Сочинение "Ма Ирыстон"
творческая работа учащихся на тему

Ма райгуыран баста

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл kazbekova_regina_nyvyotsan.docx20.41 КБ

Предварительный просмотр:

Ирыстон - мё зёрдёйы

           

          Мё райгуырён бёстё  - Республикё Цёгат Ирыстон – Алани у Уёрёсейы Федерацийы субъект. Хауы Цёгат  Кавказы федералон зылдмё. Йё сёйраг горёт  у Дзёуджыхъёу. Зёгъён ис, рагон, культурон ёмё историон цыртдзёвён кёй у, уымён ёмё дзы фендзынё бирё зёрдылдарён бынёттё. Мё зёрдёйён  у уарзон!

       Диссаг ёмё рёсугъд у мё райгуырён Ирыстоны ёрдз дёр. Йё алыварс лёууынц бёрзонд хёхтё. Уёлдай удёнцой ёмё ёхсызгондзинад хёссы бёрзонд Хъазыбеджы хох – хёхты бёрзонддёр. Цы цёугёдёттё сё гуыры, уыдон  уайынц хъёлдзёгёй, сё уылёнтё алырдёмыты пырхгёнгё. Фёлё дзы ёппёты стырдёрыл нымад у Терчы дон. Ёз дзы тынг сёрыстыр дён, уымён ёмё йыл нёхи поэттё нё, фёлё ма суанг Уёрёсейы хъуыстгонддёр генитё -  Пушкин ёмё Лермонтов - ныффыстой се ‘нёмёлгё ёмдзёвгётё. Теркён йё фёндаг цёуы цалдёр кавказаг республикёйыл.

       Ёвёццёгён, ёрдзёй рёсугъддёр ницы ис зёххыл. Зёрдё райы йё уындёй, алыхузон ёнкъарёнтё  мём  гуырын кёны нё хёхбёстё. Нё кёмттё ёлвасынц сёхимё адёмы се ’нёкёрон рёсугъддзинадёй, нё улёфён бынёттё бирётён баззайынц сё зёрдёты! Куыд мёхицён дёр!

        Ирыстон канд йё рёсугъд ёрдзёй зындгонд нёу, фёлё ма у хъёздыг нё диссаджы хорз адёмёй дёр. Нё фыдёлты ном арвнёрёгау айхъуыст ёппёт дунейыл. Ныууагътой нын хъёздыг хёзнатё, истори ёмё культурё, кёцытё абоны онг ёрхёццё сты махмё, кёстёртём  дёр. Ёма сё хъуамё хъахъхъёнём, ма сё бауадзём фесафын. Уыдонимё сты не ’взаг дёр ёмё не ’гъдёуттё дёр. Уыдон сты нё адёмы фарн. Уыдон сты мёнён дёр хъахъхъёнинаг!

         Мах, ирёттё, стём Хуыцаумё кувёг адём. Нё бёрёгбёттём азёй - азмё ёнхъёлмё фёкёсём. Ёз тынг бирё уарзын Тымбыл къохы - Хетёджы бёрёгбон, Хоры Уациллайы бёрёгбон. Уёлдай кадджындёр бёрёгбон та на бинонтён у Джеоргуыбайы бёрёгбон. Мёнмё гёсгё дёр, уымёй сёйрагдёр, ахсджиагдёр бёрёгбон нёй. Лёгты дзуар у Хуыцауы минёвар ирон адёммё,  нё фыдёлтё йыл кёддёриддёр ёмё кёмдёриддёр сёхи фёдзёхстой ёмё абон дёр фёдзёхсынц.

        Уёдё куыд нё загъон нё хорз, фёзминаг фёсивёды тыххёй. Сё алыхуызон ёнтыстдзинёдтёй уыдон дёр хъуыстгонд ёмё зындгонд сты ёппёт  дунейыл. Бирётё дзы суанг сё цард дёр суёлдай кодтой бёстёйы сабырдзинад ёмё хорзёхты тыххёй.

         Ёз, мёхёдёг райгуырдтён ёмё цёрын Цёлычы хъёуы. Тынг зынаргъ мын у. Бирё йё уарзын, кёд дзы цыдёр чысыл хъуагдзинёдтё ис, уёддёр. Уёдё мё хъёуёй цы бирё хорз адёмтё рацыд, уыдонён та сё нымёц бёрёг дёр нёу. Фёлё дзы кёй зонын, уыдон сты, фыццаджыдёр, нё ветерантё, Фыдыбёстёйы хёсты архайджытё, Кодзырты Муслимёт – фёллойы ветеран, Мёскуыйы хъёууон-хёдзарадон равдысты архёйаг, Чекаев Вячеслав ёмё Эльджарты Руслан – Афганы хёсты хъёбатыртё, Сёбётхъуаты Светё ёмё Хёбёлаты Олег – Уёрёсейы Президенты Гранты лауреаттё, Хъантемыраты Рая- Бетъырбухы  клиникёйы сёргълёууёг, Хъазыбегты Валерий ёмё Кочынаты Иринё – барадхъахъхъёныны оргёнты кусджытё, Боциты Ирё - Ирыстоны телекомпани ёмё радиойы журналист, Быценты Руслан, Хабёты Руслан, Музаты Сослан – Мёскуыйы цирчы аивады дёснытё, Уалыты Гиви – ирон театры сгуыхт актер, ёмё ма бирётё...

      Мё дарддёры царды та цы нысантё сёвёрдтон, уыдон ёнгом баст сты мё Ирыстонимё. Никуыдём ацёуин ардыгёй. Кёмфёнды куы уон, уёддёр – иу мё мё зёрдё хондзён нёхимё!

      Фёнды мё, цёмёй мё уарзон бёстё рёсугъдёй - рёсугъддёр кёна, цы кёстёртё дзы рёзы, уыдон та раст зондыл, раст фёндагыл хёст  уой, сё хистёртыл куыд аудой ёмё сын ныфс куыд уой! Сё къухы куыд ёфтой хорз ёнтыстдзинёдтё. Фидар куыд хёцём нё уидёгтыл: нё райгуырён зёхх, фыдёлты хорз ёгъдёуттё, нё мадёлон ёвзагыл. Уымён ёмё нын нё фыдёлтёй баззади куырыхон фёдзёхст: «Хъёздыгдзинад мулкёй баргё нёу, фёлё зёрдёйы рёсугъдзинадёй, фёрныг ёгъдёуттёй ёмё хорз хъуыддёгтёй».

                                                                         Рахизфарсы районы Цёлычы хъёуы иумёйагахуырадон  астёуккаг  скъолайы

9 къласы ахуырдзау

Хъазыбегты Регинёйы сочинени

(Ахуыргёнёг  Боциты А.В.

Тел. 89188351651)


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Мæ уарзон Ирыстон.

Осетия-горный край. это самый красивый уголок Кавказа. на вершинах гор-вечные ледники. Ущелья в Осетии глубокие. Реки бурные и опасные. Посмотреть на красоту нашей природы приезжают гости со все...

Викторинæ темæ: "Мæ Ирыстон"

ПРАКТИКОН ХÆСТÆ: АХУЫР КÆНЫН СКЪОЛАДЗАУТЫ ДЗУРГÆ НЫХАСЫЛ, УÆРÆХДÆР КÆНЫ СКЪОЛАДЗАУТЫ ЗОНЫНДЗИНÆДТÆ.  НЫСÆНТТÆ:Зонадон: скъоладзауты зонындзинæдтæ фæбæлвырд кæнын æмæ сæ иумæйаг хатдзæгмæ æрк...

Литературон- музыкалон мадзал "Ирыстон махан у на уазаг"

В данной  литературно- музыкальной композиции "Осетия - наш общий дом" говорится о том, что Осетия многонациональная республика. Здесь, в Осетии,  представители всех национальносте...

Открытый урок по осетинской литературе в 5 классе на тему "Къоста -Ирыстоны хур"

Данный урок по осетинской литературе был проведен на День Рождение основоположника осетинской литературы К.Л.Хетагурова....

Куыд зонын Ирыстон

интеллектуальная игра по краеведению...

Уалдзæг Ирыстоны.

Ныхасы темӕ: Уалдзæг Ирыстоны.Грамматикон темӕ: «Миногон (рацыд æрмæг фæлхат кæныны урок». Урочы нысантӕ: 1.Рацыд  æрмæг фæлхат кæнын.2.Фæлтæрæнты руаджы бафидар кæнын  мино...