Методическая разработка по осетинскому языку в 7 классе на тему: «Уæздан лæгæн йæ уæлдæр цин-æфсарм". Мивдисæгæй рацыд æрмæг сфæлхат кæнын.
методическая разработка (7 класс)

Накусова Ирина Ахсарбековна

Цель урока: повторить,закрепить и обобщить пройденный материал по теме "Глагол"

Скачать:

ВложениеРазмер
Microsoft Office document icon mivdisag_7_klas.doc80.5 КБ

Предварительный просмотр:

     Урочы  темæ:     «Уæздан лæгæн йæ уæлдæр цин-æфсарм»

                                  Мивдисæгæй рацыд æрмæг сфæлхат кæнын.

           

     Урочы нысантæ:   1.Ахуыргæнинæгтæ мивдисæгæй цы зонындзинæдтæ райстой, уыдон зæрдыл æрлæууын кæнын æмæ сæ ныффидар кæнын фæлтæрæнты руаджы.

2.Сывæллæтты ахуыр кæнын æгъдау æмæ æфсармыл.

                                     3.Ныхасы рæзтыл бакусын.

    Урочы эпиграф

Ирон æфсарм!

Кæд къорд хатты дæуыл

Æз сусæг -æргом рацыдтæн мæнгардæй,

Кæд мисхал дæр нæ бафтыдтон дæ фарныл,

Уæддæр дæуыл ,дæуыл  лæууы мæ уд!

                    Ходы Камал

Урочы цыд

І.Бацæттæгæнæн рæстæг

1. -Уæ бон хорз,сывæллæттæ!

   -Сбадут.

2.Психологион уавæр. Ахуыргæнæджды ныхас.

Æмбисонд «Æппæтдæр дæ къухы ис».

      Цардис æмæ уыдис иу куырыхон лæг. Цы нæ зыдта,ахæм нæ уыд. Се `ппæтæн дæр зонд амыдта. Уæд дын иу лæг сфæнд кодта равдисын адæмæн,алцыппæт кæй нæ зоны куырыхон лæг,уый.Æрцахста гæлæбу,йæ армытъæпæны йæ бакодта æмæ бафарста куырыхон лæджы:

- Цавæр гæлæбу ис мæ къухы?

Йæхинымæр та ахъуыды кодта.Афтæ куы зæгъа,æгас у,зæгъгæ,уæд æй амардзынæн,фæлæ афтæ куы зæгъа,  мард у,уæд та йæ ауаддзынæн. Куырыхон лæг дзуапп радта:

-Æппæтдæр дæ къухы ис!

-Сывæллæттæ,сымахæн дæр алцыдæр уæ къухы ис!

ІІ. Урочы ныхасы темæ сбæлвырд кæнын.

  1. Равдисын  скъуыддзаг киноныв «Легнда горы Тбау»-æй. «А что такое счастье»
  2. Дзырдуатон куыст

Амонд-счастье,судьба,участь,жребий,доля.

Абайты Васо йæ историон –этимологион дзырдуаты афтæ иртасы  ацы дзырды нысаниуæг:

 1.Мивдисæг «амонын»-æй  арæзт æрцыд ивгъуыд афоны миногми фæсæфтуан д-йы руаджы æмæ дзы рауад дзырд «амынд».

2. Фæстæдæр  хъæлæсон  «ы» йæхи раивта хъæлæсон «о»- мæ æмæ дзы рауад дзырд «амонд».

      3.Саразын беседæ. Сбæлвырд кæнын урочы ныхасы темæ.

    -Сывæллæттæ,сымах та куыд æмбарут дзырд «амонд»-ы нысаниуæг?  (сывæллæтты дзуаппытæ)

    -Зæгъут,цæуыл дзурдзыстæм нæ урочы? ( сывæллæттæ дзурынц урочы темæ)

III.Урочы  грамматикон  темæ сбæлвырд кæнын.

1.Ахуыргæнæджы ныхас.

Абон  урочы нæ зæрдыл æрлæууын кæндзыстæм ирон æвзаджы ныхасы хæйттæй иу.Цавæр ныхасы хайыл дзурдзыстæм,уый та мын сымах уæхæдæг зæгъдзыстут æмбисæндты цы цухгонд дзырдтæ ис,уыдон  куы зæгъат,уæд.Алы раст дзуаппæн дæр фæйнæгыл чырæгты цы æмбæхст дамгъæтæ ис,уыдонæй иу уыдзæн нæ бон байгом кæнын.

Амонд мады гуыбынæй …………………………рахæссынц.

Амонд авд фæлтæры……………………………..хæссы.

Лæгæн йæ амонд цы уа,уый……………………..æййафы.

Æппæт амæндтæ ничима ………………………..бавзæрста.

Амонд хорз æмæ æвзæр………………………….не `взары.

Алчи йæхи амондæй …………………………….нæ цæры.

Амонды сæрыл дæр тох………………………….хъæуы.

 

Ахуыргæнæг.

Иу дамгъæ нын баззад æхгæдæй.Цæмæй йæ базонæм,уый тыххæй та  базонут уыци-уыци

Архайд æмæ ми æвдисын ,

Мæнæн у алкæддæр мæ хæс,

Зивæг кæнын æз нæ зонын,

Дæн сымахæн коммæгæс.

( Мивдисæг)

IV.Зонындзинæдты актуализаци. Баххæст кæн кластер.

Морфологи

                                 

 

 ахуыр кæны    ……ныхасы хæйттæ

                            дих кæнынц   ……сæрмагонд            æххуысгæнæг

 предметы архайд цы ныхасы хай æвдисы,уый хуыйны….мивдисæг

                        домы фæрстытæ…Цы ми кæны? Цы архайы?

Мивдисджыты  ивынад афонтæм, цæсгæмттæм æмæ

нымæцтæм гæсгæ хуыйны ….. ифтындзæг

 

 

Мивдисæгæн ис дыууæ бындуры……..

 нырыккон афоны бындур æмæ ивгъуыд афоны бындур

 .

                                      Мивдисæгæн ис … 4 здæхæны         3 цæсгомы

 

              2 нымæцы

                                                                       3 афоны

Хæс :Бацамон, мивдисджыты цухгонд  дамгъæтæ кæрæдзийы фæдыл раст æвæрд цы цæджындзы сты, уый

 сарæ…той                   гъ дз с з

 хъазыды…ты             с з гъ дз

 бакæн…æн               з с дз гъ

 алы…дис                  з дз с гъ

Хæс:Бацамон бæллиццаг здæхæны мивдисджытæ

1)  хъуысид

 2)  цæуын

 3)  цыдаид

 4)  кæсдзыстæм

 5)  кæсин

 6)  хъуыстон

 Хæс:Мивдисджытæ сæвæрын цыппар здæхæны дæр.

  1 къорд :  кусын, зарын, ахуыр кæнын

  2 къорд: лæууын, кæсын, дзуапп дæттын

Хатдзæг:

-Цы  æвдисынц æргомон, бæллиццаг, бадзырдон ,фæдзæхстон здæхæны мивдисджытæ?Куыд арæзт цæуынц?

 

Хæс:  Мивдисджытæ рафыссын дыууæ цæджындзæй:цæугæ æмæ æдзæугæ.Семæ ныффыссын дзырдбæстытæ.Бацамонын сæйраг æмæ дæлбар дзырдтæ.

         

Уарзын , æфсæдын , хæссын , тæхын , хъазын , дзурын , æрлæууын ,рæзæм

Хатдзæг: Цы хонæм  цæугæ æмæ æдзæугæ мивдисджытæ?

 Хæс: мивдисæджы æнæцæсгомон формæ кæцы хъуыдыйæдты æмбæлы?

1)  Урокты фæстæ ацæудзыстæм киномæ.

 2)  Иу рувасæй дыууæ цармы не стыгъдæуы.

 3)  Рудзынгыл дур ныццавдæуыд æмæ йæ авг асастис.

 4)  Фæхæссон ма, загътон, уæддæр, фæстæмæ мæ иунæджы сæр

Хатдзæг: Куыд арæзт вæййы мивдисæджы æнæцæсгомон формæ?

Хæс: бацамонын,  кæцы хъуыдыйæдты æмбæлынц мивдисджытæ æппæрццæгтимæ,уый æмæ сæ рафыссын.

1)  Мæлæтæй нæ тæрсын, фæлæ мын мæ фæстæ мæ уæлмæрдмæ чи хæсдзæн суг!

 2)  Аллон адæм цæрынц Уæрæсейы алы кæрæтты.

3)  Гæнæн цæмæн ис, уымæй дарддæр мацы дом.

 4)  Хистæрæн æгъдау дæтт.

Хатдзæг:  Куыд фыссæм мивдисджытæ æппæрццæг хайыгтимæ?

 

Хæс:   нывтæ баивын дзырдтæй. Хъуыдыйæдтæ кæрæдзийы фæстæ раст сæвæрын , цæмæй сæ рауайа  текст.

  1)         http://im3-tub-ru.yandex.net/i?id=b077bf9e22f2926f41a6f949ebd32fcf-112-144&n=21     йæ лæппынтæн фæтарст.

 2)  Иухатт      http://im0-tub-ru.yandex.net/i?id=b2397b5c348532702a2ad9c4cc959d61-52-144&n=21       рудзынгмæ сгæпп кодта.

3)    Ǽрбазгъордта http://im2-tub-ru.yandex.net/i?id=2d3b467c72136fc94bd1c1868d48793d-109-144&n=21

4)  Гæды йæ лæппынтимæ цæры хæдзары къуымы.

 5)  Уасæджы æддæмæ асырдта

 

 

Хæс:  Текстыл бакусын

Хидарыны уаг

             Хидарыны уаг у хиуылхæцыны фæтк адæймагæн райгуырæнæй фæстæмæ,æмæ куыд рæза,афтæ йемæ цæуы вазыгджындæргæнгæ.

      Æгъдауджын ,фæрнджын бинонты сывæллон «уый мæ хъæуы,уый мæ нæ хъæуы»-йæ нæ рæзтис .Сывæ…онæн цы хæринаг радтаи…ой,уый хордта æнæ уæлдай тæргæй…æй , бустæйæ.Цы фæлыст ыл скодтаи…ой,уым цыдис райгондæй. Бинонтæ сывæ…æ…ы хъыджы нæ цыдысты хæринагæй,дарæсæй.Уыдоны хъуагæй къæбæр адæн нæ хор…ой.

    Ирон хæдзары,сыхы ,хъæубæсты сывæ…æ..æн уæлдай хъæлæба,цъæхахст,æнæуаг дзыхæй дзурын æмæ митæ кæнын нæ фидыдта.Хистæр дзуры ,уæд æм хæрзæгъдау сывæ…он хъуыста æнцад,лæмбынæг.Уый бады,уæд йæ разы балæууыдаид.Ӕрдзы хъæбысы сæхи дардтой фæзминаг хистæрты хуызæн.Ирон сывæллæттæ рæзтысты æрдзы хъæбысы æмæ хъомылгонд цыдысты райгуырæн бæсты æрдзмæ хæдзардзинады цæстæй кæсыныл.

   Сыгъдæг намыс,нымд,æфсарм,æ…æнк æмæ хъæбатырдзинад уыдысты ирон адæймаджы сæрыстыры,æнæрцæфы фидыцтæ.Уыцы барæнтæй барстой адæймаджы цард райгуырæн бонæй амæлынмæ.

Айларты Измаил

  1. Саразын беседæ. Бамбарын кæнын урочы эпиграф дæр.
  2. Цухгонд  дамгъæтæ  сæвæрын .
  3. Рафыссын мивдисджытæ.Раттын сын характеристикæ (цæсгом,нымæц.здæхæн,цæугæ æви æдзæугæ, хуымæтæг æви вазыгджын, æххæст æви æнæххæст.)
  4. Фразеологизмтæ  баивын  синонимтæй:

хъыджы нæ цыдысты-

къæбæр адæн нæ хордтой-

II .Рефлекси

1.Абон æз базыдтон…

    Мæ къухы бафтыд…

    Мæн бафæндыд…

    Уыдис зын…

     Мæ зæрдæмæ фæцыд…

2.Дзырд «амонд»-имæ  саразын пирамидæ.

амонд

амондджын адæймаг

амондджын адæймаг дæн

Æз дæн амондджын адæймаг.

III. Хæдзармæ куыст

Ныффыссын цыбыр сочинении

 «Адæймаг йе `гъдауæй фидауы»


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Методическая разработка по русскому языку (9 класс) на тему: "Русский язык - национальный язык русского народа".

Приобретение учащимися знаний об особенностях национального языка, его назначении, развитии....

Методическая разработка урока английского языка 10 класса по теме "Внешность и характер человека".

Данная разработка урока с использованием презентации, заданий по аудированию и чтению может быть использована на уроках английского языка старшей школы....

Методическая разработка по английскому языку (11 класс) по теме "Досуг"

Методическая разработка урока английского языка по теме "Досуг" для обучающихся 2 курса НПО, создана на основе учебника В.Г. Тимофеева Up&Up 11. Преподаватель - Щербакова А.Л....

Методическая разработка по английскому языку (11 класс) по теме "Функциональный язык"

Тест для обучающихся 2 курса НПО, создан на основе материала учебника для контроля сформированности  знаний, умений и навыков по теме "Функциональный язык". Время выполнения 45 минут. Препод...

Методическая разработка по английскому языку (10 класс) по теме "Описание людей"

Тест для обучающихся 1 курса НПО, создан на основе материала учебника В.Г. Тимофеева Up&Up 10 для контроля сформированности знаний, умений и навыков по теме "Описание людей". Время выполнений 45 м...

Методическая разработка по английскому языку (10 класс) по теме "Спорт в жизни человека"

Практическая работа "Спорт в жизни человека" для обучающихся 1 курса НПО, создана на основе учебника В.Г. Тимофеева Up&Up для отработки практических знаний, умений и навыков по теме "Спорт"....

Методическая разработка по иностранному языку (2 класс) на тему: Игры на уроках немецкого языка в начальной школе

Методическая разработка по иностранному языку (2 класс) на тему: Игры на уроках немецкого языка в начальной школе...