Мивдисæджы грамматикон æууæлтæ.
план-конспект урока (10 класс) на тему

Габуева Марина Хасановна

Урок осетинского языка в 10 классе.

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл urok_falhat_mivdisag.docx124.1 КБ

Предварительный просмотр:

Гом урок ирон æвзагæй 10-æм къл. 03.03.2016

Урочы темæ:  Мивдисæг.Сæйраг грамматикон æууæлтæ.Фæлхат.

Ныхасы темæ : Æрдхорд  мæсыг  у. 

I.Организацион хай.

II. Тест:

зонындзинадты актуализации,лæвæрд цæуы программæйы mimiostudio

 

Архайд ныхасы рæстæг кæй цæуы, уый æвдисы:

нырыккон афоны мивдисæг

ивгъуыд афоны мивдисæг

Ныхасæй фæстæдæр чи цæудзæн, ахæм архайд æвдисы:

нырыккон афоны мивдисæг

суинаг афоны мивдисæг

Ныхасæй раздæр чи цыдис , ахæм архайд æвдисы:

суинаг афоны мивдисæг

ивгъуыд афоны мивдисæг

Мивдисæгæн ирон æвзаджы ис :

æртæ здæхæны

цыппар здæхæны

Æцæгæй чи цæуы,цыдис æмæ цæудзæн,ахæм архайд æвдисы:

æргом здæхæны мивдисæг

бæллиццаг здæхæны мивдисæг

Фæндон нын чи у,кæмæ бæллæм ,ахæм архайд æвдисы:

фæдзæхстон здæхæны мивдисæг

бæллиццаг здæхæны мивдисæг

Йæ сæххæстæн цавæрдæр уавæртæ кæмæн хъæуы,ахæм архайд æвдисы:

бадзырдон здæхæны мивдисæг

фæдзæхстон здæхæны мивдисæг

Искæмæй кæй домæм, искæмæн фæдзæхст чи фæцæуы, ахæм архайд æвдисы:

фæдзæхстон здæхæны мивдисæг

æргомон здæхæны мивдисæг

Мивдисæджы ивынад здæхæнтæм,афонтæм,цæсгæмттæм,нымæцтæм гæсгæ

у:

ифтындзæг

тасындзæг

Фæрстытæ кæй? цы? раттæн ис

цæугæ мивдисæгæй

æдзæугæ мивдисæгæй

Предметы миниуæг æвдисы мивдисæджы формæ:

миногми

фæрссагми

Уæлæмхасæн архайд æвдисы   мивдисæгæй арæзт формæ:

Миногми

Фæрссагми

III. хай

        Ног æрмæгмæ рахизын :

 -Скодтам тест, хорз æй сæххæст кодтат, ныр ахæм зæрдæйы уагыл нæ куыст ахæццæ кæндзыстæм дарддæр.

-Цæуыл дзурдзыстæм абон?

-Цавæр куыст нæ бакæнын хъæуы ныр?

(- кæронбæттæны урок мивдисæгæй, сфæлхатын æмæ ныффидар кæнын;

  -сбæрæг кæнын,куыд у нæ бон пайда кæнын нæ зонындзинæдтæй практикон куысты)

Уый  та рабæрæг кæндзыстæм текстыл кусгæйæ.

Уæ цуры алкæмæн дæр ис текст, нæ куысты пъланимæ.Текст æвдыст цæуы интерактивон фæйнæгыл дæр.

Текст урокмæ.

       1. Цы нымайæм алцы æппæт? 2. Æз  хуыснæг, æвзæргæнæг.       3.Фæлæ  уæд ды  та дæ дыууæ хуыснæджы, дыууæ æвзæргæнæджы.

4.Æвзæргæнæг  уæвгæйæ, дæхи æууæнкджынæй æвдисыс  æмæ ма къазнайы мызд дæр исыс. 5.Æфтæмæй нæ  ауæрдыс къазна стигъыныл дæр. 6.Дæ къухы цы 12 хъæуы ис ,уыдон дæр стигъыс , гæртам   исынæй  сæ бабын  ко?тай.7. Уый фæстæ куы зæгъæм, уæд æмбалæн  дæр нæ бæззыс.

      8. Æвзæргæнджытæм дæр ис  сæхи мидæг æууæнк .9.Дзырдыл хæцын  хъæуы. 10.Кæд  фæхыл дæ де ,мбалимæ  уæддæр дæ  дзырдыл  хæц  æмбалыл  комдзог  ма  цу! 11. Æз дæ никæд адæ?дзынæн. 12.Фæлæ ды кæд сыста?тæ  дæ бынатæй, уæд  дæ куыст  кæн,  адæтт мæ.

 13. Фендзыстæм, кæддæра дзы цы рауаид!  

Хæслæвæрдтæ:

Сбæрæг  кæнын  тексты  хуыз , стиль.

1. Цавæр  радзырдæй ист у скъуыддзаг? Чи  йæ ныффыста? Кæй монолог у?

2.Æцæг æмбæлттæ сты  радзырды   архайджытæ? (Цы ис сæ хæлардзинады  бындуры?)

3. Цы  хъуамæ уа  æцæг  хæлардзинады  бындуры?

4. Цавæр хъуыдыйæдтæ  æвдисынц  сæйраг  хъуыды?

5. Зæгъ  æмбисонд    æмбалдзинады тыххæй

6.Цавæр æрхæцæн нысан цухгонд æрцыд 2-аг хъуыдыйады. Бамбарын кæнын йæ æвæрд.

7.Цавæр синтаксисон функцитæ æххæст кæнынц мивдисджытæ 5-æм хъуыдыйады?  Скæнын æххæст æвзæрст хъуыдыйадæн.

8.Цы хицæн кæнынц къæдзыгтæ 6-æм хъыдыйады?

9.Сæвæрут æрхæцæн нысæнттæ 10-æм хъуыдыйады. Бамбарын сæ кæнут.Скæнут схемæ.

10. 4 -æм хъуыдыйады бæрæггонд  дзырд  цы у?

11 . 7-æм хъуыдыйады мивдисæгæн бацамон йæ æнæивгæ формæтæ.

12. Бавæр цухгонд  дамгъæтæ ,  бамбарын кæнын сæ растфыссынад, рафысс  .

 IV.    Цы  дзырдты   сæвæрдтам   цухгонд   дамгъæтæ, уыдон  хъæуы таблицæмæ бахæссын.

 

( Ахуырдзаута кусынц иугай интерактивон фæйнæгыл)

æххæст æмхуызонад

æнæххæст  æмхуызонад

разæфтуантимæ баст  орфограммæтæ

кодта

сыстадта

адæтдзынæн

V.Иннæ дыууæ цæджындзы хæдзармæ лæвæрд фæлтæрæнæй,цы мивдисджытæ рафыстат,уыдонæй   баххæст кæнут.

                     

VI.Къордгай  скæнын  морфологон  æвзæрст:

 адæтдзынæн            комдзог ма цу                рауаид

 VII.Морфемикон æвзæрст       

адæтдзынæн          

VIII.Хатдзæгтæ Мивдисæгæн ис :

Схемæ фæйнæгыл

  • 4 здæхæны,3 афоны,3 цæсгомы,2 нымæцы- уыдон сты ивгæ  миниуджытæ,
  • æнæаивгæ мивдисджытæ та сты :
  • Орфограммæтæ баст сты ивгъуыд, суинаг афоны мивдисджытимæ,разæфтуантимæ.

      Сæйраг хъуыды:    Æрдхорд  мæсыг  у.

 IX. Хæдзармæ куыст :

Æрдхорд  мæсыг  у.

( тезисæн райсгæйæ, ныффыссын  сочинени- тæрхæттæ 3 аргументимæ).

X.Бæрæггæнæнтæ

XI .Рефлексия

10-æм «Б» къласы ахырдзау            _____________________________

Урочы базыдтон

Фæнды ма мæ базонын

Ацы урочы

зонындзинæдтæй мын пайда уыдзæн

Урочы куыд куыстон , уымæй

разы дæн,  уымæн æмæ………

бынтон разы  нæ дæн, уымæн æмæ………..

разы нæ дæн, уымæн æмæ…………………

10-æм «Б» къласы ахырдзау            _____________________________

Урочы базыдтон

Фæнды ма мæ базонын

Ацы урочы

зонындзинæдтæй мын пайда уыдзæн

Урочы куыд куыстон , уымæй

разы дæн,  уымæн æмæ………

бынтон разы  нæ дæн, уымæн æмæ………..

разы нæ дæн, уымæн æмæ…………………


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Мивдисœг. Уалдзœджы цинтœ.

Конспект урока по осетинскому языку в 4 классе....

«Номдар, мивдисӕг ӕмӕ фӕрсдзырдтыл афӕлгӕст»

Как девочка помогает в домашних делах своей маме...

Тест по осетинскому языку для 7 класса. Темæ "Мивдисæг"

Тест по осетинскому языку для 7 класса....

Мивдисæг. Æриугæнæн урок. «Бӕлас йӕ уидӕгтӕй фидар у ,адӕймаг та- йӕ хӕлӕрттӕй»

Мивдисёгёй рацыд ёрмёг ныффидар кёнын.Бакусын дзургё ёмё фысгё ныхасы рёзтыл.Ахуыр кёнын сывёллётты ёмбалён аргъ кёнын, нымайын ёй, тыхст сахат йё фарсмё ёрбалёууыныл.Фæлтæрын скъоладзауты арæхс...