавæйы наулæууæны сызгъæрин хъултау бæрæг дардтой ирыстойнаг дæс æмæ дыууиссæдз цухъхъаджын лæппуйы. Сæ уæздан ныхас, сæ къахы аив айст, уæлдайдæр та Годжиты Пойдайы домбай уæнгты æвæрд æмæ Кодзырты Ахмæты хъæлдзæгдзинад бынæттон адæмы дисы æфтыдтой. Раст цыма уæларвон зæдтæ уыдысты , уыйау сæ буц кодтой…

Майы мæй нау «Нева» Атлантикæйы фурдмæ ахызт æмæ йæ хъазы цæсгом Цæгат Америкæмæ сарæзта. Фыццаг дыууæ боны донбеттыртæ мæлæты сабыр фынæй кодтой, фæлæ сæ æртыккаг æхсæв тыхджын дымгæ йæ уæлныхты систа. Фурд абухын байдыдта.  Хъæриуы хохы йас уылæнтæ знæт фырытау кæрæдзийы хостой…

Æхсæв дымгæ бафæллад, æмæ райсомæй уылæнты мехъхъытæ фæсабырдæр сты. Бæлццæттæ се 'муд æрцыдысты, фæлæ сæ цин бирæ нæ ахаста.Фурды æрра уылæнтæ се стыр маст «Невайыл» ныккалдтой. Капитан цы æнамонд бæллæхæй тарст, уый æрцыд. Науы рахиз тæн боцкъайы комы йас фегом, æмæ дон знæтæй йæ хуылфмæ ныссæххæтт ласта. Донласт тихалæгмæ куыд  лæбура, уыйау матростæ сæ удтæй арт цагътой, фæлæ йын сæ бон ницыуал уыд, æмæ капитан ирвæзынгæнæн  бæлæгътæ æрцæттæ кæнын кодта.

Науыл цыдæр бæллæх  кæй æрцыд, арф ингæны былыл кæй æрлæууыд, уый бæлццæттæй нæ басусæг. Ирон фæсивæдмæ фыццаг ницы хъардта, фæлæ сæ сæфты уавæр куы бамбæрстой, уæд палубæйы æрæмбырд сты.

— Гъæйтт, лæппутæ, лæг иу бон райгуыры, иннæ бон амæлы! Цæй æмæ хъысмæты фыдæнæн Илаты Дзыбыртты бафæзмæм, — загъта Кодзырты Ахмæт, æмæ кæрæдзийы дзыхæй исгæйæ Пойдаимæ Хазбийы зарæг ныццæлхъ ластой:

 

  … Уай æмæ æвзæр кардæй фæрæт хуыздæр у,-

  Хазби бадзуры,-

  Гъей, гъей, æвзæр цардæй мæлæт хуыздæр у!..

Науы капитан кавказæгты  размæ бацыд æмæ сæ бафарста:

- Цы уавæры стæм, уый æмбарут?

-Зонæм, дæ бæрзонддзинад!

-Ау, уæдæ уæм æппын тасдзинад нæ хъары?!

-Лæг цардмæ кæугæйæ рацæуы, уый зондзынæ, мæлгæ та хъуамæ заргæйæ акæна- загъта Ахмæт. (Хъайтыхъты А. «Годжиты Пойда»)

-Зæгъут-ма ирон адæммæ цавæр зарджытæ зонут æмæ сæ кæд фæзарынц?

Дзуапп: -фæллойы зарджытæ;

        -мифологон зарджытæ;

              -ногбоны зарджытæ;

              -уалдзыгон зарджытæ;

              -фæззæджы зарджытæ;

              -сывæллоны райгуырды фæдыл зарджытæ;

              -чындзхасты зарджытæ(чызгæрвитæны, чындзæхсæвы);

               -фынджы зарджытæ;

               -кафты зарджытæ;

              -худинаджы зарджытæ:

               -хъæбатырон зарджытæ.

 

-Кæуыл кодтой хъæбатырон зарджытæ?

- Кæм –иу фесгуыхтысты?

Ахуыргæнæг:  Хъайтарон зарджытæ кодтой, цæрынæй мæлынмæ дæсныдæр чи разыны, уыдоныл.  «Цæрын цы лæг зона, фæлæ мæлын чи нæ базона, уый сау капеччы аргъ нæу»,- зæгъы Цæрай «Уады уынæр»-ы.

Цавæр хъæбатыртæ зонæм?  ( Кодзырты Таймуразы, Алыккаты Хазбийы,Тлаттаты Чермены) Ацы адæмон хъæбатыртæ, сæ цард кæй нæ бавгъау кодтой рæстдзинады сæраппонд.

-Цæуыл дзурдзыстæм нæ урочы?

Ног ӕрмӕг

Ахуыргӕнӕг: Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕст райдыдта. Ныууарыди туджы къӕвда. Ирон фӕсивӕд хӕрзбон загътой сӕ Райгуырӕн бӕстӕйӕн ӕмӕ ацыдысты лӕгӕвзарӕн хӕстмӕ. Бирӕтӕ дзы нал сыздӕхтысты сӕ фыдыуӕзӕгмӕ. Ӕнусмӕ бафынӕй сты Уӕрӕсейы ӕмӕ Европӕйы быдырты. Сӕ зарӕг сын ӕвирхъау тыгъдызӕй  ӕрдӕгыл  аскъуыдта. Фӕлӕ зарӕгӕн мӕлӕт нӕй. Зарӕг цыфӕнды цыртӕй дӕр ӕнусондӕр у, уымӕн ӕмӕ уый адӕмы зӕрдӕйы цӕры , фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ цӕуы…

(Скъоладзаутӕн  хӕсгонд  уыд бацӕттӕ кӕнын Гафезы цардӕрфыст ӕмӕ ӕрмӕг Тасойты Самсоны тыххӕй).

Зарӕг « Легенда горы Тбау» Челдыты Вадим.

4.Проект баххӕст кӕнын

- Ӕндӕр скъоладзау Тасойты Самсоны тыххӕй уац «Фӕстаг нӕмыг».

 Кæронмæ фæцæйхæццæ кодта Cтыр Фыдыбæстæйон хæст. Сармадзаны богътæ кодтой къаддæрæй-къаддæр. Топпыхосы тæфæй цадæггай сыгъдæг кодта уæлдæф. Фæлм ма бадт æрмæст знаджы арф æмбæхсæн бынæтты. Советон авиаци æмæ артиллери нал æвгъау кодтой удисæг знагæн бомбæтæ æмæ снарядтæ. Ныгуылæны 'рдæм тындзыдтой советон танкæтæ, артилери æмæ фистæг æфсад. Хæрз стæм хатт ма-иу фæзындысты уæлдæфы знаджы хæдтæхджытæ æмæ та-иу фæтары сты.
Цалдæр боны размæ дæр ма хæсты быдырæй хъæлдзæг æмæ ныфсæвæрæн фыстæг чи райста, уыцы хæстонты бинонтæ сæхи нымадтой уæлдай амонд-джындæртыл. Æнхъæлмæ кастысты, абон-сом фæуыдзæн хæст, дæрæн æрцæудзæн гермайнаг фашизм æмæ уæлахизæй æрæздæхдзысты сæ райгуырæн бæстæм сæ фыдтæ, се'фсымæртæ, сæ цардæмбæлттæ æмæ сæ хæстæджытæ. Гъе, фæлæ ахæм амондджын бинонтæ стæмтæ разындысты.
Йæ дарæгæй, хæстмæ ацæуынæй фæстæмæ бæрæг чи нæ зыдта, кæнæ йæ сау гæххæтт кæмæн æрцыд æмæ дзы афтид чи абадт, уыдон та?
Уыдон та, æнæбайсысгæ суадонау, æнæвгъау фæкалдтой сæ цæстысыгтæ, фæлæ дзы иу æртах дæр не 'рхауд сæ æбæрæгæй сæфт бæлццæтты ингæнтыл, басур-иу сты сæ цæсгæмттыл. Фæлæ уæддæр уыдон дæр æнхъæлмæ кастысты. Æнхъæлмæ кастысты хæсты фæудмæ, удæгас хæстонты æрцыдмæ, чи зоны сын искуы исчи федта сæ дарджыты, сæ фыдты, сæ фыртты, чи зоны сын сæ уынгæджыйы сахатты баххуыс кодтой, фæндыд сæ мæлæты дзæмбытæй сæ байстаиккой, фæлæ сæ бон нæ баци. Чи зоны, сæ сæрмæ зилдух кодтой сау халæттæ æмæ сын сæ уыдон сырдтой. Чи зоны сын фæстаг хатт сæ дзыхмæ доны агуывзæ уыдон бадардтой, уæд сын бузныг уæддæр зӕгъой.

Иу бон постхæссæг балæууыд Уанойы кæрты æмæ йæ хызынæй систа фыстæг. Бацин кодтой бинонтæ. Фæлæ уыцы цин цалдæр уысмы фæстæ фæивта стыр хъыгдзинадмæ. Фыстæг Самсонæй нæу, фæлæ у æнæзонгæ А. Световæй.
Бирæ фæкатай кодтой фыстæг райхалыныл, чи зоны сæм дзы стыр циндзинад æнхъæлмæ кæсы, уæд уый бæргæ хорз уаид, фæлæ кæд æмæ хъыгдзинады хабар у, уæд та? Фыдбылызæй, дам, хи хизын хъæуы, фæлæ æппынфæстагмæ конверт байгом кодтой. Конверты разынд Самсоны ныййарджытæм чысыл фыстæг æмæ газет «Удар по врагу»-йы уацы лыггаг ахæм сæримæ: «Последняя пуля Сергея Тасоева». Афтæ хуыдтой йæ хæстон æмбæлттæ Самсоны. Уац райдыдта афтæ:
«Уый уыдис Украинæйы иу цæрæн пункты сæрыл тохты рæстæджы. Танкæты ныхмæ тохгæнæгæн æхсæнгарзы ротæйы командир, гвардийы лейтенант Тасойты Сергей архайдта йæ хæстонтимæ донæн галиуæрдыгæй фарс. Немыцæгтæ уырдæм радтой сæ сæйраг тыхтæ. Æппæт амæлттæй дæр архайдтой атакæйы рацæуыны агъоммæ нæ хъахъхъæнынадон  хахх атоныныл. Гвардионтæ знагæн лæвæрдтой аккаг ныхкъуырд. Лейтенант Никитин æмæ сержант Снежкæ сæ пулеметы авæрдтой æртыккаг лентæ. Знаджы атакæ фæсыкк, фæлæ та уæддæр ногæй быры размæ. Бардзырд уыд, цæмæй нæхиуæттæ æрцахсой ног хъахъхъæнынадон хаххы. Тасойы фырт ифтонг кодта йæ ротæйы хæстонты рацæуæнтæ. Уый хуыссыд акъопы, ротæйы парторг Никитинмæ хæстæг, æмæ куынæг кодтой знаджы салдаттæ æмæ афицерты.
- Зæгъ ма парторг, - дзырдта уый фæстæ Никитинæн Тасойы фырт, зæгъ, раст архайдтам, æви нæ?
- Раст, раст, æмбал гвардийы лейтенант, - сфæлхат кодта Никитин. Уæд та Тасойы фырт ногæй æрхуыссыд танкæтæ куынæггæнæн æхсæнгарзы цур. Нысанмæ систа ададжы сæрты гæппгæнæг немыцæгты. Нысан нæ ивгъуыдта æмæ знæгтæ радыгай тылдысты, чи та дзы ададжы хаудта. Фæлæ æвиппайды фенцад Тасойы фырт йе'хсынæй. Сыхъуыст йæ хъæрзын æмæ йæ дæндæгты хъыс-хъыс. Хæлæн нæмыгæй фæцæф сты йæ дыууæ къахы дæр.
- Хæсгæ, хæсгæ, æрмæст арæхстгай! Бардзырд радта парторг Никитин ротæйы хæстонтæй иуæн, йæхдæг сын сæ фæндаджы 'рдæм райдыдта æхсын, цæмæй сыл знаг мауал сæмбæла. Уый фæстæ Никитин базыдта Тасойы фырт æмæ йæ цы салдат хаста, уыдоныл немыцæгтæ кæй æрхъула кодтой.
Мард æфсæддоны фарсмæ йæ иу къухæй зæххыл æнцой кæнгæйæ, хуыссыд гвардийы лейтенант Тасойты Сергей. Æмæ дамбацайæ æхста. Æрхаудта иу немыцаг, дыккаг, æртыккаг, цыппæрæм. Командир тагъд-тагъд ныккаст йæ пистолеты обоймамæ, æмæ уыцы тæккæ уысм, немыцæгтæ йæ удыгасæй аскъæфынмæ куыд хъавыдысты, афтæ фæстаг иунæг нæмыг ауагъта йæ æхсидгæ, райгуырæн бæстæйæн кæронмæ лæвæрд æнувыд зæрдæйы.
Фæцис советон афицеры цард, фæлæ йæ ротæйы гвардионтæ алы тохты дæр дывæрæй истой сæ уарзон командиры маст æмæ уыцы мастисæн тохтæ уыдысты æнæбасæтгæ.

 Мах ацы скъуыддзагæй базыдтам, цавæр адæймаг уыд Тасойты Самсон.Зарæджы аккаг кæй у, уый та нын равдыста Гафез йæ уацмысы. Уацмыс кæсыны размæ æркæсæм дзырдуатмæ.

Дзырдуат:

Бардз-къорд, тыгуыр;

Зды-згъæр  (свинец);

Дзæгъдзæгъджытæ- дидинæг (мак);

Цъысцъысаг-сверчок, кузнечик, стрекоза;

Уысм- рæстæджы бæрц (мгновение)

Дзынга-комар, овод.

Ахуыргæнæг  æмæ скъоладзаутæ кæсынц поэмæ «Зарæг цæрæнбоныл».

Фарст: -Уацмыс цавӕр жанрӕй фыст у?

-Нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнын  литературон теорийæ, цы у поэмӕ,уый .

Поэмæ у литературæйы таурæгъон лиро-эпикон  хуызтæй иу, стихтæй фыст сюжетон таурæгъ, уацау кæнæ радзырд.

Фарст:-Уацмыс фыст у 1-аг цæсгомæй, уымæ гæсгæ цы у?

Монолог (грекъаг дзырд, амоны иу ныхас)- уацмысы архайджытӕй  иуы ныхас иннӕимӕ, йӕхиимӕ, кӕнӕ драмон уацмысмӕ чи кӕсы, уыцы адӕмимӕ.

Монолог ма  фӕхонынц, иунӕг архайӕг кӕм ис, ахӕм пьесӕ дӕр.

  -Цавӕр рӕстӕг цӕуы ӕвдыст поэмӕйы?

Къордты куыст.

1-аг къорды хӕс:

-Цавӕр хъуыдытӕ фӕзыны мӕлӕтдзаг цӕф хӕстонмӕ?

-Цӕимӕ бары «тӕппуды»?

-Цӕуылнӕ лӕгъстӕ  кӕны знагӕн,цӕмӕй йӕ ма  амарой?

-Цӕуылнӕ ӕхсы знӕгты иу гилдз ма йӕм куы ис?

-Ссарын уацмысы ӕрдзы ӕрфыст. Цы уыны, йӕ алыварс  куы акаст, уӕд?

-Цæмæн равзæрста поэт ахæм дидинджытæ-«туггъуыз»?

-Цӕмӕн ныккалд мӕлдзыджы губакк?

-Цалхы абарæн ис цæимæ?

-Цӕимӕ ис абарӕн мӕлдзгуыты губакк?

2-аг къорды хӕс:

-Цы уавӕры ис цъысцъысаг?

-Иумӕйагӕй цы ис цъысцъысаг ӕмӕ цӕф хӕстонмӕ?

-Цы домы йӕхицӕй? Фӕстаг фондз минуты ма цӕуыл хъуамӕ хъуыды кӕна? Йӕ «зӕрдӕйы фӕндтӕ» цы сты?

-Цӕмӕн та ссуры йӕ хъуыдытӕ?

Ссарын ӕмӕ зӕгъын цӕмӕн зары мӕлӕтыл, кӕд ӕмӕ дзы адӕм тӕрсгӕ кӕнынц?

-Цӕмӕн цин кӕны фӕстаг гилдзыл?

-Цӕвӕр тых ӕй мары «тухийӕ»? Куыд у йӕ ном?

-Цы дзы домы? Ссарын ӕй ӕмӕ йӕ бакӕсын.

-Цавӕр фӕнд равзӕрста?

 Сбӕрӕг кӕнын ӕмӕ байхъусын дзуӕппытӕм.

-Куыд хъуыды кӕнут раст бакодта хӕстон?

-Цӕмӕн равзӕрста мӕлӕт?

-Нӕ фыдӕлтӕ рагӕй-ӕрӕгмӕ дӕр нӕ тарстысты мӕлӕтӕй, фӕлӕ цӕмӕй тарстысты?

 -Зӕгъут  уацмысы темӕ  ӕмӕ нысан.

Фӕйнӕгыл  ӕмбисӕндты фыццаг хӕйттӕ.

Хӕс: Баххӕст кӕнын сӕ дыккаг хӕйттӕ.

Равзарын ӕмбисӕндты мидис.

«Райгуырӕн бӕстӕ мадау адджын у».

«Ӕнусы царды бӕсты, ӕнусы кад хуыздӕр у».

«Цӕйнӕфӕлтау цӕрӕм ӕгадӕй, фӕлтау нын кадимӕ мӕлӕт». 

-Равзарӕм урочы эпиграф.  Нæ эпиграф баст у нæ урочы темæимæ?

Фæнды мæ ныр та сымахæн Къобесты Зауыры æмдзæвгæ бакæсын.

«Адӕймаг иунӕг хатт сафы йӕ кад».

Уаддымгӕ, Сиргӕ дон,Арт ӕмӕ Кад,

Иумӕ цӕргӕйӕ нӕ зыдтой ӕнкъард.

Рацыдис рӕстӕг, сӕ фӕндаг фӕдих,

Нал зындис ницы- ныббадтӕуыд мигъ.

«Апырх уӕм иугай»- ыскодтой тӕрхон.

Кад дӕр ӕнӕбары  ̓ лвасы йӕ рон.

Фидӕны фембӕлд кӕд уыдзӕн? Цы ран?

̓ Рхатыдис йе ̓ мбӕлттӕм Дымгӕ уӕздан.

«Хъӕзы мӕ агурут»,- сфӕрӕзта Дон.

Арт та йӕ фӕздӕгӕй уыдис уӕндон.

«Сыфтӕртӕ тилдзынӕн»,- Дымгӕ дзырдта,

̓ Мбӕрстой кӕрӕдзийы –уый дӕр уыдта,

Фӕлӕ ӕфсӕрмхуызӕй бадзырдта Кад:

«Иугӕр куы фесӕфон –аскъуыд мӕ цард».

 

Ахуыргæнæг:- Фæстаг рæнхъ ма  иу хатт бакæсæм. Куыд зæгъы кад? 

«Иугӕр куы фесӕфон –аскъуыд мӕ цард» .

 Хатдзӕг.

Цавæр арф хъуыды ис ацы хъуыдыйады?. Рагæй -æрæгмæ  дæр ирон лæг йæ царды  бонты  хъуыды  кодта   йæ кадыл. Нæ фыдæлтæ æнусы царды бæсты æвзæрстой æнусы кад, æмæ уымæн æвдисæн у Тасойты Самсон дæр. Йæ кад мыггагмæ цæрдзæн нæ зæрдæты æмæ йыл уымæн кæнæм цæрæнбоны зарæг.

Кады зарджытæ фæкæнынц кадджын адæмыл сæ удæгасæй дæр. Абон уыдоны номæй-номмæ  нæ нымайдзыстæм , фæлæ мæ фæнды не 'рыгон фæлтæрæй  чи  фесгуыхт , Ирыстонæн  дунейы хъуыстгонддзинад чи æрхаста, уыцы Гаситы Муратыл нæ адæм цы зарæг скодтой, уымæ байхъусын.

 Рефлекси

-Æз базыдтон…

-Урочы мæ зæрдæмæ фæцыд…

-Зын мын уыд…

-Сæвзæрд мæм ахæм хъуыды…

6.Хӕдзармӕ куыст. Хӕсты чи уыд уӕ хӕстӕджытӕй, уыдон тыххӕй ныффыссын уацхъуыд  «Уӕд ӕнафоны цыдысты хӕстмӕ…»


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Мæ уарзон Ирыстон.

Осетия-горный край. это самый красивый уголок Кавказа. на вершинах гор-вечные ледники. Ущелья в Осетии глубокие. Реки бурные и опасные. Посмотреть на красоту нашей природы приезжают гости со все...

Викторинæ темæ: "Мæ Ирыстон"

ПРАКТИКОН ХÆСТÆ: АХУЫР КÆНЫН СКЪОЛАДЗАУТЫ ДЗУРГÆ НЫХАСЫЛ, УÆРÆХДÆР КÆНЫ СКЪОЛАДЗАУТЫ ЗОНЫНДЗИНÆДТÆ.  НЫСÆНТТÆ:Зонадон: скъоладзауты зонындзинæдтæ фæбæлвырд кæнын æмæ сæ иумæйаг хатдзæгмæ æрк...

Открытый урок в 7 кл. Гаглойты Рутен. Радзырд "Цард"

   Урок в 7 классе по рассказу Гаглоева Рутена "Цард"...

Литературон- музыкалон мадзал "Ирыстон махан у на уазаг"

В данной  литературно- музыкальной композиции "Осетия - наш общий дом" говорится о том, что Осетия многонациональная республика. Здесь, в Осетии,  представители всех национальносте...

Сочинение "Ма Ирыстон"

Ма райгуыран баста...

Открытый урок по осетинской литературе в 5 классе на тему "Къоста -Ирыстоны хур"

Данный урок по осетинской литературе был проведен на День Рождение основоположника осетинской литературы К.Л.Хетагурова....

«Зæлинæйы гуырæнбон» (Нырыккон афоны мивдисджытæ)

Урочы  нысантæ.Скъоладзауты дзырдуат фæхуыздæр кæнын. Диалогон ныхасы рæзтыл бакусын.2.Бакусын мивдисджыты ифтындзæгыл.3. Ахуырдзауты ахуыр кæнын кæрæдзийæн æмæ хистæртæн æгъдау дæттын.Урочы хуыз...