Мивдисœг. Уалдзœджы цинтœ.
план-конспект урока по теме

Казиева Фатима Валентиновна

Конспект урока по осетинскому языку в 4 классе.

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл ualdz.tsinta.docx441.19 КБ

Предварительный просмотр:

Урочы темœ: Мивдисœг. Уалдзœджы цинтœ.

    Урочы нысан:

1.Скъоладзаутœ мивдисœджы тыххœй цы œрмœг базыдтой, уый бафидар кœнын.

2.Ахуыр кœнын хъуыдытœ раст дзурын, хатдзœгтœ кœнын, сœ дзырдуат сын хъœздыгдœр кœнын.

3.Скъоладзаутœн сœ зœрдœты гуырын кœнын стыр уарзондзинад œрдзмœ.

   Урочы хуыз:   урок – акци.

   Урочы фœлгонц:

   Видеоœрмœг, компьютерон презентаци, риуылдаргœ нысантœ, алœмœттаг хызын хœзнатимœ, садзинаг дидинœг, гœххœттын бœлœттœ, шартœ, гœххœттын аив бœрœггœнœнтœ(5).

     Урочы эпиграф:   « Рудзынгæй æрбакаст уалдзæг,

         – Рауай мидæмæ, нæ уазæг!

          Амонд, фарнимæ æрбакæс.

          Бирæ цинтæ нын æрбахæсс.»


Ахуыргœнœг:

- Уæ бон хорз, сывæлæттæ! Абон, æвæццæгæн, æй уæхæдæг бамбæрстат, уыдзæн уæм æнахуыр урок. Ома, уæ ахуыргæнæджы бæсты уыдзынæн æз.  Æз зонын, сымах æгъдауджын ахуырдзаутæ стут, ахуыр кæнын уарзут…  Æмæ мæн тынг фæнды, цæмæй нæ урок рауайа цымыдисаг. Æххуыс мын кæндзыстут?

Дуар æрбахостæуыд. Ахуыргæнæгмæ радтой аив хызын.

Ахуыргœнœг:

- Диссаг… Цымæ ацы хызыны та цы ис? Фенæм æй… Фыстæг …

« Фатима Валентиновна, бафæндыд  нæ 27-æм скъолайы ахуырдзауты бафæлварын.  Æрвитæм уын дзырдбыд уæ интерактивон фæйнæгмæ. Хызыны та дзуæппытæ. Рæстмæ ут!

Уæ уарзон  4-æм къласы ахуырдзаутæ.»

Интерактивон фæйнæгыл фæзынд дзырдбыд. Ахуыргæнæг иугай хызынæй исы предметтæ номыртимæ æмæ кæсы фыстæджы фæрстытæ.

1,2. Чи сты ацы хæлæрттæ? Цавæр аргъауæй сты? (куысыфтæг æмæ дурын)

 3,4,5. Цавæр хæзнатæ уæрстой уæйгуытæ таурæгъ  «Сырдон уæйгуыты куыд асайдта?» -йы  (фынг, бæндæн, æрчъиаг)

6. Цавæр ныхасы хай æмбæхст ис чырæгты? (мивдисæг)

Ахуыргœнœг:

- Уæдæ абон нæ урочы темæ дæр афтæ куы хуыйны. Мивдисæг. Æвзаргæ та йæ кæндзыстам уалдзæджы фæзындтытимæ-цинтимæ. Нæ хæс у мивдисæджы тыххæй цы æрмæг рацыдыстут, уый сфæлхат кæнын.

Эпиграфæн  та равзæрстон Баситы Мысосты æмдзæвгæйы рæнхъытæ. Бакæсæм-ма сæ.

«Рудзынгæй æрбакаст уалдзæг,

– Рауай мидæмæ, нæ уазæг!

Амонд, фарнимæ æрбакæс.

Бирæ цинтæ нын æрбахæсс.»

Цыбыр беседæ. Уалдзæг цавæр циндзинад хæссы адæмæн?Байхъусын сывæллæтæм, уый фæстæ сæ хъуыдытæм æфтаугæйæ, скæнын хатдзæг.

Ахуыргœнœг:

         - Уалдзæг у афæдзы афонтæй рæсугъддæр. Уый у царды символ. Бæстæ, æрдз райхъал вæййы. Даргъ, хъызт зымæджы фæстæ цæрæгойтæ, сырдтæ, мæргътæ радыгай нæ алыварс базмæлынц. Адæм уæлдай цин кæнынц уалдзæгыл. Бавналынц нæ дарæг зæхмæ  кусынмæ. Мит атайы, зæхх схæмпус вæййы æмæ цæттæ вæййы ног цард райсынмæ, ног ‘взартæ суадзынмæ. Зæхх нæ мад у, нæ дарæг. Æмæ уалдзæджы куы барæвдауай зæххы, уæд фæззæг дæр уыдзæн бæркадджын. Хъуыды кæнут æмбисонд «Цы байтауай, уый æркæрддзынæ».

Ахуыргæнæг интерактивон фæйнæгмæ амоны:

- Нæ темæ у МИВДИСÆГ. Цымæ цы нысан кæны ацы дзырд йæхæдæг? Куыд арæзт у? Адих-ма йæ кæнæм. Равзарæм-ма йæ дзырды хæйттæм гæсгæ.

МИВДИСÆГ

- Сывæллæттæ, ахæццæ кæнут мæ хъуыдыйад кæронмæ.

Мивдисæг у ... (ахæм ныхасы хай, кæцы æвдисы предметы архайд).

- Ахæццæ кæнæм та дарддæр иннæ хъуыд-тæ.

(фæйнæгыл фæзындысты рæнхъытæ)

Мивдисæг -æн ис 2 нымæцы. ( иууон, бирæон)

Мивдисæг -æн ис 3 цæсгомы (фыццаг, дыккаг, æртыккаг).

Мивдисæг -æй равдисæн ис 3 афоны (ивгъуыд, нырыккон, суинаг)

- Ам бамбæхстæм нæ раиртæстытæ. Скæнæм хатдзæгтæ æмæ ма сæ иу  хатт зæгъæм. Теори хорз зонут. Уæдæ уæ бафæлварон куысты мидæг.

(фæйнæгыл фæзындысты хуызджын нывтимæ рæнхъытæ)

Мæнæ та ралæууыд уалдзыгон бон.

Цъитийы рæбынæй фемæхсти дон.

Митимæ атади тæрхъусы фæд…

Мæргъты ног зарджытæм райхъал и хъæд.

Зымæджы уазалай фервæзти зæхх.

Ранæй-ран хуссæртты сæрвæт фæцъæх.

Ахуыргœнœг:

- Цы диссаджы бæлвырд уалдзыгон мивдисджыты руаджы равдыста поэт æрдзы фæзындтæ! Фæйнæгыл сæ бахахх кæнæм.

Ахуырдзаутæ радыгай интерактивон фæйнæгыл хахх кæнынц мивдисджытæ, дзурынц сын сæ афон, нымæц, цæсгом.

       - Сывæллæттæ, цымæ ныр та цавæр хæс раттынмæ хъавын?

Ахуырдзаутæ:

      - Сæвæрын мивдисджытæ хъæугæ бынæтты. 

Ахуырдзау æххæст кæны таблицæ. Хатдзæгтæ.

Ахуыргœнœг:

          - Цæй æмæ иу мивдисæг аифтыдзæг кæнæм (фæйнæгыл фæзынд дзырд хъахъхъæнын).  Уый  у нæ         темæйы сæйрагдар мивдисджытæй иу-  хъахъхъæнын.  Куыд æй фыссын хъæуы? Иумæ йæ зæгъæм. Бахъуыды йæ кæнут.

Иу скъоладзау æвзары дзырд хъахъхъæнын фонетикон æвзæрстæй, иннæтæ та йæ тетрæдты ифтындзæг кæнынц.

хъахъхъæнын

æз        мах

ды       сымах

уый      уыдон

Ныр та сбæлвырд кæнæм. Раст аифтындзæг кодтам? (гом кæнын æмбæхст дзырдтæ интерактивон фæйнæгыл).

Ахуыргœнœг:

- Цæй, гыццыл нæ фæллад дæр суадзæм.  Мæнæ та уын мæ ахуырдзаутæ бацæттæ кодтой фарстытæ. Ацыдыстæм иумæ хъæдмæ æмæ систам цыбыр сюжеттæ. Уалдзæджы темæимæ баст сты. Лæмбынæг сæм байхъусут æмæ дзуапп раттут.

Экранæй сывæллæттæ дæттынц фæрстытæ.

І фарст:  Цавæр дидинæг сдары йæ сæр фыццаг миты бынæй? (Малусæг)

ІІ фарст: Скъуыддзаг аргъауæй («Уызын æмæ паддзах»).

ІІІ фарст: Цавæр маргъы хонынц хъæды бæлæсты дохтыр?  (Хъæдхой).

Ахуыргœнœг:

- Мæнмæ гæсгæ, сымах тынг уарзут æрдз æмæ мæ уырны хъахъхъæнгæ дæр æй кæй кæнут!

Фæйнæгыл фæзындысты  Агънаты Гастæны ныхæстæ: «Ацы зæххыл цыдæриддæр равзæрд, уыдоны иууылдæр цæрын фæнды…» Райуарын гæххæттын бæлæттæ.

Ахуыргœнœг:

- Сывæллæттæ, мах абон æппæт урочы дæргъы дзырдтам мивдисæджы  тыххæй, сфæлхат кодтам æппæт рацыд æрмæг. Уалдзæг  та нын кодта нæ урок рæсугъд, аив, хъæздыг. Æрхаста нын бирæ цинтæ. Нæ зæрдæтæ нын рухс кодта.

Мæн фæнды, цæмæй ацы бæлæттыл сымах ныффыссат уæ сидт адæммæ (мивдисджытæй пайдагæнгæйæ), цæмæй æрдз хъахъхъæной, мæ йæ хъыгдарой. Зындгонд фыссæг Агънаты Г. афтæ загъта: «Ацы зæххыл цыдæриддæр равзæрд, уыдоны иууылдæр цæрын фæнды…»

Уæдæ æрсидæм адæммæ. Уый у абон махæн нæ акци. Æргомæй дзурæм, хæссæм нæ хъуыдытæ адæмы размæ. Кæд нырма гыццыл стут, уæддæр уæ хай бахæссут ацы акцимæ.

Бæлон та ма у сабырдзинады символ. Æмæ мах зонæм, уалдзæг ма нын ноджыдæр иу циндзинад кæй æрхæссы алы аз дæр, уый. 9 май – Уæлахизы бон. Хъуамæ мах ма рох кæнæм, цард куыд зынаргъ у æмæ кæй руаджы ис сабырдзинад нæ бæстæйы. Хистæр фæлтæр – уæлахизонтæн мах нæ сæртæй ныллæг кувæм. Суадзæм нæ бæлæтты æмæ æппæт дунейæн фехъусын кæнæм сабырдзинад кæй домæм, æрдз та хъахъхъæнгæ куыд кæнæм!!!

– бакæнын сæ риутыл зæрдылдарæн нысантæ «Нæ хъæуы æрдз хъыгдарын».

– раттын х/к:  Уæ риутыл цы сидт фыст ис, уыцы темæйыл уæ хъуыдытæ ныффысдзыстут.

– райуарын бæрæггæнæнтæ.

Мæн фæнды, цæмæй ацы урок уæ зардæты баззайа. Уый нысанæн иумæ ныссадзæм  мæнæ ацы дидинæг (уазджытæй иу æмæ сывæллæттæ иумæ садзынц дидинæг).

Сывæллæттæ, ацы дидинæг рæздзæн, сымах æм зилдзыстут. Æмæ йæ уындæй уæ зæрдæтæ райдзысты. Рох уæ нæ кæндзæн, æрдз хъахъхъæнын кæй хъæуы, уый.

Скъолайы кæрты суадзын шартыл баст гæххæттын бæлæттæ сывæллæтты сидтытимæ.


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Мивдисæджы грамматикон æууæлтæ.

Урок осетинского языка в 10 классе....

«Номдар, мивдисӕг ӕмӕ фӕрсдзырдтыл афӕлгӕст»

Как девочка помогает в домашних делах своей маме...

Уалдзæг Ирыстоны.

Ныхасы темӕ: Уалдзæг Ирыстоны.Грамматикон темӕ: «Миногон (рацыд æрмæг фæлхат кæныны урок». Урочы нысантӕ: 1.Рацыд  æрмæг фæлхат кæнын.2.Фæлтæрæнты руаджы бафидар кæнын  мино...

Тест по осетинскому языку для 7 класса. Темæ "Мивдисæг"

Тест по осетинскому языку для 7 класса....