Уалдзæг Ирыстоны.
учебно-методический материал (5 класс)

Ныхасы темӕ: Уалдзæг Ирыстоны.

Грамматикон темӕ: «Миногон (рацыд æрмæг фæлхат кæныны урок».

 Урочы нысантӕ:

1.Рацыд  æрмæг фæлхат кæнын.

2.Фæлтæрæнты руаджы бафидар кæнын  миногонты  тыххæй зонындзинæдтæ : миногонтæ –антонимтæ æмæ миногонтæ-синонимтæ.

3. Скъоладзаутœн сœ зœрдœты гуырын кœнын стыр уарзондзинад œрдзмœ,афæдзы афонтыл  дзурын,  разæнгард сæ кæнын мадæлон æвзаг ахуыр кæнынмæ.

 

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл iron_aevzadzhy_urok_minogon_2_klas.docx21.25 КБ

Предварительный просмотр:

                                                                                      Хозиты Эльвирæ

                                                                                Кучиты Юрийы номыл

         27-æм астæуккаг скъолайы,

                                                                   ирон æвзаг æмæ

 литературæйы ахуыргæнæг

Ирон æвзаджы урок

2-ӕм кълас

Ныхасы темӕ: Уалдзæг Ирыстоны.

Грамматикон темӕ: «Миногон (рацыд æрмæг фæлхат кæныны урок».

 Урочы нысантӕ:

1.Рацыд  æрмæг фæлхат кæнын.

2.Фæлтæрæнты руаджы бафидар кæнын  миногонты  тыххæй зонындзинæдтæ : миногонтæ –антонимтæ æмæ миногонтæ-синонимтæ.

3. Скъоладзаутœн сœ зœрдœты гуырын кœнын стыр уарзондзинад œрдзмœ,афæдзы афонтыл  дзурын,  разæнгард сæ кæнын мадæлон æвзаг ахуыр кæнынмæ.

Универсалон ахуырадон архӕйдтытӕ:

    Предметон

– миногонтæ цы  сты ,уый  зонын;

– сæ  хъуыдымæ  гæсгæ  хæстæг  æмæ  ныхмæвæрд  миногонтæ иртасын;

    Метапредметон:

– урочы ахуырадон хæс æмбарын æмæ йæ зæрдыл дарын;

– хатдзæгтæ кæнын, архайды пълан аразын

    Регулятивон:

– сахуыр кӕнын сабиты ӕвӕрын сӕ размӕ конкретон ахуырадон хӕс.

    Коммуникативон:

– хъуамæ сахуыр уой къæйттæй,къордтæй кусын

– иумæйаг уынаффæ æрцæуын иумæ кусгæйæ

    Удгоймагон:

– хи бæрнондзинад æмæ хæдбардзинад æмбарын (хатын)

Урочы эпиграф:  

                                                                          Рудзынгæй æрбакаст уалдзæг,

                                                                            Рауай мидæмæ, нæ уазæг!

                                                                               Амонд, фарнимæ æрбакæс.

                                                                                 Бирæ цинтæ нын æрбахæсс.

Баситы Мысост

Бацæттæгæнæн рæстæг

-Уæ бон хорз, сывæллæттæ. Абон нæ урокмæ арбацыдысты  уазджытæ, салам сын раттут   æмæ нæ куыст райдайæм.

Урочы цыд

1. Мотивацион  хай

а) – Зæгъут ма ,сывæллæттæ, цавæр афæдзы афон  у ныртæккæ? (зымæг )

    – Цы у  уæ  бон радзурын  зымæджы тыххæй? ( слайд  )

(Сывæллæттæ  дзурынц  цалдæр  хъуыдыйады  зымæджы тыххæй)

æ) – Æркæсæм ма   хъуыдыйадмæ  æмæ  дзы ссарæм   миниуæгæвдисæг дзырдтæ  æмæ  сæм фæрстытæ  раттæм.  (слайд  хъуыдыйадимæ)

Бæлæстæ  лæууынц  сæ урс  къабаты  ног  чындзытау (урс ,  ног ).

 – Куыд  хуыйнынц  миниуæгæвдисæг  дзырдтæ ?(миногонтæ)

 – Цы у миногон ?

 – Уæдæ  абон нæ урочы мах  дзурдзыстæм  миногоныл, нæ хæс у миногоны  тыххæй цы æрмæг рацыдыстут, уый сфæлхат кæнын.

б) Сыгъдæгфыссынад æмæ  фæлхат  кæнын  миногон .

М  м  М  м

Миногон       миногон

-Чи зæгъдзæн  цы у миногон , цы æвдисы  æмæ  цавæр фæрстытæн  дæтты

дзуапп ?

2. Беседæ эпиграфы фæдыл

     Эпиграфæн  та равзæрстон Баситы Мысосты æмдзæвгæйы рæнхъытæ. Бакæсæм – ма сæ.(слайд)

«Рудзынгæй æрбакаст уалдзæг,

                                                                                – Рауай мидæмæ, нæ уазæг!

                                                                               Амонд, фарнимæ æрбакæс.

                                                                                    Бирæ цинтæ нын æрбахæсс.»

Цыбыр беседæ.

– Уалдзæг цавæр циндзинад хæссы адæмæн?Байхъусын сывæллæтæм, уый фæстæ сæ хъуыдытæм æфтаугæйæ, скæнын хатдзæгтæ.

3.Текстимæ куыст.

 Ахуыргœнœг кæсы текст:

        Уалдзæг у афæдзы афонтæй рæсугъддæр.  Бæстæ, æрдз райхъал вæййы. Даргъ, хъызт зымæджы фæстæ цæрæгойтæ, сырдтæ, мæргътæ радыгай нæ алыварс базмæлынц. Адæм уæлдай цин кæнынц уалдзæгыл. Бавналынц нæ дарæг зæхмæ кусынмæ. Мит атайы, зæхх схæмпус вæййы æмæ цæттæ вæййы ног цард райсынмæ, ног ‘взартæ суадзынмæ. Зæхх нæ мад у, нæ дарæг. Æмæ уалдзæджы куы барæвдауай зæххы, уæд фæззæг дæр уыдзæн бæркадджын.

а) Бæрæггонд  миногонтæм раттын фæрстытæ.

Физминуткæ

Кæсын  дзырдтæ  къæйттæй, хæццæйæ .

синонимтæ  - æмдзæгъд  кæнынц

антонимтæ - æрбадын

кæд  нæй  -  уæлæмæ – дæлæмæ  уæхсджытæ.

æ) Иутæм  дзы  ссарын  синонимтæ, иннæтæм  та антонимтæ.(слайд)  

Тетрæдты  фыссын.

Рæсугъд                    цыбыр

Даргъ                         зæронд

Ног                              фыдуынд

Хъызт                           хъæздыг        

Хæмпус                         уазал

Бæркадджын            фæлмæн

4. Карточкæтимæ  куыст  (сывæллæтты  адих  кæнын  3  къордыл , раттын сын карточкæтæ  æмдзæвгæты  скъуыддзæгтимæ )

-Кæцæй ист  сты  скъуыддзæгтæ , цавæр миногонтæ ис  рæнхъыты ?

1-аг  къорд

Хъæд  фæззæг – бæркадджын

 Халсарæй – къæбицау.

Дыргъ  сæкæрау  адджын

Сырдтæ  та  йæ  хицау.

(Токаты  А. «Фæззыгон хъæды нывтæ»)

2 –аг къорд

У мæхи дзæбæх гыццийау

Сæрд рæдау æмæ фæлмæн.

Уый йæ къæбицы лæвæрттæй

Арæх барæвдауы мæн.

(Чеджемты Геор «Сæрд»)

3-аг къорд

Мæнæ   урс  къуыппыл  мæ  разы                  

Цырд  лæппуйау дымгæ хъазы.

Уый  ныззилы, уый ныззары ,

Сабитыл  йæ  тых  фæлвары.

(Дарчиты Д. «Зымæгон»)

5. Хæс. Ссар уæлдай дзырд.(Дзурын афæдзы афонтыл слайдтæм гæсгæ)

    Скъоладзаутæ фыссынц миногонтæ, сæ ныхмæ та афæдзы афонтæ

 – Цæмæн сты  уæлдай ? Цавæр  афæдзы  афон æвдисынц алы рæнхъы дзырдтæ æмæ зæгъын цæй тыххæй  уарзæм  алы афæдзы афон дæр .

Уазал, урс, митгæлæбу, митын (слайд)

Малусæг, уалдзыгон , ног , хъарм (слайд )

Тæвд, бон, цъæх,  къæвдаджын  (слайд)

Халсартæ, бæркадджын, бур,хъæздыг (слайд)

6. Чиныгимæ куыст

(215-æм  фæлтæрæн   фысгæйæ )

Хатдзæгтæ

-Цæуыл дзырдтам нæ абоны урочы?  

-Сæ   хъуыдымæ  гæсгæ  цавæр  вæййынц  миногонтæ ?

 Кæронбæттæн :

а) Сæвæрын бæрæггæнæнтæ.

æ) Рефлекси     (Слайд )

Ӕз базыдтон…..

Мӕ зӕрдӕмӕ фӕцыд….

Нӕ бамбӕрстон…

б)Х æдзармæ  куыст . (Слайд )

212-æм  фæлтæрæн

Ахуыргæнæг   скъоладзауты дих  кæны  3 къордыл , алы къордæн  æвдисы æмæ дæтты шарик

1 – урс  

2- сырх

 3- бур

  Цавæр сты  шариктæ уый дзурынц (тымбыл, рæсугъд, хъæлдзæг, урс , сырх , бур ,ирд , дымст ,фæлмæн)

– Иумæ  райсгæйæ  та ацы  хуызтæ  цы æвдисынц? (Слайд – ирон тырыса ).  Скъоладзаутæ  иумæ кæнынц  ирон тырысайы хуызтæ размæ рахизгæй

Хæдзармæ куыст : Ныфыссын  цыбыр нывæцæн уалдзæджы тыххæй æмæ дзы бахахх кæнын миногонты бын.


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Мæ уарзон Ирыстон.

Осетия-горный край. это самый красивый уголок Кавказа. на вершинах гор-вечные ледники. Ущелья в Осетии глубокие. Реки бурные и опасные. Посмотреть на красоту нашей природы приезжают гости со все...

Викторинæ темæ: "Мæ Ирыстон"

ПРАКТИКОН ХÆСТÆ: АХУЫР КÆНЫН СКЪОЛАДЗАУТЫ ДЗУРГÆ НЫХАСЫЛ, УÆРÆХДÆР КÆНЫ СКЪОЛАДЗАУТЫ ЗОНЫНДЗИНÆДТÆ.  НЫСÆНТТÆ:Зонадон: скъоладзауты зонындзинæдтæ фæбæлвырд кæнын æмæ сæ иумæйаг хатдзæгмæ æрк...

Мивдисœг. Уалдзœджы цинтœ.

Конспект урока по осетинскому языку в 4 классе....

Литературон- музыкалон мадзал "Ирыстон махан у на уазаг"

В данной  литературно- музыкальной композиции "Осетия - наш общий дом" говорится о том, что Осетия многонациональная республика. Здесь, в Осетии,  представители всех национальносте...

Сочинение "Ма Ирыстон"

Ма райгуыран баста...

Открытый урок по осетинской литературе в 5 классе на тему "Къоста -Ирыстоны хур"

Данный урок по осетинской литературе был проведен на День Рождение основоположника осетинской литературы К.Л.Хетагурова....