Темæ: «Æфсæст лæг æххормаджы не `мбары» (Нигеры поэмæ «Бадилон симд»-мӕ гӕсгӕ
план-конспект урока (7 класс)

Битарова Диана Ильинична

Технологон картæ ирон литературæйы урокмæ7 –æм къласы

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл badilon_simd._tehn.karta_.docx42.19 КБ

Предварительный просмотр:

Технологон картæ ирон литературæйы урокмæ7 –æм къласы

Темæ: «Æфсæст лæг æххормаджы не `мбары» (Нигеры поэмæ «Бадилон симд»-мӕ гӕсгӕ

Ахуыргæнæджы куысты   нысантæ

1.Ахуырдзауты фӕлтӕрын хъуыды кӕныныл, хи хъуыдытӕ дзурыныл, хибарӕй хатдзӕгтӕ кӕныныл.

2.Равзарын поэмæйы социалон-этикон фæрстытæ.

3.Литературон уацмысы фӕрцы скъоладзауты миддуне сыгъдӕгдӕр, хъӕздыгдӕр кӕнын.

4.Ахуырдзауты дзургæ ныхасы рæзтыл бакусын.

5. Ахуырдзаутæм хъомыл кæнын адæймагæн аргъ кæныны миниуджытæ алыхуызон методикон мадзæлтты фæрцы.

Урочы хуыз

Ног æрмæг амоныны урок.

Урочы ахуырадон фæстиуджытæ

Предметон: поэмæйы тыххæй зонындзинæдтæ зæрдыл æрлæууын кæнын.

Поэмæйæн  анализ скæнын

Метапредметон: уацмысы персонажты архайдæн æмæ ныхасæн аргъ кæнын;  хи хъуыдытæ раст дзурын, хатдзæгтæ кæнын.

Удгоймагон:  æрдзурын адæймаджы æппæрццаг æмææвæрццаг миниуджытыл.

Ахуыр кæнын адæймагæн аргъ кæныны миниуджытыл.

Гуырын кæнын ахуырдзаутæм цымыдисдзинад нæ историмæ, нæ фыдæлты цардмæ

Ахуыры методтæ æмæ формæтæ

Иртасæн метод, индивидуалон, къордгай куыст,проектон метод.

Æххуысгæнæг фæрæзтæ

компьютер, интерактивон фæйнæг, презентаци, чингуытæ.

Урочы эпиграф:

Нæй никуы царды

                                                                                                                                                                          Ссарæн фидыд

                                                                                                                                                                          Æлдарæн æмæ

Мæгуыр æфхæрдæн.

Нигер

Урочы организацион структурæ

Урочы сæйраг этаптæ æмæ структурæ

Ахуыргæнæджы архайды мидис

Скъоладзауы архайды мидис

Универсалонахуырадон архайд (УАА)

Бацæттæгæнæн хай.

Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын

Ног æрмæг

Мотиваци.

(скъоладзаутæ сæхæдæг ссардтой, ног темæ бамбарынæн æххуыс чи у, ахæм æрмæг

Актуализаци

(зæрдыл æрлæууын кæнын рацыд æрмæгæй дарддæры куыстæн цы хъæуы, уыцы зонындзинæдтæ)

Къордты куыст

Æрмæг бафидар кæнын.

Рефлекси.

Хæдзармæ куыст.

Организацион хай.

-Сывæллæттæ, хæдзармæ куыст уын уыд хъусынгæнинаг бацæттæ кæнын Нигеры тыххæй.

-

Бузныг.

-Сывæллæттæ, ирон лæгæн-иу лæппу куы райгуырд, уæд-иу ын, фыццагдæр, раарфæ кодтой, дæ фырт афицер суæд, зæгъгæ.

Цымæ цæмæн кодтой ахæм арфæ, сывæллæттæ?  

Æмæ мА иуфарст:

- Ирон адæммæ ис ахæм æмбисонд: «Сæ дзидза иу аджы куы сфыца, уæддæр сæ бас не сиу уыдзæн».

Чи бамбарын кæндзæн æмбисонды мидис?

-Уæдæ нæ абоны урочы цæуыл дзурдзыстæм ?

Равдисын фæйнæгыл уроч ытемæ.

- Раст зæгъыс, мах базонгæ уыдзыстæм Нигеры поэмæ «Бадилон симд»-имæ. Равдыста дзы рагон заманы ирон адæмы `хсæн социалон конфликт.

Литературон теори. Зæрдыл æрлæууын кæнын, поэмæ цы у, уый.

-Сбæрæг кæнæм нæ урочы нысантæ æмæ хæстæ

Бакæсы аив поэмæ.

Дзырдуатон куыст бакæнын.

Æвæлмон цард – æнæмæтцард.

Æнæрвæссон -сæрбæрзонд

Зилахар-Нарты фæсивæд сæ арæхстдзинад кæм æвдыстой, ахæм бынатУæлладжыры комы.

Сылтаныхъ-Дур-Дурæмæ Дигорайы ‘хсæн быдыр

Бадилатæ-Дыгуры æхсæнады уæздæттæ

Тæгиатæ-Дæргъæвсы æхсæнады уæздæттæ.

Фæрстытæм гæсгæ равзарын поэмæ:

- Цæй фæдыл скодта куывд Хъуыбадты Афай? Ссарут ацы бынатæмæ йæ бакæсут.

Уыцы куывды æрмæстдæр йæ циндзинад æвдисы?

-Кæй æрхуыдта йæ куывдмæ?

-Уæдæ Афайы уæздан адæймаг схонæн ис?

- Куыд цæуы сæ куывд Хъуыбадтæн?

-Чи у Хъуыбадты хистæр?

-Цавæр арфæтæ кæнынц æлдæрттæ Иналæн?

- Куывды фæсивæд куыд æвдыст цæуынц?

-Бафæллад Фацбай, фæлæ фæндырыцагъдмæ йæ фæллад айрох æмæ Бадилаты симдмæ, хъазтмæ рахызт.

-  Куыд дары хъал Залихан йæхи кафгæ-кафын?

Бакæсын чиныджы уыцы бынат.

- Цы ми бакодта сæрыстыр Фацбай?

-Цы æбуалгъ ми бакодтой Бадилаты «уæздан» фæсивæд?

-Автор цы зæгъы уый тыххæй?

Эпиграф равзарын.

-Поэмæйы сæйраг бынат ахсы саджы æмбисонд

-Цæмæн æрхаста автор ацы æмбисонд?

I къорд æмбисæндты чиныгæй фыссынц мæгуыр æмæ бонджынты тыххæй æмбисæндтæ.

IIкъорд Фацбайæн дæттынц характеристикæ.

III къорд та –Иналæн.

Урок мæ зæрдæмæ фæцыд, уымæн æмæ…

Æз урочы базыдтон…

Урокæй мæхицæн райстон…

Урок мæм фæкаст цымыдисаг…

Мæнмæ сæвзæрд хъуыдытæ…        

Бæрæггæнæнтæ сæвæры.

1.Бакæсын поэмæ.

2.Мæгуырæн-хъæмпæй лыстæн, хъæздыгæн-дарийæ хуыссæн. Æмбисонды мидис райхалын(хæслæвæрд тыхджындæр скъоладзаутæн).

Скъоладзауы дзуапп:

-Нигер у ирон поэт Дзанайты Иваны псевдоним.  Уымæй уæлдай мА Нигерæн ис дыууæ фæсномыджы: Сау лæппуæ мæ Ололи. Поэт æмæ ахуыргонд Джыккайты Шамилы хъуыдымæ гæсгæ, фæсномыгтæ Сау лæппу æмæ Нигер синонимтæ сты. Ирон литературæмæ дæр бацыд поэт фæстаг фæсномыгимæ.

Ирон литературæйы Нигеры ном баззад куыд курдиатджын поэт, ахуыргонд æмæ хъуыдыгæнæг, ахуыргæнæг æмæ рухстауæг.

Нигер райгуырд Нары комы, Сындзысæры хъæуы. Æрыдоны дины семинары ахуыргæнгæйæ, райдыдта фыссын..

         Нигер цы рæстæджы цард æмæ куыста, уым хуымæтæг нæ уыдысты æхсæнадон уавæртæ æмæ поэтæн йæхи цард. Уый тыххæй Джыккайты Шамил зæгъы: «Нигер райгуырдис мæгуыр хæххон хъæуы, уым арвыста йæ сабийы бонтæ, цыди уæлыгæс, уыдта тызмæг хæхты рæсугъддзинад, хъуыста аргъæуттæ æмæ таурæгътæ. Уым цард уыд хуымæтæг, адæм – уæздан æмæ æгъдауджын, сæ ахастытæ – æргом. Уыцы цард æмæ æгъдæуттæ нывæфтыдæй баззадыстты поэты зæрдæйы. Фæлæ афтыд горæттæм, бахауд æндæр уавæрты, федта æндæр культурæ. Уыдон дæр йæ зæрдæйы сæхицæн бынат æрцахстой. Æмæ царды уыцы дыууæ хуызы æдзух хъæрмуд нæ уыдысты, нæ фидыдтой».

Дзесты Куыдзæг йæ мысинæгты зæгъы: «Абон дæр ма мæ цæстыты раз лæууы ирдæй Иваны рухс цæсгом. Цыма ныртæккæ дæр ныхас кæны мемæ сыгъдæгзæрдæ, цæстуарзон, æнæхин, æфсæрмдзæстыг æмæ уæздан ирон разагъды  лæг, курдиатджын фыссæг, адæймаджы ном æмæ кадæн стыр аргъ чи кодта, уыцы Иван».

Дзуаппытæ.

Дзуаппытæ.

Дзуапп:

-Мæгуыртæ æмæ хъæздгуыты тыххæй, æвæццæгæн.

Дзуапп:

Поэмæ у бердзенаг дзырд, амоны аразын. Поэмæ у æмдзæвгæйы хуызы.Фыст сюжетон таурæгъ.

Дзуаппытæ

Фыссынц дзырдтæ сæ тетрæдты

Кæсынц.

Дзуапп:

-Йæ цин,йæ хъæздыгдзинад, хи стауын, æнæрвæссондзинад.

Дзуапп:

- Йемсæр хъалты. Афтæ схъал æмæ Нартæй йæхи уæлдæр æнхъæлын райдыдта

Дзуапп:

-Нæй Афаймæ уæздандзинадæй ницы.

Нæртон лæг йæ куывдмæ хуыдта æппæт нарты: мæгуырæй,  хъæздыгæй

Дзуапп:

-Æлдæрттæ сатæджы дзаг фынгтыл бадынц. Фынгтæ алы хорз минасæй сты се дзаг. Сæ уæлæдарæс – аив. Гаджидæуттæ уадзынц.

Дзуапп:Сæ хистæр у Сафар.

…Бæмбæг у йе`взаг Сындз та йæ зæрдæ…

Рæсугъд ныхæстæ кæны,йæ зæрдæйы уаг та у бынтонæндæр. У æдзæстуарзон адæймаг.

Дзуапп:

-Хуыцауы хорзæх, паддзахы хорзæх цæй уæд Иналы! Йæ цин тæ арæх кæнæнт Иналæн!

Дзуапп:

-Хъуыбадты фæсивæдæн цæхæртæ калы сæ уæлæдарæс, сæ цæсгæмттыл зыны сæ хъал, се` фсæст цард.

Æххуырстытæ та кæнынц лæггад:

Хъан цай фæлладхуызæй дон æрбахæссы.

Тазе йæ цæнгтæ сисын нал фæразы, афтæмæй суг сæтты.

Гæстæн арт кæны, фыр фæлладæй йæ бон нал у.

Фацбай кусарт кæны, бафæллад.

Кæсынц.

Дзуапп:

-Фацбай Залиханы хъазты астæу ныууагъта.

Дзуапп:

Амардтой Фацбайы.

Бакæсынц уыцы рæнхъытæ.

Дзуапп:

-Сагау сæрыстыр у Фацбай дæр. Куыйты бал ыл куыд æртыхст, афтæ Фацбай дæр «уæздан» фæсивæды амæттаг фæци.

Дзуаппытæ.

Iкъорд.

Æмбисæндтæ:

Æфсæст лæг æххормаджы  рис нæ зоны.

Хъал цы нæ кæны, мæгуыр цы нæ бары.

Мæгуыр-æбар æмæ æнæбон, хъæздыг- барджын æмæ тыхджын.

Бонджынæн йæ фæсдуар цы фæллой ис, уый мæгуырæн йæ рæбыны нæй.

Мæгуырæн-хъæмпæй лыстæн, хъæздыгæн-дарийæ хуыссæн.

II къорд.

Фацбайæн характеристикæ скодтой,акростихæй пайда кæнгæйæ.

 Ф-фæразонӕй уӕнгрогӕй

А- алы куыстмæ арæхсы.

Ц-цæрдӕг лæппу йӕ хъаруйӕ

Б-бирӕ кӕны ӕгъдӕуттӕ.

А-алкӕмӕн йӕ хъӕуы.

Й-йӕ хорзы кой куы айхъуыст.

III къорд.

Инал у буцхаст, хъал, æнæрвæссон, дурзæрдæ, æгъатыр, сылваз.

Дзуаппытæ дæттынц

 


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Конспект урока и презентация к уроку географии "Западная и Центральная Африка. Нигерия.

Цель данной работы: повторить, систематизировать и обобщить знания учащихся по теме"Африка", познакомить с Нигерией. Основная часть урока посвящена актуализации опорных знаний учащихся, даже формирова...

Осетинская литература. План-конспект урока в 5-ом классе. Урочы темӕ: «Хӕрзгӕнӕг хорз ары, фыдгӕнӕг - ӕфхӕрд» (Нигеры «Дыууӕ зӕрватыччы ӕмӕ дыууӕ сыхаджы аргъау»-мӕ гӕсгӕ)

                Разработка урока осетинской литературы в 5-ом классе на тему: "Харзганаг хорз ары, фыдганаг - афхард". Данный материал может быть по...

Дополнительные материалы к уроку географии в 7 классе "Нигерия"

В материале представлены интересные факты о государстве Нигерия, которые помогут сделать урок более ярким, увлечь семиклассников неожиданными сведениями о стране....

Методическая разработка по осетинской литературе на тему: «Симд-ирон аивады хæзна»

Интегрированный урок по теме "Симд-сокровищница осетинского народа"...

Презентация к уроку "Симд-сокровище осетинского искусства"

Презентация к уроку "Симд-сокровище осетинского искусства"...

урок 5къласы Темæ: «Фыдлӕг ӕмӕ фыдбон бирӕ нӕ хӕссынц». (Нигеры «Дыууæ зæрватыччы æмæ дыууæ сыхаджы аргъау»-мæ гæсгæ .Краткое описание документа: Урок осетинской литературы в 5 классе по теме: «Нигер. «Дыууæ зæрватыччы æмæ дыууæ сыхаджы аргъау». Тип уро

        Ахуыргæнæджы куысты нысантæБацæттæ кæнын сывæллæтты æрмæг æмбарынмæ,  информацийæ пайда кæнын зонынмæУрочы типУрок- дискуссиУрочы ахуырадон фæстиуджытæПред...