Конспект урока «Уалдзӕг – царддӕттӕг»
план-конспект урока (5 класс) на тему

Цуциева Белла Георгиевна

Конспект урока

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл urok_ualdzaeg_-_tsarddaettaeg.docx25.79 КБ

Предварительный просмотр:

«Дидинӕг калы нӕ бӕстӕ, рай зӕрдӕ, рай, ӕмӕ рай!!!»

Ныхасы рӕзтыл куысты урок

Уалдзӕг ӕрдзыл скодта цъӕх-цъӕхид фӕлыст.

Темӕ: «Уалдзӕг – царддӕттӕг» Гӕдиаты Цомахъ «Ӕрцыд, ныллӕууыд уалдзӕг», Хетӕгкаты Къоста «Дзывылдар».

Урочы нысан: 1. Базонгӕ кӕнын ахуырдзауты уалдзӕджы миниуӕгӕвдисӕг дзырдтимӕ.

                          2. Раттын зонындзинӕдтӕ: ирон адӕмы царды бастдзинад царддӕттӕг уалдзӕгимӕ.

3. Дзырдтӕ «дзывыр» ӕмӕ «дзывылдары» бастдзинад ӕмӕ нысаниуӕг бамбарын кӕнын.

Хӕслӕвӕрд: 1. Лӕвӕрд ӕмдзӕвгӕты ссарын зонгӕ дзырдтӕ.

2. Дзырдтимӕ саразын дзырдбӕстытӕ.

3. Ссарын бирӕнысанон дзырдтӕ ӕмӕ сӕ абарын уырыссаг ӕвзаджы дзырдтимӕ.

Дзырдуат: Уалдзӕг, афон, афӕдз, ӕрдз, къанӕуттӕ, тӕдзынӕг, цъыф, лӕфинтӕ, хъулон, ӕрттивы, хуым, дзывыр, дзывылдар, ӕртахтысты, фӕлтӕхӕг, дзӕгӕрӕг, къалиу, хуссар, цӕгат, дидинӕг калын, уддзӕф, рӕвдауын, фӕлыст, фӕзтӕ, фӕстӕ, малусӕг, джыджына, ӕрвдидинӕг, къаппа-къуппа.

Хъомыладон куыст: «Адӕймаг ӕрмӕст фӕлхасгӕнӕг нӕу, фӕлӕ у аразӕг, царды дидинӕг». Рӕзын кӕнын ахуырдзаутӕм уарзондзинад зӕхмӕ, кад ӕмӕ тавиц зӕхкусӕджы куыстмӕ.

Цӕстуынгӕ ӕрмӕг: Нывтӕ, карточкӕтӕ, чингуытӕ, фӕйнӕгыл фыстытӕ, уалдзыгон дидинджытӕ: малусӕг ӕрвдидинӕг, къаппа-къуппа.

Метод: Дзургӕ ӕмӕ фысгӕ ныхас.

Урочы цыд

  1. Бацӕттӕгӕнӕн рӕстӕг.

а) салам раттын;

б) радонимӕ бакусын;

в) хӕдзармӕ куыст сбӕрӕг кӕнын.

  1. Рацыд ӕрмӕг зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнын.

а) номивӕг, мивдисӕг, миногон, нымӕцон;

б) цӕрӕгойтӕ;

в) зайӕгойтӕ.

  1. Ныхасы рӕзтыл бакуыст.

а) уалдзӕгимӕ баст дзырдтӕ;

б) уалдзӕджы тыххӕй ӕмдзӕвгӕтӕ;

в) уалдзӕджы миниуджытӕ;

г) базырджын раныхӕстсӕ;

д) уыци-уыцитӕ, ӕмбисӕндтӕ.

IV. Ног ӕрмӕг.

а) уалдзӕджы диссаг ӕмӕ ӕлутондзинад райхалын;

б) ӕмдзӕвгӕтӕ бакӕсын аив, зӕрдывӕрдӕй дыууӕ ӕвзагыл дӕр, абарын сӕ ӕмбӕрцивынад, сӕ зӕлангдзинад;

в) фӕрстытӕ раттын.

V. Дзырдуатон куыст.

а) раст бакӕсын ӕмӕ рафыссын ног дзырдтӕ;

б) ног дзырдтӕн тӕлмац раттын, абарын сӕ уырыссаг дзырдтимӕ;

в) омонимты тыххӕй зӕгъын;

г) ссарын вазыгджын дзырдтӕ ног темӕйы ӕмӕ дзы фӕхицӕн кӕнын зонгӕ хӕйттӕ;

д) саразын дзырдбӕстытӕ ног дзырдтӕй.

VI. Ног ӕрмӕг ныффидар кӕнын.

а) ӕмдзӕвгӕйы авторы тыххӕй ахуырдзаутимӕ диалог;

б) ратӕлмац кӕнын ӕмдзӕвгӕ ахуыргӕнӕг ӕмӕ дзырдуаты аххуысӕй (иу къуплет);

в) ӕмдзӕвгӕйы ссарын зӕрдӕагайӕн рӕнхъытӕ (алчидӕр сӕрмагондӕй);

г) зӕгъын ӕмдзӕвгӕйы мидис, бакӕсын ӕмдзӕвгӕ.

VII. Хатдзӕгтӕ скӕнын.

VIII. Хӕдзармӕ куыст.

а) бахъуыды кӕнын ног дзырдтӕ;

б) арӕхстджынӕй спайда каӕнын лӕвӕрд дзырдтӕй;

в) ӕмдзӕвгӕ аив кӕсын, зонын дзуӕппытӕ дӕттын лӕвӕрд фӕрстытӕн.

Рацыд ӕрмӕгыл афӕлгӕст.

  • Цы нысан кӕнынц дзырдтӕ: ӕрдз, афон, афӕдз?
  • Цал афоны ис афӕдзы? Цавӕртӕ сты, анымайӕм сӕ. Цал мӕйы ис афӕдзы? Азы та?
  • Цавӕр хицӕндзинӕдтӕ ис афӕдзы афонты 'хсӕн?
  • Кӕд фӕфӕлындӕм заз бӕлӕстӕ?
  • Ахуырӕй улӕфгӕ рӕстӕг кӕцы мӕйты вӕййы?
  • Тыллӕг кӕд фембырд кӕнӕм?
  • Фыццаг цъӕх-цъӕхид кӕрдӕг кӕд фӕзыны?
  • Раифтындзӕг кӕнӕм «уарзын уалдзӕг» иууон ӕмӕ бирӕон нымӕцы.
  • Раттут фӕрстытӕ бахахгонд дзырдтӕм, зӕгъут, цавӕр ныхасы хӕйттӕ сты:

Хуры ирд тынтӕ тавынц зӕхх.

Ранӕй-рӕтты фӕзындис  цъӕх кӕрдӕг.

Ныхасы рӕзтыл куыст.

  • Куыд у абон боныхъӕд?
  • Бӕлӕстӕм цавӕр ивддзинӕдтӕ ис?
  • Ранымад миниуджытӕ цӕуыл дзурӕг сты?
  • Уӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнут уалдзӕджы тыххӕй ӕмдзӕвгӕтӕ, базырджын раныхӕстӕ (иронау дӕр, уырыссагау дӕр).
  • Ссарӕм миногонтӕ «уалдзӕг»-мӕ (рӕсугъд, зӕланг, цъыбар-цъыбур, цъӕх, дидинӕгкалгӕ, хъӕлдзӕг, царддӕттӕг ӕмӕ а.д.).

- Уӕдӕ фӕйнӕгыл фыст ис дзырд «уалдзӕг», уӕнгтыл ӕй адих кӕнут. Ацы уӕнгтӕ цы нысан кӕнынц? (уал – столько, пока, дзаг – полный).

- Цы у «дзаг»? (полный). Ацы дзырдимӕ саразут дзырдбӕстытӕ (дзаг арм, дзаг хӕдзар, дзаг кӕнын, дзаг у).

- Уӕдӕ «уал»-та нысан кӕны «пока», «столько». Ома, афӕдзы ацы афон ӕрдз архайы алыран дӕр цард раттын, уд бауадзын, байдзаг кӕнын. Ӕрдз райхъал вӕййы. Бӕлӕстӕ, зайӕгойтӕ сыфтӕр кӕнынц, дидинӕг ӕфтауынц, дзӕгӕрӕг калынц.

- Дзырд «уал»-имӕ ӕрхъуыды кӕнут дзырдбӕстытӕ (уал азы, бакӕс уал чиныг).

- Цавӕр ныхасы хӕйттӕ сты ацы дзырдтӕ?

Дзӕгӕрӕг – ацы дзырдмӕ дӕр лӕмбынӕг ӕркӕсут, йӕ кӕцыдӕр хаййы та ис зонгӕ дзырд. Цавӕр у?

- Дзаг

- Уӕдӕ арӕг та нысан кӕны: ссары – находит, ары – находит, рождает. Ома – дзаг+ары=рождает достаток. Ахӕм у ацы дзырдӕн йӕ арӕзт, фӕлӕ иу ныхасӕй та – бутон, почка – уырыссагау. Саразӕм-мӕ ацы дыууӕ дзырдимӕ (уалдзӕг, дзӕгӕрӕг) дзырдбӕстытӕ.

- Уалдзыгон хур, уалдзыгон бон, уалдзыгон куыстытӕ, бирӕ дзӕгӕрӕг, дзӕгӕрӕг калынц ӕмӕ а.д.

Ног ӕрмӕг.

Куыд диссаг у ӕрдз. Йӕ диссӕгтӕй иу у афӕдзы афон – уалдзӕг, хуымӕтӕг диссаг нӕу, фӕлӕ ӕлутон у. Уалдзыгон хуры лӕфинтӕ зӕххыл куыддӕр сӕмбӕлынц, афтӕ мит донӕй азгъоры, малусӕгтӕ сӕ урс ӕмӕ ӕрвхуыз дидинджытӕ райхалынц, фыццаг цъӕх-цӕхид зӕлдаг кӕрдӕг дӕр йӕхи хурмӕ ивазы, цӕугӕдӕттӕ ихӕй фервӕзтысты ӕмӕ хӕл-хӕлгӕнгӕ се 'нусон фӕндӕгтыл згъорынц, фӕлтӕхӕг цъиутӕ мингай км сӕрты абырсынц, алыхуызон хъулон гӕлӕбутӕ тӕхынӕй, ратӕх-батӕхӕй нал ӕфсӕдынц. Уалдзӕджы цинӕй тӕрхъус дӕр йӕ хъуын аивта, мӕнӕ цъыбар-цъыбургӕнгӕ ӕрхӕццӕ дзывылдар дӕр, ауыдта йӕ адӕймаг, йӕ дзывыр зӕххы ауагъта, риуыдзаг сулӕфыд зӕхх, базмӕлыд, цард ӕхсиды.

Уӕдӕ уыцы ӕлутондзинад гуырын кӕны ахӕм диссаг рӕнхъытӕ поэты зӕрдӕты.

Зӕрватыкк – ӕнӕхъыг,

Ӕнӕ маст цӕрӕг!

Дӕ зарӕг – нӕ дарӕг,

Нӕ уалдзӕг кӕнӕг!

- Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы зындгонд уын у ацы рӕнхъытӕ ныффыссӕг поэт. Фӕлӕ- ма зӕгъут, цавӕр ӕмдзӕвгӕ ма зонут Къостайы ӕмдзӕвгӕтӕй, уалдзӕджы тыххӕй? Радзурут-ма йӕ.

 - Уалдзӕг.

Мит тайы, их сайы,

Фӕхъулон ис зӕхх:

Йӕ цӕгат фӕзӕйнад,

Йӕ хуссар фӕцъӕх. (ӕмӕ а.д.)

- Мӕнӕ афтӕ та загъта уалзӕджы тыххӕй Гӕдиаты Цомахъ.

Рӕвдауы хур ӕрттивгӕ;

Йӕ рухс тын у фӕлмӕн.

Фӕйлауы уддзӕф зилгӕ,

Нӕуӕг сыфтӕрты 'хсӕн.

Ныззарыд цъиу йӕ зарӕг,

Фырцинӕй зары уый.

Тӕхудиаг нӕ уалдзӕг!

Дӕуӕй хуыздӕр кӕм и?!

(ӕмӕ а.д.)

- Хӕххон ӕхсӕрдзӕнау зӕлынц Цомахъы ӕмдзӕвгӕтӕ. Хуры тынау ӕрттивгӕ, цардмӕбӕллон рӕнхъытӕ. Никӕцы поэтимӕ фӕхӕццӕгӕнӕн ис Цомахъы ӕмдзӕвгӕты зыланг.

Байхъусут-ма иу ӕмдзӕвгӕмӕ лӕмбынӕг ӕмӕ йын базонут йӕ авторы. Базонут ын йӕ мидис.

Дзывылдар.

Ӕнгуырдӕр – дзывылдар,

Кӕм хӕтыс зымӕг?

Цы бӕстӕ, цы хӕхтӕ

Фӕтӕхыс уынӕг?

Кӕм рӕзынц, кӕм цӕрынц

Дӕ хотӕ, дӕ мад?

Тӕхуды, тӕхуды,

Кӕмӕн ис дӕ цард!

Диалог скъоладзаутимӕ.

- Куыд хъуды кӕнут, чи ныффыста ацы рӕнхъытӕ?

- Къоста.

- Раст ӕй базыдтат. Къостайы ӕмдзӕвгӕтӕ сӕ зылангдзинад ӕмӕ ӕмбӕрцивынадмӕ гӕсгӕ кӕддариддӕр ис базонӕн. Зӕгъут-ма Къоста ӕрмӕст ӕмдзӕвгӕтӕ фыста?

- Уыди нывгӕнӕг, режиссер, драматург.

- Байхъусут ацы ӕмдзӕвгӕйы уырыссаг ӕвзагмӕ тӕлмацмӕ ӕмӕ абарут йӕ оригиналимӕ сӕ ӕмбӕрцивынад ӕмӕ зылангдзинад:

Зимою глухою

В какие края (и т.д.)

- Ныр та байгом кӕнут уӕ чингуытӕ, бакӕсут ӕмдзӕвгӕ ӕмӕ дзы ссарут зонгӕ дзырдтӕ. Ӕнӕзонгӕ дзырдтӕ ныртӕккӕ равзардзыстӕм.

Фонетикон афӕлгӕст.

Бӕрӕггонд мырты растдзурыныл бакусын.

Къанӕуттӕ (речки, речушки) –

раст сӕвӕрын цавд, «къ»-йы раст дзурыныл бакусын, лӕмӕгъ, хъӕлӕсон «ӕ» - дзурын цыбырӕй, куыд ӕнӕцӕвдон уырыссаг ӕвзаджы «а», дӕргъвӕтиндӕр (гыццыл сыл фӕлӕугӕйӕ) зӕгъын дывӕргонд ӕмхъӕлӕсонтӕ «тт» (уырыссаг ӕвзаджы куыд фӕдзурӕм «т» ӕндӕр ӕзылангон ӕмхъӕлӕсоны цур уӕвгӕйӕ, афтӕ: рогатка, проспекты, спектр).

Тӕдзынӕг (капель) –

ӕмхуызон, иухъӕлӕсыуагӕй кӕсын дзырд «тӕдзынӕг», цавдон уӕнг нӕ хъӕуы хицӕн кӕнын. Хъӕлӕсонтӕ иуылдӕр сты лӕмӕгъ, дзурын сӕ хъӕуы цыбырӕй. Зылангон ӕмхъӕлӕсон «дз» дзурын хъӕуы уырыссаг «з»-мӕ ӕввахсдӕр ӕмӕ зыланггонддӕр. Ацы дзырды антоним у цыхцырӕг – струя, желоб.

Саразын дзырдбӕстытӕ.

Хъулон (пестрый, пегий, рябой) –

ӕзылангон ӕмхъӕлӕсон мыр «хъ»-йы раст дзурыныл бакусын, хъӕлӕсонтӕ «у» ӕмӕ «о» сты тыхджын ӕмӕ сӕ дзурын хъӕуы бӕлвырдӕй. Дзырды цавд хауы фыццаг уӕнгыл (мыр «у»-йыл), фӕлӕ дыккаг уӕнджы хъӕлӕсон мыр «о» дӕр дзургӕ у куыд уырыссаг ӕвзаджы цавдон «о», афтӕ, бӕлвырдӕй.

Дзывыр (соха) –

дыууӕ нысанӕй арӕзт дамгъӕ, дӕтты иу мыр «дз», дзурын ӕй хъӕуы уырыссаг мыр «з»-мӕ ӕввахс, йӕ размӕ цы дамгъӕ «д» ис, уый нӕ хицӕнгӕнгӕйӕ. Ацы мырӕн нӕдӕр дзургӕйӕ, нӕдӕр фысгӕйӕ хицӕн гӕнӕн нӕй. Ацы дзырд у архаизм – ома зӕронд дзырд, ныры рӕстӕджы дзы нал пайда кӕнынц, уымӕн ӕмӕ йӕ бынатмӕ ӕрбацыд ӕндӕр кусӕнгарз-гутон. Уый у тыхджындӕр, йӕ хъӕд у ӕфсӕйнаг. Уалдзӕджы, зӕххыкуыст кӕнынмӕ куы фӕамоны ӕрдзы афон, уӕд ӕртӕхы фӕлтӕхӕг цъиутӕй иу – дзывылдар. Дзывылдар у ирон адӕмы уарзон цъиу. Уыцы цъиуы ӕртӕхынмӕ ӕнхъӕлмӕ кастысты, ӕмӕ куы ‘ртахт, уӕд-иу райдыдтой зӕххы куыст кӕнын (дзывыр+дар цӕттӕ).

- Уӕ зӕрдыл ма ӕрлӕууын кӕнут цӕрӕгойты нӕмттӕ. Зӕгъут, хӕдзарон сты, ӕви хъӕддаг?

- Уӕдӕ цавӕр зайӕгойтӕ зонут ӕмӕ кӕм зайынц?

Дзырдуатмӕ бахӕссын.

- Абон нӕ зонындзинӕдтӕ фӕфылдӕр кӕндзыстӕм уалдзыгон дидинджыты нӕмтты руаджы.

Малусӕг (подснежник) – у дидинӕг, ис ын урс, кӕнӕ ивад ӕрвхуыз мынчын дидинджытӕ, фӕзыны мит куы атайы, уӕд.

Джыджына (ландыш) – у хъӕддаг дидинӕг, ис ын урс хъуытаз дидинджытӕ, йӕ дзӕбӕх тӕф дардмӕ хъуысы.

Ӕрвдидинӕг (василек) – ацы дидинӕгӕн йӕ ном йӕ уӕлӕ – арвы дидинӕг, ӕрвхуыз, йӕ хуыз вӕййы тарбын-цъӕх, арвхуыз цъӕх, зайы быдыры.

Даричин (гвоздика) – у хъӕддаг дидинӕг, фӕлӕ йӕ садзынц цӕхӕрадӕтты дӕр, йӕ алыхуызтӕ дӕр ӕмбӕлынц.

Ма-ферох-кӕн, Ма-рох-кӕн (незабудка) – рӕсугъд, гыццыл ӕрвхуыз дидинӕг, зайы быдырты, арӕхдӕр хъӕдты, бӕлӕстӕм хӕстӕг.

Хъомыладон куыст.

- Цавӕр уалдзыгон дидинджытӕ-ма зонут, цыхуызӕн сты?

Адӕймагӕн ацы дидинджытӕ цы пайда хӕссынц? Зӕхх дидинджытимӕ рӕссугъддӕр у, ӕви «бӕгънӕгӕй»?

«Хӕзна зӕххыл у, сызгъӕрин зӕххы ис, ӕргуыбыр кӕн ӕмӕ йӕ сис».

«Адӕймаг зӕххӕн куыд лӕггад кӕны, зӕхх дӕр ын йӕ соййӕ афтӕ хай кӕны».

Адӕм зӕххыкуыст кӕнынмӕ никуы кӕнынц зивӕг. Уалдзӕджы ӕрцыдмӕ бӕллынц. «Цард хорз у хорз куыстӕй», «Уалдзыгон боны куыст афӕдз дары». «Уалдзӕг – царддӕттӕг», уыман ыл ис уыйбӕрц диссаджы ӕмдзӕвгӕтӕ дӕр.

Ӕрмӕг бафидар кӕнын.

Бакӕсут-ма Гӕдиаты Цомахъы ӕмдзӕвгӕ «Ӕрцыд, ныллӕууыд уалдзӕг» ӕмӕ дзы ссарут уалдзӕгыл дзурӕг рӕнхъытӕ, уырыссаг ӕвзагмӕ сӕ ратӕлмац кӕнут.

Хатдзӕгтӕ скӕнын.

Абон базыдтам ног дзырдтӕ ӕмӕ сӕ нысониуджытӕ. Скодтам тӕлмац. Дзырдуӕттӕ кӕмӕ уыдис, уыдон архайдтой хуыздӕр, зӕрдиагдӕр, дзырдуат сын сӕ куыст кодта ӕнцондӕр. Нӕ урочы кусгӕйӕ ахсджиаг бынат ахсы дзырдуат. Абон урочы хуыздӕр чи сарӕхст, уыдонӕн хорз бӕрӕггӕнӕнтӕ ӕвӕрын.

Хӕдзармӕ куыст.

Ныр та уӕ боныгты фӕнысан кӕнут хӕдзармӕ куыст.

Аив кӕсын ӕмдзӕвгӕ.


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

План - конспект урока в форме презентации в программе Power Point на немецком языке по теме " Немецкая пресса для подростков" и конспект урока в программе Word к УМК И.Л.Бим., Л.В.Садомовой " Шаги 5" для 9 класса.

Презентация конспекта урока на немецком языке  в программе Power Point по теме "Немецкая пресса для подростков" и конспект в программе  Word показывают некоторые приёмы работы по теме "СМИ" ...

ПЛАН-КОНСПЕКТ УРОКА План-конспект урока в 11 классе «Фотоэффект. Применение фотоэффекта.»

Урок с использованием  ЭОР. В изучении нового материала используется информационный модуль  "Фотоэффект" для базового уровня старшей школы.  В практический модуль входи...

Конспект урока Вторая война Рима с Карфагеном 5 класс, Конспект урока кубановедения Появление человека современного облика 5 класс, Конспект урока Королевство франков и христианская церковь в VI— VIII вв. 6 класс, Конспект урока Московское княжество и его

В ходе подготовки к урокам использовались современные информационные технологии. Участники проектной деятельности в ходе подготовки к уроку использовали свободное образовательное пространство сети Инт...