Урочы темӕ: «Зымӕджы бӕрӕгбонтӕ» (Ногбоны ӕхсӕв).
план-конспект урока (9 класс)

Лариса Таймуразовна Баширова

Урок -спектакль по традиционной культуре осетин.

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл nogbony_izar.docx285.48 КБ

Предварительный просмотр:

         Урочы темӕ: «Зымӕджы бӕрӕгбонтӕ» (Ногбоны ӕхсӕв).

   Урочы насантӕ:                                                                                                                  1. Скъоладзауты базонгӕ кӕнын ирон адӕм цы бӕрӕгбонтӕ бӕрӕг кӕнынц     зымӕджы , уыдонимӕ.    

 2.  Проектон – иртасӕн куыст бакӕнын.

 3.  Ирон адӕмы цардыуаг хуыздӕр базонынмӕ цымыдисдзинад рӕзын кӕнын;   сывӕллӕтты зӕрдӕты гуырын кӕнын уарзондзинад ирон ӕвзагмӕ, культурӕмӕ, аивадмӕ.

                                                                                                                                     

    Урочы хуыз: Урок – равдыст.

    Урочы фӕлгонц: презентаци, нывтӕ, ирон дзаумӕттӕ, хӕринӕгтӕ, фӕндыр ӕмӕ а.д.

    Урочы эпиграф:

     «Мӕ хъӕбысы цал халы ис, уал хорзӕхы ӕмӕ уал амонды саггаг кӕнӕд Ногбоны зӕдтӕ, дауджытӕ бинонтӕн сӕ уарзон адӕмимӕ».

                                            (ирон арфӕтӕ).

       

                                              Урочы цыд:

  1. Бацӕттӕгӕнӕн рӕстӕг.

            Урочы райдайӕны хъуысы ирон хъӕлдзӕг цагъд.

  1. Урочы темӕйыл ӕмӕ нысӕнттыл куыст.

            Ахуыргӕнӕг: Сывӕллӕттӕ, ирон адӕммӕ ис бирӕ рӕсугъд ӕмӕ кадджын бӕрӕгбӕттӕ.  Уыдон сты нӕ адӕмы цӕсгом, нӕ удварн ирдӕй кӕм зыны, ахӕм ӕнусон хӕзнатӕ.  Махмӕ Ирыстоны ис 150 кувӕндонӕй фылдӕр. Уыдонӕн сӕ фылдӕр сты: Туалгомы, Куырттаты комы, Уӕлладжыры комы. Фӕлӕ абон не’ргом, фылдӕр раздахдзыстӕм  зымӕджы бӕрӕгбонтӕм.

         Райдайӕм дзырдуатон куыстӕй.

      Хӕс. Ӕрбакӕсут ма фӕйнӕгмӕ ӕмӕ ратӕлмац кӕнут уырыссаг ӕвзагӕй иронмӕ, дзырдтӕ:

      Декабрь –

      Январь –

      Февраль -

      Семӕ ӕрхъуыды кӕнут хъуыдыйӕдтӕ.

       Ахуыргӕнӕг: Уӕдӕ уӕм куыд кӕсы, абон нӕ урочы темӕ цавӕр уыдзӕн?

       Дзуапп:

  1.  Ног ӕрмӕгыл куыст.

       Ахуыргӕнӕг: Алы къордӕн дӕр уыд хӕслӕвӕрд. Бацӕттӕ кӕнын, цы хал сластой ,уым цы мӕй фыст уыдис,  уыимӕ хъусынгӕнинаг. Уӕ хорзӕхӕй, фыццаг къорд.

       1-аг къорд.

       Дзуапп: Мах бацӕттӕ кодтам цыппурсы мӕимӕ баст чи у , ахӕм хъусынгӕнинаг ӕмӕ нывтӕ.

      Цыппурсы бон. Ирон  динуырнынадмӕ гӕсгӕ нӕ рагфыдӕлтӕ афӕдзы райдайӕныл нымадтой ныры ногбон нӕ, фӕлӕ зӕронд цыппурс.

       Цыппурс – цыппар урсы къуырийы. Бӕрӕг ӕй кодтой, Ног азмӕ ма – иу къуыри куы баззад, уӕд.

        Цыппурсы – иу хур куы аныгуылд, уӕд-иу алы хӕдзар дӕр йӕ цуры скодта арт. Йӕ арт кӕмӕн хуыздӕр у, кӕмӕн стырдӕр у, уый – амондджындӕр.

       Алы бинонты дӕр фӕндыд, цӕмӕй сӕм Цыппурсы, «хорз къах» кӕмӕн ис, ахӕм адӕймаг ӕрбацӕуа.

        Бинонты хистӕр –иу скуывта ӕртӕ ӕртӕдзыхоны, скуывта – иу цӕмӕй ӕнӕхъӕн аз хор ӕмӕ фосӕфсӕст уой, ӕнӕфыдбылыз уой.

        Ахуыргӕнӕг: Бузныг. Уӕ хорзӕхӕй, уӕ раныхасмӕ цы нывтӕ бацӕттӕ кодтат, уыдоны хуыды раргом кӕнут. (скъоладзаутӕ ӕвдисынц сӕ нывтӕ).

        Кӕд иннӕ скъоладзаутӕм. цы ӕрмӕг фехъуыстой, уый фӕдыл фӕрстытӕ  ис, уӕд сын бар раттын бафӕрсынӕн.

          2-аг къорд.

        Тъӕнджы мӕйы дӕргъы ис цалдӕр бӕрӕгбоны, уыдон сты: Ног аз, Доныскъӕфӕн, Ногбон ӕ.а.д.  Фӕлӕ мах , нӕ къорд , сфӕнд кодтам хъусынгӕнинаг бацӕттӕ кӕнын Ногбоны бӕрӕгбоны фӕдыл.

        Ногбон у ирон адӕмы уарзондӕр бӕрӕгбонтӕй иу. Ӕрхауы мӕйы дыууадӕсӕм, кӕнӕ ӕртындӕсӕм, куы та цыппӕрдӕсӕм бонмӕ. Фӕсивӕд  арт кӕнынмӕ сӕхи рагацау баттӕ кӕнынц. Уӕдӕ кӕй арт стырдӕр уыдзӕн? Уӕдӕ кӕй арт тынгдӕр ныррухс кӕндзӕн? Хистӕрӕй – кӕстӕрӕй арты алыварс сӕмбырд вӕййынц.

        Изӕры  бинонтӕ Ногбоны фынгмӕ ӕрӕмбырд вӕййынц, ӕмӕ  хистӕр нӕлгоймаг скувы. Арфӕтӕ ракӕны.

        Бинонтӕ Ногбоны бирӕ фӕбадынц. Райсомӕй сӕ раздӕр ӕддӕмӕ чи ахизы, уый ӕрбацӕуы лыстытӕ, хъӕмп, кӕнӕ хоры нӕмгуытимӕ ӕмӕ сӕ хӕдзары къуымты бапырх кӕны, уал ӕмӕ уал хорзы хӕдзарыл ӕрцӕуӕд , зӕгъгӕ.

         Ногбоны ӕхсӕв сылгоймӕгтӕ хыссӕйӕ скӕнынц басылтӕ. Ӕмӕ сӕ байуарынц, арфӕтимӕ сӕм чи фӕцӕуы, уыдонӕн. ( скъоладзаутӕ ӕвдисынц нывтӕ ӕмӕ басылтӕ).

       

         Скъоладзауты   фӕрстытӕ                                                                                                       3-аг къорд.

       Ӕртхъирӕны мӕйы дӕргъы ис ӕртӕ бӕрӕгбоны: Нафы дзуар, Комахсӕн, Комбӕттӕн. Мах фӕнды радзурын Нафы дзуары тыххӕй.

       Нафы дзуары бӕрӕгбон вӕййы Ногбоны фӕстӕ. Нафӕн йӕхицӕн уыд хуым. Бакуыстой-иу ӕй Нафы фысымтӕ. Цы хор-иу дзы ӕрзад, уымӕй-иу Нафы бон алкӕмӕн дӕр скодтой  фӕйнӕ дзулы. Нафы куывдӕн бӕгӕны кодтой къусбарӕй.Къусбар лӕвӕрдтой, хӕдзары цал лӕджы уыд, уымӕ гӕсгӕ.   Куывдмӕ цыдысты ӕрмӕстдӕр лӕгтӕ, хӕдзӕрттӕм –иу хӕйттӕ арвыстой. Куывд цыд цыппар боны дӕргъы. Цалдӕр боны кӕй цыд ӕмӕ тынг бӕркадджын кӕй уыд, уый ныр дӕр адӕмӕй рох  нӕу. Арӕх фехъусӕн и: «Кӕд Нафы фынгыл нӕ бадыс».

       Нафы бӕрӕгбон баст у Найфатимӕ. Найфат у мыггаджы кувӕн бынат (ацы къорды сывӕллӕттӕ дӕр ӕвзарынц сӕ нывтӕ).

  Скъоладзауты фӕрстытӕ.

      Ахуыргӕнӕг: Тынг хорз ӕрмӕг бацӕттӕ кодтат  ӕмӕ уӕ мӕ зӕрдӕ  барухс. Бузныг.

  Зӕгъут ма, сымах дӕр уӕ хӕдзӕртты бӕрӕг канут ацы бӕрӕгбӕттӕй искӕцытӕ?

       Дзуапп:

       Ахуыргӕнӕг: Цавӕр бӕрӕгбон уӕм кӕсы ӕппӕты хъӕлдзӕгдӕр?

       Дзуапп. Ногбон, уымӕн ӕмӕ фӕцӕуӕм Хӕдзаронты.

       Ахуыргӕнӕг: Раздӕхӕм ма нӕ урочы эпиграфмӕ. (Бакӕсын эпиграф). Кӕцы къорды хъусынгӕнинагмӕ хауынц ацы арфӕтӕ? (бамбарын кӕнын эпиграфы хъуыды).

       Дзуапп.

       Урочы хатдзӕгтӕ.

       Ахуыргӕнӕг: Куыд уӕм кӕсы, нӕ фыдӕлты ӕгъдӕуттӕ ӕмӕ бӕрӕгбӕттӕ хъуыды канын хъӕуы.Цӕмӕн?

  • Цавӕр хъуыдытӕ уӕм фӕзынд урочы?
  • Цы базыдтат ногӕй?

       Ахуыргӕнӕг: Уӕдӕ, сывӕллӕттӕ, куыд фехъуыстам афтӕмӕй бирӕ сты зымӕджы бӕрӕгбонтӕ. Фӕлӕ куыд бамбӕрстон, афтӕмӕй ӕппӕты тынгдӕр уӕ зӕрдӕмӕ цӕуы Ногбоны ӕхсӕв. Бакӕсӕм ма, не скъолайы   ахуырдзаутӕ, цы  равдыст бацӕттӕ кодтой , уымӕ.

     

                                       Ногбоны ӕхсӕв.   (5-ӕм къл.)

   Ӕфснайд агъуыст. Къуымы цуайнаг.  Йæ быны æмæ йæ разы сугтæ амад. Агъуысты астæу тымбыл фынг. Бинонтæ сæхи цæттæ кæнынц бæрæг æхсæвмæ.

  Ус.  Уæртæ лæг, сугтæ ма ноджыдæр æрбадав. Æмæ уæртæ къæбицы пецы арт акæн. Æз та хыссæ авæрон.

  Лæг.  Арт акæн, дон æрбадав, иуæрдæм атæх, иннæрдæм ратæх. (Хъуыр –хъуыр кӕны нартхор згъалгӕйӕ).

  Ус.  Дæ хъуыр-хъуыр ма Ногбоны æхсæв уæддæр ныууадз! (Лæг сыстад æмæ сугтæм ацыд).

  Чызг.  Нана чъиритæ кæндзынæ?

  Ус.  Уæдæ мæ хур, уæдæ. Абон Ногбоны æхсæв у. Нана, йæ хуртæн, ныртæккæ уӕливыхтӕ  дæр æмæ дедатæ дæр акæндзæнис.

  Чызг.  Нана,  Хæдзаронтæ дæр абон фæцæуынц?

  Ус.  Уæдæ,  мæ гыццыл зæрдæ. Цом ,аххуыс мын кæндзынæ.

  Чызг.  Цом, мæн дæр сахуыр кæндзынæ дедатæ æмæ басылтæ кæнын?

  Ус.  Уæдæ, мæ къона, уæдæ. (Ацыдысты кæбицмæ).

  Лæппу:  (Æрбазгъордта уынгæй хъæргæнгæ). Нана, нана . Зынгтæ ма мын авæр.

  Ус:  Нанайы къона, цæмæн дæ хъæуы зынгтæ?

  Лæппу:  Сугдонӕй  сугтӕ рахастон æмæ сæ  дуармæ арт акæнон.

  Ус:  Мæнæ мæхицæй куыд æрбайрох ис , уыцы хъуыддаг. (Зынгтæ æрццысгæнæй исы æмæ сæ лæппумæ дæтты).

  Чызг:  (Разгъордта мад æмæ лæппуйы цурмæ) Нана, Сослан та дуармæ  арт цæмæн скæны?

  Лæппу:  Цæмæй йæ сæрты гæппытæ кæнæм. Чи цал гæппы акæна, уал хъулы рамбулдзæн. (Азгъордта зынгтимæ æддæмæ).

  Чызг:  Нана, æццæй, уый тыххæй скæнынц арт?

  Ус:  Нæ, мæ къона, уый тыххæй конд не ’рцæуы , фæлæ фæсивæд сæхи алыхуызон хъæзтытæй фæирхæфсынц. Арт та скæнынц, цæмæй нæ фыдбылызтæ басудзой æмæ нын Ног аз хорздзинæдтæ æрхæсса. (Уæдмæ лæг æрбацыдис мидæмæ).

 Лæг.  Марадз, уæ арт гуыг – гуыр кæны. (Фæстæмæ æрбадтис нартхор згъалынмæ).

   Лæппу:  (Уынгæй цингæнгæ æрбазгъордта æмæ йæ фыды цур æрбадтис). Баба, æз та хъултæ рамбылдтон!

   Лæг:  Æмæ сæ куыд рамбылдтай?

   Лæппу:  Лæппутимæ хæснаг скодтам, чи цал гæппы акæна арты сæрты, уал хъулы рамбулдзæн.

  Лæг:  Æмæ цал рамбылдай?

  Лæппу:  Фондз хъулы.

  Лæг:  Иуныхасæй, дæ хъул сахъхъ  абадтис. (Худы)

  Ус: (Ус æмæ чызг рахæссынц чъиритæ æмæ бæрæгбоны дедатæ). Мах цæттæ стæм. Сослан бæгæныйы къус ма радав. (Лæппу атахт къæбицмæ æмæ бæгæныйы къусимæ фездæхт).

 ( Лæг æмæ бинонтæ сæхи æрцæдтæ кодтой кувынмæ, фæлæ æддейæ æрбайхъуыст хæдзаронты фæндырдзагъд æмæ хъæлæба. Хæдзар байдзаг фæндырдзагъ æмæ цины хъæлæбайæ. Бинонтæ сæ размæ рауадысты æмæ сæ мидæмæ хонынц).

Чызг:  Хæдзаронтæ, хæдзаронтæ…(Цин кæны).

                                         Нæуæг боны зарæг.

Хæдзаронтæ, хæдзаронтæ!

Фæцæуынц уæм дардбæлццонтæ…

Æддæмæ –ма сæм ракæсут!

Уæ мæсыгмæ сæ бакæнут!

Уæ ал ‘аз дæр хорзæй уынат!

Уæ фидæнмæ фæрныгæй уат!

Уæ лæг саг куыд амара!

Уæ ус уын тыр куыд ныййара!

Хъæу-фаг куывд уæм куыд æрцæуы!

Уæ басылы къух мæн куыд фæуа!

Хæдзаронтæ, хæдзаронтæ!

Фæцæуынц уæм нæуæг бонтæ!

Фæхæссынц уын нæуæг бонтæ

Фыццаг хæрзтæй хуыздæр  хæрзтæ!

  Лæг: Мидæмæ, мидæмæ уазджытæ. Нæ Ногбоны изæр нын бахъæлдзæг кæнут! Уазæг, Хуыцауы уазæг.

  Ус: (хæдзаронтырдæм). Фынгмæ ма хæстæгдæр æрбалæуут!

  Хæдзаронтæ: Бузныг, фæлæ уал уын иу хъæлдзæг кафт акæнæм. (Кафынц).

     Кафты рæстæг ракафыдис,арсы дзаумæттæ цы лæппуйыл ис, уый. Иу чысыл рæстæджы фæстæ зæххыл афæлдæхт. Хæдзаронтæ схор-хор кодтой «мысайнаг, мысайнаг». Зæронд лæг æхца бахаста арсы фындзмæ хæстæг.

  Арс:  Æхцайы тæф мæм кæлы кæцæйдæр. (Ӕхца йын радтой æмæ сæ йæ дзыппы афснайдта).

  Лæг:  Уæдæ –ма  фынгмæ хæстæгдæр æрбалæууыт, æмæ нæ бæрæгбоны кувинæгтæ скувæм иумæ. (Лæппу – фæсивæд хæстæгдæр æрбалæууыдысты. Лæг кувын райдыдта, йæ къухы бæгæныйы къус).

  • Хуыцау. Стыр Хуыцау! Æмбал кæмæн най, цытджын иунæг Хуыцау, табу дæхицæн. Ирыстоны дын алчидæр Ногбоны æхсæвы дæ ном ардзæн, æмæ сæ кувинæгтæ дæуæн æхцон фæуæд!
  • Æппæт дуне рафæлдисæг дæ, æмæ нæ дæ хорзæх уæд.
  • Ды нæ радтай цардмæ æмæ нæ царды рæсугъд фæндагыл араз!
  • Уæ сыгъзæринбазыр Уастырджи, Хуыцауæй ирон адæммæ, ирон адæмæй Хуыцаумæ – дыууæрдæм минæвар дæ,  Хуыцаумæ фæндаг дын уæгъд у, æмæ –иу ,курдиаты бон йæ хорздзинæдтæй ирон адæмæн ракур.
  • Ирон адæмыл Ног азы рæстырдæм куыд аудай, ахæм амонд сæ уæд!
  • Дæ рахиз базыры бын сæ кæн.
  • Уæдæ нæ Бынаты бардуаджы хорзæх дæр уæр!
  • Нæ бынат арфæйаг куыд уа!
  • Чи ацахода, уый цæрæнбон та бирæ куыд уа.

Æмдзæвгæ: «Ногбоны изæр».

Ахуыргӕнӕг: Бузныг уе  ’ппӕтӕн дӕр. Ирон  ӕгъдау, ирон ӕвзаг –сты нӕ адӕмы хӕзна ӕмӕ фарн , ӕмӕ сымах дӕр уыцы фарнӕй хайджын ут.

IV. Ныффыссын цыбыр нывӕцӕн: «Нӕ мыггаджы хистӕр».

 

                               Муниципалон бюджетон ахуырадон кусӕндон        

                     «Коцойты А. номыл Джызӕлы №1-ӕм астӕуккаг скъола».

                                                   Горӕтгӕрон район.

        Урочы темӕ: «Зымӕджы бӕрӕгбонтӕ» (Ногбоны изӕр).

                                                9 къласы

         

                        Ирон ӕвзаг ӕмӕ литературӕйы ахуыргӕнӕг

                                               Башираты Ларисӕ


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Гом урочы пълан ирон литературæйæ 6-æм къласы …Æмбалы хорзæх алкæй дæр уæд… Мамсыраты Дæбейы уацау «Æрдхорд»-мæ гæсгæ.

Уацауы ма ис иу ахсджиаг проблемæ.Йæ раргом кæнынæн уын баххуыс уыдзæн ирон æмбисонд. Сайаг адæймаджы фæндаг бирæ нæ хæссы,зæгъгæ....

Урочы темӕ:Ныууагътой нын нӕ фыдӕлтӕ хӕзна... Грамматикон темӕ:Нымӕцонты растфыссынад.

Бӕркадджын сты ирон адӕмы сфӕлдыстадон бынтӕ, ахъаззаг у сӕ историон ӕмӕ эстетикон нысаниуӕг.Джыккайты Шамил...

Урочы темӕ: Æрдз - нæ дарæг Грамматикон темӕ: Архайды хуызы фадатон дзырдтӕ.

Объяснение нового материала. Второстепенные члены предложения- обстоятельство  действия....

Осетинская литература. План-конспект урока в 5-ом классе. Урочы темӕ: «Хӕрзгӕнӕг хорз ары, фыдгӕнӕг - ӕфхӕрд» (Нигеры «Дыууӕ зӕрватыччы ӕмӕ дыууӕ сыхаджы аргъау»-мӕ гӕсгӕ)

                Разработка урока осетинской литературы в 5-ом классе на тему: "Харзганаг хорз ары, фыдганаг - афхард". Данный материал может быть по...

Ногбоны аргъау

Урочы темæ:...