Ирон литературӕйы урок 5 - ӕм къласы
учебно-методический материал (5 класс)

Дзерасса Отаровна Сотиева

Урочы темӕ: «Зондджын сæрæй архайы, æдылы та- тыхæй»

Хетагкаты Къостайы аргъау « Лӕскъдзӕрӕн» - мӕ гӕсгӕ.

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл iron_literaturaeyy_urok_5_nog_urok.docx24.73 КБ
Файл prezentatsiya1_2.pptx2.97 МБ

Предварительный просмотр:

Ирон  литературӕйы  урок   5  - ӕм   къласы  

Урочы темӕ: «Зондджын сæрæй архайы, æдылы та- тыхæй»

Хетагкаты Къостайы аргъау « Лӕскъдзӕрӕн» - мӕ гӕсгӕ.

Урочы эпигрӕф: «Лӕг тыхӕй ӕнцон абырсӕн  у, фӕлӕ  зондӕй  абырсын  зын у».

Урочы нысантӕ:

1 Ӕрдзурын  Хетӕгкаты Къостайы уацмыстыл сывӕллӕттӕн.

2 Скъоладзауты фӕцалх кӕнын хибарӕй кусыныл, хи хъуыдытӕ раст  ӕргом кӕныныл

3  Бакусын ныхасы рӕзтыл.

Урочы цыд:

1. Цы уацмыс æвзардзыстæм, уый базонынæн нын феххуыс уыдзæн нæ дзырдбыд.  Баххæст æй кæнӕм.

Базонут Къостайы ӕмдзӕвгӕты персонажты.

1   Куыд раджы фестыс,

Куыд хъӕрӕй зарыс ?

2 Мигъ  ӕнгом йӕ быны бадти,

Урс цагъд къуымбилау.

3 Кӕй  фырт   дӕ?

4  Кӕм  рӕзынц ,кӕм цӕрынц

Дӕ  хотӕ дӕ  мад?

5 Къонайыл хуыссы,

Аргъӕуттӕ  мысы…

- Цавæр персонажы ном нын дзы рауад?

Уӕйыг

- Кæцæй æрбацыд ацы персонаж?

 Цавæр уацмысæй?

(Равдисын кукла - роботы)

- Цы нысан кæны дзырд уæйыг?

- Дзырд лæскъдзæрæг цы нысан кæны?

Бацамонын дзырдты нысаниуæг:

Уӕйыг

Лæскъдзæрæн

Уӕлыгӕс

Фыййау

Хъомгæс.

Рæгъаугæс.

Лæскъдзæрæгæй уæлдай ма фосимæ чи архайдта, уыдон уыдысты Уæлыгæс, Фыййау,  Хъомгæс. Ис ма рæгъаугæс. Уый ахæссæн ис фыййаумæ æмæ хъомгæсмæ.

- Алчи дæр сæ æххæст кодта йæхи хæстæ. Чи сæ цы куыст кодта?

- Джыккайты Шамил арæх дзырдта, уæлыгæс бирæ кæй фæцыд, уый тыххæй.   Хохы сабитæй уæлыгæс чи нæ цыд, ахæм нæй.

2. Дзурæм Къостайы аргъау «Лæскъдзæрæн»-ыл.

Уацмыс фыст у адæмæн сфæлдыстады бындурыл.

Ардасенты Хадзыбатыр фыста:  «Къоста ирон аргъæутты  хуыздæр хъуыдытæ йæ поэтикон куыройы æрыссадта æмæ  сын сæ цъæмæл асыгъдæг  кодта, сæ хъаймагъ сын райста. «Лæскъдзæрæн» рауадис диссаджы уацмыс ,дунейы хуыздæр поэтикон  уацмыстимæ æрæвæрæн   кæмæн ис, æхæм».

 Уацмыс у литературон аргъау. Цæмæй бæрæг у?

Аргъӕутты  

Къостамӕ                        

«    Раджыма- раджыма цардысты - уыдысты»

«Раджы уæйыгмæ лæскъдзæрæн Иу мæгуыр лæг цард».

                     

Афонмӕ дӕр ма  цӕрынц ӕмӕ  хӕрынц.Уыдонӕй  цы  нӕ федтат,рын,сонӕй дӕр ӕндӕр  мацы  фенут

    Уымæй æз куыд дæн æнæ хай,

      Афтæ мын ды дæр

      Фосджынæй æмæ дзæбæхæй

      Се 'рцыдмæ фæцæр!..

Хатдзæг скæнæм:

Уацмыс у литератрон аргъау. Цæмæн у литературон  аргъау?

2) Персонажтæ: Уæйыг æмæ фыййау. Уæйгуытæ вæййы аргъæутты, кадджыты.  Мæгуыр лæгыл дæр арæх æмбæлæм аргъауы – уый вæййы сæйраг архайæг, фæуæлахиз вæййы. Цæй  фæрцы?  Йæ зонды  фæрцы.

-Ацы   уацмысы аргъауы миниуджытæй  цы  ис?

а) Терк-турчы бæстæ…

ӕ) Даредзанты хъæу…

б) Нарты Уырызмæджы кой….

в) Алæмæттаг цаутæ….

-  Уада аргъауы  элементтӕ  куыд фæзындысты  уацмысыл?

(Кæнынц ай цымыдисагдар, сывӕллӕтты цыбӕл кӕнынц уацмыс бакӕсынмӕ……….)

- Ирон  фысджытай ма чи фыста литературон аргъӕуттӕ?

Брытьиаты Созырыхъо   «Джеджы фырт Дзег ».

Ӕмбалты  Цоцко.

-Рахизæм та на уацмысмæ

- Йæ сюжетмæ гæсгæ куыд  арæзт у ?

-Диалоджы хуызы.

 

-Цы у диалог?

Диалог у … дыууӕ адӕймаджы кӕнӕ цӕрӕгойты (аргъӕутты) ныхас

Скъуыддзаг бакæсын кæнын………

Персонажты сурæттæ саразæм:

- Цавæр миниуджытæй хайджын сты уæйыг æмæ лæскъдзæрæг?

 1  къорд  фыссæм   уайыджы  миниуджытæ.

       2  къорд  фыссæм   лæскъдзæрæджы миниуджытæ.

 Рефлекси. 

-Цы базыдтам ногӕй?

-Аргъауы персонажтӕй  уа  зæрдӕмӕ чи    фӕцыд?

-Абоны  урокæй æз ахæм  зонд райстон.

Синквейн саразын дыууæ дзырдимæ

Уæйыг –                                                         Фыййау –

- Цæуыл нæ ахуыр кæны уацмыс?

- Цавæр зонд нын амоны поэт?

Урочы эпигрӕф: «Лӕг тыхӕй ӕнцон абырсӕн у, фӕлӕ  зондӕй  абырсын  зын у».

Хӕдзармӕ  куыст.

1 Аргъау кӕронмӕ бакӕсын.

2Нывтӕ скæнын.

3 Центон сканын   «Лӕскъдзӕрӕн» ӕмӕ  басня «Бирӕгъ  ӕмӕ хърихъуппӕй»

Уӕйгуытӕ – таурӕгъмӕ гӕсгӕ  Хуыцау Нарты размӕ  сфӕлдыста Уӕйгуыты,Нартӕ  дӕр ма  сӕ ӕрӕййӕфтой.Цардысты хӕхбӕсты. Нартӕн знаггад кодтой ,  ӕмӕ сӕ  Нарты гуыппырсартӕ цагътой. Ӕмӕ  цынӕхуызӕттӕ  сты Уӕйгуытӕ---иуцӕстонтӕ ,сохъуыртӕ  хъулонзачъетӕ ,авдсӕронтӕ. Хъаруйӕ - ӕххӕст  , зондӕй - хъуаг ,ӕмӕ сыл Нартӕ тых кӕнынц сӕ зонды, се рхъуыдыйы фӕрцы.


Предварительный просмотр:


Подписи к слайдам:

Слайд 1

Темӕ: « Зондджын сӕрӕй архайы , ӕдылы та – тыхӕй » Хет æ гкаты Къостайы «Лӕскъдзӕрӕн»-мӕ гӕсгӕ.

Слайд 2

Эпигрӕф: Лӕг тыхӕй анцон абырсӕн у , фӕлӕ зондӕй абырсын зын у .

Слайд 3

А.С.Пушкин

Слайд 11

Золушка

Слайд 12

Красная Шапочка

Слайд 15

Брытьиаты Созырыхъо

Слайд 19

Хетӕгкаты Къоста

Слайд 26

Хъуыды кӕронмӕ ахӕццӕ кӕнут: Литературон аргъау у … Диалог у …

Слайд 27

Дзырдуатон куыст

Слайд 28

Лӕскъдзӕрӕг-ӕххуырсты фыййау цӕуын.Мыздмӕ йын лӕвӕрдтой, цы фос хызта ,уыдонӕй хай.

Слайд 29

Лӕскъ – лыстӕг фос .

Слайд 30

Кӕфой- лыстӕг уисӕй быд хӕдзары дзаума . Пайда дзы кодтой хор сыгъдӕг кӕнгӕйӕ .

Слайд 31

Къуту –уисӕй быд хордон .

Слайд 32

Ахӕтын- бӕстыл азилын , балцы ацӕуын.

Слайд 36

Рефлекси Цы базыдтам ногӕй? Аргъауы персонажтӕй у зӕрдӕмӕ тынгдӕр чи фӕцыд ? Цӕмӕн? Ацы уацмыс мӕн абон царды хъӕуы ӕви нӕ?

Слайд 37

Синквейн 1 Лӕскъдзӕрӕг 2 Куыстуарзаг , дзырдар æ хст 3 Кусы, маст уромы , ф æ у æ лахиз 4 Зонды фӕрцы фервӕзт уӕйыгӕй 5 Фыййау

Слайд 38

синквейн 1 Уӕйыг 2 Гуымиры , гуыбындзӕл 3 Хӕры , фыд æ бон æ й мары , дур фестад 4 Зондджын сӕрӕй архайы , ӕдылы та - тыхӕй 5 Сӕтой

Слайд 39

Басня « Бир æ гъ æ м æ хърихъупп »

Слайд 40

Хӕдзармӕ куыст 1 Аргъау кӕронмӕ бакӕсын . 2 Нывтӕ скӕнын . 3 Синквейн ныффыссын . 4 Центон саразын . « Лӕскъдзӕрӕн » ӕмӕ басня « Бирӕгъ ӕмӕ хърихъуппӕй » спайда кӕнын .


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Ирон авзаджы урок 10-ам къласы

Мивдисæджы грамматикон категоритæ.Фæлхат....

Тематикон пълан 10 къласы ирон æвзаджы уроктæм.

Тематикон пълан 10 къласы ирон æвзаджыуроктæм.Ныхасы культурæ æмæ коммуникативон этикæ....

У р о к - с е м и н а р (7 – æм кълас)

(Кочысаты М. æмæ Калоты Х. номыл мысæн урок)...

Ныхасы – тематикон урок ( Ироон æвзаг 10 – æм къласы ) Темæ: « Зæххы фарн адæмы фарну.»

Темæ: « Зæххы фарн адæмы фарну.»                        ( Миногонæй зонындзинæдтæ сфæ...

Ирон æвзаджы урок 4-æм къласы. Темæ: Нывмæ гæсгæ куыст: Т. Яблонская «Райсом»

                  Ирон æвзаджы урок 4-æм къласы.Темæ: Нывмæ гæсгæ куыст:  Т. Яблонская «Райсом»...

Гом урочы пълан ирон литературæйæ 6-æм къласы …Æмбалы хорзæх алкæй дæр уæд… Мамсыраты Дæбейы уацау «Æрдхорд»-мæ гæсгæ.

Уацауы ма ис иу ахсджиаг проблемæ.Йæ раргом кæнынæн уын баххуыс уыдзæн ирон æмбисонд. Сайаг адæймаджы фæндаг бирæ нæ хæссы,зæгъгæ....